Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 29 июнь
Булаты стырдæр бæлиц
Бæллицтимæ цæрын дæр, фæндæгтыл цæуын дæр, цæлхдурты сæрты хизын дæр æнцондæр у. Иугæр ницæмæуал тырныс, кæнæ дын зындзинæдтæ дæ ныфс фæкъахыр кодтой, дæ къух ауыгътай, мæйдар æхсæвы дын цырагъау дæ фæндаг рухс чи кодта, уыцы бæллицтыл, уæд æй зон: сафтид дæ…
— Ме стырдæр бæллиц?! Тæхуды, æмæ Ирыстоны куы фæзынид курдиатджын сывæллæтты скъола-интернат. Цæмæй дзы цæттæ кæной, национ культурæйæн йæ уд йæхимæ кæмæй æрцæудзæн, ахæм специалисттæ. Ома, æз æрмæст музыкантты кой нæ кæнын. Абон къаннæг саби ирон æвзагыл цыбыр хъуыдыйæдтæй архайы, йæхимæ гæсгæ, диссаджы аргъау ныффыссыныл. Йемæ хъæуы кусын, амонын. Йæ алы дзæбæх дзырдбастыл дæр ын бацин кæн. Æмæ, кæд мыййаг, 15–20 азы фæстæ ирон фысджытыл иу ирон æрыгон фыссæг бафтид. Уый кæуылты хъуыддаг уаид…
Гæздæнты Булатимæ йæ æнтыстдзинæдты, аивады цы бæрзæндтæм схызт, цы хæрзиуджытæ æмæ йæм кадджын æвдисæндартæ ис, уыдоны тыххæй зын дзурæн у.
— Ау, фæсхæст, уыцы мæгуыр æмæ гæвзыкк заман Ирыстоны куы сарæзтой ахæм интернат курдиатджын сывæллæттæн?! Уæд абон уымæй уæззаудæр у нæ рæстæг?! Ахъуыды-ма йыл кæнæм бæстон. Ныртæккæ ахуыргæнæн мадзæлттæ фæпарахатдæр сты. Æрæмбырд кæн зæрдæргъæвд гыццыл чызджытæ æмæ лæппуты. Æмæ сын иумæйаг ахуырадæй уæлдай бæстон амон национ музыкалон инструменттыл цæгъдын, кафын, зарын, иронау раст æмæ рæсугъд дзурын, фыссын. Куыдæй нæм хъуамæ фæзыной æрыгон ирон поэттæ, драматургтæ, композитортæ?! Кокойты æфсымæрты, Христофоры, Æлборты Феликсы фæстæ ирон удысконд, йæ арф фæзилæнтæ, цы рæсугъд уæлмонцтæ æмæ дзы агайæнтæ æмбæхст сты, уыдон музыкæйæ чи равдисдзæн?! Чи сæ хъуамæ схъомыл кæна? Куыдæй фæзындзысты национ аивады мæсыг бæрзондæй-бæрзонддæр амайджытæ? Абон ссарын хъæуы уыдæттæн æхца, уыимæ — æнæвгъауæй. Абон дæр ма сарæхсиккам. Æрзилæм-ма уæдæ хъæуи-хъæу, хæдзари-хæдзар. Кæддæра дзы цас хуры тынтæ ссариккам. Равдæлæд-ма нæ ахæм ахъаззаг хъуыддаг саразынмæ. Æмæ нын уæд уыдон райсом нæ зæхх ныррухс кæндзысты. Уый дын ме стырдæр бæллиц… Кæддæр Англисы уыдыстæм къордæй, уæды Советон Цæдисы культурæйы минæвæрттæ, сфæлдыстадон кусджытæ. Æмæ нæ концерты фæстæ иу хуымæтæг бинонтæ сæхимæ уазæгуаты фæхуыдтой. Ацæргæ сылгоймаг мидæггаг уатæй чысыл глобус рахаста, равдис, дам, ма нын, Цæгат Ирыстон кæцы ран ис. Цæййас у, ахæм диссаджы музыкæ кæм райгуырд, ахæм фæндырæй кæм цæгъдынц, уыцы зæхх.
— Уыцы зæххыл Олгинскæйы хъæу, æмæ уым кæддæр иу гыццыл лæппу, Булат, йæ къухтæм райста фæндыр. Уый фæстæ схызтис аивады бæрзæндтæм.
— Аивады бæрзæндтæ, зæгъыс?! Æмæ уыдонæн, мыййаг, арæнтæ ис? Барæнтæ цавæр хъуамæ уой? Чи зоны та æндæр фæзындзæн, ноджы арæхстджындæр, ноджы курдиатджындæр. Афтæ куы нæ уаид, уæд цард бирæ фæлурсдæрæй зынид. Раст мæ бамбар, фæлæ уæд равзарынхъом нал уаиккам æцæг музыкалон уацмыс хуымæтæг зæлты æмбырдгондæй. Æвæццæгæн мын Хуыцау балæвар кодта уыцы курдиат, æндæр мæм кæцæй фæзындис? Кæд федтат фондзаздзыд чындзхæссæг? Фæлæ ма мæ-иу цы хуызы раппæлыдаиккой нæ хъæуккæгтæ æмæ та мæ-иу фæцæйластой. Æз та цастæ æмбæрстон?! Фæндыры фæстæ-иу зынгæ дæр нæ кодтон æмæ-иу цагътон хъазты.
— Дæ бæллиц — хи национ аивадон тыхтæ дзæбæх, парахат, алцæмæй æххæст уавæрты хъомыл кæнын. Æвæццæгæн, сабитæ æнæ курдиат нæ вæййынц. Чи йæ бафиппайдта, чи йæ райхæлдта, уыцы ахуыргæнæгæй бирæ аразгæ у.
— Æцæгдæр афтæ. Суыдзæн æви не суыдзæн? Рауайдзæн дзы æви нæ рауайдзæн? Музыкалон училищемæ мæ райстой, хъæуы авд къласы куы фæдæн, уæд. Хъæуккаг сывæллон цы вæййы, уый уыдтæн. Фæлæ нæм нæ ахуыргæнджытæ цы цæстæй кастысты, куыд нын æнкъардтой нæ авналæнтæ, куыд рæдау, куыд домаг æмæ куыд хæларзæрдæ уыдысты, уыдæттæ хуымæтæджы радзурæн нæй. Леон Давыдов, Павел Антонюк, Владимир æмæ Евгения Горшковтæ, Рогнеда Герман, Николай Паненко, Туаты Зинаидæ, Дзуццаты Зарæ, Гайттаты Зæирæ — раст цыма сæхи сывæллæттæ уыдыстæм, афтæ ныл мæт кодтой. Иу хатт урочы цæуылдæр фæтæргай дæн. «Цæугæ кæнын, ахуыр нал кæнын»,зæгъгæ, къласæй рацыдтæн.
Леон Давыдов, ахуыргæнæг, мæ фæстæ цæуынтæ райдыдта, фæныхæстæ, фæсабыртæ мæ кодта. Æрбаздæхтæн, уæдæ цы фæуыдаин?! Нæ нæ фæлладысты, нæ нæ тыхстысты. Æрзоныггæнæн цы ахуыргæнæджы цур ис, уыдонæй уыдысты.
Сывæллонæн йæ миддуне цæмæйты нывæзт у, цытæ дзы хæссы, цы 'мбæхсы, цавæр ныхас, комулæфт æй сразæнгард, баууæндын кæндзæн, цæмæй æппæт уыцы æвæрæнтæ æдæрсгæ цардмæ рахæсса?! Æвæццæгæн, кæй нæ бампылдыстæм нæ хъузджы, кæй нæ баруадыстæм, уæндонæй кæй бакъахдзæф кодтам музыкæйы æгæрон дунемæ — уый нæ ахуыргæнджыты фæрцы.
— Ирон фæндыр æмæ Булат… Национ инструментты оркестр æмæ Булат…
— Æндæр музыкалон инструменттыл дæр цæгъдын — домрæйыл, фортепианойыл, балалайкæйыл…
Фæлæ мын ирон фæндырæй зынаргъдæр æмæ адджындæр нæй. Оркестр та 1956 азы Хъæбæлоты Билары, партийы обкомы уæды секретары, фæрцы фæстæмæ кусын райдыдта.
Бирæтæ нæ зонынц, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, 1943 азы, фæзындис Ирыстоны радиойы национ инструментты оркестр. Музыкæмæ цы тых, цы хъару ис, уымæй уæззау заман адæмæн ныфсдæттæг ссис. Хæст куы фæцис, уæд оркестр дæр сæхгæдтой.
Фæлæ, куы зæгъын, 1956 азæй абонмæ йемæ æмдзу кæнын. 2005 азы онг национ инструментты оркестр уыдис телерадиокомпанийы.
— Афтæ зæгъæн ис, æмæ оркестрæн йæ хуыздæр, бæллиццагдæр бонтæ ивгъуыды баззадысты? Йæ абон æмæ йæ фидæн та æбæрæг у?
— Демæ бынтон не сразы уыдзынæн. Ивгъуыд. Нæ бæстæ дæр уæд æндæр уыдис, национ культурæйы рæзтмæ æцæг стыр æргом здæхт уыдис. Æз кæд оркестр телерадиокомпанийы хонын, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ куыстам комкоммæ эфиры радиойы дæр, телеуынынады дæр. Уыдис нын фадæттæ нæ музыкалон уацмыстæ, зарджытæ фыссынæн. Фирмæ « Мелодия» йæ райдай æмæ, радиойы фонотекæйы пленкæтыл фыстæй цастæ æвæрд, æфснайд æрцыд, уыдонæй фæу.
Цымæ Ирыстоны иу хъæу, иу колхоз кæнæ куыстуат баззад, нæ оркестр концертимæ кæм нæ сæмбæлд?! Æмæ уæд нæ сæр нæ рыстис, куыд ацæуæм, цæуыл — уыдис куысты фæтк. Оркестр нацийы стырдæр хæзнатæй иу у. Ирон адæммæ сæдæгай азты дæргъы цы музыкæйы зæлтæ æвзæрдис, цыдæриддæр нæм схæццæ ис, уыцы фольклорыл оркестр бакуыста. Æндæр, ног тых ма сæ бауагъта. Цæгат Кавказы нæ оркестры æмрæнхъ кæй æрæвæрæм, ахæм нæй ныры онг дæр. Диссаджы курдиатджын музыканттæ дзы уыдис, æрмæст цæгъдгæ нæ, фæлæ ма фыстой музыкæ дæр. Николай Петров, Дзитойты Юри, Бугъойты Майрæм, Георгий Могильченко, Гуыриаты Розæ, Валерий Цыбин, Хъуппеты Мысост æмæ ма бирæтæ. Оркестримæ зарыдысты Тогъойты Таисия, Суанты Федыр, Абайты Хаджумар, Бзарты Кемал, Галуанты Венерæ, Котолиты Мария…
Абон та уымæ æрцыдыстæм, æмæ нæ бон нæу, раздæрау цы уацмыстыл кусæм, цы ног музыкæ цæгъдæм, уый студийы фыссын. Кæнæ нын цæмæй нæ цæгъдтытæ теле- кæнæ радио эфиры радтой. Ныр алцæмæн дæр æхца фидын хъæуы. Мах уацмыс бацæттæ кодтам, фæлæ йæ цæмæй эфирæй адæммæ фæхæццæ кæной, уымæн дæр хъуамæ нæхæдæг бафидæм.
Нæ концертон программæтæ равдисыны фадат дæр нын нæй, уымæн æмæ зал баххуырсынæн стыр æхцатæ хъæуы. 9 маймæ бæргæ нæхи фæцæттæ кодтам, фæлæ уыцы тематикон концерт æнæвдыстæй баззад. Мах бахаудыстæм коммерцион ахастыты уацары æмæ тыхамæлттæ кæнæм.
— 2005 азы оркестр лæвæрд æрцыдис Культурæйы министрадмæ. Ныры онг бæрæг нæу, кæм æрбынæттон уыдзæн оркестр.
— Радиойы кусджыты æндæр ранмæ аивтой, бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг. Зымæг-зымæджы дæргъы уазал къуымты куыстам, репетицитæ иу бон дæр нæ баурæдтам. Фæлæ дарддæр цы фæуыдзæн оркестр, уый зын зæгъæн у.
— Оркестр цы кусы, цы цæгъды, уый адæм куы нæ хъусой, концертты куы нæ уыной музыкантты, уæд йæ фидæн сагъæссаг у. Оркестрæн дæр, стæй, дыууæ нотæйæ æмæ дыууæ ныхасæй арæзт зарджытыл цы адæм фæцалх сты, уыдонæн дæр.
— Ныртæккæ мæнæн мæ бон билеты аргъ 200–250 сомы скæнын нæу. Адæм уыйас хъæздыг не сты. 100 сомы аргъ у билет нæ концертмæ. Уымæй къаддæр — 50 сомы та скъоладзаутæн. Фылдæр кусæм скъолаты. Æрмæст цагъд æмæ зардыл нæ банцайынц нæ фембæлдтытæ. Цымæ ирон композитортæй кæй ранымайдзысты сывæллæттæ, сæ цавæр уацмыстæ сын зонынц, Къостайы æмдзæвгæтæ радзурыны тыххæй сæ сценæмæ схизын кæнын. Кæд ма Къостайы «Гино-Гино-Гис» æмæ «Кæй фырт дæ?» радзурынц, уæд иунæг ирон композиторы ном дæр нæ зонынц не скъоладзаутæ. Оркестр та цæгъды Кокойты æфсымæрты, Алыккаты Æхболаты, Плиты Христофоры, Хаханты Дудары, Къуыллæты Леониды, Бериты Алыбеджы, Борæты Барисы, Хосроты Тотырбеджы, Æлборты Феликсы, Геннадий Овечкины, Тотиты Андрейы, Борис Шаталовы, Цæллагкаты Барисы, Гæбæраты Ильяйы музыкалон уацмыстæ. Оркестры репертуары 600 уацмысæй фылдæр ис. Куы ма йæ загътон: нæ музыканттæ сæхæдæг фыстой музыкæ дæр.
Абон сын мах сæ уацмыстæ цæгъдæм.
Ирыстоны цæргæйæ, ам ахуыргæнгæйæ, хъуамæ нæ кæстæртæ цæуылнæ зоной ирон композиторты, цавæр музыкæ фыстой, уый.
Афтæ поэтты, зарæггæнджыты, фысджыты, нывгæнджыты. Аивад ис аргъуанимæ абарæн. Нæ аивадæн йæ уд, йæ фæлгонц, йæ бакаст национ у. Оркестр ацы æбæрæг базарадон уавæртæн уæддæр нæ сæтты, быхсы бирæ зындзинæдтæн, кусы. Фæлæ кæдмæ, цас ма — уый нæ зонын. Цы нæм ис, цы бынтæ, нæ зæрды цæуылты ис бацархайын — уыдон иууылдæр Ирыстоны, ирон адæмы тыххæй. Цард æрмæст дзулы къæбæрæй нæу…
Æрдз тыхджын у. Æмæ та æрбахизынц оркестры къæсæрæй æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ. Æрцахсынц сæ бынæттæ фæлтæрдджын музыкантты 'хсæн, райсынц сæ къухтæм адæмон инструменттæ. Хъуысынц «Ханты цагъд», «Хонгæ», «Симды фæз», «Цецилия», «Алагираг» …
Булатæн оркестры цæрæнбон у йæ ныфс. Национ инструментты оркестры музыканттæн, аивадуарзджытæн та Гæздæнты Булаты цардвæндаг, йæ удуæлдай куыст, йæ лæггад национ культурæйæн систы æрдхæрæны, ныфсы æмæ кады хос. Нæ республикæйы адæмон артист, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, педагог, хъомылгæнæг, бирæ ахуыргæнæн амынддзинæдты автор, ирон адæмон музыкалон фольклор æмбырдгæнæг, нотæтæм сæ рахæссæг — хæрзты бацыдис йæ адæмæн Булат. Сбарæн кæмæн нæй, ахæм хæрзты…
Бутаты Эльзæ