АРГЪÆУТТÆ ÆМÆ ТАУРÆГЪТÆ

 
Автор перевода - Плиев Инал


 

  Автор оригинала - Oscar Wilde


 

ХИУАРЗОН УÆЙЫГ

Себялюбивый Великан

      Æрвылбондæр-иу, скъолайæ здæхгæ, сывæллæттæ сæ фæндаг ракодтой Уæйыджы цæхæрадоныл æмæ-иу дзы сæ зæрдæйы хъæлдзæгæн фæхъазыдысты.         Каждый день, возвращаясь домой из школы, дети шли поиграть в сад Великана. 

 

      Уый уыд стыр æмæ зæрдæмæдзæугæ цæхæрадон фæлмæн цъæх кæрдæгимæ. Амыты-уымыты кæрдæджы 'хсæн зади стъалыйау рæсугъд дидинджытæ æмæ дзы уыд дыууадæс ахæм атъами бæласы, уалдзæджы-иу цæппузыр æмæ дидинджытæ чи рафтыдта, фæззæджы та-иу бирæ дыргътæ чи 'рхаста. Мæргътæ-иу бæлæсты цæнгтыл куы 'рбадтысты, уæд-иу ахæм уæздан, мæлгъæвзагæй зарыдысты, æмæ-иу сывæллæттæ сæ хъазт фæуагътой, цæмæй сæм байхъусой. "Мæнæ куыд амондджын стæм ам!" - цингæнгæ хъæр кодтой кæрæдзимæ.       Это был большой красивый сад. Земля там была устлана мягкой зеленой травой, над которой возвышались цветы, похожие на маленькие звездочки. Двенадцать персиковых деревьев весной были осыпаны розовыми и жемчужно-белыми цветами, а осенью дарили всем свои замечательные плоды. Птицы садились на эти деревья, и так пели свои песни, что дети забывали про игры и слушали, слушали ... "Как же здорово здесь!"– говорили они друг другу.
     Уæйыг йæхæдæг та авд азы дæргъы уыд уазæгуаты йæ хæлармæ - корнуэлаг уæйыгмæ. Уыдон ныхас кодтой, цы сæ цымыдис кодта, ууыл. Авд азмæ сын зæгъинаг куы ницыуал баззадис, уæд Уæйыг фæстæмæ йæ гæнахмæ 'рыздæхт. Куы 'рбахæццæ, уæд федта, йæ цæхæрадоны сывæллæттæ кæй хъазынц, æмæ фырмæстæй рахсыст.        Настал день, когда Великан вернулся домой. Он был в гостях у своего друга корнуэльского людоеда, и провел там семь лет. За эти семь лет Великан успел сказал все, что хотел сказать (он не любил слишком долгих бесед), и решил вернуться в свой родной замок. Подойдя к дому, он обнаружил детей, преспокойно игравших в его саду. 
      Йæ хъæлæсы дзаг сыл ныхъхъæр кодта: "Ам цы ми кæнут?!" - æмæ сывæллæттæ фыртасæй лидзынмæ фесты.
     "Мæ цæхæрадон у мæ цæхæрадон! - загъта Уæйыг, - æмæ æз махи йедтæмæ никæмæн дæттын ам хъазыны бар". Йæ алыварс ын дурæй стыр æмбонд самадта æмæ йыл ахæм фыст æрфидар кодта:
      "Что вы здесь делаете?!" – прорычал Великан, и сад вмиг опустел. "Это мое поместье, – подумал он. – И играть здесь буду я сам с собой".
      Великан построил вокруг высокий забор, и повесил табличку: 

Арæнхалæг тæрхондонмæ
лæвæрд æрцæудзæн!

"Посторонним вход запрещен". 

       Ацы Уæйыг тынг хиуарзон уыди.

      Бедный Великан – себя он любил больше всех.

      Сывæллæттæн та, мæгуыр, кæм хъазой, уый дæр нал баззад. Фæлвæрдтой фæндагыл хъазын, фæлæ уым уыд тынг рыг, уыди дзы стыр дуртæ æмæ дзы сæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Сæ урокты фæстæ-иу бæрзонд æмбонды цурты куы рацæйцыдысты, уæд-иу мысыдысты, йæ мидæгварс цы рæсугъд цæхæрадон ис, уый. "Куыд амондджын уыдыстæм уым!" - дзырдтой-иу кæрæдзийæн.       А детям стало негде играть. Они пробовали играть на дороге, но там валялись большие пыльные камни, и нельзя было играть в салочки. Один за другим, дети тихонько подходили к забору, чтобы хоть в щелочку взглянуть на прекрасный сад. Но плотно пригнанные доски надежно охраняли владения Великана. "Ах, как хорошо нам там было!" – вздыхали дети.
     Уалынмæ уалдзæг æрцыд, æгас хъæуы фæзынди чысыл дидинджытæ, æмæ мæргътæ дæр æрбатахтысты. Æрмæст Хиуарзон Уæйыджы цæхæрадоны нырма дæр уыд зымæг. Сывæллæттæ дзы кæй нæ уыд, уый тыххæй мæргъты нæ фæндыд уым зарын æмæ бæлæсты дæр дидин рафтауын ферох. Æрмæст иунæг хатт иу рæсугъд дидинæг йæ сæр кæрдæгæй сдарта, фæлæ сывæллæтты куы нæ федта, уæд сын афтæ тынг фæтæригъæд кодта, æмæ фæстæмæ зæхмæ ныздæхт æмæ бафынæй.  Æхсызгон уыд æрмæст Мит æмæ Ихæнæн. "Уалдзæгæй ацы цæхæрадон рох дæр фæци, - хъæр кодтой уыдон, - æмæ дзы мах æнæхъæн афæдз цæрдзыстæм". Мит йе стыр урс пæлæзæй кæрдæг æрæмбæрзта æмæ Ихæн та алы бæласы дæр æвзистæй сахуырста. Уый фæстæ Цæгаттаг Дымгæмæ хонæг арвыстой æмæ сæм æрцыд. Уый уыд къуымбилы тыхт æмæ 'нæхъæн бон цæхæрадоны уынæргъыдта. "Ай хорз бынат у, - загъта уый. - Ихуарынæн балæгъстæ кæнæм, цæмæй нæм æрцæуа". Уæд сæм Ихуарын дæр æрцыд. Алыбондæр æртыгай сахаты дæргъы гуыбар-гуыбур кодта гæнахы агъуысты сæрыл, цалынмæ къæйдуртæн сæ фылдæр нæ ныссаста, уæдмæ, стæй та райдыдта йæ тых йæ бонæй цæхæрадоны бæлæсты 'хсæн зилдух кæнын. Йæ дарæс уыд фæныкгъуыз, йæ комулæфт та - ихау уазал.       Пришла весна, и все вокруг расцвело, защебетало. Только в саду Великана была зима. Там не было детей, и птицам не кому было петь свои песни. Не было детей, и деревья не стали расцветать. Какой-то маленький цветочек высунул свою головку из-под земли, но когда он прочел табличку, ему стало так жалко детей, что он опять заснул. Зато Снег и Мороз решили: "Раз Весна забыла про этот сад, мы останемся здесь навсегда". Снег покрыл тонкие стебельки своей пышной мантией, а Мороз разукрасил голые деревья тонкими серебряными кружевами. В гости они позвали Северный Ветер. Закутанный в меховую шубу он стал носиться между деревьями, и завывать в печной трубе. "Очаровательное местечко! – сказал он. Надо позвать Град." И наутро Град изо всех сил швырял маленькие острые льдинки по крыше дома, пока не разбил всю черепицу. Потом он помчался наперегонки с Северным Ветром. От его дыханья веточки превращались в прозрачные сосульки, падали и разбивались.
     "Нæ йæ 'мбарын, уалдзæг афтæ 'рæгмæ цæмæн цæуы, - загъта Уæйыг, рудзынджы цур бадгæ æмæ уазал, урс цæхæрадонмæ кæсгæйæ. - Цæй, кæд боныхъæд фæивид"...       "Никак в толк не возьму, почему Весна так опаздывает", – вздыхал Великан. В который уже раз он подходил к окну, но там был все тот же белый, холодный сад. "Ну, ничего, – говорил он, скоро погода изменится".
     Фæлæ Уалдзæг нæ зынд, нæдæр Сæрд. Фæззæг сыгъзæрин дыргътæ æрхаста алы цæхæрадоны дæр, фæлæ Уæйыджы цæхæрадоны ницы 'рхаста, æгæр хиуарзон у, зæгъгæ. Ихæн, Цæгаттаг Дымгæ, Мит æмæ дзы Зымæг зилдух кодтой бæлæсты 'хсæнты, Ихуарын та йæ сæрыл кафыд.       Погода и не думала меняться. Даже Осень, дарившая всем свои золотистые фрукты, обошла стороной сад Великана. "Он такой жадный" – фыркнула она. Только Зима, только Северный Ветер и Град хозяйничали там. И Белый Снег танцевал свой странный танец, перебегая от дерева к дереву.
     Иу райсом, Уæйыг куы райхъал, уæд ма йæ уаты хуыссыд, афтæмæй фæлмæн, æхцон зæлтæ фехъуыста. Уыдон афтæ уæздан æмæ зæлланг уыдысты, æмæ йæм фæкаст, цыма паддзахы музыканттæ йæ гæнахы фæрсты рацæуынц. Æцæгæй та уый уыдис æрмæстдæр йæ рудзынджы æдте чи зарыд, иу ахæм чысыл маргъ, фæлæ Уæйыг мæргъты зардмæ тынг бирæ рæстæджы дæргъы кæй нал хъуыста, уый тыххæй йæ банымадта æппæт дунейы иууыл рæсугъддæр музыкæйыл. Ихуарын йæ сæрыл кафын фæуагъта. Цæгаттаг Дымгæ йæ уынæрæй банцад æмæ рудзынгæй диссаджы æхцон тæф æрбакалд. "Æвæццæгæн, боны фæстагмæ, Уалдзæг æрцыдис", - загъта Уæйыг, йæ хуыссæнæй фæгæпп кодта æмæ æддæмæ ракаст.       Как-то утром, еще лежа в кровати, Великан услышал прекрасную музыку. Эти тихие звуки так ему понравились, что он подумал: "Наверное кто-то из королевских музыкантов проходит около дома". А это просто маленькая коноплянка пела свою весеннюю песенку. Великан так долго не слышал птиц, что эта незатейливая мелодия была для него лучшей в мире. Град прекратил свою безумную пляску на крыше, затих удивленно Северный Ветер, и восхитительный аромат донесся до Великана.
"Весна! Явилась – не запылилась!" – воскликнул он, выпрыгнув из под одеяла, и подбежав к окну. 
     Цымæ дзы цы федта? -       Что же он там увидел? 
     Уый федта æцæгæй дæр диссаджы ныв. Æмбонды цы чысыл хуынкъ уыд, ууылты, хъуызæгау, цыдысты сывæллæттæ æмæ хызтысты бæлæсты цæнгтæм. Цы бæлæстæ зынд Уæйыгмæ, уыдонæй алкæуылдæр бадт фæйнæ гыццыл сывæллоны. Бæлæстæн афтæ 'хсызгон уыд сывæллæтты 'рбаздæхт, æмæ 'виппайды дидинæг рафтыдтой, афтæмæй сæ цæнгтæй уæздан узæлыдысты сывæллæттыл. Мæргътæ сæ сæрты ратæх-батæх кодтой æмæ цингæнгæ зарыдысты, дидинджытæ дæр цъæх кæрдæгæй кастысты æмæ худтысты. Уыдонмæ кæсгæйæ, зæрдæ рухс кодта, фæлæ цæхæрадоны къуымтæй иуы нырма дæр уыд Зымæг. Иууыл дарддæр къуымы лæууыдис иу чысыл лæппу. Уый афтæ гыццыл уыд, æмæ бæласы къалиумæ не 'ххæссыд, æрмæст йæ алыварс зылди, хæккуырццæй кæугæ. Бæлас та, мæгуыр, нырма дæр уыди халас æмæ митæй æмбæрзт, Цæгаттаг Дымгæ та йæ сæрмæ дымта æмæ уынæргъыд. "Схиз уæлæмæ, чысыл лæппу!" - дзырдта бæлас æмæ йæ бон цас уыд, уый бæрц йæ къабæзтæ уырдыгмæ тасын кодта, фæлæ лæппу æгæр чысыл уыд.       – Удивительную картину. Дети пролезли через маленькую дыру в уже обветшалом заборе, и весело расселись на ветках деревьев. Деревья были так рады опять встретить детей, что сразу же расцвели. Теперь они нежно покачивали ветвями над маленькими детскими головками. Только в дальнем углу сада все еще царила Зима. Там, под деревом, стоял один мальчик и горько плакал. Он был совсем маленький, и не мог залезть наверх. Снег падал на его плечи, а крошечные ножки посинели от холода. "Забирайся сюда", – прошелестело дерево, пытаясь опустить пониже заиндевелые ветки, но мальчик был слишком мал. 
     Уæйыг уый куы федта, уæд йæ зæрдæ 'рфæлмæн.     "Ох-х, куыд хиуарзон уыдтæн! - загъта уый. - Бамбæрстон æй, Уалдзæг ардæм цæмæннæ цыдис. Ныртæккæ æз уыцы гыццыл лæппуйы бæласмæ сæргъæвдзынæн, æмбонд ныппырх кæндзынæн æмæ абонæй фæстæмæ ам уыдзæн сывæллæттæн хъазæн бынат". Æцæгдæр, йæ раздæры митыл йæ зæрдæ 'рхудтис æмæ сыл тынг фæсмон кодта.        И сердце Великана растаяло, когда он увидел это. "Какой же я негодяй! – подумал он. Вот почему Весна не пришла ко мне. Сейчас я подсажу малыша на самую верхушку. Я снесу этот забор, и в моем саду всегда будут играть дети". И Великану стало так стыдно за то, что он натворил...
     Афтæмæй асинтыл æрхызт, йæ цæхæрадоны дуар сабыргай байгом кодта æмæ мидæмæ бацыд. Сывæллæттæ йæ куы федтой, уæд афтæ тынг фæтарстысты, æмæ фæйнæрдæм фæлыгъдысты. Цæхæрадонмæ та ногæй Зымæг æрыздæхт. Æрмæст иууыл гыццылдæр чи уыд, уыцы лæппу нæ алыгъдис, - уымæн йæ цæстытæ цæссыгæй йедзаг уыдысты æмæ Уæйыджы нæ федта. Уый та йæм хæстæг бацыд, хъавгæ йæ йæ къухмæ систа æмæ йæ бæласмæ арæхстгай сæргъæвта. Уайтагъд бæлас дидин рафтыдта, мæргътæ йæм æрбатахтысты æмæ цъыбар-цъыбур кæнын райдыдтой. Гыццыл лæппу йæ цæнгтæй Уæйыгыл æртыхстис æмæ йын аба кодта.
     Уæйыг кæй нал мæсты кæны, уый фенгæйæ, иннæ сывæллæттæ дæр фæстæмæ 'рбалыгъдысты æмæ семæ 'рбаздæхт Уалдзæг дæр.
     "Ацы цæхæрадон сымахæн лæвар кæнын", - загъта Уæйыг, стыр фæрæт райста æмæ амбонд ныппырх кодта.
     Адæм сихорафон базармæ куы цыдысты, уæд федтой, Уæйыг сывæллæттимæ кæй хъазы йæ 'нахуыры рæсугъд цæхæрадоны.
      На цыпочках он спустился вниз, тихо-тихо открыл входную дверь и ступил в сад. Увидев Великана дети так напугались, что сразу бросились врассыпную. И в саду опять воцарилась Зима. Только самый маленький мальчик ничего не видел, потому что глаза его были полны слез. Великан тихонько подошел к нему, бережно взял его на руки, и посадил на самую большую ветку. И внезапно дерево распустилось, и птицы запели в его ветвях. А мальчик протянул свои ручонки к Великану, обхватил его за шею, и поцеловал. Тут все дети увидели, что Великан уже больше не злой, и радостно побежали в сад. Вместе с ними пришла и Весна. "Теперь это ваш сад", – сказал Великан, и взяв большой топор разрубил забор на маленькие кусочки. А когда в полдень все взрослые отправились по своим делам, Великан играл с детьми в таком прекрасном саду, лучше которого им никогда не приходилось видеть. 
     Алыбон дæр-иу дзы бирæ фæхъазыдысты, изæры та-иу сывæллæттæ Уæйыгæн хæрзбон загътой æмæ-иу сæ хæдзæрттæм ацыдысты.       Дети играли весь день напролет, и вечером пришли к Великану пожелать спокойной ночи.
     Иухатт Уæйыг сывæллæтты фæрсы: "Уæ чысыл хæлар та кæм ис? Бæласмæ кæй сæргъæвтон, уый?". Уæйыг æй иннæтæй фылдæр бауарзта, уымæн æмæ дзы уый нæ фæтарстис, стæй ма йын ба дæр акодта.       "А где же ваш маленький приятель? – спросил он, – мальчик, которого я посадил на дерево". Великан полюбил его больше всех, потому что он один поцеловал Великана.  
     "Нæ йæ зонæм, - дзуапп ын радтой сывæллæттæ, - кæдæмдæр ацыдис".       "Мы не знаем, – отвечали они. Наверное он уже ушел".
     Уæд сын Уæйыг бафæдзæхста: "Æнæмæнг ын зæгъут, цæмæй сом æрбацæуа", фæлæ йын сывæллæттæ загътой, кæй нæ зонынц, уыцы гыццыл лæппу кæм цæры æмæ йæ уымæй размæ дæр кæй никуы федтой; уæд Уæйыг нынкъард.       "Тогда скажите ему, пусть обязательно приходит завтра", – сказал Великан. Но оказалось, что дети видели его в первый раз, и не знали, где он живет. Великан загрустил.
     Алы бон дæр-иу, сихорафон, скъолайы фæстæ сывæллæттæ 'рбацыдысты цæхæрадонмæ æмæ-иу Уæйыгимæ хъазыдысты, фæлæ уыцы чысыл лæппу нал фæзындис. Уæйыг хæлар зæрдæ дардта сабитæй алкæцымæ дæр, æрмæст йæ фыццаг чысыл хæлары тынг мысыд æмæ-иу йæ кой арæх кодта. Дзырдта-иу: "Куыд тынг бæллын йæ уындмæ!"       Теперь каждый день, после школы, дети приходили к нему играть. Но тот мальчик, которого так полюбил Великан, больше не появлялся. Великан очень тосковал о своем друге. "Как бы я хотел повидать его!" – вздыхал он. 
     Цыдысты азтæ. Уæйыг тынг базæронд æмæ 'рлæмæгъ. Йæ бон нал уыд хъазын. Йы стыр къæлæтджыныл бадгæ-иу кастис сывæллæттæм æмæ-иу йæ цæхæрадоныл цин кодта. "Бирæ рæсугъд дидинджытæ ис мæнæн, - дзырдта уый, - фæлæ дзы алкæмæй рæсугъддæр дидинджытæ сты сывæллæттæ.       Дни шли за днями, и Великан стал совсем старым. Он уже не мог играть, поэтому он просто сидел в своем большом кресле, и с любовью смотрел на сад и на детей. "Какие хорошие у меня цветы", – думал он: "Но, что ты не говори, а дети лучше всех цветов на свете".
     Иу зымæгон райсом, йæ дарæс кæнгæ, рудзынгæй ракаст. Зымæгмæ фыд-зæрдæ нал дардта, уымæн æмæ зыдта, уыцы рæстæджы Уалдзæг æрмæстдæр фынæй кæй кæны æмæ дидинджытæ сæ фæллад кæй уадзынц.        Как-то зимним утром, встав с кровати, Великан выглянул в окно. Он уже больше не боялся зимы, ведь это же просто спящая весна, когда цветы отдыхают и набираются сил. 
     Æвиппайды йæ цæстытæ дисгæнгæйæ аууæрста æмæ кæсгæйæ баззад. Æцæгæйдæр, цæуыл дис кодтаид, уый дзы уыди. Цæхæрадоны иууыл дарддæр къуымы цы бæлас лæууыд, уый рафтыдта зæрдæмæдзæугæ урс дидинджытæ. Йæ къалиутæ уыдысты сыгъзæрин, цы дыргътæ сыл æрзади, уыдон - æвзист, æмæ йæ быны та лæууыд, Уæйыг уæлдай кæй уарзта, уыцы чысыл лæппу.       Вдруг он в изумлении протер глаза и прильнул к окну. Боже, какая красота! Дерево в дальнем углу сада расцвело прекрасными белыми цветами. Серебристые фрукты свешивались с позолоченных веток. А внизу, под деревом... Внизу стоял тот самый мальчик! 
     Уæйыгæн йæ зæрдæ барухс æмæ, асинтыл хъæлдзæгæй æрлидзгæ, цæхæрадоны фæмидæг. Кæрдæджы лæгæрдгæ, комкоммæ сывæллонмæ базгъордта. Куы йæм баввахс, уæд йæ цæсгом фырмæстæй ныссырх, æмæ йæ карзæй бафарста: "Чи бауæндыд дæумæ йæ къух сисын?" - уымæн æмæ федта сывæллоны армы тъæпæнты къуырд зæгæлты фæдтæ; дыууæ зæгæлы фæд уыди сывæллоны къæхты уæлтъæфæнтыл дæр.       Забыв, сколько ему лет, Великан кубарем скатился с лестницы и побежал ко краю сада. Подойдя совсем близко, Великан в ужасе остановился. На запястьях мальчика были безобразные раны, похожие на следы двух больших гвоздей, и такие же следы были на его маленьких ножках.
     "Чи бахаста йæ ныфс дæу фæцæфтæ кæнын? - ныхъхъæр кодта Уæйыг. - Зæгъ мын, кæй мын и бар, цæмæй ме стыр æхсаргард райсон æмæ дын дæ бафхæрæджы ныккæрдихтæ кæнон! Чи у, чи?!"       "Кто посмел?" – задыхаясь от гнева спросил Великан. "Кто посмел нанести эти раны? Я возьму свой большой меч и поражу его".    
     "Ничи, - дзуапп ын радта саби. - Адон сты Уарзондзинады хъæдгæмттæ".       "Нет", – сказал мальчик, "это раны Любви".
     "Чи дæ?" - сабыргай йæ бафарста Уæйыг, æмæ, цавæрдæр æнахуыр аргъуыц банкъаргæйæ, гыццыл лæппуйы раз æрзоныгуыл кодта.       Вдруг Великан почувствовал себя совсем крохотным, и странный страх охватил его. "Кто Ты?" – спросил он, опускаясь на колени.
     Сывæллон æм йæ мидбылты бахудт æмæ йын загъта: "Ды мæ иу хатт бауагътай дæ цæхæрадоны хъазын, абон та ацæудзынæ мемæ мæ цæхæрадонмæ - Дзæнæтмæ".       Мальчик с любовью и нежностью смотрел на него. "Ты не закрыл для Меня сад твой, и Мой сад открыт для тебя. Сегодня же ты будешь со Мною в Раю".

     Æмæ уыцы бон сихорафон сывæллæттæ хъазынмæ куы 'рбалыгъдысты, уæд баййæфтой æдзард Уæйыджы урс-урсид дидинджытæй æмбæрзт бæласы бын хуысгæйæ.

      Когда дети прибежали в сад, они увидели лежащего под деревом Великана, осыпанного белыми цветами.

  * Сæргæндты сыфмæ *