Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала (1916-2001)

Дун-дуне нæ алфæмблай

РАЗНЫХАС

Раджы, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд-иу ме ’фсымæр Георгиимæ хуымгæрдæн афон, бирæ хатт фæсæмбисæхсæвмæ, быдыры баззадыстæм. Рæсугъд вæййы уыцы рæстæджы хъæууон æрдз. Воны рухсæй нæ цæстæнгас цы нывтæй рæвдауæм, уыдон æхсæвы тары аныгъуылынц, нал фæхъуысы мæргъты цъыбар-цъыбур дæр. Адæймаджы тавиц йæхимæ айсы арвы риу.

Стъалыты рæсугъд нывтæ адæймагыл бафтауынц алыхуызон хъуыдытæ æмæ йын йæ цымыдис фæтынгдæр кæнынц. Ахæм сахат алкæй дæр бафæнды æрвон дунеты цардæй исты базонын. Ме ’фсымæр-иу загъта: «Гъæй-джиди, уæд та куы зонин, цы сты уæлæ уыцы стъалытæ, кæцæй равзæрдысты, цæмæй рухс кæнынц». Йæ сагъæстæ мæнмæ дæр хъарын байдыдтой. Æнæуи дæр йæ разы мæхи æнкъардтон зылынджынæй, уымæн æмæ æз скъоламæ цыдтæн, уый та — нæ. Æфсымæрты хистæр кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ мæ фыд йæхицæн æххуысгæнæгæй ныууагъта.

Азтæ цыдысты. Зæрдиагæй ахуыр кодтон астрономийы чингуытæ. Бирæ цыдæртæ базыдтон стъалытæ æмæ планетæты тыххæй. Æхсызгон-иу мын уыди мæ зонындзинæдтæ иронау искæмæн радзурын. Æппынфæстаг сфæнд кодтон ирон æвзагыл астрономийы чиныг ныффыссын. Уыцы чиныг мыхуырæй куы рацыд, уæдæй нырмæ аивгъуыдта 50 азы. Бирæ сты 50 азы. Фаг сты фæцудынæн дæр æмæ къахыл слæууынæн дæр. Фæлæ нæ адæмы историмæ куы акæсын 50 азы сæрты, уæд, зæрдæ цæмæй фæфидар уа, ахæмæй дзы мæ цæст ницæуыл схæцы. О, фæзындис нæм ахуыргæндтæ, нæ фæсивæд мингæйттæй каст фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, кусынц нæм зонад-иртасæг институттæ Цæгаты дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр. Фæлæ уыйхыгъд æндæр хъуыддæгты фæстæмæ алæууыдыстæм. Фыццаджыдæр уый æмæ нæ мадæлон æвзаг заууатмæ æрцыди. Нæ сабитæ скъолаты зæрдиагæй ахуыр кодтой æндæр æвзæгтæ, сæ мадæлон æвзаг та рохуаты баззади. Уыцы сабитæ хистæр скъолатæ дæр фесты, фæлæ дзы бирæтæ иронау сæ хъуыдытæ зæгъын нæ фæразынц. Мадæлон æвзаг нæ зонгæйæ, адæймаг цыфæнды ахуыргонд æмæ номдзыд куы феста, уæддæр йæ сæры кад, йæ джелбетт æнæкъахыр нæ уыдзысты. Æниу алкæмæн дæр йæ сæры кад йæхи бар у, фæлæ ма ахæм уавæр дарддæр куы ахæсса, уæд тæссаг у æввахс фидæны не ’ппæты дæр зæгъын куы бахъæуа: «Рухсаг у, нæ мадæлон æвзаг». Дыккаг та уый, æмæ нæ фысджыты хуыздæртæй бирæтæ 30-æм азты цæхæрæй басыгъдысты. Нæ зæронд интеллигенцийæ йæ адæмы тыххæй дыууæ ныхасы зæгъынхъом чи уыди, уыдон дæр уыцы азты хуыздæр амонд нæ фæци.

Бæллиццаг нæу нæ демографион уавæр дæр. Сындæггай тайæм æндæр адæмты ’хсæн. Нæхи зæххыл 52% дæр нал æййафæм.

Нæ культурæйы рæзтæн стыр зиан ракодта нæ алфавиты раив-баив. 1938 азы латинаг алфавит ныууагътам. Цæгат Ир райстой уырыссаг алфавит, Хуссары Ир та — гуырдзиаг, 1953 азы Хуссар Иры дæр рахызтысты уырыссаг алфавитмæ. Алфавит раивын хæдон раивæгау нæу. Нацийы культурæ дæсгай азты фæстæмæ фæцуды. Уый афтæ куынæ уаид, уæд уартæ китайаг адæм æртæ мин азæй фылдæр иероглифтæй фыссынц, фæлæ сæ абон дæр нæма раивтой. Хуссар Ир 1801 азæй 1953 азмæ раивтой фондз алфавиты. Цавæр культурæ хъуамæ слæууа йæ къахыл ахæм уавæрты?!

Дзыллæйы историйы арæх вæййы фæзилæн азтæ. Нæ культурæйы историйы 1938 аз уыди фæзилæн аз. Уыцы рæстæджы нæ хицæуттæ, Къоста тæрхоны лæгтæ кæй хуыдта, уыдон, Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр кæрæдзи куы бамбæрстаиккой, сæхи сæры кад адæмы хъысмæтæй уæлдæр куынæ сæвæрдтаиккой, уæд нæ алфавиты хъуыддаг нæ ныссаджил уыдаид.

Æвзæр рæстæг бирæ нæ хæссы. Циндзинад арæхдæр у. Фæстаг азты нациты хæдбардзинад фæрæвдздæр ис. Ирон адæм æмхъæлæсæй сдзырдтой сæ мадæлон æвзаджы сæрыл, сæ «хæзна» йæ схуыдтой. Æмæ ныр не ’ппæтæн дæр хæс у, нæ рæзгæ фæсивæдæн сæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын, цæмæй сын сæ къухты арæхдæр уынæм ирон чиныг. Нæ интеллигенцийæ дæр йæ мадæлон æвзагæй чи фæиппæрд ис, уыдонæн бамбарын кæнын хъæуы, ирон æвзаг, иуæй-иутæ куыд хъуыды кæнынц, афтæ мæгуыр кæй нæу. Ирон æвзагыл чингуытæ ныффыссæн ис цавæрфæнды наукæйæ дæр. Æз афтæ нæ сидын æмæ ныр та иннæрдæм ныццæвæм: алы предмет дæр иронмæ раивæм æмæ йæ нæхи æвзагыл ахуыр кæнæм. Нæ. Уый та ног рæдыд уаид. Æз уый зæгъинаг дæн æмæ, æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ, нæхи мадæлон æвзаг фæсдуармæ хъуамæ ма ’ппарæм.

Ацы чиныджы æз æркастæн нæ дуджы астрономийы сæйрагдæр фарстатæм æмæ мæ бон цас баци, уыйбæрц сæ бамбарын кодтон ирон чиныгкæсæгæн. Чиныджы ис цыппæрдæс сæры. Æххæстæй йæ мидис бæрæг у йæ сæргæндтæй. Фæлæ мæ уæддæр фæнды иу цалдæр фиппаинаджы æрхæссын. Астрономийы истори Ломоносовы заманыл ахицæн кодтон. Æнæхъæнæй астрономийы истори ныффыссынæн фылдæр бынат хъуыди. Фæлæ 18-æм æнусæй фæстæмæ цы номдзыд астрономтæ царди, уыдонæй дæр бынтон рохуаты ничи баззади. 3-аг, 4-æм æмæ 5-æм сæрты цы æрмæг ис, уый æввахс лæууы астæуккаг скъолайы программæмæ. 4-æм сæры лæмбынæгдæр фыст у къæлиндары фарста. Уым дзырд цæуы чырыстон эрæйы равзæрдыл. Къæлиндары истори куыд амоны, афтæмæй чырыстон эрæйы райдайæн æрхъуыды кодта аббат* Дионисий. Уый уыди скифаг адæмæй. Уыдон та нæ рагон фыдæлтæ уыдысты. Дионисий куыста Роммæ ’ввахс иу моладзандоны хицауæй. Нымад у аргъуаны фыссæг æмæ историкыл. Кæд æмæ кæм райгуырди, цы ’гъдауæй афтыди Роммæ, уыдæттæ абон бæрæг не сты. Иутæ йæ хонынц дунайаг скифтæй, иннæтæ та зæгъынц, зæгъгæ, дам, Дионисий уыди Сау денджызы цæгаты былæй алидзгæ. Мæлгæ акодта 540 азæй 556-æм азты ’хсæн.

5-æм æмæ 6-æм сæрты æгæр бирæ бынат æрцахстой атомон физикæйы фарстатæ. Ам æндæр ницы гæнæн уыди. Нæ дуджы астрономийы иунæг фарстайæн дæр кæронмæ бамбарæн нæй æнæ атомон физикæ. 7-æм сæрæй 11-æм сæры онг дзырд цæуы æрвон буæртты змæлд æмæ физикон уавæртыл.

Фæстаг хатт ацы чиныг мыхуыры куы рацыд, уæдæй нырмæ астрономон наукæ егъау санчъехтæ акодта. Адæймаг фыццаг хатт батахт Мæймæ æмæ йыл къахæй æрлæууыд, федта æрвон дуне, æрхаста дзы алыхуызон хохдуры мыггæгтæ æмæ сын сæ химион сконд базыдта. Мидпланетон автоматон станцæтæ æввахс батахтысты Меркурийы планетæмæ, систой йын йæ уæлцъары нывтæ æмæ сæ Зæххмæ ралæвæрдтой. Бонвæрнон æмæ Марсыл автоматон станцæтæ бадгæ дæр æркодтой, раиртæстой сын сæ физикон уавæртæ, систои, сæ алфæмблай цы федтой, уыдон нывтæ, суанг стыр дурты онг æмæ сæ Зæхмæ ралæвæрдтой. Ракетон техникæ зынгæ фæраздæр кодта нæ зонындзинæдтæ Юпитер æмæ Сатурны тыххæй. 1986 азы дыууæ советон автоматон станцæйы «Вега-1» æмæ «Вега-2» атахтысты Галлейы кометæмæ. Уыдон сæ телевизорты камерæтæм райстой кометæйы алыхуызон нывтæ, рабæрæг ын кодтой йæ химион сконд.

Иттæг фесхуыста размæ стъалыты физикæ дæр. 1967 азы ссардтой стъалыты ног формæ, пульсартæ, зæгъгæ. Уыдон сты, йæ царды кæронмæ чи фæхæццæ æмæ ныр ахуыссынмæ чи хъавы, ахæм стъалытæ. Пульсартæ фæйнæрдæм æрвитынц радиосигналтæ, цыма фæдисы хъæр кæнынц, уыйау. Аргæ дæр сæ уыцы сигналты фæрцы скодтой. Стъалы пульсары уавæрмæ куы ахизы, уæд бынтондæр æрбампылы. Йæ диаметр цалдæр мин хатты фæцыбырдæр вæййы. Рæстæмбис нымадæй пульсар стъалыйы диаметр æййафы 10 км, фæлæ уыйхыгъд йæ буаргъæдæй иу кубон сантиметр уæз кæны миллион тоннæйы. Æппæтæй диссагдæр уый у, æмæ ахæм стъалы иу секундмæ йæ сæмæны алыварс æрзилы 30 хатты.

Фæстаг æртæ сæры ис ног æрмæг. Ам æппæтæй ахсджиагдæр сты космологийы фарстатæ. Дун-дуне киыд фæстæмæ фæйнæрдæм кæй дымсы, уый бæhæг уыди 1929 азæй фæстæмæ. 60-æм азты астрономтæ æмæ физиктæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, дам, Дун-дуне раздæр уыди æвæджиау тæвд æмæ æнгом уавзерты, стæй 13—18 миллиард азы размæ цæйдæр аххосæй срæмыгъта æмæ уæдæй фæстæмæ уæрæхæй-уæрæхдæр кæны. Ацы хъуыдыйæн 1965 азы разындиэксперименталон бæлвырдгæнæн æмæ йыл ныр, зæгъæн ис, дызæрдыг ничиуал кæны. Фæлæ цæй аххосæй срæмыгъта Дун-дуне, цæйбæрц æнгомад ын уыди йе срæмудзыны размæ, кæдмæ уæрæх кæндзæни æмæ ма ноджы бирæ ахæм фарстатæ æнхъæлмæ кæсынц æвзонг ахуыргæндтæм.

Æрвон буæрттæ куыд равзæрынц, кæд æмæ цæмæй равзæрди Хуры системæ, куыд уыдзæни йæ фидæн, уыдæттæ æвдыст сты 13-æм сæры. 14-æм сæр æфтуангонд у, фæлæ йын æнæ ныффысгæ нæ уыди. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ, популярон астрономийы чиныг йæ къухмæ чи райсы, уый фыццаджыдæр агуры дзуапп уыцы иу фарстайæн — ис æви нæй цæрджытæ æрвон буæрттыл? Ацы фарста уæлдай дзырддаг сси фæстаг рæстæджы. Бирæ газетты фыссынц, зæгъгæ, дам, уæларвæй æрцæуæггæгты фендæуыд, æгæристæмæй, дам, семæ ныхас дæр кодтой.

Æндæр дунетæм удджын уæвджыты арвитын зын хъуыддаг у. Хуры системæйы планетæтæй адæймаг кæцыфæндымæ дæр атæхдзæн, сæр æй куы бахъæуа, уæд. Фæлæ стъалытæм атæхын дард фидæны дæр дызæрдыггаг у. Чи зоны, искæд бон адæймаг уыцы хъуыддаг бабар кæна кибернетикæйы бындурыл арæзт уæвджытæн.

Хуымæтæджы цардыуаг равдисынæн ирон æвзаджы фæрæзтæ фаг сты. Фæлæ исты сæрмагонд фарстайыл чиныг фысгæйæ адæймаг арæх къуыхцы кæны, фаг терминтæ нæм кæй нæй, уый тыххæй. Терминтæ дæр уæларвæй не ’рхауынц, уыдоныл кусын хъæуы, арæхдæр сæ хъæуы мыхуыры æвдисын, цæмæй сыл адæм фæцайдагъ уой. Уый алы нацимæ дæр афтæ у. Æз мæхи хызтон æнахуыр дзырдтæ æмæ терминтæй, цас уыди, уыйбæрц, фæлтау-иу спайда кодтон ирон æвзаджы фæрæзтæй.

Ирон адæм Кавказмæ æрбалидзыны агъоммæ бирæ бæстæтæ раивтой. Сæ цæугæ царды уыдонæн арвмæ сæ цæст æнæ даргæ нæ уыдаид æмæ сæйрагдæр стъалыбардзты хъуамæ зыдтаиккой, æвæццæгæн, сын ирон нæмттæ дæр уыдаид. Фæлæ нæ фыдæлтæм фыссынад кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ сæ астрономон зонындзинæдтæй нæ дугмæ бирæ ницы рахæццæ ис. Æрмæст иуцалдæр стъалыбардз æмæ стъалыйæн ис ирон нæмттæ: Фисынмæдзæуджытæ (Большая Медведица), Арвы цæджындз кæнæ Хъазантемыр, дыгурмæ Ахсахътемыр (Полярная звезда), Галгæс (Арктур), Авдхойы (Плеяды), Фыййауы Лæдзджытæ (Орион), Æрфæныфæд (Млечный Путъ). Планетæтæй ирон ном ис æрмæст иуæн — Бонвæрнон (Венера).

Популярон чиныг ныффыссын бæрнон хъуыддаг у. Нырыккон наукæтæ кæрæдзиуыл баныхæстысты æмæ чиныгмæ куы иу ранæй æрбахауы æнахуыр дзырд, куы иннæ ранæй. Фæлæ чиныг йæ райдайæнæй чи кæса, уыдон уадиссаг зындзинæдтыл нæ сæмбæлдзысты. Æцæг, иу цалдæр раны дзы формулæтæ дæр ис. Уыдон æз ныффыстон æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй чиныгкæсæг афтæ ма хъуыды кæна, зæгъгæ, астрономийы сур ныхæсты йеддæмæ бæлвырдæй ницы ис. Чиныджы бирæ рæтты ныхас цæуы астрономон наукæйы проблемæтыл.

Мæн фæндыди, цæмæй нæ рæзгæ фæсивæд се ’ргом аздахой æрдззонæн наукæтæм. Ацы наукæты нæ адæм фæсте баззадысты. Фæлæ канд ууыл дæр нæу хъуыддаг. Æвзонг адæймаг царды гуырæнмæ фыццаг къахдзæф куы ракæны, уæд æй алыхуызон сагъæстæ сæ быны фæкæнынц. Цæй мидæг уыдзæн йæ царды сæйраг нысан, цавæр наукæмæ хуыздæр сарæхсдзæн, цы хъуыддаджы хъуамæ бацæуа, цæмæй дзыллæты ’хсæн аккаг бынат æрцахса? Уыцы кары адæймагмæ хъусдард куынæ уа, уæд гæнæн ис æмæ рæдыд фæндагыл ацæуа. Нæ педагогикæ дзæвгар рæстæг уырнинагыл нымадта, зæгъгæ, дам, адæймагæй цыфæнды кусæг дæр рауайдзæн. Уый рæдыд хъуыды у. Нымаинаг у фыццаджыдæр, адæймаг æрдзæй цы рахаста, уый. Йæ удыхъæды цы нæй, уый дзы нæ хъæуы агурын. Бирæ хатт ныййарджытæ сæ цоты барвитынц, сæхи кæдæм фæнды, ахæм институттæ æмæ факультеттæм. Æмæ куыддæртæй фæвæййынц каст, фæлæ аккаг пайда не ’рхæссынц сæхицæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр. Се ’цæг курдиат та кæмдæр сæ зонды æрфыты цæрæнбонтæм рæдзæ-мæдзæ кæнгæйæ баззайы.

Æвзонг адæймагæн саразæн ис бирæ хорз фæндæгтыл. Тæдиаты Цомахъ Ос-Бæгъатыры драмæйы сидти: «Гъæтт, Иры фæсивæд, размæ, размæ»! Хорз у хæсты быдыры лæгдзинад равдисын, уый намысы хъуыддаг у, æмæ дзы ирон адæм фæсте никуы баззадысты. Фæлæ туг ныккалын, иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр фыдракæндыл нымад у. Стæй æнæ уый дæр нæ заман тымбылкъухы заман нал у.

Мæ бар куы уаид, уæд æз фæсидин æндæр фæндагмæ: «Размæ, размæ, Иры фæсивæд, ахуырдзинадмæ, техникæйы бæрзæндтæм»!

Сиукъаты Никъала, 28 ноябрь 1990 аз.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.