Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Фыццаг хатт иронау Ирыстоны историйыл чиныг фыст æрцыд æмæ Дзæуджыхъæуы Габысаты типографийы мыхуырæй рацыд 1913 азы. Чиныг «Ирон истори»-йы автор у Темырханты Сослан.

Журнал «Мах дуг», 2023 аз, №12

Булкъаты Михал

Нæмыгдзæф фæндыр

«Эй, люди, да здравствует ваше будущее!»
М. Горький

Иумæ хъомыл кодтам — æз æмæ Бечыр. Мæнæй æрмæст афæдз хистæр уыдис, фæлæ мæ сæрты каст. Рæстæгæй-рæстæгмæ, Бечыр мæ куынæ фæфиппайдтаид, афтæ-иу йæ чъылдымы ʼрдыгæй алæууыдтæн æмæ-иу ыл мæхи абарстон, фæлæ нырма кæм дæн? Йæ уæхсчытæм дæр нæма æххæссыдтæн. Æниу ын æнæбазонгæ цы аирвæзтаид? Мæ уадултыл-иу мын йæ мæхъийы хуызæн къухтæ авæрдта, йæ роцъо-иу мæ сæры къоппайыл æрæнцой кодта æмæ-иу бахудт:

— Цы мыл дæхи барыс? Дæ сæрыл мын цымгæйæ йедзаг къус куы æрæвæриккой, уæд дзы иу æртах дæр нæ акæлид.

Уæд нæ хъæуы астæуккаг скъола нæма уыдис, æмæ сыхаг хъæумæ цыдыстæм ахуыр кæнынмæ. Зымæджы-иу мит куы ныууарыд, уæд-иу æз æмæ Бечыр уыдыстæм æвæд миты фыццаг фæдгæнджытæ. Ногуард, бæмбæгау фæлмæн мит къахы бынæй, хъыбылау, куы ныхъхъыс-хъыс кæны, уæд зæрдæ цавæрдæр æхцондзинад бавзары. Фæлæ мын уый фадат дæр кæм лæвæрдта Бечыр.

— Мæ фæдыл цу, Чычыла, æндæра бафæллайдзынæ ацы арф миты лæгæрдынæй, — фæстæмæ-иу мæм радзырдта æмæ та-иу йæ митхуыз дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодта.

Нæ сыхаг зæронд лæг Кудзи-иу нæ фæдыл бирæ фæкаст, æмæ ма-иу дардмæ дæр хъуыстысты йæ ныхæстæ:

— Хуыцауыстæн, ацы лæппутыл мæ цæст цы бон не ʼрхæцы, уыцы бон мыл нал фæизæр кæны.

Бечырæн нæ зонын, фæлæ мæнæн дæр æхсызгон уыд зæронд лæджы фенд, æмæ-иу райсомæй хæдзарæй куы рахызтыстæм, уæд-иу æнæмæнг Кудзиты кæрты ʼрдæм акастæн. Ме уæхсчы сæрты дæр ма-иу фæкæс-фæкæс кодтон йæ лæдзæджы æнцой лæууæг зæронд лæгмæ. Фæлæ-иу мæ Бечыр тагъд кодта:

— Арæби, уæдæ Валерий Чкалов полюсы сæрты куы атахт, Америкæмæ куы ныххæццæ, уæд æз æмæ ды ацы мит нæ афæд кæндзыстæм, и, Чычыла? Мæ зæрдæйы-иу зæгæлау фæныхстис уыцы «Чычыла», æмæ-иу — мархойы гæдыйы цæстæнгасæй бакастæн Бечырмæ, фæлæ уый мæнмæ кæм дардта йæ хъус, — йæхион кодта:

— Ехх, æцæг Чычыла куы дæ, æцæг, — йæ къух ныттилгæйæ-иу загъта æмæ-иу «ч»-йы йæ дæндæгтæй тыхлæмæрст ракодта. — Дæу хуызæн чычылаты Валерий Чкалов хæдтæхæгмæ сæрфæгæй дæр нæ бауагътаид.

Иу бон Бечыр кæцæйдæр гыццийы зæронд сау колгæ райста, йæ дæларм æй акодта æмæ мын къухæй ацамыдта, мæ фæдыл цу, зæгъгæ. Балкъонмæ куы рахызтыстæм, уæд Бечыр нæ сау Хъуырна гæдыйы æрцахста, мæ армы мын æй фæсагъта, йæхæдæг асинтыл ныссылланг ласта. Æз дæр æд гæды йæ фæстæ ныууадтæн, æмæ тагъд-тагъд хæдзары аууон фестæм, цæмæй ныл макæй цæст схæцыдаид.

Бечыр колгæ йæ роны ныссагъта, гæды мын мæ къухæй айста, йæ тары йæ бавæрдта, стæй къулы ʼрдæм аздæхтис æмæ йæм кæстытæ райдыдта. Уалынмæ сисы дуртыл ныххæцыдис, йæ къæхтæ къулмæ ныббыцæу кодта, хылгæнаг сæгъы сыкъатау, æмæ уæлæмæ бырын райдыдта. Æмбисы онг куы схæццæ, уæд фæстæмæ фæкаст æмæ мæм дзуры:

— Мæ фæдыл!

Бæргæ мæ нæ фæндыдис къулыл бырын, фæлæ та мæ мыййаг Чычыла куы схона, уымæй фæтарстæн, æмæ æз дæр сисы мæ ныхтæ ныссагътон.

Тых æмæ фыдæй сбырыдыстæм уæладзыг хæдзары сæрмæ. Бæрзонд бæлæсты цъуппытæм дæр куыд никуы сбырыдыстæм Бечыримæ, фæлæ ныр хæдзары сæрæй куы ракастæн, уæд мæ сæр разылдис æмæ мæ цыппæртыл алæууыдтæн.

Бечыр гæдыйы йæ тарæй райста æмæ та мын æй мæ къухты фæсагъта. Стæй йæ дзыппæй цавæрдæр бæттæн сласта, йæ иу кæрон ын колгæйы хъæдыл бабаста, иннæ кæрон гæдыйы астæуыл æртыхта æмæ йæ фидар балхынцъ кодта. Цыдæр бæллæх æм кæй кæсы, уый фенкъардта Хъуырна, æвæццæгæн, æмæ ныууасыд.

— Фарн фæхæсс дæ хæдтæхæджы базыртыл, Хъуырна! — загъта Бечыр гæдыйæн æмæ йæ колгæимæ хæдзары сæрæй расхуыста.

Дымгæ нын нæ «парашютисты» тæссармæ аскъæфта. Хъуырна уæлдæфы колгæимæ ауындзæгæй куы аззадис, уæд йæ уаст фæтынгдæр кодта. Бечыр йæ тæнтыл ныххæцыдис æмæ бæрзонд хъæлæсæй кæл-кæл кодта. Æвæццæгæн дзы рох фæци, хæдзары сæрмæ гыццийы сусæгæй кæй сбырыдыстæм, уый:

— Парашютист ма цы вæййы? Акæс-ма йæм. Бæдæйнаг Хъуырна. Дæ хъайтардзинады тыххæй дын иу къусы дзаг æхсыр — мæнмæ, — хъæр кодта Бечыр гæдымæ æмæ мæ уыгъта, цыма фынæй уыдтæн æмæ мæ хъал кодта, уыйау.

Уалынмæ «парашютист» æнæбæллæх æрбадтис, йæ фарсмæ колгæ дæр базырцъæл хæлынбыттырау æрхауд.

— Афтæ гъе, Чычыла, Валерий Чкалов дæр æвиппайды нæ атахтис полюсы сæрты, — загъта мын, йæ цæст фæныкъулгæйæ, æмæ тыртынайау фæдæлæмæ хæдзары сæрæй.

Дыккаг бон ма Бечыр иу колгæ ссардта æмæ дыууæ колгæимæ йæхæдæг рагæпп кодта хæдзары сæрæй. Фæлæ Бечыры уæзæны цæй колгæтæ баурæдтаиккой. Куыддæр рагæпп ласта, афтæ колгæты къæбæлтæ атыдтой, æрлæмæгъ сты цæф сынты базыртау, æмæ Бечырæн къодахау йæ тъæпп зæххыл фæцыдис, фæлæ дзы цыма ницы фæрысти, афтæ равдыста йæхи.

Уый дын Валерий Чкалов, гъе!

* * *

Изæрыгæтты зæронд Кудзийы аргъæуттæм хъусын уарзта Бечыр æмæ-иу мæн дæр йемæ ахуыдта.

Бечыры хивæнддзинад Кудзийы аргъæутты йеддæмæ ницы саста. Иу æртыкъахыг, æнхъæлдæн, йæхи æмцахъхъæн чи уыдаид, ахæм бандон уыдис Кудзийæн, æмæ уый цур къæлæтджынтæм фæрсмæ дæр нæ кастис. Оххытæгæнгæ-иу ыл куы æрбадтис Кудзи, уæд та-иу Бечыр дæр йæ разы февзæрдис.

— Кæцы ракæнон уæдæ? — афарста-иу нæ зæронд лæг.

— Фарастсæрон уæйыджы аргъау ракæн, фарастсæрон, — мæ разæй-иу фæцис Бечыр.

Кудзи-иу йæ боцъо адаудта, гæзæмæ-иу бахуыфыдис æмæ-иу райдыдта: «Уыдис æмæ дын уыдис...» — æмæ йæ хъæлæс куы чысыл къадайау сæр-сæр кодта, куы та хæххон æхсæрдзæнау нæрыдис æмæ-иу абухгæ хуыдымы уылæнтыл Бечыры æхсныфау раппар-баппар кодта. Кудзи йæ аргъау ивазы сæдæгай суйтæ æндахы къуыбылойы тагау.

Бечыр ын йæ къухтæм нымдзаст, цыма уыцы æндахы кæрон райсынмæ хъавыдис зæронд лæгæй.

Фарастсæрон уæйыджы хабар-иу куы дзырдта Кудзи, уæд-иу Бечыр дæр йæ къух æхсаргардау ныззылдта, цыма сау уæйыджы фарæстæм сæр ачъепп кæнынмæ хъавыдис æмæ йын мæ риуыл сæмбæлдис, уыйау. Стæй мæм æрбакастис æмæ зылынджыны худт бакодта, цыма ахæм æфсæрмдзæстыг уыдис.

Иуизæр Кудзиты дуар æваст фегом. Æз æмæ Бечыр кæрæдзи фæдыл уаты фæмидæг стæм. Уайтагъд нæ хъустыл æртæтæнон фæндыры зæлтæ ауадысты. Кудзи йæ æртыкъахыг бандоныл пецы фарсмæ бадтис, фæндыр йæ уæрджытæй йæ гуыры ʼхсæн скодта, афтæмæй йын йæ хъистыл уæздан сæрфт кодта йе ʼнгуылдзтæ. Цавæрдæр æнахуыр хъынцъымы дыз-дыз кодтой фæндыры хъистæ, хатт-иу сын зæронд дæр бахъырныдта. Уæд-иу фæндыры хъæлæс ноджы тынгдæр ныррызтис, æмæ-иу мæм афтæ фæкастис, цыма фæндыр æмæ Кудзи æмрызт ныккодтой.

Чъылдымыздæхтæй нæм бадтис Кудзи, æмæ йын йæ цæсгом нæ уыдтам, фæлæ йе ʼнцъылд уадултыл цæссыгтæ кæрæдзи кæй æййафынц, уый фæфиппайдтон. Джихæй аззадыстæм — æз æмæ Бечыр. Кудзийы нырмæ фæндырæй цæгъдгæ æмæ заргæ никуы федтам. Æниу, уый цæй зард уыдис? Зард нæ, фæлæ додой, зæрдæйы чи нæуал цæуы æмæ æддæмæ чи ранхъæвзта, знæт денджызы уылæнау, ахæм додой. Стæй йæ уæнгтæ гæдыхъæдау кæй рызтысты Кудзийæн, уый дæр бæрæг уыд. Йæ цæсгоммæ йын зул каст бакодтон, æмæ уый дæр цикъæйау ныуурс ис. Йæ сау цæстытæ та? Уæуу, мæнæ царциаты диссаг!..

Йæ гæрзтæ Валерий Чкалов æмæ Алешæ Джапаридземæ чи баста, хæдзары сæрæй колгæтимæ чи рагæпп кодта, зынгæ альпинистты фæзмгæйæ, æппæты бæрзонддæр бæлæсты цъуппытæм чи бырыди, уыцы Бечырæн дæр ныр йæ цæстытæ доны зылдысты.

«Цымæ цæуыл хъынцъым кæнынц Кудзи æмæ йæ фæндыр? Науæд Бечырыл цы ʼрцыдис?» — алыхуызон хъуыдытæ мын мæ сæры магъз æууылдтой.

Фæстæдæр Дауытæй фехъуыстон: фæндыры хицауы — Кудзийы фырт Сосланы — урсгвардионтæ йæ фыды раз хъизæмарæй амардтой. Ацы хабар цас раст у, уый мын Кудзийæн йæхи йеддæмæ чи сбæлвырд кæндзæн? Фæлæ йæ бафæрсын кæм уæндын? Науæд æй куы бафæрсон, уæддæр, ныр ссæдз азы дæргъы йæ зæрдæйы æртхутæгау нуæрстæй цы хъæдгом дары, уый сывæллонæн кæм равдисдзæн?

Фыццаг нæ нæ фæфиппайдта Кудзи æмæ ныр цыма фæкъæмдзæстыг, афтæ мæм фæкастис. Цæссыджы фæдтæ йæ æнцъылд рустыл урс гæрзытау æрттывтой æмæ уыцы гæрзыты кæрæттыл фæрдгуытау ауындзæгæй лæууыдысты. Йæ нымæтхудыл фæхæцыдис зæронд лæг æмæ йæ йæ ныхмæ æривæзта, стæй йæ цадæггай йæ уадултыл дæлæмæ æруагъта, цыма стыр куыстæй бафæлладис æмæ йæ хид асæрфта, уыйау. Фæлæ уыцы архайдæй йæ цæссыгтæ махæй æмбæхсынмæ кæй хъавыдис, уый нын цы зонын хъуыдис.

Къæмдзæстыджы мидбылхудт йæ цæсгомыл фæскъæвдайы хурау атылдис Кудзийæн, фæндыр иуварс авæрдта æмæ нæм дзуры:

— Æрбацыдыстут, уæ рынтæ ахæрон?

Бечыр бауадис, Кудзийы раз æрзоныгуыл кодта, фæндырмæ бавнæлдта æмæ йын йæ дæллаг хъисыл йæ амонæн æнгуылдз æрсæрфта. Фæндыр ныззæлланг ласта, æмæ иунæг сидзæр зæл уаты дыздызгæнгæ анæрыдис. Стæй Бечыр Кудзийы пыхцыл æрфгуытæм скастис æмæ йæм лæгъстæгæнæджы хъæлæсæй сдзырдта:

— Иу цагъд-ма дзы акæн, иу цагъд...

— Нæ, дæ рынтæ ахæрон, нæ, — йæ къухтæ батылдта Кудзи. — Нырæй фæстæмæ та дзы ды цæгъд, мæ хур.

Бечыр фергъуыйау:

— Æмæ куыд? Куыд дзы цæгъдон? Стæй?..

— Цæгъд дзы, мæ хур, лæвар дын фæуæд йæ хицауæй, æмæ дзы уый куыд цагъта, афтæ дзы цæгъд.

Афтæмæй, ссæдз азы æмырæй цы фæндыр фæлæууыдис, уый та ног хицау ссардта.

Йæ фæндыры цинæй уæларвмæ фæцыдис Бечыр, фæлæ æрдæбоны зарæджы тæлмæн йæ зæрдæйы ныххызтис æмæ йын йæ тæлтæг уæнгтæ æрлæмæгъ кодта.

— Гыцци, о гыцци, — хæдзармæ æрбацæугæйæ, кæртæй дзуры Бечыр.

— Цы кæныс, дæ фæхъхъау фæуа гыцци?

— Кудзийы цахъхъæн зæронд лæгтæ дæр кæуын зонынц?

Уыцы ныхæстæм гыцци фæджихау.

— Æмæ кæугæ куынæ кодта, заргæ куы кодта, — фæцæрдæг æм дæн æз.

— О, заргæ!.. — бахъуыр-хъуыр кодта Бечыр æмæ йæ фæндырмæ æркæстытæ кодта.

Гыцци нырма дæр йæ мидбынаты æнцад лæууыдис, йæ цæстытæ-иу куы мæнмæ фæкомкоммæ кодта, куы та Бечырмæ. Фæстагмæ, хъуыддаг цæй мидæг уыдис, уый бамбæрста, йæ кæлмæрзæны къабæзтæ райхæлдта, стæй сæ фæстæмæ абаста æмæ уынгæг хъæлæсæй сдзырдта:

— Куыннæ зонынц кæуын, куыннæ, дæ сæрыл хаст фæуон, уæдæ — зæрдæ мастæй дзæкъулау куы ныттыппыр уа, уæд ын æндæр цы хос ис?

Йæ лæвар фæндырыл рыг абадын нæ уагъта Бечыр, никæй дæр æм æвналын уагъта. Фæлæ мæ цы баурæдтаид? Уый тыххæй-иу нæм цал хатты æрцыдис хъаугъа. Райдианы цæгъдын нæ зыдта Бечыр æмæ-иу йæ гуырымыхъ æнгуылдзтæй галхафæнау хыбар-хыбур кодта фæндыры хъистыл. Фæлæ Бечыры хуызæн хивæнд лæппутæ цы сфæнд кæной, уый æрдæгыл кæм ныууадздзысты. Стæй йын Кудзийы ныхæстæ цыма хæслæвæрдау уыдысты: «Цæгъд дзы, мæ хур, цæгъд...»

Бечыры цагъдмæ-иу лæг хъусынтыл фæци. Йæ мæцъисы хуызæн æнгуылдзтæ дæр цыма фæлыстæг æмæ фæфæлмæндæр сты. Рог æмæ сæ аив хъазын кæны ныр фæндыры хъистыл.

Бечырæй цы рауадаид, уымæн бæлвырд зонгæ дæр ницыуал кодтон — тæхæг, альпинист æви музыкант?

Изæрыгæтты-иу Бечырæй фæндырæй цæгъдгæ-цæгъдын хуыссæг айрох ис. Уый нæ, фæлæ ма гыццийæн дæр нæ лæвæрдта æнцойад.

— Æгъгъæд дын у, Бечыр, урс уæрыкк дын фестон, æгъгъæд! — дзырдта-иу æм гыцци, йæ уаты рабадгæйæ, фæлæ кæм ис: Бечыр-иу ноджы фæтыхджындæр кодта йæ цагъд.

* * *

Рæстæг йæ æнæкæрон фæрдгуыты халыл цалдæр азы æрнымадта. Фæсте аззадысты æз æмæ Бечыры сабион хъаугъатæ. Хæст куы райдыдта, уымæй афæдзы æрдæг рауадис. Фæсивæд фæдисмæ цæуæгау цæуынц фронтмæ. Уавæры карздзинад мæнмæ нырма уыйбæрц нæ хæццæ кæны, фæлæ Бечыр йæхицæн бынат нал ары, рафт-бафт кæны, йæ ахстон кæмæн ныппырх кæнынц, ахæм зæрватыккау. Исдугмæ дзы фæндыр дæр айрох ис.

— Гыцци, о гыцци! — дзуры иубон гыццимæ.

— Цы кæныс, дæ фæхъхъау фæуа гыцци?

— Акæс-ма, нæлгоймаг цы хæдзарæй нæ ацыдис хæстмæ, ахæм нал баззадис, æмæ мах кæмæй цауддæр стæм?

— Цы саразæм, нывонд дын фæуон, хæстмæ нæ чи ацæуа, ахæм нæлгоймаг нæм нæма ис.

Бечыр йæ сау æрфгуытæ фелхынцъ кодта: хъыг ын уыди, гыцци йæ нырма лæгыл кæй нæ нымадта, уый æмæ афарста:

— Уæдæ æз чи дæн?

Гыццийыл цыма уазал дон бакалдæуыд, уыйау йæ бынатæй фестадис, Бечыры цæстытæм быцæугæнæджы каст ныккодта æмæ йæ фæрсы:

— Ды?

— О, æз!

— Нырма йæ фындз рæстмæ амæрзын чи нæ зоны, уый дæ, æндæр ницы, — фæхъæр ыл кодта гыцци æмæ та йæ бынаты абадтис, цыма, Бечыры æнæнхъæлæджы хивæнддзинадæй йæ зæрдæйы цы маст фæзындис, уый уыцы ныхæстимæ скалдта æмæ ссæрибар ис, уыйау.

— Хорз, уæдæ кæд афтæ у, уæд!.. — æртхъирæнгæнæгау загъта Бечыр æмæ феддæдуар, цыма ныртæккæ фронтмæ араст, уыйау.

— Бечыр, уæ Бечыр, фæлæуу-ма, дæ сæрыл хаст фæуон! Нырма чысыл дæ, нæ дæ айсдзысты... — кæуынхъæлæсæй йæ фæстæ дзырдта гыцци, фæлæ Бечыр уыцы бон кæдæмдæр афардæг, мæ цæст дæр ыл нал æрхæцыдис.

Кæд мæ Бечыр нырма дæр «Чычыла» хуыдта, уæддæр мæ æмбæхсгæ ницы кодта. Дыккаг бон мын сусæгæй дзуры:

— Абон æфсæддон комиссармæ уыдтæн...

Æз фыр дисæй мæ хъустæ фæхъил кодтон:

— Æмæ? — афарстон æй.

— Уфф, нырма уымæй фыдлæгдæр никуы федтон.

— Цы дын ракодта?

— Цыма æз аххосджын уыдтæн, уый та слестгæнæг, уыйау мæ фæрстытæ кæнын райдыдта.

— Æмæ уæдæ куыд вæййы? — афарстон та йæ æз æмæ мæ армытъæпæнæй мæ дзых амбæрзтон, Бечыры йæ цæстытæ фæдзагъыргæнгæ куы ауыдтон, уæд.

— Куыд вæййы, куыд вæййы! — сфæзмыдта мæ, — æцæг Чычыла куы дæ. Æфсæддон æгъдау куыд куры, афтæ мæхиуыл схæцыдтæн, йæ размæ балæууыдтæн æмæ йын дзурын: «Æмбал æфсæддон комиссар, йæхи сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл дæм æрбацыдис æмбал Болататы Бечырбег». Уый, йæ разы цы гæххæттыты рæдзагъд уыдис, уыдонæй йæ сæр систа, æркæстытæ мæм кодта сæрæй къæхты бынмæ, стæй, йæ сау даргъ рихитæ кæй фæтæссармæ сты, уымæй йæ бамбæрстон, йæ мидбылты кæй бахудтис, уый æмæ мын дзуры: «Хъусын дæм, æмбал Болататы Бечырбег!»

Æппæт æнхъæл дæр уыдтæн, фæлæ Бечыр уымæ йæ ныфс бахастаид, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

— Зæгъын, æмбал æфсæддон комиссар, нæ хъæуæй хæдзарæн лæг, кæмæй та дыууæ æмæ æртæ дæр ацыдысты фронтмæ. Мæ хæдзары мæнæй хистæр — нæлгоймаг кæй нæй, уымæ гæсгæ дæ курæг дæн, æмæ мæ фронтмæ арвит. Комиссар сыстад, йæ бандоныл фæстæмæ ахæцыд, иуæрдæм алæууыд. Æз фæджихау дæн: иудзонгон уыд, уый нырмæ нæ фæфиппайдтон.

— «Хæдзарæн лæг, хæдзарæн лæг, — цыма мæ фæзмгæ кодта, уыйау дзырдта. — Махмæ ахæм принцип нæй, æмбал Болататы Бечырбег: хæдзарæн лæг. Фронты æцæг уæззау уавæр ис, фæлæ уыйбæрц нæма тыхсæм æмæ сабитæм раттæм хæцæнгарз...» Дыккаг гыцци та мын уыцы даргърихи комиссар разындис, ацу æмæ сæм ма смæсты у. Са-битæм! Цыма кæцы саби дæн æз?

— Раст у, сабимæ хæцæнгарз дæттæн нæй, — фæцæрдæг æм дæн æз, фæлæ мæ Бечыр цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта.

— «Уый нæ, фæлæ дыл цал азы цæуы, æмбал Болататы Бечырбег?» — йæ ныхас фæцæхгæр кодта комиссар. Зæгъын, тагъд мыл æстдæс азы сæххæст уыдзæн. Фæскомцæдисоныл, дам, гæды ныхас нæ фидауы, æмбал Бечыр! Раст мæ цыма ехсæй æрдзæхст ласта, уыйау мыл сæмбæлдысты йæ ныхæстæ.

— Хъæугæ дæр дын афтæ кодта, — сирвæзтис мæ æнæбары.

— Цæй тыххæй мын хъуыдис афтæ? — афарста мæ Бечыр тызмæгæй.

— Фæскомцæдисоныл гæды ныхас кæй нæ фидауы, уый тыххæй.

— Æмæ цæмæй гæды ныхас кодтон, Чыч?..

— Цæмæй, цæ, нырма дыл æвддæс азы дæр нæ цæуы.

— Огъо, ай та мын дыккаг комиссар, — йæ былтæ сысчъил кодта Бечыр. — Гаврушыл фынддæс азы дæр нæ цыди, фæлæ баррикæдты хорз хæцыдис. — Исдуг тæргайгæнæджы лæуд скодта Бечыр, стæй та мæм æрбаздæхтис. Æвæццæгæн, уыцы комиссары мæстæй йæ зæрдæ байдзаг, æмæ цалынмæ йæ хъæстытæ мæнæн нæ ракодтаид, уæдмæ æнцой нæ ардта.

— Æрæджиау ма мын зæрдæлхæнæн ныхæстæ акодта, фæлæ цы... — дарддæр дзырдта Бечыр, — зæгъгæ, фæсчъылдымы фронты тохæн дæр къаддæр æхсар нæ хъæуы, гъемæ, æмбал Болатайы-фырт, дæ хъару ацы фронты равдис, стæй кæсдзыстæм æмæ…

Бечыр ныхъхъус ис, зæххыл йæ рæмбынкъæдзæй æрæнцой кодта æмæ цъæх нæумæ нымдзаст, цыма дзы исты агуырдта, уыйау, стæй та сдзырдта:

— Ехх, дзæгъæлы ныхæстæ, уазæг ацуйы ныхæстæ мын фæкодта уыцы комиссар... «Кæцон дæ? Цал азы дыл цæуы? Хæдзары ма дын чи ис?» — мæстыйы нымад ракодта тызмæг комиссары фæрстытæ Бечыр.

— Боны фæстагмæ æнæ уыцы комиссар дæр ссардзынæн фæндаг.

Æмæ йæ ныхас нæ фæмæнг кодта Бечыр. Иу райсом рудзынджы тæрхæгыл чысыл гæххæтты гæппæл ссардтон, фыст дзы уыдис: «Гыцци æмæ Дзамбол! (Табу Хуыцауæн, ацы хатт мæм мæ номæй дзуры). Уæ зæрдæ мæм ма ʼхсайæд. Адæмы хуыздæртæ кæм сты, уымæй дарддæр æз дæр нæ ацæудзынæн. Бечыр».

Уаих фæуай, Бечыр, уыцы дыууæ ныхасы мады зæрдæйæн ныфс æвæрыны фаг не сты, нæ... Науæд, «адæмы хуыздæртæ кæм сты», уырдæм дæу йеддæмæ никæй фæнды? Мæнæ мæ дæ фыстæджы хоныс ме ʼцæг номæй, уый йеддæмæ мын æдзух «Чычыла» ме рагъыл дардтай. Фæлæ ныр æз дæр, Бечыр... Уæд нæ уарзон гыццийæн та цы кæнæм, хъæугæроны онг дæ фæдыл ацæуыны фадат дæр кæмæн нæ радтай æмæ дын демæ ныййарæджы арфæтæ чи нæ арвыста, уыцы гыццийæн? Æниу, гыццийы загъдау, нырма дæ хъуымыз дæ дзыхæй куы кæлы, уæд дæуæй цæй хæстон ис? Кæсыс, Бечыр, кæдæм дæ фæхаста Валерий Чкалов, Папанин æмæ Алешæ Джапаридзейы фæзмын?.. Ехх, æнæ раздзог баззадтæн æмæ сæнттæ цæгъдынæй мæ сæр разылдис.

Уайтагъд фæндыр агурынмæ фæдæн, фæлæ никуы разындис, уый дæр йæ хицауимæ фронтмæ афардæг.

* * *

Æртæ къуырийы фæстæ постхæссæг Илас нæ кæрты æррайау фæмидæг, йæ къухы æртæтигъон гæххæтт тырысайау æрбацæйдавта æмæ хъæр кодта:

— Нанион, Нанион, Бечырæй дæм фыстæг!

Гыцци асинтыл æвзонг чызгау æруадис, æз дæр йæ фæдыл æрызгъордтон. Нырма уал фыстæджы нылхъывта йæ риумæ гыцци, стæй цыппæрдæсаздзыд постхæссæгыл атыхстис, пъатæ йын кодта æмæ фыр цинæй йæ цæссыгтæ нал урæдта.

— Цард дын фестæд мæ уд, Илас, æмæ дыл циндзинæдтæ цæуæд, — арфæтæ кодта постхæссæгæн.

Фыстæджы цы фыст уыдис, ууыл ма чи хъуыды кодта. Бечыр удæгас кæй у, уый нысан гыццийы къухæй æрттывта бæлоны базырау.

— Гъа-ма, бакæс æй, Дзамбол, дæ нывонд фæуон! — æрæджиау мæм ралæвæрдта фыстæг гыцци.

Бечырæн йæхи сæрыхъуынтау къæбæлдзыг дамгъæтæ схъазыдысты мæ цæстыты раз: «Гыцци æмæ Дзамбол! (Уый тыххæй дæр æй цæуын хъуыдис фронтмæ, мæ номæй та мæм дзуры). Фыссын уæм Одессæйæ. Æцæг мын бирæ фыссыны рæстæг дæр нæй, фæлæ мæ сырхæфсæддоны ном хæсджын кæны, цæмæй уæм, æнæниз æмæ сæрæгас кæй дæн, уый фæбæрæг кæнон. Раззаг хахмæ мæ нæма уадзынц, фæлæ æз дард Кавказæй барвæндонæй уый тыххæй нæ рацыдтæн æмæ ам кæрдзынтæ хæрон. Нæ, Болататы Бечыр ахæмтæй нæу. Гитлеры лæгæтмæ фыццаг чи басхойа, уыдонимæ хъуамæ æз дæр уон, æндæр дзы гæнæн нæй. Дардæй уын сырхæфсæддоны салам æрвиты рæнхъон салдат Болататы Бечыр».

Бечырæй фыстæг цы бон райсæм æз æмæ гыцци, уыцы бон нын бæрæгбон вæййы. Фæлæ уыцы бæрæгбонтæ куыд фæстагмæ стæмдæр кæнынц, æмæ мын мæ зæрдæ кæрчытæ хæрынц. Гыцци дæр рафт-бафт кæнын райдайы, фæлæ йын цы мæ бон у.

Мæнæ та нæ кулдуары хъинц фæцыдис, æмæ та постхæссæг Илас нæ кæртмæ тындзгæ æрбауад. Ныхсасты каст кæны Илас гыццимæ æмæ йæ мидбылты гæзæмæ худы, цыма фыстæг æрбахæссын кæй байрæджы кодта, уымæй къæмдзæстыг кæны.

«Мæ уæраг фæцæф и, — фыссы Бечыр, — фæлæ мын тæрсгæ ма кæнут. Раст уын куы зæгъон, уæд мæ уыцы цæфæй сержант Скворцовы уайдзæф тынгдæр æндавы. Лæппу, ам хъæл æмæ лæдзæгæй нæ хъазæм, нæ! Нæмыджы дзыхмæ цæмæн хауыс? Гермайнагмæ къухæй бавналыны дæрддзæгмæ куы нæ баввахс уай, уæд æм æнæуый нæ бахæццæ уыдзæн нæмыг? — санитарон хаймæ мæ куы бахаста, уæд мын бауайдзæф кодта. Афтæмæй йæхæдæг та мæнæй фыддæр у. Фашистты акъопмæ куы ныггæпп кæны æмæ сыл хъæрццыгъайау йæхи куы ныццæвы, уæд ды уымæ бакæс! Раст сæм дæндагæй дæр лæбурын байдайы. Ахæм рæстæг Скворцовы судзгæ цæстытæм куы бакæсын, уæд æнæбары мæхи бафæрсын: цахæм фыдракæнд хъуамæ бакæна адæймаг, цæмæй йæм мæнæ Скворцовау фыдæх каст кæнай? Иухатт æй фæрсгæ дæр бакодтон. Уый йæ цæсгом фæсау кодта, йæ дзæккоры хуызæн тымбыл къух йæ уæрагыл мæсты цæф æркодта æмæ кæрæдзимæ æлхъывд дæндæгтæй бæрцæй цыппар дзырды ралæмæрста: Туг мæ дарынц, туг. Туг та кæмæй нæ дарынц ацы лæгхортæ, фæлæ Скворцовы лæппу æмæ чызг бомбæйы бын фесты, æмæ сын се стæгдар дæр нал ссардта».

Гъе, Бечыр, ардыгæй уырдæм æз дæуæн зонд нæ бацамондзынæн, фæлæ мæнæ ныр гыцци дæ фыстæг хъæрæй бакæсын домы, æмæ цы кæнон, ууыл катай кæнын. Æрхæцæрхæцгæнгæ кæсын, цæмæй мæ æнæрхъуыдыйæ, нæ мады зæрдæ цæмæй фæрисса, ахæм исты ма сирвæза.

Абон та постхæссæг Илас, йæ хид сæрфгæ, нæ балкъонмæ схызтис, гыцци йæ размæ рауадис æмæ æд фыстæг ныхъхъæбыс кодта лæппуйы.

«...Уæззау бонтæ ныл æркодта, — фыста Бечыр, — æмæ ацы уæззау бонты Кудзийы лæвар фæндыр иу хорз хæстоны бæрц ахады. Дæ фæндыры цагъдмæ Рейхстаджы иу гаппаг хъуамæ ныккафон, зæгъгæ, хъазын байдайы сержант Скворцов. Æз дæр бæргæ тырнын уыцы бонмæ...»

Кудзийы фæндыр... Кудзийы фæндыры йæ дыккаг хицау кæм рахæсс-бахæсс кæны.

Рæстæг цадæггай уайы, ивæзы фыдфынау. Постхæссæг Иласыл рагæй нал æрхæцыди мæ цæст. Бечырæй ницыуал бæрæг ис, гыцци йæхицæн æнцой нал ары. Иласы агурæг дæр цалдæр хатты фæцыдис. Фæлæ цыма мады цæстæй йæхи барæй иуварс ласы нæ чысыл постхæссæг, афтæ зыны.

* * *

Сисы фаллаг фарс Кудзиты кæрт. Кудзи кæрты лæууы, йæ къух йæ ныхыл сæвæрдта æмæ фæндаджы ʼрдæм йæ хъус дары. Кæд, мыййаг, уый дæр Иласмæ æнхъæлмæ кæсы? Æз сисы ардыггаг фарс лæууын æмæ зæронд лæджы рафт-бафт уынын.

«Уыдонæй фронты куы ничи ис, уæд уый та цæуыл тыхсы? О, фæлæ фæндыр?.. Фæндыр æмæ йæ хицау... Фыццаг æмæ дыккаг», — хъуыды кæнын мæ мид-зæрды.

Кулдуар чидæр сындæггай бакодта æмæ йæ арæхсгай фæстæмæ хъинцхъинцгæнгæ ахгæдта, цыма кæртмæ хъуызгæ кодта. Кудзиты дуарыл æрбалæууыд постхæссæг Илас. Ацы æвзонг постхæссæг йæ чысыл уæхсчытыл циндзинад æмæ хæсты азар иумæ рахæсс-бахæсс кодта æмæ æнæхъуаджы никæй кæртмæ бавæрдтаид йæ къах. Æрбацыдис дæ кæртмæ, — æнхъæлмæ кæс кæнæ циндзинадмæ, кæнæ сау хабармæ. Фæлæ Кудзитæм цæмæн бацыдис, уыдонæй фронты куы ничи ис. О, фæлæ та мæ куы айрох ис... фæндыр... Иласы къухы фæндыр куы ис, стæй зонгæ фæндыр, Бечыры фæндыр... Иннæ къухы дæр бæлоны базырау цыдæр куы æрттивы... О, гæххæтт, æртæтигъон фыстæг. Илас йæ цæстытыл йæ худ æрæмбæрзта, афтæмæй зæхмæ нымдзаст, йæ мæллæг уæхсчытæ æнкъуыстысты, кæугæ кæй кодта, уый зын бамбарæн нæ уыдис. Æдзынæгæй аззадтæн, мæ бон ницыуал бацис æмæ мæ бынаты нынныгъуылдтæн уæрццау. Кудзи лæппуйы къухы фæндыр куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци æмæ цудгæ рауадис постхæссæджы размæ. Илас дæр йæхи нал баурæдта, Кудзийыл йæхи бауагъта, йæ астæуыл ын йæ къухтæ æрбатыхта æмæ цæссыгæй хуылыдз цæсгом зæронд лæджы куырæты нымбæхста.

— ...Бирæ сæ фембæхстон, фæлæ кæдмæ?.. — æрбайхъуыст мæм Иласы кæуын хъæлæс, — куыд сæ бахæссон Нанионмæ, куыд ын сæ равдисон?

Мæхи нал баурæдтон, сисы сæрты асæррæтт ластон æмæ Иласы къухæй гæххæтт стыдтон. Мæ фендмæ сæ дыууæ дæр фергъуыйау сты.

— Дæхиуыл фæхæц, лæппу, дæ мадæн ды хъуамæ бавæрай ныфс, — æрбадзырдта мæм Кудзи. Уайтагъд мæ цæстытæ фыстæгыл андæгъдысты.

«...Бирæ уæззау бонтæ нын фæрог кодта ацы алæмæттаг фæндыр, фæлæ ацы хатт мæнгардæй рацыдис йæхиуыл дæр æмæ йæ хицауыл дæр. Иу нæмыгæй мæлæтдзаг цæф фесты сæ дыууæ дæр...

Сержант Скворцов».

Фыстæг мæ къухæй æрхаудта æмæ цъæх кæрдæгыл цæф бæлонау æрæнцад, æрмæст ма мæм Иласы хæкъуырцц хъуыстис, бæстæ мыл аталынг ис.

Кудзи та?

Фыстæг бакæсын нал бахъуыдис зæронд лæджы. Йæ къухы цы фæндыр уыдис, уый йын хуыздæр бамбарын кодта хъуыддаг.

Фæндыры гуыбыныл цы чысыл хуынкъ уыдис, мысты цæсты йас, ууыл йæ дæрзæг къух расæрф-басæрф кодта Кудзи, цыма уыцы узæлдæй нæмыгдзæф фæндыры райгас кæнынмæ хъавыдис. Йæ цæссыгтæ йæ рустыл лæдæрстысты, нæумæ згъæлдысты æмæ цъæх кæрдæгыл райсомы æртæхау æрттывтой.

«Кудзийы цахъхъæн зæронд лæгтæ дæр кæуын зонынц, гыцци?»

«Куыннæ зонынц, куыннæ...» — мæ хъустыл уадысты кæддæры ныхæстæ.

— Цы ʼрцæуы, уымæн хос нал ис, мæ хуртæ, — æрæджиау сфæрæзта Кудзи, зæххæй гæххæтт систа, сау гæххæтт, æмæ кулдуары ʼрдæм фæцæуæг.

Мæлæтæй мады ʼхсæн фидиуæг ныллæууыдис Кудзи. Мæлæт йæ сау дзых ныххæлиу кодта æмæ худæгæй мардис.

* * *

Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рауадис. Нал ис Бечыр, нал дæр йæ фæндыр. Нæ, раст нæ зæгъын. Сæ дыууæ дæр сты, æрмæст Одессæйы бацæуæнты иу нæмыгæй мæлæтдзаг цæф фесты, æмæ сæ иуы уым æфсымæрон уæлмæрд йæ сау тары ныттыхта, иннæйы та сержант Скворцов цæфæй йæ хæдзарыл сæмбæлын кодта. Чысыл гæххæтты гæппæлыл æрхæсгæ сау хабар арвы цæфау сæмбæлдис мадыл, фæлæ мад фæразон у, бафæрæзта та йын.

Æз та?

Æз та иунæгæй баззадтæн æнæ раздзогæй.

Гыцци, нæмыгдзæф фæндырæн йæ гуыбыныл мысты цæсты йас хуынкъ кæм уыдис, раст уыцы ран сау хæцъил æрбатыхта, цыма йæ хъæдгомæй туг калдис, æмæ йын æй уымæй фæуромынмæ хъавыдис, уыйау æмæ йæ Бечыры нывимæ уаты иу къуымы æрцауыгъта.

Иубон нæм Кудзи йæ лæдзæг хойгæ æрбацыдис, ныллæг бандоныл уæззау уагъд æркодта йæхи æмæ гыццимæ дзуры:

— Марадз-ма, чындз, иу сыкъа мын авæр!

— Куыннæ, куыннæ, ныртæккæ, — йæ бынатæй фестъæлфыдис гыцци æмæ скъаппы дуар фегом кодта.

Хæдзары бинонтæн ракуывта Кудзи, ныййарджыты дæр нæ ныууагъта рохуаты æмæ, «не ʼхсæнæй чи аивгъуыдта», уыдоны кой куы скодта, уæд, Бечыры къам æмæ цæф фæндыр цы къуымы ауыгъд уыдысты, уыцырдæм акастис, гыцци дæр йæ цæст уыцырдæм ахаста, æмæ йæ уадултыл цæссыгтæ сæрттывтой.

Цы йæ æмбæхсон, «уæлмæрд» цы къуымы ис, уымæ бакæсын мæ цæст нæ уарзта æмæ мæ сæр ныкъкъул кодтон.

— Амæй та нын, не ʼхсæнæй чи аивгъуыдта, уыдон рухсаг уæнт... Бечыр æмæ йæ фæндыры цæрæнбон бирæ уæд! — йæ къух къуыммæ адардта Кудзи.

Гыцци йæ сау кæлмæрзæны къабузæй йæ цæссыгæй се дзаг цæстытæ амбæрзта:

— Цæй цæрæнбонтæ ма ис уыдонæн, сау бон мæ баййафа...

— Нæ, раст нæ зæгъыс, чындз, — ризгæ хъæлæсæй загъта Кудзи, йæ ныллæг бандонæй сыстад, лæдзæджы æнцæйтты бацыд, Бечыры ныв æмæ нæмыгдзæф фæндыр ауыгъд кæм уыдысты, уырдæм, йæ галиу къух йæ сины сæр сæвæрдта æмæ хæрдмæ скастис, цыма, нывы раз лæугæйæ, йæхиуыл дзуæрттæ æфтауынмæ хъавыдис, уыйау. Стæй фæндыр æриста æмæ та бандоныл æрбадт.

— ...Раст нæ зæгъыс, чындз, раст нæ зæгъыс, мад, сæфт хъæбулы — мад, — сыбар-сыбур кодта Кудзи æмæ йæ къух нæмыгдзæф фæндыры хъистыл æрсæрфта. Фæндыр саст дзæнгæрæгау ныддыз-дыз кодта.

— Ныууадз æй, ныууадз, дæ фæхъхъау фæуон... Мæрдтæ ма удæгас кæнынц, цы, — йæ цæссыг сæрфгæ йæм бадзырдта гыцци.

— Мæлæты раз дæ сæр куы ʼркъул кæнай, уæд дыл ноджы стых уыдзæн, мæ хур, — Кудзи йæ дзыпмæ нывнæлдта, мыдадзы къуыбар дзы систа æмæ йæ йæ къухты æууæрдын райдыдта.

Хыссæйау куы сфæлмæн мыдадз, уæд фæндыр йæ уæрджытыл дæлгоммæ æрæвæрдта, адзалы хуынкъ йе ʼнгуылдзтæй æрцагуырдта æмæ дзы «æвдадзы хос» ныннадта. Стæй йæ хуылыдз къухæй алæгъз кодта. Фæндыры цæсгом та равдыста Кудзи æмæ йын йæ хъистыл йæ къух уæззау сæрфт æркодта. Фæндыры зæлланггæнæг зæлтæй айдзаг ис уат, зæронд Кудзийы алæмæттаг къух та дыккаг хатт райгас кодта фæндыр. Бечыр, уыцы Бечыр нæ, фæлæ мæ чысыл лæппу (ныр æхсæзаздзыд лæппуйы хицау дæн) Кудзийы раз æрлæууыдис æмæ фæндырыл йæ къухтæй узæлыдис. Кудзи лæппумæ фæкомкоммæ, стæй, йæ мидбылты худгæ, гыццимæ бакастис:

— Мæ чындз, ацы фæндырæн хицау ис, — æмæ зæронд лæг фæндыр Бечыры къухмæ радта. Йæхæдæг йæ худ æркодта, йæ фæччитæ æрцагъта, цыма а бæстон хæстæй ирвæзтгонд у, æмæ та лæдзæг къуырцкъуырцгæнгæ дуары ʼрдæм фæцæуæг.

Афтæ та фæндыр ног хицау ссардта.

Фидиуæгæй та ныллæууыдис зæронд Кудзи мадæй мæлæты ʼхсæн, æрмæст ацы хатт мæлæт йæ къуди балхынцъ кодта æмæ фæстæмæ алæууыдис, йæ кой фесæфтис.

Нæ уаты къуым дæр ссæрибар йæ уæззау уаргъæй.

Этот рассказ на русском языке.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.