ДИГОРОНАУ

 

МАЛИТИ  ГЕУÆРГИ

ÆМДЗÆВГИТÆ

      

 

ЗАР
ГУРУСХÆ 
ЦЪИФÆ РÆСТÆГИ 
ГОБИ 
ЗАРÆГ
ГУЫРЫСХО
ЦЪЫФ РÆСТÆДЖЫ
ГОБИ
ФЕДОГ   
ÆЛХУЙНÆ 
КИЗГИ ЗАР
ÆЛХУЫЙ
ЧЫЗДЖЫ ЗАРÆГ
КÆСАЛГДЗАУ КИЗГÆ  
МÆ ТИКИС 
Адтæй рæсугъд догæ 
ДЗИДДЗИЛ 
ДЗУЛЕ 
СКЪÆВДИ ГЪАРÆНГÆ
БУНДОРИ ГЪАРÆНГÆ
ДЗИРАСГÆ
Тæходуй, æна,
МÆ ГÆДЫ
Уыдис, уыд, мæ уалдзæг
ДЗИДЗДЗИЛ
ДЗУЛЕ
СКЪÆФТЫ ХЪАРÆГ
БЫНДУРЫ КАТАЙ
ДЗИРАСГÆ
Тæхуды, æна,
ГЪОНГÆСИ ФУРТ МÆГУР МÆХÆМÆТ 
ДЗАНДЗИРАХЪ 
ГУДЗУНА 
ТЕМУР АЛСАХЪ 
ХЪОМГÆСЫ ФЫРТ МÆГУЫР МÆХÆМÆТ
ДЗАНДЗИРАХЪ
ГУДЗУНА
ТЕМУР-АСЛАХЪ
ДУУÆ ФИЙЙАУИ 
УÆХАДÆГИ ФУРТ МИНГИЙ ГУЙМАН 
ЦАУÆЙНОНТÆ 
ЦЪÆХЪАЛ
 
ФИЦЦАГ МÆЛГЪÆ 

 

 

ФЫЦЦАГ МАРГЪ

ХÆХХОН ЗАРÆГ

 

ЗАР

Мæ синхон кизгæн æ зæрдæ
Ку зонинæ, ку, бæлвурд, —
Уæд зæгъинæ ин цидæртæ,
Уæд зæгъинæ ин еу дзурд...

Фæццæуидæ минæвари
Гъургъургæнгæ нæ тикис, -
Æрхæссидæ мин лæвари
Æрхи агæ æд рæхис.

Десæ-месæ уæд сор-серæ
Исфицинæ аги дзаг, —
Бахуæринæ уотæ берæ, —
'Ма фæууинæ кæуйнаг...

1909, Киристонгъæу

 
ЗАРÆГ

Мæ сыхаг чызгæн йæ зæрдæ
Куы базонин, куы бæлвырд, —
Гъеуæд ын зæгъин цыдæртæ,
Гъеуæд ын зæгъин мæ дзырд...

Фæцæуид æм минæварæй
Хъуыр-хъуыргæнгæ нæ тикис, —
Æрбахæссид мын лæварæй
Æрхуы аг æмæ рæхыс.

Диссаг-миссаг уæд сор-серæ
Æз ысфыцин аджы дзаг, —
Бахæрин дзы афтæ бирæ
Æмæ фæуин кæуинаг...

Чырыстонхъæу, 1909

 
ГУРУСХÆ

Нæ, нæма 'ууæндун нерæнгæ,
Нæй, мæ зæрдæ нæй æнгъæл,
Æвеппайди гиризгæнгæ
Ду сиййевдзи уай мæнбæл.

Æримисæ устур десæн,
Хебæраги, цид, æнцад
Ци дзурдтонцæ кæрæдземæн
Нæ цæститæ хаттæй-хатт...

Фал æ зæрдæ уотæ 'нцонæй
Кæд сиййевуй силæстæг,
Уо, ме 'нгарæ, æдемонæй
Уарзт ма хонæ уæд сугъдæг.

Уалæ стъалутæ зæгъунцæ,
Уарзт мед адæм мæнгæ ке 'й, —
Фудæнæнги ке гæлдзунцæ
Дууæ зæрди кæрæдзей...

1914

 
ГУЫРЫСХО

Нæ, нæма 'ууæндын нырма дæр,
Нæй, мæ зæрдæ нæу æнхъæл,
Æвиппайды хъазгæмхасæн
Ды фæуадзай мæн дзæгъæл.

Æстыр дисæн-иу æрымыс,
Хибарæй нæм-иу æнцад
Цытæ дзырдтой кæрæдзийæн
Нæ цæстытæ хаттæй-хатт...

Фæлæ йæ зæрдæ афтæ 'нцонæй
Кæй фæивы сылыстæг,
Уæ, ме 'мгар, ды адæмонæй
Уарзт ма рахон уæд сыгъдæг.

Уалæ стъалытæ дæр дзурынц,
Уарзт мæнг кæй у адæмæн,
Дыууæ уды-иу кæрæдзи
Кæй æппарынц фыдæнæн...

1914

 
ЦЪИФÆ РÆСТÆГИ

Цъифæ бони æппун неци
Æз мæхемæ æркæсун
'Ма нæ фендеун мæ деси
Уалæ арвмæ искæсун.

Мæ кæрдзин æма мæ цæнхæ
Æз феууелун уæд зиндæр, —
Фæккæсуй мæмæ нæ зæнхæ
Мисти къахæй ниллæгдæр.

Нæлтæ, силтæ, уо, мæгуртæ,
Над нæмунцæ золкъитау...
Йехх, ку уайдæ мæ базуртæ,—
Фæттæхинæ цæргæсау.

1915

 
ЦЪЫФ РÆСТÆДЖЫ

Цъыф бон ницы уал фæкæсын
Æз мæхимæ, зæрдæ — саст,
Нал мæ бафæнды æскæсын
Уæлæ арвмæ дæр æваст.

Мæ кæрдзынæй уа, мæ цæххæй
'Ууилæн нал вæййы зындæр, —
Нал фæзонын уæд нæ зæххæй
Ныллæгдæр мысты къах дæр.

Лæгæй, усæй, о, мæгуыртæ,
Фæндаг нæмынц зулчъытау...
йехх, куы мын уаид базыртæ, —
Фæтæхин уæд цæргæсау.

1915

 
ГОБИ

Цæмæн фæдтæн æз фур гоби,—
Ко дæ цирти, уо, мæ мадæ!
Цæмæн дæн, цума, мæ доги
Æз ме 'нгарти 'хсæн æгадæ?..
Мæ кавди радæ мед гъаздæ
Цæмæн байзайуй иронхи,
Нæ зингæ лæгтæн — гъæйт-мардзæ —
Цæмæн нæ цæун сæ тонхи?..
Цæмæн фаунцæ æноси
Мæн гобий номæй фæсевæд?
Ка 'й ме 'рвадæ мæ фалдзоси,
Кæмæн гъарон мæ тæрегъæд!..
Ку нæййес мæнæн фæндæндтæ,
Хæрсæнау косун хæдзари,
Мæ зин сагъæстæ, мæ сæнттæ
Некæд ракæнун мæ зари...

1916

 
ГОБИ

Цæмæн фæдæн æз фыр гоби,—
Ку дæ ингæны, мæ мад!
Цæмæн дæн цыма мæ бонты
Ме 'мгарты 'хсæн æз æгад?..
Мæ кафты рад хъазты бардзмæ
Цæмæн-иу баззайы рохы,
Нæ зынгæ лæгтæн — гъæйтт-мардзæ —
Цæмæн нæ цæуын сæ тохы?..
Цæмæн мæ фауынц æнусы
Гоби хонгæ нæ фæсивæд?
Чи у ме 'рвад мæ фалдзусы,
Кæмæн хъарон мæ тæригъæд?..
Куы нæ мæм ис фæндиæгтæ,
Хæрсæнау куыстмæ дæн тарды,
Мæ зын сагъæстæ, мæ сæнттæ
Никуы ракæнын мæ зарды...

1916

 
ФЕДОГ

Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
Арвмæ мæсуг амайетæ,
Хормæ скæнетæ фæндаг,
Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,
Догъи ма уотæ фæстаг!
Тари цæфсæд сæребарæ,
Мегъи сорæд æ тунтæй,
Цард мабал уæд гъезæмарæ,
Зæнхæ райзол уæд рунтæй.
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.

1919

 
 
ÆЛХУЙНÆ

Ци кæнуй, цума, ме 'лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл уайунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.

Нæ уæлиндзæбæл æзинæ
Æз сундакъæ æлвистон,
Мæхенимæр нидæн заргæ
Æз цидæртæ имистон.

Нæ дæлпазбуни еу бæхгин
Фæцæйзиндтæй уæд æваст.
Мæ фидбилизæн æ хæццæ
Цæмæн фæдтæн æз æнгаст?

Æ мед-ходæ æрттивтонцæ
Дууæ цæсти сурх зингау.
Мæ зæрдæ мин басугътонцæ,
Ду ме 'вдесæн, уо, Хуцау!

Базир-зир кодта мæ зæрдæ,
Разилдæй мæбæл мæ сæр,
Æрискъудæй мæ сундакъæ,
Æрбадудæгътæ 'й куддæр.

Нури уæнгæ дæр мæ кеми
Æз нæма 'рдæн дзæбæх ма,
Цæветтонгæ ма мæ зæрди
Сагъд байзадæй сау хъæма.

Ци кæнуй, цума, ме 'лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл гъазунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.

1921

 
ÆЛХУЫЙ

Цымæ уый цы кæны ме 'лхуый,
Куы нæуал зилы дзæбæх?
Мæ цæстытыл гъеныр уайынц
Сау нымæт æмæ сау бæх.

Нæ уæлхæдзар знон мæхицæв
Æз куы æлвыстон тæбын.
Мæхи нымæр сабыр заргæ
Уæд цыдæртæ куы мысын.

Нæ пыхсбыны иунæг барæг
Уæд куы фæзынид æваст,
Мæ фыдбылызæн æз йемæ
Цæй тыххæй фæдæн æмгаст?

Иæ худы бынæй æрттывтой
Йæ дыууæ цæсты зынгау,
Мæ зæрдæ мын куы басыгътой,
Ды ме 'вдисæн, о, хуыцау!

Базыр-зыр кодта мæ зæрдæ,
Ноджы разылдис мæ сæр,
Аскъуыди куыддæр мæ тæбын
Фæдыдæгътæ ис куыддæр.

Ныры онг дæр æз мæ чемыл
Не 'рцыдтæн, нана, нæма,
Раст цыма мæ сонт зæрдæйы
Сагъдæй баззад сау хъама.

Цымæ уый цы кæны ме 'лхуый,
Куы нæуал зилы дзæбæх?
Мæ цæстытыл гъеныр хъазынц
Сау нымæт æмæ сау бæх.

1921

 
КИЗГИ ЗАР

Ци мин фæцæнцæ
Мæ кизгон бæнттæ,
Уох, байвадæнцæ
Мæ деденгутæ.

Неке гъæунцæ
Мæ сау æрфгутæ,
Неке гъæунцæ
Мæ цæстисугтæ.

Æстуггин æфсоргъ,
Тæходуй, нана,
Хуцауи дзурдæй
Нур ку фестинæ.

Уæд багоринæ
Æз фæсденгизтæ
Мæ сугъзæрийнæ,
Мæ кизгон æнзтæ.

Ци мин фæцайтæ,
Уо, ме 'взонг бæнттæ?
Уох, байвадæнцæ
Мæ деденгутæ...

1922

 
ЧЫЗДЖЫ ЗАРÆГ

Цы фесты цымæ
Мæ чызгон бонтæ,
Ох, баруадысты
Мæ дидинджытæ.

Куы никæй хъæуынц
Мæ сау æрфгуытæ,
Куы никæй хъæуынц
Мæ цæстысыгтæ.

Æстæгджын æфсургъ,
Тæхуды, нана,
Хуыцауы дзырдæй
Ныр куы фестин æз.

Уæд бацагурин
Фæсденджызтæ дæр
Мæ сыгъзæринтæ,
Мæ чызгон азтæ.

Цы фестут цымæ,
О, ме 'взонг бонтæ?
Ох, баруадысты
Мæ дидинджытæ...

1922

 
КÆСАЛГДЗАУ КИЗГÆ

(Гейнейæй)

Цæй, рæсугъд кизгæ, æрбайсæ
Ду билгонмæ дæ цолахъ
'Ма æзменсæбæл мæ цори
Æринцайæ æнæ хахъ.

Бараггенæй, цæй, мæ реумæ
Æркъолæ кæнæ дæ сæр,
Дæ цолахъæн ду уæлденгиз
Ку нæ тæрсис æппундæр.

Мæн зæрди дæр ес бурдæнтæ,
Мæн зæрдæ дæр денгиз æй,—
Денгизау йе дæр, æууæндæ,
Налхъут-налтæй гъæздуг æй.

1922

 
 
МÆ ТИКИС

Гъæуагæ,
Кæуагæ,—
Мæ хæццæ мед къона цæруй.
Йе стонги,
Йе 'рвонги
Æ дортæ, æ къолтæ хуæруй.
Йе 'фсесæй
Фур десæй,
Фур цийнæй аргъæуттæ кæнуй.
Йе 'хсæвти,
Йе 'сæвди
Фуд фунтæ, зин фунтæ уинуй.

1923

 
МÆ ГÆДЫ

Уый хъуагæй,
Кæуагæй, —
Мæ къонайы мемæ цæры.
Гъе стонгæй,
Гъе 'рвонгæй
Уый дуртæ, уый къултæ хæры.
Гъе 'фсисæй
Фыр дисæй,
Фыр цинæй аргъæуттæ кæны.
Гъе 'хсæвты
Йæ сæфты
Фыдфынтæ, зын фынтæ уыны.

1923

 
* * *

Адтæй рæсугъд догæ
Мæнæн мæ уалдзæг, —
Хизтон æз мæ дзогæ
Уæлфахс игъæлдзæг.

Дзингатæ зилдæнцæ
Мæ сæргъи æд гъæр,
Худтонцæ сæ хæццæ
Гъазунмæ мæн дæр.

Фиудзилитæ павзи
Зардтонцæ дзæбæх,
Зæлдæбæл мæ рази
Хизтæй, цид, мæ бæх.

Нур мæбæл ци 'рцудæй, —
Уæууау, мæ фудгол —
Фунау ку фæссурдæй
Рохс уалдзæг изол.

Фиудзилитæн павзи
Не 'гъосун сæ гъæр,
Дзингатæ сæ таси
Фæцæнцæ цидæр.

Нæ кæти, æ гъостæ
Æруадзгæ лæмæгъ,
Кæуй æнæ бостæ
Йе стонгбæл мæ бæх.

 
* * *

Уыдис, уыд, мæ уалдзæг
Рæсугъд афон-дуг
Хызтон-иу уæд хъæлдзæг
Уæлæ-фахс мæ дзуг.

Дзынгатæ мæ сæрмæ
Зылдысты æд хъæр.
Хуыдтой мæ цæхгæрмæ
Сæ хъазтмæ мæн дæр.

Фиу-дзылытæн пыхсы
Сæ зард уыд дзæбæх.
Уыдтон-иу: нæ тыхсы
Цъæх нæууыл мæ бæх.

Ныр мыл, ныр, цы 'рцыди, —
Уæууай, мæ фыдхин —
Фынау мæ фæсырди
Рухс уалдзæжы цин.

Фиу-дзылытæн пыхсы
Нæ хъуысы сæ хъæр.
Дзынгатæ сæ тасы
Куы фесты цыдæр.

Не скъæты, йæ хъустæ
Æруадзгæ лæмæгъ,
Кæуы æнæ бустæ
Ие стонгыл мæ бæх.

 
ДЗИДДЗИЛ

Рацæйцудæй нихæсмае
Федоги фурт Дзиддзил,
Цæрмин ходæ фур фæрсмæ,
Æ кæрцæ фур дивил.

— Фæцæй уе 'хсæн мæ фидæ
Дæс анзи федеуæг,
Дзиллæн лæгъуз нæ уидæ,
Федауцæ мæгур лæг...

Уæ хæццæ нур нихæси
Дзубанди нæ бæттуй,
Сæйгæй лæууй нæ къæси,
Нæтуй, мæгур, нæтуй.

Уой куст есун мæхемæ,
Не 'содзæнæн нихъог,
Райсетæ мæ уæхемæ,
Ниссагътæ мæ федог!..

— Куста дзæбæх дæ фидæ, —
Зæгъуй ин уæд æмбурд, —
Ду ма нерæн минги дæ,
Не 'содзæнæй дæ дзурд!

Дзиддзил, мæгур, нинкъардæй,
Нийвадæй гетенау,
Дор ин цума ниввардæй
Æ зæрди фур уæззау...

Цъæхгон зиннуй æрдозæ,
Цæстæн рæвдуд дæдтуй...
Борæмæлгъæ мед къозæ
Алли 'взагæй цæгъдуй...

Федзулдæнцæ хонсартæ,
Фетингдæр æй и бон,
Мед къозмæрæй гъе уартæ
Ферттевуй дзæкъолон...

Йес ма метæй гæппæлтæ,
Уадусмæ сæ æхснуй.
Хумзæнхитæй хускъæлтæ
Мæгур цъигъин хæссуй.

Цæттæ кæнуй хумæмæ
Алке дæр æ дзубур.
Дзиддзил кæсуй зæнхæмæ
Фæсвæди зæрдмæгур...

Зæрди буни зин хъурмæ
Мæти хæццæ тухсуй,
Йес ин, бæргæ, еу хумæ,
Низгелун æй гъæуй...

Ка ратдзæнæй æ галтæ,
Ка ратдзæнæй дзубур?
Ходунцæ 'йбæл и хъалтæ:
— Мæгур æма мæгур!

1916

 
ДЗИДЗДЗИЛ
I
Куы 'рацæуы ныхасмæ
Федоджы фырт Дзидздзил,
Йæ цæрмын худ фырфарсмæ,
йæ кæрц фыр 'нæкъуымбил.

— Мæ фыд уын ам фæцыди
Дæс азы фидиуæг.
Дзыллæйæн хъыг нæ уыди,
Гуырвидауц мæгуыр лæг...

Ныр уе 'рдæм уый нæ кæсы,.
Йæ катайты хæхты.
Сæйгæ лæууы нæ къæсы,
Нагты, мæгуыр, нæты.

Йæ куыст ныр уæд мæхимæ,
Нæ уыдзынæн хæрог.
Цæй, райсут мæ уæхимæ,
Æсхонут мæ федог!..

— Дæ фыд дзæбæх фæкуыста, —
Зæгъы йын уæд æмбырд. —
Ныр нæм мæнкъи цы 'рвыста?
Нæ уыдзæни дæ дзырд!

Дзидздзил, мæгуыр, нынкъарди
Ныффæлурс четæнау,
Цыма йын дур нывæрдтой
Иæ зæрдæйыл уæззау..
II
Цъæх æрдуз хъал у рагæй,
Цæстæн рæвдыд дæтты.
Булæмæргъ алы 'взагæй
Хихджын хъæды цæгъды.

Фæхъæлдзæгдæр и хуссар,
Фæтынгдæр та ис бон,
Хихджын хъæды нæм хурварс
Ферттивы дзæкъолон...

Митæй ма ис гæппæлтæ,
Рæуудзæф сæ æхсы.
Хуымзæххытæй хуыскъæлтæ
Мæгуыр лæппу хæсы.

Ныр алчи дæр дзывыр
Цæттæ кæны хуыммæ,
Дзидздзил кæсы æдзынæг,
Мæгуыр зæрдæ, бынмæ.

Æрæмбырд маст йæ риумæ,
Куыд бырсы хъуырмæ, куы!
Хуым ын бæргæ ис иу мур,
Фæлдахын æй хъæуы...

Чи йын ратдзæни галтæ,
Чи йын ратдзæн дзывыр?
Худынц, ыл ноджы хъалтæ:
— Мæгуыр æмæ мæгуыр!

1916

 
ДЗУЛЕ

(Адæми зартæй)

Нæй Дзулей зæрдæ æнцойнæ,
Йе æ фагæ нæ хуссуй, —
Æд æхсæвæ, æд-æ-бонæ
И мæсугæй фæлгæсуй.

Цæбæл æй цума æ хъурмæ,
Ци æрцудæй, ци кæнуй?
Æ бæгъатæр лæг мæсугмæ
Æртæ бони нæ зиннуй.

Уæй, Дзуле, Дзуле, ниттонæ
Дæ дзиккотæ æмхицæй,—
Дæ бæгъатæр лæг, де 'нцойнæ,
Издин фатæй мард фæцæй.

Нур цъæх нæуæбæл уæлгоммæ
Йе медарæхъ ку лæууй,
Фидмондагæй йæ комкоммæ
Хой æ сæргъи ку зелуй.

1923

 
ДЗУЛЕ

(Адæмон зарджыгæй)

Нæу Дзулейы зæрдæ 'хсонæй,
Нал ын ад кæны йæ цард, —
Æсæвæй зæгъай, уæд бонæй
Мæсыгæй фæлгæсы дард.

Цæмæй у цымæ йæ хъуырмæ,
Цы æрцыди, цы кæны?
Иæ бæгъатыр лæг мæсыгмæ
Æртæ боны нæ зыны.

Уæй, Дзуле, Дзуле, ныттонай
Дæ дзыккутæ, — кæн фæдис. —
Дæ бæгъатыр лæг, куы зонай,
Æзды фатæй мард фæцис.

Ныр цъæх нæууыл уый уæлгоммæ
Хаудæй арыхъхъы лæууы,
Фыд-мондагæй йæ комкоммæ
Сау сынт зилзгнтæ кæны.

1923

 
СКЪÆВДИ ГЪАРÆНГÆ

Цъæх зæлдæбæл сау бæхгинтæ,
Еугурæй дæр арцæгинтæ —
                Уох, æна, ци кæнон...
Фæххæссунцæ мæн фæрбунæй,
Ци унгæг дæн, ци, ме 'рхунæй, —
                Уох, æна, ци кæнон...
Нанамæ мин ка бауайа,
Бабай цирт мин ка бахуайа? -
                Уох, æна, ци кæнон...
И цъалай буни ме 'рвадæ, —
Мæ бони радæ, мæ радæ,
                Уох, æна, ци кæнон...
Мæ киндзхонтæ нæ къæсæрмæ
Ку нæ зиннунцæ мæ гъæрмæ, —
                Уох, æна, ци кæнон...
Мæ фæрдгутæ нæ сиребæл
Ку фæууагътон æнæдзебæл, —
                Уох, æна, ци кæнон...
Уони хæццæ мæ судзинæ,
Нæ уæлкъурту мæ уфтинæ, —
                Уох, æна, ци кæнон...



Мæ ниййерæги дзæгъæлти
Ку ниууагътон æнæнгъæлти, —
                Уох, æна, ци кæнон...
Ци кæвдзæнæн, ци, ме 'нкъарди,
Мæ ниййерæгæй идарди, —
                Уох, æна, ци кæнон...
Цъæх зæлдæбæл сау бæхгинтæ,
Еугурæй дæр арцæгинтæ, —
                Уох, æна, ци кæнон...

1924, Гулæр

 
СКЪÆФТЫ ХЪАРÆГ

Цъæх кæрдæгыл сау бæхджынтæ,
Иугуырæй дæр даргъ арцджынтæ —
                Ох, æна, цы кæнон...
Фæхæссынц мæ фæрвы къохæй,
Цы уынгæг дæн мæ фыдохæй, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Нанамæ мын чи бауайдзæн,
Бабайы ингæн чи 'рхойдзæн? —
                Ох, æна, цы кæнон...
Цъалайы бын мæ хорз æрвад, —
Мæ сау рад у, мæ боны рад, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Мæ чындзхонтæ нæ къæсæрмæ
Куы нæ зынынц мæ фæхъæрмæ, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Мæ фæрдгуытæ нæ сирейыл
Фæуагътон æз æнæмæтæй, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Уыдонимæ мæ ног судзин,
йæ къутуйыл мæ рох уæфти, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Ныр æниу ме 'мгар чызджытæ
Куыд кæндзысты мæ зарджытæ, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Мæ ныййарæджы дзæгъæлæй
Куы ныууагътон æнæнхъæлæй, —
                Ох, æна, цы кæнон...
Цы кæндзынæн, цы, ме 'нкъарды,
Мæ ныййарæгæй хæрз дардыл,—
                Ох, æна, цы кæнон...
Цъæх кæрдæгыл сау бæхджынтæ,
Иугуырæй дазр даргъ арцджынтæ,—
                Ох, æна, цы кæнон...

1924, Гулæр

 
БУНДОРИ ГЪАРÆНГÆ

Æмбес æхсæви мæйрохсмæ
Ку æрхуссуй гъæу æнцад,
Бакæнуй, цид, æрхунбадæ
Нæ зæронд бундор уæлнад...

Гъæйда-гъа, кæун нийдайуй,
Нæ уорамуй цæстисуг:
— Рацæйевгъудæй мæ догæ,
Ниццæйкалдæй мæ мæсуг.

Нур сиййивтонцæ дзамантæ,
Æристадæй æндæр цард,
Нур феронх æнцæ бундортæ,
Фæттæргай æнцæ идард...

Исфæлхаттæй нур дзилагæ,
Неке хонуй мæн хуцау.
Нурмиккон мæмæ зæнхонтæй
Некебал æй æнгъæлдзау...

Нецибал дæн æз мед адæм,
Нецибал æй мæ амонд,
Нæбал ерун фæтки адæ,
Кувд, минасæ 'ма нивонд...

Ка нæ зонуй мæн гузавæ, —
Ку лæдæридæ мæнау...
Тæходуй æма и зæнхæ
Ку ниттонидæ фæлтау!

Нæ зæронд бундор мæйрохсмæ,
Ку æрхуссуй гъæу æнцад,
Гъе уотæ кæуй æноси
Далæ коми и уæлнад.

1927

 
БЫНДУРЫ КАТАЙ

Раст æмбисæхсæв мæйрухсмæ
Куы æрхуыссы хъæу æнцад,
Нæ зæронд бындур æрхуымæй
Фæндагыл æрбады уæд...

Гъæйда-гъа, кæуынтæ сисы,
Нал бауромы цæссыг:
— Аивгъуыдта дард мæ заман,
Ныккалди мæ сахъ мæсыг.

Аивтой бынтондæр дугтæ,
Ныр æндæр æрлæууыд цард,
Ферох ысты ныр бындуртæ,
Тæргай алыгъдысты дард...

Абоны фæлтæр æндæр у,
Ничи хоны мæн хуыцау.
Нырыккон зæххонтæй дæр мæ
Ничи уал у æнхъæлцау...

Ницыуал дæн æз дзыллæтæн,
Ницыуал у мæ амонд,
Нал арын фæтчы нæртон ад,
Куывд, минас æмæ нывонд...

Чи нæ мыл кæны гуызавæ, —
Уый куы бамбарид мæнау...
Тæхуды æмæ ныртæккæ
Зæхх куы ныттонид фæлтау!

Нæ зæронд бындур, мæйрухсмæ
Куы æрхуыссы хъæу æнцад,
Гъе, афтæ кæуы фæндагыл
Далæ комы рæбын уæд.

1927

 
  Бындур (дыг.) — ома бынаты хицау.

ДЗИРАСГÆ

Сур-сур кæнуй Дзирасгæ
Зæнхи бунæй рæсог.
Гъæйдæ, бæлццон, ниуазгæ,
Фетинг кæнæ дæ тог!..
Æгас дуне нисгарæ, —
Амæн æмбал нæййес.
Ниуазæ, цæй, ме 'нгарæ,
Фесæфдзæнæй дæ нез...
Цæргæс тæхуй уæлтегъæ,
Нискъотт кæнуй фиййау.
Кирбадт кæнуй уорс мегъæ
Уæлхуæнхтæ бæмпæгау...
Фæйнердигæй цъететæ
Зиннунцæ цæндæвард,
Уæл цъонгитæй æскъетæ
Кæсунцæ фур æнкъард...
Цума кæнуй мед къозæ
Хори хæццæ æннуст,
Уоййау зиннуй æрдозæ,
Дидингутæй фæлуст.
Дæнтти гъæрæй зумæргътæн
Не 'гъосун сæ удзæл.
Мæ сæнттæ ку нæ фæдтæн,
Нæ дæн уæддæр мæтъæл...
Сур-сур кæнуй Дзирасгæ
Зæнхи бунæй рæсог.
Гъæйдæ, бæлццон, ниуазгæ,
Фетинг кæнæ дæ тог!

1927

 

ДЗИРАСГÆ

Сыр-сыр кæны. Дзирасгæ
Зæххы бынæй рæсуг.
Гъæйдæ, бæлццон, нуазгæ,
Фæтынгдæр кæн дæ туг!..
Æгас дунетæ фесгар, —
Амæн æмбал кæм ис!
Цæй, уæдæ нуазгæ, ме 'мгар,
Фесæфдзæни дæ низ...
Цæргæс фæтæхы тигътæм,
Ныхситт кæны фиййау,
Кæс хæхты уæлæ мигътæм, —
Бадынц сыл бззмбæгау...
Фæйнæрдыгæй цъититæ
Цæндæвæрдæй æдзард.
Уæлцъуппытæй сычъитæ
Кзесынц 'мæ сты æнкъард.
Раст донимæ цæхæр хур
Хкхджын хъæды фæлыст,
Уыйау зыны цъæх æрдуз,
Дидинджытæй фæлыст.
Дæтты хъæрæй зымæргътæн
Нæ райхуысы сæ зæл.
Мæ сæнттæ конд нæ фæдæн,
Нæ дæн уæддæр мæтъæл...
Сыр-сыр кæны Дзирасгæ
Зæххы бынæй рæсуг.
Гъæйдæ, бæлццон, нуазгæ,
Фæтынгдæр кæн дæ туг!

1927

 
* * *

Тæходуй, æна,
Маргъ ку фестинæ,
Мæ унгæг къумæй
Фæццæйтæхинæ.
А дуйнетæбæл
Æрцæйзелинæ,
Кæми ци дессаг, —
Уой басгаринæ...

Тæходуй, æна,
Ацæмæзау дин
Æз ку фестинæ
Дессаг фæндургин:
Хъазбеги цъонгмæ
Исцæйцæуинæ,
Дессагон зартæ
Æрцæйцæгъдинæ...

Уæд еугур дуйне
Æримбурд уидæ,
Мæ цæгъдтæлтæмæ
Æригъосидæ.
Кæми ци седзæр,
Кæми ци мæгур, —
Бауарзионцæ
Мæ дессаг фæндур...

И фарни тунæ
Æрфелауидæ, —
Уарзондзийнадæ
Æрфедар уидæ.
Уæд алли адæм,
Уæд алли бæстæ
Æркалионцæ
Сæ тохæн гæрзтæ.

Фал ку не 'ууæндун
Æз, мæгур кизгай,
Ку нæ рохс кæнуй,
Мæ кизгон зæрдæ.
И дуйней сæргъи
И тугъдон мегътæ
Æрцæйдарунцæ
Сæ тогин тегътæ.

1934, Мостиздæх

 
* * *

Тæхуды, æна,
Æз маргъ куы фестин,
Мæ уынгæг къуымæй
Бæргæ фæтæхин.
Ацы дунейыл
Рæвдзæй æрзилин,
Кæм цы диссаг и, —
Уый хорз басгарин...

Тæхуды, æна,
Ацæмæзау дын
Ныр æз куы фестин
Диссаг фæндырджын:
Хъазбеджы цъупмæ
Уæндонæй схизин,
Диссаг зарджытæ
Дзæбæх æрцæгъдин...

Уæд иугыр дуне
Æрæмбырд уаид,
Мæ цæгътытæм мын
Уый æрыхъусид.
Кæм цы сидзæр и,
Кæм цы мæгуыр и,—
Бауарзиккой мын
Мæ диссаг фæндыр...

Йæ фарны тынтæ
Уый рафæйлауид,
Уæрзондзинад нæм
Æрфидар уаид.
Уæд алы адæм,
Уæд алы бæстæ
Бæргæ 'ркаликкой
Сæ тохæн гæрзтæ.

Фæлæ не 'ууæндын
Æз, мæгуыр чызгай,
Куы нæ рухс кæны
Мæ чызгон зæрдæ.
Дунейы сæрмæ
Фыдхæсты мигътæ
Уырдыгмæ 'рдарынц
Сæ тугхор тигътæ.

1934, Мустыздæх

 
ГЪОНГÆСИ ФУРТ МÆГУР МÆХÆМÆТ ХЪОМГÆСЫ ФЫРТ МÆГУЫР МÆХÆМÆТ

                             I

Цæй, байгъосетæ мæ кадæнгæмæ,
Мæ кадæнгæмæ, нæ рæсугъд ахил!
Фидтæлти доги нæ бæрзонд хуæнхти
Ку исцæйкодта æнæуаг æстонг.
Нæ цъæх хонсæрттæ, нæ цъæх будуртæ
И хори тъæпмæ ку ниссугъдæнцæ.
Æнæ хуаллагæй нæ фонси мортæ
Уæд райдæдтонцæ цæгъдуни кæнун.
Нæ паз-рæбунти, нæ къозæ гъæдти
Ку нæбал цудæй мæлхъи зарунгъæр.

                             II

Ку рацæйцудæй уæд даргъ гъæунгти
И гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт,
Ку рацæйцудæй къолæ бæрзæйтæй,
Æ пихцил ходи бæгънæг арæзтæй.
Æ рахез къохи — æ фиййау-лæдзæг,
Æ галеу фарсæй — æ сау кæрдбадзæ,
Æ еу суйнæбæл — æ медгæрз-ронæ,
Æ дуккаг зæрдæ — æ зарæн хæтæл.

                             III

Ку æрхæццæ уй устур нихæсмæ,
Устур нихæси и зæронд адæм
Сæ геугæ бадти ку егаунцæ,
Ку егаунцæ мæгур фæлгæлæс.
— Хуарз байрайетæ, уæ, фæрнгун адæм! —
Исдзоруй сæмæ мæгур Мæхæмæт.
— Æгас æрцæуай, уæ, лæппо-лæгай!
Кæцæй цæуæг дæ, ци хабар зæгъай?
— Ци хабар зæгъон? Мæ зæронд фиди
А мæгур доги цæмæй фæддарон,
Гъеуой амалæн нæ мæгур гъæуæй
Æз фесхъæтæг дæн куст агорунмæ.
Ку зæгъунцæ ин и зæронд адæм:
— Ауæхæн заман, ауæхæн доги
Неке бон бал æй ихуæрст бакæнун.
Фал цæугæ, нæ хор, и хани гъæумæ,
Кæдимайди дæ хан байхуæрсидæ.

                             IV

Æризæрмелтæ 'й, и мæргъти зарун
И гъæди медæг ку фæссабурæй,
Уæд гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт
Ку бахæццæуй и хани гъæумæ.
И гъæугæрони бæргæ æрлæууй,
Бæргæ æрлæууй, æ даргъ хæтæлæй
Борæмæлгъи зар бæргæ никкæнуй.
Ку фæдздзоруй уæд хан косгутæмæ:
— Ци дессаг æй йе, ке зарун цæуй?
Ка уодзæнæй йе, ке зæрдæ зæгъуй
А мæгур анзи хæтæлæй цæгъдун?
Ракæсетæ 'ймæ, æрбакæнетæ 'й!

                             V

Æрбакæнунцæ уæд хани цормæ
И гъонгæси фурт мæгур Хæмæти.
Бæрзонд мæсугæй и хани кизгæ,
И хани кизгæ Гиданнæ-рæсугъд
Уæд ку ракастæй хæтæлдзæгъдæгмæ.
Мæхæмæт адтæй иуонггин лæхъуæн,
Урух цæститæ, бæзæрхуг арæзт.
Æ фиццаг уиндæ, æ фиццаг бакаст
Гиданни зæрдæ бæргæ ниццæвуй.
Ку æрфæрсуй хан мæгур Хæмæти:
— Кæцæй цæуæг дæ, кæмæй уодзæнæ?
Циуавæр хъал дæ, нур æстонг анзи
Хæтæлæй цæгъдун ке зæрдæ зæгъуй?
Ку зæгъуй Хæмæт уæд хестæр ханæн:
— Нецæмæй хъал дæн. Мæ фур гузавæй
Кæуни фæлтау хæтæлæй цæгъдун.
Мæ зæронд фиди цæмæй фæддарон,
Гъеуой амалæн æз рацæйцудтæн
Нæ мæгур гъæуæй куст агорунмæ,
Дæн гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт.

                             VI

Бацудæй Хæмæт хани зæрдæмæ,
Æрæйуорамуй ихуæрсти номæй:
— Цæй, косæ мæмæ анзи нимæдзæй,
Дæ зæронд фиди цæмæй фæддарай,
Гъеуой фагæ дин мизд ку ратдзæнæн!
Исарази æй мæгур Мæхæмæт
'Ма ку райдайуй и хани тургъи
Цæрун-хуæрунтæ ихуæрсти номæй.

                             VII

Изæри усми æ даргъ хæтæлæй
Мæгур Мæхæмæт ку ниццæгъдидæ,
Уæд хани кизгæ Гиданнæ-рæсугъд
Бæрзонд мæсугæй сах нийгъосидæ.
Уарзт райгъал увдæ уæд йе 'взонг зæрди,
Хори тунау йин барохс кæнидæ
Æ рæсугъд æнгæс, æ рæсугъд цæсгом.
Уотемæйти, цид, боневæнгæнгæ
И афонæ дæр куд нæ лигъдайдæ?

                             VIII

Ци 'й, ци згули йес и хани тургъи?
Тарст мулдзугутау раледз-баледзæ,
Гъуди зелæнтæ цæмæн кæнунцæ
И тургъи медæг хани косгутæ?
Рæсугъд Гиданнæ — хани кизгæмæ
Минæвæрттæ йес æлдари фуртæй.
Хан саразта син устур хинститæ,
Устур хинститæ, цинæдзийнадæ.
Уалдзигон хорау ку идзулунцæ,
Ку идзулунцæ и минæвæрттæ.
Нæй идзулд æрмæст рæсугъд Гиданнæ,
Нæ цинæ кæнуй бæрзонд мæсуги.
Уæд ферветуй йе æ хан фидæмæ,
Æ хан фидæмæ æ косæг кизги.
Ку радзоруй ин лигъстæ гъæлæсæй:
— Мæ уарзон фидæ, ку нæ мæ фæндуй,
Ку нæ мæ фæндуй æлдари фуртмæ,
Цæмæн дæттис мæ æнæбарвæндæй,
Æнæбарвæндæй, дæ тухеуæгæй?

                             IX

Уæд дзоруй и хан йе 'взонг кизгæмæ:
— Кæд æлдари фурт нæ бæззуй дæуæн,
Уæд бæззон æдта ка ма уодзæнæй?
Ку дзоруй кизгай æ хан фидæмæ:
— Мæ уарзон фидæ, зæгъдзæнæн дин æй,
Мæ кизгон зæрдæ хæстæгдæр кæмæ 'й,
Кæд дæттис мин ду зæгъуни барæ!
Æ кизги зæрдæ балæдæрунмæ
Æнæ мæстхузæй хан сарази уй.

                             X

Уæд, зæгъуй ханæн Гиданнæ-рæсугъд:
— Йес еу адæймаг, мæ кизгон зæрдæ
Æхецæн æмбал, æхемæ хæстæг
Ке бакæнидæ барæвæндонæй.
Ка уодзæнæй йе, зæгъдзæнæн дин æй:
И гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт.
Нирризтæй и хан æ медбунати,
Неци исдзурдта дзæвгарæ усмæ,
Æрæгиау ба мæстгун гъæлæсæй,
Къохæй æвзедгæ, нигъгъæртæ кæнуй:
— Уæ, гъæла кизгай, ду аци бонæ
Ку фæууиндзæнæ, куд фæууарзунцæ
Ханти кизгуттæ гъонгæсти фуртти!

                             XI

Ци 'й, ци згули йес и хани тургъи?
Тарст мулдзугутау катайтæгæнгæ
Цæбæл зелунцæ хани косгутæ,
Хани косгутæ и тургъи медæг?
Уæд ракæнунцæ мæсуги цормæ
И гъонгæси фурт мæгур Хæмæти,
Циргъ фæрæтæй ин æ саудзикко сæр,
Æ саудзикко сæр ку ракъуæрунцæ.
Тогæйдзагæй æй циргъ мехи фийбæл,
Циргъ мехи фийбæл æрцæйкæнунцæ.
Уæд радзоруй хан и косгутæмæ:
— Базонетæ нур, куд фæууарзунцæ
Гъонгæсти фурттæ ханти кизгутти!

                             XII

Уотæ рæхги дин мæсуги хурфæй
И косæг кизгæ ку рацæйуадæй,
Кæун гъæлæстæй ку рацæйдзурдта:
-Уой, хани кизгæ Гиданнæ-рæсугъд
Болат кæрдæнæй ку рарæхуста,
Ку рарæхуста æ тæккæ зæрдæ...
Ку рауæлгоммæ 'й мæсуги хурфи,
Мæсуги хурфи тоги пурхæнти!
Къех райзадæнцæ уæд игъосгутæ,
Цæветтонгæ ма сайди фæцæнцæ,
'Ма фестадæнцæ æмир цавддортæ.

 

                             I

Цæй, байхъусут-ма мæ кадæг-цагъдмæ,
Мæ кадæг-цагъдмæ, нæ рæсугъд фæлтæр!
Фыдæлты дуджы нæ рæсугъд хæхты
Куы скодта иу хатт æнæуаг æстонг.
Нæ цъæх хуссæрттæ, нæ цъæх быдыртæ
Иу хоры тъæппмæ куы ныссыгъдысты.
Æнæ холлагæй нæ фосы муртæ
Куы райдайынц уæд быны цагъд кæнын.
Нæ раз-рæбынты, нæ къозæ хъæдты
Куы нæ уал цыди мæлхъы зарды хъæр.

                             II

Куы рацæйцыдн уæд даргъ хъæууынгты
Иу хъомгæсы фырт мæгуыр Мæхæмæт.
Куы рацæйцыди уый къулбæрзæйæ,
Йæ пыхцыл худы бæгънæг арæзтæй.
Йæ рахиз къухы йæ фиййау-лæдзæг,
Йæ сау кæрддзæм та йæ галиу фарсыл,
Иæ мидгæрз-рон та йæ сины уæлæ,
Иæ дыккаг зæрдæ — йæ зарæн хæтæл.

                             III

Куы 'рхæццæ вæййы æстыр ныхасмæ,
Æстыр ныхасы уым зæронд адæм
Сæ чиугæ бадты куы ныхъхъус æсты,
Куы ныхъхъус æсты хъуыдытæ кæнгæ.
— О, хорз байрайат, фæрнæйдзаг адæм! —
Куы сæм æсдзуры мæгуыр Мæхæмæт.
— Æгас æрцæуай, о, сахъ лæппу-лæг!
Кæцæй цæуæг дæ, цы хабар зæгъыс?
— Цы хабар зæгъон? Мæ зæронд фыды
А-мæгуыр дуджы цæмæй фæдарон,
Гъе, уый амалæн нæ мæгуыр хъæуæй
Æз фесхъиуæг дæн куыст агурынмæ.
Куы йын зæгъынц уæд уым зæронд адæм:
— Гъе, ахæм заман, гъе, ахæм дуджы
Никæй бон уал у æххуырст бакæнын.
Фæлæ цу, нæ хур, ды ханы хъæумæ,
Чизоны дæ уым æлдар баххуырсид.

                             IV

Æризæрмилтæ, мæргъты зарын дæр
Уым хъæды мидæг куы фæсабыр ис,
Уæд хъомгæсы фырт мæгуыр Мæхæмæт
Куы бахæццæ ис, куы, ханы хъæумæ.
Уым хъæуы кæрон бæргæ æрлæууы,
Бæргæ æрцæгъды йæ даргъ хæтæлæй,
Булæмæргъы зард бæргæ мыккæны,
Куы фæдзуры уæд хан йæ кусджытæм:
— Цы диссаг у уый, кæй зарын цæуы?
Куыд ис уый гæнæн, кæй зæрдæ зæгъы
Ахæм мæгуыр аз хæтæлæй цæгъдын?

                             V

Æрбакæнынц уæд сæ ханы цурмæ
Уым хъомгæсы фырт мæгуыр Хæмæты.
Бæрзонд мæсыгæй сæ ханы буц чызг,
Сæ ханы буц чызг, Гиданнæ рæсугъд
Уæд куы ракастис хæтæлдзæгъдæгмæ.
Мæхæмæт уыди уæнгджын лæппу-лæг,
Уæрæх цæстытæ, бæзæрхыг арæзт.
Иæ фыццаг уынд 'мæ йæ фыццаг бакаст
Чызгайы зæрдæ бæргæ ныццæвы.
Куы 'рфæрсы хан уæд мæгуыр Хæмæты:
— Кæцæй цæуæг дæ, кæмæй уыдзынæ?
Цы уавæр хъал дæ, ахæм æстонг аз
Хæтæлæй цæгъдын кæй зæрлæ зæгъы?
Куы зæгъы Хæмæт уæд ханæн афтæ:
— Ницæмæй хъал дæн. Мæ фыр æнкъардæй
Кæуыны бæсты хæтæлæй цæгъдын.
Мæ зæронд фыды цæмæй фæдаро:н,
Гъе, уый амæлæн æз рафардæг дæн
Нæ мæгуыр хъæуæй куыст агурынмæ,
Дæн хъомгæсы фырт мæгуыр Мæхæмæт.

                             VI

Фæцыди Хæмæт ханы зæрдæмæ,
Æрурæдта йæ æххуырсты номæй:
— Цæй, кус мæм уæдæ афæдзы бонмæ
Дæ зæронд фыды цæмæй фæдарай,
Гъе, уый фаг дын мызд æз бафиддзынæн!
Æсразы вæййы мæгуыр Мæхæмæт
'Мæ куы райдайы уым ханы тыргъы
Цæрын-хæрынтæ æххуырсты номæй.

                             VII

Изæры уысмыл йæ даргъ хæтæлæй.
Мæгуыр Мæхæмæт дын куы ныццæгъдид,
Уæд ханы чызг та Гиданнæ рæсугъд
Бæрзонд мæсыгæй тынг куы ныхъхъусид.
Уарзт райхъал вæййы йе 'взонг зæрдæйы,
Хуры тынау ын куы барухс кæнид
Иæ рæсугъд æнгас, йæ рæсугъд цæсгом.
Афтæмæйты-иу, бонивæнгæнгæ,
Рæстæг дæр уæдæ куыд нæ лыгъдаид?

                             VIII

Цы у, цы змæлд ис уый ханы тыргъы?
Тарст мæлдзгуытау дзы ралидз-балидз мæ
Хъуыдызилæнтæ цæй тыххæй кæнынц
Уым тыргъы мидæг ханы кусджытæ?
Рæсугъд Гиданнæ — сæ ханы чызгмæ
Минæвæрттæ ис æлдары фыртæй.
Хан сын æскодта уым диссаджы куывд,
Диссаджы стыр куывд, фæцин сыл кодта.
Уалдзыгон хурау куы схъæлдзæг вæййынц,
Жуы схъæлдзæг вæййынц уæд минæвæрттæ,
Нæу хъæлдзæг æрмæст рæсугъд Гиданнæ,
Нæ цин кæны уый бæрзонд мæсыджы.
Уæд фервиты уый йæ фыдмæ, ханмæ,
;Йæ фыдмæ, ханмæ йæ кусæг чызджы.
Куы йын радзуры лæгъзтæ хъæлæсæй:
— Мæ уарзон фыд, ох, куы нæ мæ фæнды.
Куы нæ мæ фæнды æлдары фыртмæ,
Цæмæн мæ дæттыс æнæбарвæндæй, -
Æнæбарвæндæй, дæ тыхы уагæй?

                             IX

Уæд дзырд æрвиты хан йе 'взонг чызгмæ:
— Кæд æлдары фырт нæ бæззы дæуæн,
— Уæд-ма бæззон та кæм чи уыдзæнис?
— Куы дзуры чызгай йæ фыдмæ, ханмæ:
— Мæ уарзон фыд, о, зæгъдзынæн дын æй,
— М.æ чызгон зæрдæ кæмæ 'ввахсдæр у,
Кæд мын дæттыс ды йæ зæгъыны бар!
Иæ чызджы зæрдæ раргом кæнынмæ
Æнæ мастхуызæй хан сразы вæййы.

                             X

Уæд зæгъы ханæн Гиданнæ рæсугъд:
— Ис иу адæймаг, мæ чызгон зæрдæ
Иæхицæн æмбал, йæхицæн хæстæг
Кæй бакæнид ныр йæ барвæндонæй.
Чи уыдзæнис уый, зæгъдзынæн дын æй:
Уый хъомгæсы фырт мæгуыр Мæхæмæт,
Ныррызти хан уæд йæ мидбынаты,
Ницы æсдзырдта иудзæвгар усмæ,
Æрæджиау та мæстджын хъæлæсæй,
Къухæй æвзидгæ, «ыхъхъæртæ кæны:
— Уæ, сæрхъæн чызгай, ды абоны бон
Куы базондзынæ, куыд-иу фæуарзынц
Ханты чызджытæ хъомгæсты фыртты!

                             XI

Цы у, цы змæлд ис ныр ханы тыргъы?
Тарст мæлдзгуытау дзы катайтæгæнгæ
Цæй тыххæй зилынц ханы кусджытæ, |
Ханы кусджытæ мыр тыргъы мидæг?
Уæд ракæнынц уым мæсыджы цурмæ
Нæ хъомгæсы фырт мæгуыр Хæмæты,
Цыргъ фæрæтæй йын йæ саудзыкку сæр,
йæ саудзыкку сæр ахауын кæнынц.
Тугæйдзагæй йæ цыргъ михы фынДзыл,
Цыргъ михы фындзыл уайтагъд æркæнынц
Уæд радзуры хан йæ кусджыты 'рдæм:
— Базонут æй ныр, куыд-иу фæуарзынц
Хъомгæсты фырттæ ханты чызджыты!

                             XII

Афтæ рæхджы дын мæсыджы хуылфæй
Кусæг чызг тыргъмæ уым куы рауайы,
Кæуын хъæлæсæй уым куы радзуры:
— Уой, ханы буц чызг Гиданнæ. рæсугъд
Болат хæсгардæй куы барæхуыста,
Куы барæхуыста йæ тæккæ зæрдæ...
Куы рауæлгоммæ ис мæсыджы хуылфы,
Мæсыджы хуылфы туджы пырхæнты!..
Джихæй аззайынц хабар-хъусджытæ,
Цыма æвиппайды фæсайды сты,
'Мæ фестадысты æмыр цавддуртæ.

 
ДЗАНДЗИРАХЪ

                             I

Æримбурд æнцæ абони
Æвдæймаг сабат Къаматæ,
Ку æрбадунцæ тæрхони
Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ...
Тумугъбатгæнгæ хестæртæ
Даргъ хæссунцæ сæ унаффæ.
Сах истунцæ и кæстæртæ, —
Игъосунцæ æд гузавæ.
— Нæуæгдзуд киндзæй, фæсевæд,
Нæ силтй хуæздæр, нæ кадæ —
Дзандзирахъ-рæсугъд фесавдæй,
Йе куд нæй махæн æгадæ?..
Фал ке лазæ, ке бæллах æй,
Кæбæл гъарæн нæ тæрегъæд?
Ка хæссуй дзиллæн лиагъæ,
Базонетæ уой, фæсевæд...
Гъе уотæ сæ загъд хæссунцæ
Сæ хорбадæни Къаматæ.
Сæ фур мæстæй ниттелунцæ
И кæстæртæ сæ хъæматæ...

                             II

Уæд фиййау биццеу бæрзондæй
Гъæр æмбурдмæ ку низзаруй,
Уой ниффæнзгæй и зæгъæн дор
Хуæнхтæ, гъæдтæ ниццарауй:
— Гъей, байгъосетæ, хуарз адæм,
Фæууидтон дессаг абони —
Сугъзæрийнæ сурх дзиккотæ
Фелаунцæ далæ дони.

                             III

Гургургæнгæ далæ фордмæ
Ниффæдес æнцæ Къаматæ.
Æристадæнцæ донгоми
Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ.
Усмæй-усмæмæ дæлфинкæй
Цъæх ку ферттевуй фелауæн,
Фæззиннунцæ сугъзæрийнæ
Сурх дзиккотæ уæд еу рауæн.
И фæлхъæзæнти æнцойнæ
Тæгтæ-тæгтæ фелаунцæ, —
Уалдзигон хорау сæ гъазти
Æнæ дауæ федаунцæ.
Ниггузавæ 'нцæ Къаматæ,
Арф хæссунцæ нур сæ ниндæ.
Багъудæй сæ æвеппайди
Мард хæссунмæ нур мæрсинтæ...

                             IV

Исæздахтæнцæ донгомæй
Сæ хорбадæнмæ Къаматæ, —
Даргъ хæссунцæ сæ унаффæ
Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ...
Дæргъæй-дæргъæмæ уæлдзеген
Мард ку 'рхъан æй уони цори.
— Ауæхæн дессаг нуронги
Некæд ма 'рцудæй Дигори...
Ци кодта, цума, фæсевæд,
Дзандзирахъ-рæсугъд, нæ кадæ?
Йе ку байзайа асхъоди,
Уодзинан гъеуæд æгадæ...
Гъе уотæ сæ загъд хæссунцæ
Сæ хорбадæни хестæртæ,
Сæ хъæматæ ниттелунцæ
Сæ фур мæстæй и кæстæртæ...

                             V

Уæд рацæйцудæй æмбурдæй
Дзæндзирахъи лæг еуварсмæ:
— Ци кæнон, зæгъуй, хуарз адæм,
Авд къуæрей цæуй, уой разæй
Æз фесафтон Дзандзирахъи
Есге ардуд, есге лазæй...
Уой бавдистæй хуæзголдарбæл...
Мæ болат хъæма нинсадтон, —
Æ циргъ финдзæй æнæхатир
Æз тæккæ зæрдæ ниргъавтон...
Куд ниххаудтæй мард и донмæ,
Уой æстъалутæ уидтонцæ...
Уой цæхъалтæ кæрæдземæн
Десæ-дзорæ фæккодтонцæ...
Æрцæйцæуæд и уæлмардмæ
Нур Къундзай-фурт, мæ ардауæг,
Кæд хонуй æхе мед адæм
Æнæ мегъæ, раст идауæг!

                             VI

Уæд Къундзай-фурт и уæлмардмæ
Æрцæйцудæй лæкъундзастæй.
Фæгъгъæр кодта, цæветтонгæ
Æвеппайди топп февастæй:
— Берæ бонти Дзандзирахъи
Ку фæккодтон нимæхстуарзæ,
Æрæгиау исæмбалдæй
И мæгурбæл мæ фуд лазæ.
Æвдистон æй хуæзголдарбæл,
Æримистон мæнгæ дауæ,
Фæккæнинæ хебæраги
Хъамболати соцъардауæ, —
Кæд рарветвдæ æ уоси
Сурди номæй æ цæгатмæ,
Æрхудтайнæ Дзандзирахъи
Уодæнбалæн уæд мæ уатмæ. —
Гъе уотæ зæгъуй Къундзай-фурт...
Сах кæсунцæ 'ймæ Къаматæ,
Никъкъех æнцæ сæ фур десæй
Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ.
Хъамболат кæсуй зæнхæмæ,
Æхсæйвон мæйау нийвадæй,
Фицгæ донау тæвдæгæнгæ
Маст зæрди хурфи сирадæй...

                             VII

Хор фæсхуæнхтæ фæййаууон æй,
Мард байвардтонцæ Къаматæ,
Нур хæлеу кæнунцæ унгти
Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ...
Рацæйевгъудæй еу афæй.
Сæумигон гъæуæй идарди
Иссирдтонцæ и Къаматæ
Æвеппайди дууæ марди.
Йеу хундтæй уонæй Къундзай-фурт,
Хъамболат инней худтонцæ.
Æвæццæгæн, и фæндагбæл
Фудæмбæлæ фæккодтонцæ.

1927

 
ДЗАНДЗИРАХЪ

                             I

Æрæмбырд та сты абон дæр
Æвдæймаг сабат Къаматæ,
Куы та 'рбады сæ тæрхоп даæр
Æд лæдзгуытæ, æд хъаматæ...
Тымыгъбадтгæнгæ хисдæртæ
Даргъ ивазынц сæ уынаффæ.
Уырдыг лæууынц сæ кæсдæртæ —
Куы сæм хъусынц æд гуызавæ,
— Нæуæгдзыд чындз, нæ фæсивæд,
Нæ сылты хуыздæр, хуры таг,
Дзандзирахъ-рæсугъд фесæфтис, —
Уый куыд нæу махæн худинаг?..
Фæлæ кæй лаз, кæй бæллæх у,
Кæуыл хъарæм нæ тæригъæд?
Кæй хæрам у, кæй фыдæх у.
Базонут уый, нæ фæсивæд...
Гъе, афтæ сæ дзырдтæ 'ууилынц
Сæ хурбадæны Къаматæ,
Сæ фыр мæстæй-иу ныттилынц
Знæт кæсдæртæ сæ хъаматæ...

                             II

Уæд фиййау лæппу бæрзондæй
Хъæр-æмбырдмæ куы ныззары,
Уый ныффæзмгæйæ азæлд дæр
Хæхтæ, хъæдтæ ныццарауы:
— Гъей, байхъусут-ма, хорз адæм,
Мæ цæстытæ кæм фæллайынц, —
Сыгъзæрингъуыз сырх дзыккутæ
Далæ доны куы фæйлауынц!..

                             III

Гуыр-гуыргæнгæ далæ фурдмæ
Ныффæдис æсты Къаматæ.
Æрлæууыдысты донгæрон
Æд лæдзгуытæ, æд хъаматæ.
Уысмæй-уысммæ уым дæлфынкæи
Куы ферттивы цъæх фæйлауæн,
Ферттивынц-иу сыгъзæринау
Сырх дзыккутæ уæд иу ранæй.
Улæнтыл æнцад-æнцойæ
Тæгтæ-тæгтæ куы фæйлауынц,—
Уалдзыгон хурау сæ хъазты
Æнæ дауæй куы фидауынц.
Ныггуызавæ сты Къаматæ,
Байдайдзысты тагъд фæрсынтæ.
Бахъуыд уал сæ æвиппайды
Мард хæссынмæ ныр мæрсынтæ...

                             IV

Сыздæхтысты донгæронæй
Сæ хурбадæнмæ Къаматæ, —
Даргъ ивазынц сæ уынаффæ
Æд лæдзгуытæ, æд хъаматæ...
Дæргъæй-дæргъмæ уым ердженыл
Мард куы 'рæвæрынц сæ цуры.
— Ахæм сау диссаг ныры онг
Никуы-ма 'рцыдис Дыгуры...
Цы кодта, цымæ, фæсивæд,
Дзандзирахъ-рæсугъд, хуры таг?
Уый куы баззайа æмбæхстæй,
Уæд уыдзæнис нæ худинаг...
Гъе, афтæ сæ дзырдтæ 'ууилынц
Сæ хурбадæны хисдæртæ,
Сæ хъаматæ-иу ныттилынц
Сæ фыр мæстæй знæт кæстæртæ.

                             V

Уæд рацæйцыди æмбырдæй
Дзандзирахъы лæг иуварсмæ:
— Цы кæнон, зæгъы, хорз адæм,
Авд къуырийы уал, уый разæй
Æз фесæфтон Дзандзирахъы
Кæйдæр ардыд, кæйдæр лазæй...
Уый рахуыдтой хæзгулдарæг...
Мæ болат хъама сыссадтон, —
Йæ цыргъ фындз ын æгъатырæй
Йæ зæрдæйы куы фæцавтон...
Куыд ныххауди мард тагъд донмæ,
Уый стъалытæ дæр ауыдтой...
Уый улæнтæ кæрæдзийæн
Диссагæн дзурын байдыдтой...
Æрцæуæд ныр марды цурмæ
Къундзайы фырт, мæ ардауæг,
Кзед хоны йæхи адæмæй
Æнæ мигъ цыма у дауæг!..

                             VI

Уæд уæлмæрдмæ Къундзайы фырт
Æрбацыди лакъондзастæй.
Фæхъæр кодта ахъаззаг дæр
Æвиппайды топп февастæй:
— Бирæ бонты Дзандзирахъы
Сусæг уарзт æз куы фæкодтон,
Æрæджиау ын сау азым
Йæ мæгуыр удыл фæкодтон.
Æсхуыдтон æй хæзгулдарæг,
Æрымысыдтæн мæнг даутæ,
Хъамболаты риуы суагътой
Зæрдæхсайды судзгæ таутæ, —
Кæд уый рарвитид йæ усы
Сырды номæй йæ цæгатмæ,
Æрхуыдтаин Дзандзирахъы
Удæмбалæн уæд мæ уатмæ.
Гъе, уый зæгъы Къундзайы фырт...
Нымдзаст æм æсты Къаматæ,
Ныджджих æсты сæ фыр дисæй
Æд лæдзгуытæ, æд хъаматæ.
Хъамболат ныккасти зæххмæ,
Мæйвæлурс йæ хуызмæ сиды,
Маст, фыцгæ донау тæвдгæнгæ,
Зæрдæйы хуылфы æхсиды...

                             VII

Хур фæсхох фæаууон ис,
Сæ мард бавæрдтой Къаматæ,
Уынгты ныр фæпырхытæ сты
Æд лæдзгуытæ, æд хъаматæ...
Раивгъуыдта сыл иу афæдз.
Иу сæурайсом хъæуæй дард ран
Æссардтой, зæгъынц, Къаматæ
Æвиппайды дыууæ марды.
Сæ иу хуынди Къундзайы фырт,
Хъамболат — иннæ уыдонæй.
Æвæццæгæн, сæ фæндагыл
Фембæлдысты дывыдонæй.

1927

 
ГУДЗУНА

                        I

Æ сæууон тунæ цъетемæ
Хор идзулгæ нивæндуй.
И сау хонхæн æ циргъ бекъæ
Сузгъæрийнæй фæлгъæндуй.

Уалæ фахси, сурх тæмæнтæ
Кæми калуй бобона,
Фæццæйæскъæруй æ дзогæ
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.

Лæузæнгойнæ, сæппæркъегин,
Дивилдунтæ, лацамарз, —
Фæццæйгъузуй, цæветтонгæ,
Дзебæлгæнгæ гъунтъуз арс.

И гъæугони, зурзургæнгæ
Кæми ледзуй сауæдон,
Æристадæнцæ дондзаутæ
Æд къустелтæ сæумигон.

Гудзунабæл айуангæнгæ
Нихходунцæ къæл-къæлæй,
Фал не сдзоргæй, фæццæйцæуй
Фæлвæрай-фурт дзæндæлæй...

Гъей, уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон, —
И силтæ дæр ма ходунцæ
Гудзунабæл сæ фæндон...

                        II

Устур фæзæ ес еу рауæн,
Кудзæфтауæн йе хуннуй.
Æнæ схъæртгæ и тегъæмæ
Йе цæстæмæ нæ зиннуй.

Фал ку скастæуа уæлтегъæй, —
Фæзæ лигъз æма кæдзос,
Хуæнхтæ, гъæдтæ хæлæмултæй
Æрзилдæнцæ æ фалдзос.

Гудзунайæн йе — æ хезнæ...
Æ уодæнбал — æ хæтæл
Хебæраги æ уæлдзогæ
Æривæруй æ цъухбæл.

Гъæйдæ-гъа, цæгъдун нийдайуй, —
Æд хæтæл æдули нæй.
Уой десгæнгæ ниффæнзунцæ
Хуæнхтæ, кæмттæ æмбурдæй...

                        III

Æхсæрдзауæни кизгайтæ
Гъазт саразунцæ фæстунд.
Нæ син фæууй сæ цинæмæ
Гудзуна дæр æнæ хунд.

Лæсед æхсæрæй горентæ
Фæлкъевунцæ зилдæгæй,
Кафгæ-кафгæ низзурунцæ
Уони сæрти гæпгæнгæй...

Уони æрдзæф æнæ фæнзгæ
И зæгъæн дор нæ лæууй,
Уони цинæй, уони гъазтæй
Арв сæ сæргъи идзулуй...

Фал ци 'нкъард æй Фæлвæрай-фурт,
Фæлвæрай-фурт Гудзуна?
Йе гъæуама и медгъазтæ
Æнгулдзæхтæ искæна...

Уæзбунгомау дзæндæл кафæ
Æрцæйкæнуй нæ фиййау.
Бæргæ гъавуй гæпп кæнунмæ
Йе горенбæл, фал — уæууау!

Æризгъæлунцæ æхсæртæ,
Æрихæлуй и горен, —
Æвæццæгæн, цурддзинадæй
Фæлвæрай-фурт нæй Кермен.

Гъæр ходунцæ и кизгайтæ:
— Дæ ниййерæг, Гудзуна,
Дæ тæрегъæдæй ингæни
Æ дзиккотæ ниттона!

Гъей, уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон, —
И кизгуттæ фæххудтæнцæ
Гудзунабæл сæ фæндон...

                        IV

Гъазт фехалдæй... Сæ дзæкъолтæ
Æхсæрдзагæй, уотемæй
Ниуурдугунцæ кизгуттæ
Далæ гъæумæ авдемæй.

Æ лæдзæгбæл æ уæлдзогæ
Фæрсæнцойнæ æркæнгæй,
Къех истуй фиййау уæлтегъæ
Уони фæсте фæлгæсгæй...

Æ зæрди бунæй гузавæ
Лæкъунгæнгæ игуруй.
Цæветтонгæ ма фæстегъæй
Таруг мегъæ исбуруй.

Цæмæн æй цума æгадæ
Йе фæсевæди æхсæн?
Кæбæл гъара æ тæрегъæд,
Ка 'й и дзилли æ лимæн?

Цæмæннæ зонуй æ радæ
Йе цийни усми мед гъазт?
Цæмæн римæхсуй кизгаййæй
Йе зæрди хурфи æ уарзт?

Цагъарау хæссуй æ догæ
Æнæтхалгæ, æвæндон...
Гъей, уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон!

Гъеуæддæр, мæгур, æ зæрдæ
Æ хæтæлмæ нæ лæууй,
Исæргъувуй уой æ цъухмæ,
Нæртон цæгъдæ никкæнуй...

Ниффæнзунцæ уой десгæнгæ
Хуæнхтæ, гъæдтæ æмбурдæй,
Нигъгъæрзунцæ, цæветтонгæ
Фæттæрсунцæ лæбурдæй...

                        V

Йес еу рауæн и цæгати
Десæ-месæ сор лæгæт,
Гъеуой медæг фæййеу æнцæ
Гудзуна æма Бæбæт.

Цилпæрехæ, гебенагин,
Уги хæццæ æмæнгæс, —
И зæронд Бæбæт берæ 'нзти
Æрцæйхаттæй-æр сæгъгæс...

— Уо, зæронд лæг, — исцæйдзоруй
Фæлвæрай фурт Гудзуна, —
Æз корун ди, цæй, байгъосæ,
Æхсицгон дин ку нæ уа,—

Гъеуæдцæр мæ загъд абони
Ду фегъосæ мæ цъухæй.
Нæ фæдздзордзæнæн изолти,
Зæгъдзæнæн дин цубурæй...

Иттæг рагæй мин дæ кизгæ
Æй мæ зæрди бæлдатгонд.
Гъей, зæронд лæг, мæн абони
Ду ма схонæ æнамонд...

Ду абони барвæндонæй
Банимайæ Гудзунай.
Агорун ди уодæмбалæн
Дæ еунæг кизги — Гудзай...

Ма мин кæсæ мæ мæгурмæ,
Кæд нæ дæн абони хъал,
Нифс хæссун уæддæр цæрунмæ,
Нæ уодзæнæн æнамал...

Æрцæйдауй æ роцъотæ
Уæзбун къохæй нæ сæгъгæс,
Бæзгин хъурæй ниццæйходуй:
— Мæнæ дес æма тæмæс!

Гудзунайæн, дан, дæ кизги
Исцæйкæнæ уодæнкъай!
Æвæццæгæн, нæ фæууидæ
Уæд и гоби æнæ хай!..

Уæхæн лазæ, уæхæн незæй
Байергъæв кæнæд Хуцау!
Мабал истæ, цæй, мæ цори,
Фæттæргай уо, цæй, фæлтау...

Æхсæйвон мæйау нийвадæй
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.
Уотемæй истуй æнцойнæ.
Ци ма зæгъа, ци кæна?

Гъей, уæууæй, уæууæй, æнгартæ,
Цард фесæфæд, цæй, фæлтау,
Фæццæйхудтæй Гудзунабæл
И сæгъгæс дæр æнæвгъау...

                        VI

Арви стъалутæ цæфсунцæ,
Æй æхсæвæ ирд, кæдзос.
Мæйæ ленк кæнуй уæлхуæнхтæ,
Рæдзæхсуй дуйнебæл рохс...

Фал æхсæви гъос ихалгæ
Форд не 'нцайуй, гъæр кæнуй...
Æ фур мæстæй æ цæхъалтæ
Йе бил-дорбæл ниццæвуй.

Зуст фентъохуй æ пурфæнтæ,
Дортæ, къолтæ пурфгæнгæй,
Цæветтонгæ, æ зин тохи
Йе унгæги исгъигæй...

И уæлайнæг и донгони,
Кæми зайуй цагъана,
Цæмæн бадуй æнафони
Фæлвæрай-фурт Гудзуна?

Кæд сирадæй Гудзунайæн
Æ мæгур зæрди зин маст,
'Ма и донмæ багæлдзунмæ
Хе гъавуй нур ба æваст?

На, не 'рхæсдзæнæй æ сæрмæ
Уæхæн фæндæ нæ мæгур.
Æндæр фæндæ, æндæр сагъæс
Уой тухсун кæнунцæ нур...

Йе гъæуама нур мед-адæм
Федис дарæг мабал уа,
И дуйней тохи æд кадæ
Йе фæлтауги рамæла...

                        VII

Æрбахъæртуй Дигоргоммæ
Æвеппайди фуд хабар:
Æрбацæунцæ æфсæдтæ,
Сæ сæргъи цæуæг — Мулдар...

Рафæдес æнцæ Дигорæ
Далæ коммæ æнгурфæй.
Æрцæйистунцæ тæрхони
Далæ Морги æмбурдæй...

Ци кæнонцæ? Истохунмæ
Ку нæ бæззуй сæ фадат.
Ку нæййес сæмæ сæ фагæ
Тохæн гæрзтæ, тохæн фат!

И фæдесонтæй еуетæ
Æрхæссунцæ уæхæн загъд.
Фал мед æмбурдæй амонæ
Йеу рацæйцудæй уайтагъд.

Æ уæл суйнæ æ кæрдбадзæ,
Лæузæнгойнæ, сæппæркъе,
Топп йе рагъи, уотемæйти
Гъæр зæгъуй æмбурдæн йе:

— Гъей, хуарз адæм, гъей, æнгартæ,
Цæй, ма 'рниллæг уæд нæ ном, —
Цæй, ма 'рбауадзæн æлдари,
Байергъæв кæнæн нæ ком!

Нæ бæлстæнцæ æлдайрадæ
Нæ фидтæлтæ æппундæр, —
Нур æлдарæй фæттæрсунмæ
Куд æрхæссæн мах нæ сæр?

Фæкъкъех æнцæ сæ фур десæй
Нæ игъосгутæ куддæр, —
Кæмæй фæцæй Гудзунамæ
Уæхæн зæрдæ, уæхæн сæр?

                        VIII

Тох райгон æй Дигоргоми
И дуккаг сæуми уайтагъд.
Æд-æхсæвæ, æд-æ-бонæ
Нæ гъос кæнуй топпадзагъд...

Скъотт кæнунцæ фæттæ коми.
Уони гъæрмæ гур-гурæй
Ниййазæлунцæ и хуæнхтæ,
Нигъгъæрзунцæ æмбурдæй...

Далæ коми ес хуггойнæ,
Æй æ хурфæ фур гъуна.
Гъе уордæмæ бацæйбурдæй
Фæлвæрай-фурт Гудзуна...

Гъе уордиги фæрсæнцойнæй
Йе фудголмæ фæлгæсуй,
Ниццæйгъавуй и тумугъмæ,
Фат не 'вгъаугæнгæй, æхсуй...

Æртæ 'хсæви, æртæ бони
Тох не 'ргъос æй æппундæр.
Бæзгин хъурæй æвеппайди
Фæгъгъæр киндæй кæцæйдæр:

— Гъей, фæсевæд, ци фæцайтæ,
Знаг æрбампурсуй, фæдес!
Знаг æрбампурсуй, æхсетæ,
Нифс, æхсарæ кæмæ йес!..

Тох ситинг æй... Скъотт кæнунцæ
Фæттæ коми гув-гувæй...
Уони гъæрмæ нигъгъæрзунцæ
Хуæнхтæ, гъæдтæ æнгуфæй...

Уалæ мегътæ пъæстугæйттæй
Фæццæйледзунцæ мед арв,
Æ фур тæссæй æнæзмæлгæ
Сирд нинцъулдæй хункъи арф.

Фал ци 'рцудæй? Ку фæгъгъос æй
Æвеппайди тугъд куддæр.
Гудзуна дæр и хуггойнæй
Æрцæйкæсуй 'дзинæгдæр.

Исцæйцæунцæ бæхгинтæ
Далæ коми фæд-фæде.
Фал Дигорæ ци фæцæнцæ? —
Фæттæ сæмæ нæбал йе.

Гудзуна, мæгур, нинкъард æй...
Зæрдæдзæугæ нæй и хуæст.
Йеугурæй ма æ бæрццони
Æртæ фати йес æрмæст.

Æртæ фати истохунмæ
Нæ бæззунцæ, фал уæддæр
И фудголæй фæттæрсунмæ
Йе не 'рхæсдзæнæй æ сæр.

Гудзунабæл уотæ 'нцонæй
Хаст не 'рцæудзæнæй фæндаг.
Топп ралхъевуй, — фæддæлваз æй
И бæхгинтæй сæ фиццаг.

Фæссидзмудз æнцæ бæхгинтæ,
Тох фезмæлдæй нæуæгæй.
Скъотт кæнунцæ фæттæ коми,
Ком байдзаг æй сæ нæгæй...

                        IX

Фæлвæрай-фурт, æнæ равги
Ду ку скодтай хъазауат,
Фал тугъдон зинги симбалдæй
Раст дæ зæрди издин фат...

Бацæйкалдæй æнагъоми
Дæхе барæй дæ зин цард.
Далæ коми и хуггоми
Нур лæууй, лæууй дæ мард.

Сах не 'ркалдзæнæй хебари
Кедæр кизгæ цæстисуг, —
Дæ фæсмæрдæ коми кадæн
Гъæу не сдасдзæнæй мæсуг.

Фал нæ дæ уæддæр æгадæ,
Уо, мæгурдæйраг фиййау!
И дуйней хæсти æд гæрзтæ
Ду фесавдтæ сæрвæлтау.

Далæ коми, и къундæги
Ниццæйсагъдæй сау къæйдор.
Стæн зиннуй си и фецауæг,
Стæн кæсуй имæ и хор.

Ку фæззинуй æстæй-астмæ
Гъеуой фалдзоси лæгай,
Æринцайгæй и къæйдорбæл
Æримисуй Гудзунай.

Бæзгин хъурæй ниццæйзаруй,
Над игайгæ еунæгæй.
Уой сæ деси ниффæнзунцæ
Хуæнхтæ, гъæдтæ æмбурдæй.

Уалæ фахси сурх тæмæнтæ
Кæми кæнуй бобона, —
Нæбал æскъæруй æ дзогæ
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.

И гъæугони, зурзургæнгæ
Кæми ледзуй сауæдон, —
Нæ ходунцæ Гудзунабæл
Нур довдзаутæ сæумигон.

1934, Мостиздах

 
ГУДЗУНА

                        I

Цъитимæ йæ сæууон тынтæ
Хъазгæйæ нывæнды хур.
Сау хохы цыргъ цъупп йæ рухсмæ
Ныр кæны тыбар-тыбур.

Уалæ фахсы, сырх тæмæнтæ
Кæм фæкалы бобона,
Фæцæй æскъæры йæ дзугтæ
Фæлвæрай-фырт Гудзуна.

Фæтæнзæнгой, сæмпæрчъиджын,
Бызгъуыр æмæ лацамарз, —
Уый фæцæйхъуызы, цæвитон,
Зивæггæнгæ хъуынтыз арс.

Хъæугæрон, зыр-зыргæнгæйæ
Кæм æзгъоры сау суадон,
Æрлæууыдысты дондзаутæ
Æд къуыстилтæ сæумигон.

Гудзунайыл,айуан кæнгæ,
Куы ныххудынц кæл-кæлæй,
Фæлæ ацæуы æмырæй
Фæлвæрай-фырт дзæндæлæй...

Гъе, уæууай, уæууай, фæлтау æй
Цард дæр нал хъæуы бынтон, —
Сылтæн дæр-ма рахуд-бахуд
Гудзунайыл у сæ бон...

                        II

Æстыр фæз — бынат ис ахæм,
Куыдзæфтауæн уый хуыйны.
Куы нæ йæм æсхизай тигъыл,
Уæд цæстмæ нæ дæр зыны.

Фæлæ-ма æскæс уæлтигъæй, —
Фæз улæгъз æмæ сыгъдæг.
Хæхтæ, хъæдтæ й' алы фæрсты
Сты хæццæ-мæццæ, быгъдæг.

Гудзунамæ ис — йæ хæзна...
Уый йæ удæмбал — хæтæл.
Хибарæй йæ дзугты уæлхъус
Комулæфт кæны мæцъæл.

Гъæйда-гъа, цæгъдынтæ сисы,—
Æд хæтæл æдылы нæй.
Дисгæнгæйæ, уый ныффæзмынц
Хæхтæ, кæмттæ æмбырдæй...

                        III

Æхсæрдзæуæны чызгайтæ
Хъаст куы саразынц фæстынд.
Гудзуна дæр-ма сæ цинмæ
Уыдонæн æрцæуы хуынд.

Æхсæдæнтæй даргъ гæрæнтæ
Зиллаккау æркæнынц уым,
Кафгæ-кафгæ уыдон сæрты
Гæпп кæнынц æмæ хъылдым...

Уыдон æмдзæгъд æнæ фæзмгæ
Азæлдæй дæр нæй дзырддав,
Уыдон цинæй, уыдон хъазтæй
Схъæлдзæг и сæ сæрмæ арв...

Гъе, фæлæ цымæ цы 'нкъард у,
Ныр цы 'нкъард у Гудзуна?
Хъуамæ хъазты тæккæ астæу
Къахкъухтыл кафт уый кæна...

Уæзбынгомау, дæлæсин кафт
Æрцæйкæны нæ фиййау.
Бæргæ хъавы гæпп кæнынмæ
Гæрæныл, фæлæ, уæууау!

Æхсæртæ æрæзгъæлынц æмæ
Гæрæн 'рыхæлы, уый фен, —
Æвæццæгæн, цырддзинадæй
Фæлвæрай-фырт нæу Чермен.

Худынц ыл хъæрæй чызгайтæ:
— Дæ ниййарæг, Гудзуна,
Дæ тæригъæдæй ингæны
Иæ дзыккутæ ныттона!

Гъе, уæууай, уæууай, фæлтау æй
Цард дæр нал хъæуы бынтон, —
Чызджытæн дæр-ма фæхудын
Гудзунайыл у сæ бон...

                        IV

Хъазт фехæлди... Сæ дзæкъултæ
Дзаг æхсæрæй, афтæмæй
Ныууырдыг æсты чызджытæ
Дæлæ хъæумæ къулдымæй.

йæ лæдзæгыл йæ дзуджы цур
Фæрсылæнцой æркæнгæ,
Джих фиййау уæлтигъ лæууыди,
Уыдон фæстæ фæлгæсгæ...

Зæрдæйы бынæй гуызавæ
Лакъон кæнгæйæ гуыры,
Цæвиттон-ма фæстигъæй дæр
Тар мигъ афтæ сцæйбыры.

Цымæ уый æгад цæмæн у
Хъал фæсивæды æхсæн?
Кæмæ хъары йæ тæригъæд,
Дзыллæтæй йын чи у лымæн?

Цæмæннæ зоны йæ рады
Цины уысмы тыххæй хъазт?
Цæмæн нымæхсы чызгайæ
Зæрдæйы хуылфы йæ уарзт?

Йе 'ккой дуг хæссы цагъарау,
Æнæбары, æвæндон...
Гъе, уæууай, уæууай, фæлтау æй ,
Цард дæр нал хъæуы бынтон!

Гъе, уæддæр, мæгуыр, йæ зæрдæ .
Йæ хæтæлмæ нæ лæууы,
Сæргъæвы йæ ног йæ дзыхмæ,
Нæртои цагъд та дзы кæны...

Уый ныффæзмынц, дис кæнгæйæ,
Хæхтæ, хъæдтæ æмбырдæй,
Ныхъхъæрзынц æмæ, цæвиттон,
Раст фæтæрсынц лæбырдæй...

                        V

Ис иу хорз бынат цæгаты —
Æмбисонды сур лæгæт,
Гъе, уый мидæг фембæлдысты
Гудзуна æмæ Бæбæт.

Пыхцыл рихи, дæрзæг дзаума,
Уыгæн разынид æнгæс, —
Зæронд Бæбæт бирæ азты
Цъус нæ фæхатти сæгъгæс...

— Уæ, зæронд лæг, — æсцæйдзуры
Фæлвæрай-фырт Гудзуна, —
Байхъус мæм, дæуæй уый курын,
Æхсызгон дын куы нæ уа, —

Гъе, уæдæр мæ ныхас абон
Фехъус ды мæхи дзыхæй.
Нæ йæ фæдзурдзынæн дардыл,
Зæгъдзынæн дын цыбырæй...

Иттæг рагæй мын дæ хорз чызг
У мæ зæрдæйæн зындгонд.
Гъей, зæронд лæг, мæн ды абон
Ма схон æнæ цардамонд..

Ды ацы бон барвæндонæй
Банымай Гудзунайы.
Агурын дæм удæмбалæн
Дæ иунæг чызг Гудзайы...

Ма мын бакæс мæ мæгуырмæ,
Кæд нæма дæн абон хъал,
Ныфс хæссын уæддæр цæрынмæ,
Исты мын уыдзæн амал...

Æрцæйдауы йæ боцъотæ
Уæзбын къухæй нæ сæгъгæс,
Бæзджын хъуырæй ныццæйхуды:
— Мæнæ дис æмæ тæмæс!

Гудзунайæн, дам, дæ чызджы
Скæн рæдауæй удæнкъай!
Æвæццæгæн, уæд нæ фæуид
Иу гоби дæр æнæ хай!..

Ахæм лазæй, ахæм низæй
Баиргъæвæд, уадз, хуыцау!
Мауал лæуу ныр, цæй, мæ цуры,
Фæтæргай у, цæй, фæлтау...

Æхсæвы мæйау ивайы
Фæлвæрай-фырт Гудзуна.
Афтæмæй лæууы æнцойæ,
Цы ма зæгъа, цы кæна?

Гъе, уæууай, уæууай, æмгартæ,
Цард дæр нал хъæуы фæлтау,
Куы фæхудти Гудзунайыл
Сæгъгæс дæр-ма æнæвгъау...

                        VI

Арвыл стъалытæ æрттивынц,
У æхсæвы ирд, сыгъдæг.
Мæй фæленк кæны уæлæрвты,
Хæхтыл рухс таугæ, сындæг.

Фæлæ 'хсæвы æнцой халгæ
Фурд не 'нцайы, хъæр кæны...
Иæ фырмæстæй йæ цæхъалтæ
Донбыл къæйтыл уый цæвы.

Дуртæ, къултæ пырх кæнгæйæ
Знæт пырхæнтæй скалы рыг,
Цæвиттонæн, йæ зын тохы
Кæд йæ уынгæгæй æсхъыг...

Донбылты сæрмæ уæлайнæг,
Кæм фæзайы цагъана,
Цæмæн бады æнафоны
Фæлвæрай-фырт Гудзуна?

Кæд нал комы Гудзунайæн
Йæ мæгуыр зæрдæ зын маст,
Æмæ донмæ баппарынмæ
Йæхи хъавы ныр æваст?

Нæ, не 'рхæссдзæнис йæ сæрмæ
Ахæм фæнд кæ рохст мæгуыр.
Æндæр фæнд 'мæ æндæр сагъæс
Уый тыхсын куы кæнынц ныр...

Уый ныр хъуамæ адæмы 'хсæн
Фидис дарæг мауал уа,
Дунейы тохы кадимæ
Уадз, фæлтау уый рамæла...

                        VII

Æрбайхъуысти Дыгургоммæ
Æвиппайды фыд хабар:
Æрбараст кæнынц æфсæдтæ,
Сæ сæргъы цæуæг — Мулдар...

Рафæдис кодтой нæ Дыгур
Далæ коммæ æмгуылфæй.
Æрлæууыдысты тæрхоныл
Далæ Морджы æмбырдæй...

Цы чындæуа? Стох кæнынмæ
Куы нæ бæззы сæ фадат.
Фаг куы кæй ныртæккæ семæ
Тохæн гæрзтæ, тохæн фат!

Фæдисонтæй иуæй-иутæн
Афтæ бацайдагъи загъд.
Фаглæ æмбырды дзурынмæ
Иу лæг рахизм уайтагъд.

Йæ сины сæр баст йæ кæрддзæм,
Сæмпæрчъи, фæтæнзæнгой,
Топп йе рагъыл, афтæмæй
Сиды се знагæн сæргой:

— Гъей, хорз адæм, гъей, æмгартæ,
Ма 'рныллæг уæд, цæй, нæ ном,—
Ма 'рбауадзæм, цæй, æлдары,
Бахъахъхъæнæм дзы нæ ком!

Нæ быхстой æлдарад никуы
Нæ фыдæлтæ æппыкдæр, —
Ныр æлдарæй фæтæрсынмæ
Куыд æрхæссæм мах нæ сæр?

Фæджих æсты сæ фыр дисæй
Нæ хъусджытæ уым куыддæр, —
Кæцæй фæци Гудзунамæ
Ахæм зæрдæ, ахæм сæр?

                        VIII

Тох райдыдта Дыгургомы
Иæ дыккаг сæумæ уайтагъд.
Бон-изæрмæ, æхсæв-бонмæ
Нæ хъус кæны топпадзагъд.

Нæмгуыты 'хситт хъуысы комы.
Уыдон хъæрмæ гуыр-гуырæй
Ныййазæлынц дардыл хæхтæ,
Ныхъхъæрзынц-иу æмбырдæй...

Иу хуыкком ис далæ комы,
У йæ хуылф йæ фаг хъуына.
Гъе, уырдæм куы бабырыди
Фæлвæрай-фырт Гудзуна...

Гъе, уырдыгæй йæ фыдгулмæ
Фæрсылæнцойæ кæсы,
Нæмгуытæ æвгъау нæ кæнгæ,
Уый ныхъхъавы 'мæ æхсы...

Æртæ 'хсæвы, æртæ боны
Тох не 'рхъус и æппындæр.
Бæзджын хъуырæй æвиппдйды
Фæхъæр чынди кæцæйдæр:

— Гъей, нæ фæсивæд, цы фестут,
Знаг æрбабыры, фæдис!
Знаг æрбабырсы, æхсут æй,
Ныфс, æхсар кæмæ уæ ис!..

Тох сытынг ис... Нæмгуыты 'хситт
Комы хъуысы гуыв-гуывæй...
Уыдон хъæрмæ-иу ныхъхъæрзынц
Хæхтæ, хъæдтæ æмгуыфæй...

Уалæ мигътæ гъæстугæйттæй
Систой дугъкæнын уæларв, —
Йæ фыртасæй æнæзмæлгæ
Сырд нынцъылди хуыачъы арф.

Фæлæ уый цы 'рцыд? Куы фæхъус
Æвиппайды хæст куыддæр.
Гудзуна дæр йæ хуыккомæй
Æркæсы æдзынæгдæр.

Бæхджынтæ æсцæйраст кæнынц
Далæ комы фæд-фæдыл.
Фæлæ Дыгур та цы фесты? —
Нал сæм ис нæмыг чысыл.

Гудзуна, мæгуыр, нынкъард ис.
Зæрдæдзæугæ нал у хæст.
Иугуырæй-ма йæ бæрцдоны
'Ртæ нæмыджы ис æрмæст.

Æртæ нæмыджы хæстногæн
Нæ бæззынц, фæлæ уæддæр
Фыдæзнагæй фæтæрсынмæ
Не 'рхæсдзæнис уый йæ сæр.

Гудзунайыл афтæ 'нцонæй
Хаст не 'рцæудзæнис фæндаг.
Топп ралхъиъы, — фæдæлвæз ис
Бæхджынтæн сæ хæрз фыццаг.

Фæсыдзмыдз æсты бæхджынтæ,
Тох фезмæлыд нæуæгæй.
Нæмгуыты 'хситт хъуысы комы,
Ком байдзаг и сæ дæнгæй...

                        IX

Фæлвæрай-фырт, æвадат рын
Ды куы скодтай, куы, хъазуат,
Фæлæ тохы арты сæмбæлд
Дæ зæрдæйыл здыйæ фат...

Бабын ис æмгъуыдæй раздæр
Дæхи барæй дæ зын цард.
Далæ комы иу хуыккомы
Ныр лæууы, лæууы дæ мард.

Тынг дыл не 'ркалдзæн кæйдæр чызг
Хибарæй йæ цæстысыг, —
Дæ фæсмæлæт комы кадæн
Хъæу нæ самайдзæн мæсыг.

Фæл' уæддæр æгад куы нæ дæ,
О, мæгуырдæйраг фиййау!
Дунейы хæсты æд гæрзтæ
Ды фесæфтæ сæрвæлтау.

Далæ комы, иу къуындæджы
Хъæу ныссагътой сау къæйдур.
Стæм хатт дзы вæййы фæцæуæг,
Стæм хатт æм æркæсы хур.

Куы фæзыны иунæг исчи
Уым алфæмблайты цæугæ,
Уæд Гудзунайы фæмысы,
Къæйдурыл æнцой кæнгæ.

Уый бæзджын хъуырæй ныззары,
Иунæг бæлццоны дзырдæй.
Уый ныффæзмынц-иу сæ дисы
Хæхтæ, хъæдтæ æмбырдæй.

Уалæ фахсы, сырх тæмæнтæ
Кæм фæкалы бобона,
Нал-иу фескъæры йæ дзугтæ
Фæлвæрай-фырт Гудзуна.

Хъæугæрон, зыр-зыр кæнгæйæ
Кæм æзгъоры сау суадон
Нал бахудынц Гудзунайыл
Ныр дондзаутæ сæумигон.

1934, Мустыздæх

 
ТЕМУР АЛСАХЪ

             Фиццаг хай

                        I

Ледзгæй гъæди хурфи аууон,
Тундзуй Ирæфмæ Хæзнидон.
Пихсæй æхгæд æма æдзæр,
Дæттуй хæстæгмæ нидæн гъæр.
Хæтуй ханси медæг æдас
Хæстæг донгæнттæмæ цъæх арс.
Йесгæд æд хуали бонигон
Кæд æвеппайди цауæйнон
Хæссуй и донмæ и над-над
Йе стонг, йе 'донуг, æ фæллад
Рæубес донгæрони пихсæй
Æваст фесхъæтæг уй тæссæй...
Кæлуй Ирæфмæ Хæзнидон, -
Уомæн гæмæхи æ билгон,
Хæстæг гъæдбунмæ гъæу лæудтæй, -
Нур дæр зæгъунцæ, - Кет хундтæй.
Хацырты Сергейы тæлмац.

ТЕМУР-АСЛАХЪ

Фыццаг хай

                        I

Фæтайы хъæды хуылфы бон,
Тындзы Ирафмæ Хæзнидон.
Æдзæрæг у, пыхсбын фылдæр,
Йæ уылæнтæн мынæг сæ хъæр.
У пыхсыты æхсæн æдас,
Фæхæты донбылты цъæх арс.
Фæзыны ардæм хаттæй-хатт
Фæллад цуанон æд амæттаг.
Фæтæрсы сæгуыт уымæй, кæс,
Тæсæй æрцагуры йæ къæс...
Кæлы Ирафмæ Хæзнидон,
Быгъдæг, гæмæх — йæ былгæрон.
Хæстæг хъæдбынмæ хъæу лæууыд, —
Ныр дæр фæзæгъынц, — Кет куы хуынд.


                        II

Йеухатт хорбадæни и Кет
Студта уæлфингæ берекет.
Кодта хебари бæрæгбон,
Кодта мийнасæ æ фæндон.
Ивулд бæгæни æд арахъ,
Цудæй æ цийнæ идтæг сахъ.
Рæнгъæй уагътонцæ гагидау...
Уæд æвеппайди цавддорау
Бæхгин сæ сæргъи фæссæгъдæй.
Æмбурд йе 'тингæй фæууæгъдæй.
— Корун, байгъосетæ мингий, -
Зæгъуй æмбурдæн Аузбий, —
Се 'лдар кæсæгæн Дзасболат
Истуй гъæугони æд æфсад.
Сумах — кетонти и æлдар
Хонуй абони хъалондар.
Хъалон — æд рæвдзæ саргъи бæх,

Кизгай — рæсугъд æма дзæбæх.
Кæд уой дæдтайтæ барвæндæй,
Уæд уодзинайтæ цох зинтæй.
Фал кæд нæ уайтæ коммæгæс, —
Зонетæ уой, — зæгъун уин æз,
Уæд гъæу ке 'ссердзæнæй æфхуард,
Унгæг ке суодзæнæй уæ цард.
Æнгъуд изæрмæ... Цæй, хуæрзбон,
Цæттæ кæнетæ уæ хъалон!
Дзуапп нæ райсгæй, фæддунд æй
Бæхгин уайтагъддæр и унгæй.
Ситинг æй уæд мед адæм загъд, —
Дзуапп гъæуй æлдарæн тагъд.
Æнцæ Дигорæ хецмæрез,
Æлдар хуннуй сæмæ стур нез.
Гъенур цийни усми æ кой
Уонæн ку 'йхалуй, ку, се 'нцой...

                        III

Кæсуй и гъæумæ Дзасболат,
Зилдæй истуй ибæл æфсад.
Сæ бæхтæ хъал æма тæлтæг,
Хуррутт кæнунцæ игъæлдзæг.
Идæнттæ, сæргътæ, думетонг
Æнцæ æвзестæй фур йефтонг.
Нæййес уони 'хсæн мæгур лæг,
Æй си алке дæр тухгæнæг.
Уонæй алке дæр æй уæздан.
Адтæй сæ догæ, сæ дзаман!
Уæд æристадæй æд лæдзæг
Уæлдор сæ размæ æрвист лæг.
Æ сæр сиргъувгæй фур бæрзонд,
Зæгъуй æддарæн и зæронд.
— Æз дæн кетонтæй мийнæвар,
Нæ ан, зæгъунцæ, мах цагъар.
Хонæн нæ сæртæ нæ фæндон,
Æлдар ма 'горæд ни хъалон.
Мах иуазæгбæл æхцул ан.
Кæд иуазæг дæ — цæттæ ан
Дæуæн дæттунмæ фусунау
Кæрдзин æд цæнхæ, æд æгъдау.
Кæд тухгæнæг дæхе хонай,
Уæд ду гъæуама уой зонай,
Ке ан кетонтæ æверхъау,
Мæлæт ке райсдзинан фæлтау.
Æлдар нийвадæй, зуст кæнуй,
Сиргъувуй йе 'хсæ 'ма зæгъуй:
— Мæнæн мæ фæндæ, мæ тæрхон
Федар ку æнцæ, куд æндон.
Мæн дзурд æййевгæ некæд æй,
Мæн Кет ма 'рветæд ревæдæй.
Хъалон — æд рæвдзæ саргъи бæх,
Кизгай - рæсугъд æма дзæбæх.
Гъеуой кæд н 'айтæ дæттуйнаг,
Уæд мин уæ сæртæ додоййаг.
Æлдар, цит, йе 'хсæ ниттелуй,
Мæстæй æ билтæ æууелуй...
— Де 'взист ниууадзæ, уо, æлдар,—
Зæгъуй æнцойнæ мийнæвар,-
Хилæй федауцæ хуæздæр æй.
Де 'взист кетонтæн æгæр æй.
Уæд дин зæрдесгæ мæ лигъз дзурд,
Æлдар, ма саразæ лæбурд!
Зуст фæгъгъæр кодта Дзасболат:
— Ниууо, фæлтауги, цæй, æнцад!
Уæлдай ма дзорæ, уо, кеттаг,
Конд уа гъæуама мæ гъуддаг!
Æлдар ку 'ргъазуй æ бæхбæл,
Зæнхæй фесхъеуй, цит, гæппæл.
Кеттаг и гъæумæ фæццæуй, —
Уой Кет йе 'мбурди ку хезуй.

                        IV

Хор фæййаууон æй... Æрхæццæ 'й
Изæр уайтагъддæр и хуæнхтæй.
Цæфсуй уæлгъæдæ сурх æхсед, —
Йе 'мбурд нæма 'йхалуй и Кет.
Уæд нигъгъæр кодта, ни, уосай:
— Уо, Кет, ку фæдтæ æнирай!
Æлдар йеу кизги фæххæссуй, —
Фæдес, зианбæл ка тухсуй!
Уо, ци фæцайтæ, уо, фæдес,
Кæд ма и Кети лæгтæ йес!
Æмбурд фегуппæг æй тухуаст,
Æрвдзавд фæцæй цума æваст.
Ка æ бунати къех истуй,
Ка и гъæунги фæлледзуй,
Æ топп æ къохи, уотемæй, —
Йеунæг, æвæдзи, сæдемæй.
Ка си фестадæй сонт тæрхъос,
Ниццæй и къуми къуругъос,
Ка цурд фелвасуй æ хъæма, —
Гъæуама знаги бадæма!..

                        V

Фæсгъæу йеу рауæн устур хард
Цудæй изолти кæрзæвард.
Зиндтæй хæрдæбæл унгæг над, —
Уобæл ку сраст æй Дзасболат.
Бæхбæл æд кизгæ — æд хъалон,
Хиццаг куд н 'адтæй, куд, бæлццон!
Фæсте — уæздантæ рæнгъитæй
Цудæнцæ харди бæхгинтæй.
Æлдар уæлхардмæ исхæццæ 'й,—
Æваст æ размæ лæг фæцæй.
Æлдар фæрсуй æй: - Уо, лæгай,
Ка дæ, кæмæй дæ — знаг ма уай?
— Æз дæн кетонтæй фæдесон, —
Кæсай дæхемæ, уо, кæсгон!
Фергъувд æй топп, æма цæфæй
Æлдар ку расхъиудтæй бæхæй.
Æваст фенсарæнцæ æфсад,
Катай фестадæй син сæ над.
Къуæрдгай фæцæнцæ и уæлхард,
Лæудтæй сæ размæ лæги мард.
Кеттаг се 'схъæртмæ фæдцунд æй,
Кизгай и гъæумæ фæллигъдæй.

                        VI

Уайтагъд æхсæвæ æрхæццæ 'й,
Æфсад фæндагбæл ниррæнгъæ 'й,
Æлдар фæцæй син хæсгæ мард,
Цæун гъæуй сæ фур идард.
Дуйне æнцойнæ сæ фалдзос,
Æнкъард кæсуй сæмæ мæйрохс.
Йеу дзурд, йеу хъипп си нæ цæуй...
Айдагъ изоли уг кæуй...
Фал ка 'й, фæндагбæл ка ледзуй?
Æнцой æ бæхи нæ уадзуй.
Æй йе Кæсæгмæ гъæргæнæг.
Исон фегъосдзæнæй Кæсæг
Æд цъел, æд мелæ фуд хабар —
Фæцæй Дигори мард се 'лдар...
 

                        II

Иухатт хоргуывд сарæзта Кет,
Стыдта уый фынджы бæрæчет.
Кодта хибар ран бæрæгбон,
Кодта минас дæр йæ фæндон.
Ивылд бæгæны æд арахъ,
Гаджидæуттæ хорз æмæ сахъ.
'Виппайд се 'хсæн барæг фæзынд
Æмæ фескъуыд куывдоиты дзырд.
Дæн Ауызби æз — минæвар,
Уæ хъæуы цур — кæсгон æлдар
Дзасболат мæ йæ хæстон бал,
Ысты гæрзифтонг æмæ хъал.
Сымах кетойнæгты æлдар
Йæхицæн хоны хъалондар.
Æмæ уæ домы саргъы бæх,

Уæ чызджыты рæсугъд, дзæбæх.
Кæд, дам, мын саразат мæ къух,
Уæд, дам, зынтæй уыдзыстут цух.
Фæлæ куы нæ уат коммæгæс,
Уæд, дам, уæ карз фæдзæхсын æз:
Æрцæудзæни æфхæрд уæ хъæу,
Мæнимæ, дам, быцæутæй нæу!
Æмгъуыд — изæрмæ... Цæй, хæрзбон,
Уæхимид акæнут тæрхон.
Кетонты дзуапмæ нал фæкаст,
Уайтагъддæр уынджы 'рдæм фæраст.
Уæд адæмы 'хсæн сытынг загъд —
Æлдарæн дзуапп мах раттæм тагъд.
Дыгурæн хъомысджын — йæ бар,
Нæ йын уыд никæдбон æлдар.
Уæд ацы цины уысм йæ кой
Цы халы куывдонты æнцой?

                        III

Куы кæсы Кетмæ Дзасболат,
Йæ алыварс — тыхджын æфсад.
Сæ бæхтæ — хъал æмæ тæлтæг,
Сæ хуыррыттæй ыстъæлфы лæг.
Идæттæ, сæргътæ, дымитонг
Æвзиствæлыст æмæ ифтонг.
Мæгуыр лæг се 'хсæн нæй æрмæст,
Тыхракæндыл куы ысты хæст.
У алчи уыдонæй уæздан,
Сæ дуг у афтæ, сæ заман!
Уæд иу урсзачъе лæг æваст
Æд лæдзæг æлдармæ нымдзаст.
Йæ сæрыл схæцыди бæрзонд,
Æлдар ын фенæд, уадз, йæ конд.
— Æз дæн Кетонты минæвар, —
Зæгъы уый, — не стæм мах цагъар
Æмæ дын не стæм хъалондар.
Кæд уазæг дæ, уæд дын — лæккад,
Нæ цæхх, нæ хойрагæй — бæркад.
Фысым дын алчидæр уыдзæн,
Хæлар мидбылхудт дæм зындзæн. -
Дæхи тыхгæнæг хонай кæд,
Уæд хъуамæ зонай уый дæр уæд,
Ысты кетонтæ æвирхъау,
Мæлæт мах райсдзыстæм фæлтау.
Æлдар йæ фырмæстæй фæсырх,
Йæ ехсæй бавзыста хъæддых:
— Мæнæн мæ тæрхон у æндон,
Мæ ныхмæ стут æдых, æбон.
Куы арвитат афтидæй мæн,
Уæд уыл фыдбылызтæ цæудзæн.
Фæлтау мæ хъæлон — саргъы бæх,
Уæ чызджыты — рæсугъд, дзæбæх.
Куы нæ уат уыдон раттинаг,
Уæд мын уæ сæртæ додойаг, —
Æлдар тыхджын ныттилы ехс.
— Æртхъирæнтæ дæ сæрæй фехс,—
Хылæй фидыдад у хуыздæр
Æмæ йæ зон, æлдар, ды дæр.
Кетонтæн де 'ртхъирæй — æгæр,
Дæ лæгъз ныхас уыдзæн хуыздæр.
Æмæ йæ ды дæ зæрдыл дар, —
Зæгъы æхцонæй минæвар. —
Ды ма 'рбабырс, фæлтау æнцад.
Æваст куы феххæлд Дзасболат:
— Æгъгъæд, ныхъхъус у, кетаг лæг,
Уæлдæйттæ мауал дзур, æцæг!
Мæ фæнд æххæст уыдзæн бæлвырд, —
йæ хъал бæхыл æркафы цырд,
Фæтæхы сау зæххæй къуыбар,
Ныббуц йæхицæй хъал æлдар.
Кæсгоны митæ Кет хынцы
'Мæ сæм сæ минæвар тындзы.

                        IV

Хур аныгуылд æмæ изæр
Æрхæццæ хæхтæй уайтагъддæр.
Зæрæхсид арвы риуыл сыгъд,
Нæма райхæлд кетонты куывд.
Æваст фæцыд фæдисы хъæр:
— О, Кет, уа додойаг уæ сæр! —
Фæдис! — сылгоймаг дзуры тагъд, —
Кæйдæр хæдзарыл арв æркалд,
Æлдар чызг фескъæфы, фæдис!
Кæд ма лæгтæ кетоптæм ис!
Фæсабыр кетонты хъæрахст,
Цыма сæ арв æрцавта 'васт.
Кæйдæр къах мидбынат æрзылд,
Чи хъæууынгты фæдисмæ лыгъд,
Йæ къухы топп, æхсар у, хох,
Сæдæимæ кæндзæни тох.
Чи фестади тæппуд тæрхъус,
Нынныгъуылд къуымы 'мæ ныхъхъус.
Чи фелвæста йæ хъама цырд,
Хъуа ратта йе знагæн ныхкъуырд.

                        V

Ыстыр хæрд Кеты фæсхъæу ис,
Хуырдуртыл къахвæндаг цыдис,
Зындис бæрæгæй: фæндаг над,
Фæраст йæ уæлæ Дзасболат,
Æд хъалон чызг — рæсугъд — зынаргъ,
Уæззау уыд дугъон бæхы уаргъ.
йæ фæстæ — уæздæттæ рæнхъæй
Æд хотыхтæ цæуынц рæвдзæй.
Уæлвонг ранмæ ысхызт бæрæг,
Æлдары размæ февзæрд лæг.
Æлдар фæрсы: — ды чи дæ уæд?
Кæцон? Æви æзнаг дæ кæд?
— Æз дæн кетонты фæдисон,
Кæс-ма дæхимæ, о, кæсгон!
Фæцыд гæрах, уæззау цæфæй
Æлдар æртылд йæ хъал бæхæй.
Ысхъомпал бардз æмæ фæтыхст:
«Нæ развæндагыл чи æртыхст?!»
Стæй къордгæйттæй уæлæмæ уад,.
Сæ размæ та — æлдары мард.

                        VI

Æрхæццæ тар æхсæв æваст,
Рæнхъæй кæсгон æфсад фæраст.
Æлдар фæцис сæ хæсгæ мард,
Зын фæндагыл цæудзысты дард.
Уæларвæй сæм æркасти мæй
Фæлурс æмæ æрхæндæгæй.
Æфсад ныхъхъус, уæззау — йæ хъыг...
Куыдта сыл дæрддзæф ранæй уыг...
Фæлæ уый чи уайы фæдис
Тæхгæ бæхыл? Цы у йæ рис?
Уый — Кæсæгмæ фыдуацхæссæг,
Сом фехъусдзæн æппæт кæсæг
Дыгургомы уæззау хабар, —
Кæй фæмарди кæсгон æлдар...
 

                Дуккаг хай

                        VII

Ду бафæрсай гъæуама мæн,
Ка 'й, кæмæй адтæй и лæхъуæн,
Уæлхард ка скодта хъазауат,
Коййаг исцæй нин нур ке фат?..
Темур-Алсахъ худтонцæ уой, —
Цæрæд муггагмæ нур æ кой...
Мулкæй мæгур, нифсæй идзаг,
Худта алке дæр уой лæггаг.
Алсахъ, — йеу загъдæй, гъе уотæ 'й...
Адтæй и кизгæ Сеойтæй.
Рæсугъд, æвзонг æма гъæздуг,
Гурæй федауцæ 'ма индтуг,
Цæститæ — ирд æма сæнтсау,
Æрфбун зиндтæнцæ æхсæвау...
Гъардта зæрдитæмæ тухуаст
Уонæн сæ уиндæ, сæ фæккаст.
Æй уæхæн силæ хецмæрез, —
Исуй фæстагмæ зæрди нез.
 

                Дыккаг хай

                        VII

Ды бафæрсдзынæ мæн сæрæй,
Кæцон у сахъ лæппу? Кæмæй?
Уæлвонг ран чи самадта тох?
Кæй хъаруйыл фæзары хох?!
Алсахъ— лæгдзинадæй æххæст,
Йæ уарзон та — æвзонг, æлвæст,
Иæ зынг цæстытæ — ирд, сæнтсау,
Æрфбын мæйдары æхсæвау...
Гуырвидыц æмæ у хъæздыг,
Гъе, ахæм у Сеоты чызг.
Ысты зæрдæйы монцтæй баст,
Сæ рæсугъд уынд, сæ рухс фæкаст.
Гъе, ахæм ахадгæты рис
Хæссы фæстагмæ махæн низ.

 

 

   

                        VIII

Фæсгъæу кетонтæн йес æмбурд, —
Цæуй изолмæ сæ гъæр дзурд...
Сæ йеу хестæртæй загъд хæссуй:
— Темур-Алсахъ, нур анз цæуй,
Кæдæй Сеойти Дигизай
Ду æ зæронд фидæй курдтай,
Фал йе не 'скодта уæд аккаг
Дæу исесунмæ хæстæггаг...
Худта мæгур, æвæдзи, дæу.
Уинис гъенур, — абони гъæу
Æмбурд æрцæнцæ дæу туххæй.
Кæнæн нæ арфæ æмдзухæй...
Дзиллæн сæ кадæ 'ма сæ нифс
Нур дæ тæрнихбæл ду хæссис.
Æлдар — фудгол æма æзнаг —
Фæцæй дæ фæрци исæфтдзаг...
Нæй хаст дæ фæрци Дигиза,
Нур дин гъæуама исбæзза
Йе уодæнбалæн барвæндæй...
Æ дзурд зæгъæд Сеой-фурт, цæй!
Уæлдорæй уæд фестадæй лæг,
Ку 'рсадзуй зæнхи æ лæдзæг,
Бунмæ æ закъæ æрсæрфуй,
Кæсуй Алсахъмæ 'ма зæгъуй:
— Кизгай хъалони хаст цудæй,
Алсахъ æ хъаурæ, æ нифсæй
Байста фæстæмæ знагæй уой, —
Цæрæд æд кадæ нур æ кой...
Фæууæд мæ кизгæ нур йе 'нкъай,
Донмæ 'й ку не 'нтъохун, уоххай!
Рæвдзæ 'й æмбурдæн æ зæгъдцзаг, —
Исцæй Сеой-фурт арфиаг.
Ка ин æ къохмæ æвналуй,
Ка ин æ ходæ исесуй.
Уæд фæццæйгъосæй и булгъахъ, —
Дзоруй кетонтæмæ Алсахъ:
— Цæуй нур анз фулдæр, ай-гъай,
Курдтон Сеойти Дигизай,
Фал аргъ не скиндæй уæд мæнæн.
Нур ма дзубанди æй цæмæн?
Алсахъ нæ уайдæ уæд Алсахъ,
Нур ма ку райсидæ и халхъ.
Цæфстæй зæрди буни и уарзт,
Фехста изолмæ уой фуд маст.
Ай-гъай, нистъалдæй нур æлдар,
Фал дæн цæй туххæй æз лæгмар?
Æз нæ уодæнсун æлдайрад...
Цæттæ 'й дæттунмæ мæ цурд фат
Нихкъурцц æддартæн æдæрсгæй, —
Йетæ цæгъдунцæ нæ мæстæй,
Лæкъун кæнунцæ нин нæ цард...
Зин, æнæ бæрцæ æй се 'фхуард, —
Æз нæ хæссун мæ сæрмæ уой.
Додой æлдартæн нур, додой!
Мæнбæл сиййевдзи æй и хор,
Мæн маке хонæд нур уосгор...
Цæрæд æд фарнæ Дигиза, —
Æдас, æнцойнæ ирæза.
Мæнæн ма кæнтæ уой лæвар,
Æз дæн æлдартæй нур тогдар...
Фæрсæй кæсуй мæмæ адзал...
Æнцæ æрмæст мæнæн æмбал
Мæ топп, мæ кард æма мæ бæх.
Зæнхæн æ сау, арвæн æ цъæх, —
Мæнæн игъауги нæбал йес, —
Æз дæн хæлхъой æма фæдес! —
Темур-Алсахъ фæцæй æ дзурд.
'Дзинæг кæсуй имæ æмбурд.
Адæм фæцæнцæ æвеллон.
Уомæн неке сцæй дзуапгъон...
 

                        VIII

Фæсхъæу кетонтæн ис æмбырд,
Тæхы фæрсмæ сæ хъæрæй дзырд.
Ам хисдæр лæгтæй иу зæгъы:
— Темур-Алсахъ, ныр аз цæуы
Кæдæй Дигизайыл дзырдтай
Мæ йæ зæронд фыдæй куырдтай.
Фæлæ йæ хæстæгæн уый дæу
Нæ равзæрста, аккаг, дам, нæу...
Хуыдта мæгуыр, æвæдза, дæу.
Ныр та уыныс, Кетонты хъæу
Æрбамбырди дæу тыххæй ам,
Ды айс нæ зæрдæбын салам!
Дзыллæйы кад, дзыллæйы ныфс
Дæ фæтæн тар ныхыл хæссыс.
Æлдар — æзнаг æмæ фыдгул,
Дæ фæрцы йыл нынныгуылд хур.
Дæ фæрцы скъæфт Дигиза нæу,
Ныр дын ысбæздзæн. Уый у дæу!
Дæ удæмбал уæд барвæндæй...
Сеойы фырт, дæ дзырд зæгъ, цæй!
Уæлдурæй фестад лæг, ныррухс,
Йæ зачъейыл æруагъта къух,
Йæ лæдзæгæй æрхоста зæхх.
— Алсахъ мæм байхъусæд дзæбæх,
Чызг хъалонмæ æрцыд æскъæфт,
Фæцæйкодта быны бынсæфт.
Алсахъ æй байста, уадз, йæ кой
Хæхбæсты алкæмдæр кæной!
Мæ чызгимæ уæнт арфæйаг,
Æз донмæ не 'хсын æй, мыййаг!
Хъæубæстæн уыд æхцон йæ дзырд, —
Уайтагъд ыл аисты æмбырд.
Йæ къух ын истой, истой худ,
Сæ арфæтæ — уæздан, рæсугъд.
Уæд 'виппайд хъæлæба фæхъус...
— Уæ фендæй у мæ зæрдæ рухс, —
Дигизайыл дзырдтон бæлвырд,
Фæлæ мын не сразы йæ фыд.
Кæд чи кодта мæгуырæн аргъ?
Цы кæнæм уæд нæ ныхас даргъ?
Алсахъ уæд нал уаид Алсахъ,
Нæ дæр уæ цæсты уаид сахъ
Куы сног кæнид йæ судзгæ уарзт, —
йæ зæрдæйы æрхæндæг маст.
Гъай-гъай, ныр бабын ис æлдар,
Фæлæ цæй тыххæй дæя лæгмар?
Æлгъаг æлдарад иæй быхсæн,
Мæ цыргъ фат сæ æдзух æхсдзæн,
Цæвдзæн æлдæртты уый хъæддых,.
Цæмæй сын асæттон сæ ных.
Нæ цардæй сарæзтой зындон,
Сæ æфхæрдтытæн нæй кæрон,
Нæ хæссын æз мæ сæрмæ 'фхæрд
Æмæ мын додойаг сæ сæр!
Мæн мачи хонæд усгур ма,
Уæд амондджын ныр Дигиза
Æмæ йæ тавæд хур фæрнæй,
Уæд хызт йæ маст, йæ сон рынæй..
Мæнæн уый ма кæнут лæвдр,
Æз туг дарын, чысыл — мæ бар.
Фæрсæй кæсы мæнмæ адзад...
Ысты æрмæст мæнæн æмбаи
Мæ топп, мæ кард æмæ мæ бæх,
Нæ зæххы сау, уæларвы цъæх.
Мæнæн ныр хъауджы дæр куы нæу,
Фæдисон дæн, кæнын быцæу. —
Темур-Алсахъ фæцис йæ дзнрд,
Нымдзаст æм хъæубæсты æмбырд.
Алсахъы дзырд уыди æргом',
Сæ иу дæр æм нæ уыд дзырдхъом....
 

                        IX

Лигъдæй афонæ бон-бонгай.
Медгъæу кетонтæ сабургай
Сæ куст кодтонцæ, фал уæддæр
Æдас ку н' адтæй сæ къæсæр...
Гъонгæс гъæди хурфæй йеу бон
Уидта изолмæ сæумигон, —
Фæндаг байдзаг æй бæхгинтæй.
Тæрсунцæ мæргътæ сæ уиндæй.
Тумугъ цудæнцæ тар мегъау,
Сæ уинд нимæттæй æй сæнтсау.
Йе Дзасболати фурт Ахъбад
Цæуй и Кетмæ æд æфсад.
Ахъбад йе 'фсадæн — финдздзæуæг.
Æ бæх — бæрзонд æма тæлтæг.
Ку 'ргъазуй лигъзи хаттæй-хатт,
Ругæй райдзаг уй уæд и над.
Цæуй и Кетмæ тогагор.
'Дзинæг кæсуй имæ и хор.
 

                        IX

Лыгъдысты бонтæ, рæстæг уад,
Кетонты хъæубæстæ — æнцад.
Сæ куыст сабыргай цыд уæддæр,
Æдас нæ уыд сæ рыст къæсæр...
Сæ хъомгæс хъæдæй дардмæ каст,
Уый федта тармигъгонд æваст, —
Ныттари фæндаг барджытæй,
Хъæд фенцад мæргъты зарджытæй.
Æфсæрстой размæ, тар мигъау,
Сæ уынд — нымæттæй сатæг-сау.
Уый Дзасболаты фырт Ахъбад
Фæцæуы Кетмæ æд æфсад.
Ахъбад у 'фсады раздзæуæг,
Иæ бæх — бæрзонд æмæ тæлтæг.
Лæгъз раны йыл æрхъазы тынг,
Йæ развæдыл æрбады рыг.
Цæуы кетонтæм тугагур,
Æдзынæг æм ныккасти хур.
 

                        X

Рæфтæй йеу мингий фæккиудтæй.
Æфсад гъæугони æрлæудтæй.
Лæууй сæ размæ гъæу æнцад.
Мургъуз кæсуй имæ Ахъбад.
Медгъæу йеу æстуф нæ цæуй.
Айдагъ йеу куй си гъæр неуй,
Æ нифс тохунмæ нæ хæсгæй,
И гъæу æд цъелæ фæллигъдæй.
Ахъбад æ билтæ æууелуй,
Роцъо зулунмæ æрдауй,
Кæнуй цæститæй дзингало,
Скъæруй цума си сурх пеллон.
Æлдар йе 'фсадæн гъæр загъта:
— Фунук гъæуама Кет феста!
Рæстæг ма 'йсафæн лæуунбæл,
Цæйтæ, æндзаргæ и гъæубæл!
Гъæдау фесхустæнцæ æваст
Бæхгинтæ лигъзи 'ма æмраст
Цæунцæ гъæумæ тумугъæй.
Ахъбад хонуй сæ мургъузæй.

                        XI

Цæфсуй и гъæу, инод нæруй,
Цирен пеллонтæ æскъæруй...
Фæздæг, æвзаргæ фурзин тох,
Кæнуй фæйнердæмæ зелдох,
Тундзуй цъæх арвмæ тузмæгæй...
Йеуварс æнцойнæ уæлбæхæй
Кæсуй сугъдæрдæмæ Ахъбад,
Зилдæй истуй ибæл æфсад...
 

                        X

Æмбисбонмæ уыдис æввахс,
Уæд Кеты хъæуы цас уыд, цас
Кæсгон æфсад! Уыд хъæу æнцад.
Фыдæхæй йæм куы каст Ахъбад.
Хъæубæсты иу ызмæлæг нæй,
Æрмæст сыл кыдуз рæйы хъæрæй.
Нæ хæссы тохмæ уый йæ ныфс.
Хъæу бамбæхст... Фæсвæд ран уыд пыхс...
Хæры йæ былтæ, кæс, Ахъбад,
Йæ къух йæ роцъойыл æруад.
Иæ цæстыты фæбадти туг,
Кæны йæ судзгæ маст хуыдуг.
Йæ æфсадыл йæ ныхас хъуыст:
— Хъæубæсты бакæнут зынгхуыст!
Цæй, тагъддæр, ма лæуут æнцад!
Рæвдз бандзарут хæдзæрттыл арт!
Хъæдау куы фенкъуыстысты раст
Æлдары барджытæ æваст.
Æндзарынц Кеты хъæуыл арт,
Сæ разæй — тардзæсгом Ахъбад...

                        XI

Хъæу судзы æмæ сау фæздæг
Цырен-пиллонæй арвмæ тахт.
Гуыр-гуыргæнгæ, сырх æвзæгтæ
Сæхимид зилдух кодта арт.
Æлдары бын тыхсти йæ бæх,
Иæ къæхты бын ныгъуылди зæхх.
Нымдзаст цырен артмæ Ахъбад, —
Зылд йемæ хотыхджын æфсад...
 

                        XII

Йе ка 'й, йе ка 'й - бæхбæл мед арт,
Æргъувд æ къохи æхсаргард,
Уадау бæхгинтæмæ тæхуй, —
Æхе æлдарбæл ниццæвуй...
Гъе, æвеппайди уотемæй
Фæсзард и цъеутæ къуаремæй
Пихсбун ку сбадунцæ цъæхбæл,
Цæргæс бæрзондæй уонæбæл
Æхе зувгæнгæ ниццæвуй,
Нихтæй йеуебæл æрцæфсуй.
Æнцæф фæцæнцæ дууемæй.
Сæр фæххецæн æй, уотемæй
Бæхæй ку фесхъиудта Ахъбад.
Алсахъ нæ фехалдта æ бадт.
Айдагъ фесхъиудтæй æ йеу гъос,
Тогæй нийгъæндæн æй æ рос...
Æ раз райдзаг æй бæхгинтæй,
Тохуй сæ хæццæ цъинггитæй.
И тох ситинг æй. Тог кæлуй.
Йеу къуар си тоги æвдулуй...
Зæлланг кæнунцæ кæрдтæ карз,
Фал тагъд Алсахъмæ кедæр арц
Уæд фæрсаууонæй æргъузтæй, —
Алсахъ ку 'рхаудтæй рæхустæй...
 

                        XII

Уый чи у? Судзгæ арты, зæгъ
Кæй ыскъæфы йæ саулох бæх?
Йæ. топп — æргъæвд, йæ кард — æлвæст,
Йæ фезмæлдыл нæ хæцы цæст.
Æлдары ацахста æваст,
Æлдарæй райсдзæн уый йæ маст.
Раст афтæ цъиутæй ма цæргæс,
Изæр куы вæййы сабыр — тарф,
Куы хъуысы пыхсытæй къæс-къæс,
Кæйдæр фæсадзы ныхтæ арф.
Дыууæ æмцæф — сæ кæрдты хъæр...
Æлдарæн атахти йæ сæр.
Бæхæй куы расхъиудта Ахъбад,
Алсахъ та йе 'фсургъыл куы бадт.
Æрмæст куы атахти йæ хъус,
Сырх-сырхид адардта йæ рус...
Уæд айдзаг барджытæй йæ раз,
Фæмидæг се 'хсæн, тох ыскарз.
Йæ болат кард кæны фæдис,
Кæлы сæ туг, кæны сæ цъист.
Сæ иу фæсвæдты уæд æд арц
Æрбахъуызыд, рызти йæ барц,
Йæ фæсчъылдым рæхуыст æрцыд,
Алсахъ уæлбæхæй зæхмæ 'ртылд.
 

                        XIII

Хор ниннигулдæй. 'Хсед цæфсуй.
Йефстагмæ ирдгæ æрдумуй.
Хæссуй изолти сугъдæсмаг.
Не змæлуй гъæуи адæймаг...
Кæсæг авд марди йефхæсгæй,
Уайтагъд фезолæнцæ гъæуæй.
Айдагъ байзадæй ма йеу мард,
Мед къох федар ниндарг æй кард.
Йе æй Алсахъ... Æнцад лæууй.
Æ тог аллирдигæй кæлуй.
Йе нæбал фестдзæнæй, нæбал, —
Хуссуй аеносмæ æнигъал.
Æ тар будурти рæдзæхсгæй,
Æхсæвæ гъæумæ æрхæццæ 'й.
Гæлдзуй и мардмæ æ пæлæз,
Цума кæнуй ин тæфирфæс.
 

                        XIII

Нынныгуылд хур. Зæрæхсид тад.
Фæстагмæ хъæумæ ирдгæ уад.
Уый хаста хæдзæртты сыгъд тæф.
Хъæу бапиллон... Хъыггаг уæлдæф...
Кæсæджы мæрдтæ зæххыл — авд,
Фæхæссынц сæ, фæхъуызынц тагъд.
Зыны ма зæххыл иунæг мард,
Нылхъывта фидар й' армы кард.
Гъе, уый Алсахъ... Æнцад лæууы,
Иæ туг цыхцырджытæй кæлы.
Уый нал фестдзæни никæд бон,
Æнустæм бафынæй бынтон.
Тыгъд быдырæй æрхæццæ тар,
Хъæу бакодта йæ сау дæлбар.
Уый мардыл байтыгъта пæлæз,
Цыма кæны йын тæфæрфæс.
 

                        XIV

Йе ка 'й, — талинги ка цæуй,
Æррæстæ мардмæ ка гъузуй?
Æ къах Алсахъмæ ке хæсса?
Йе æй Сеойти Дигиза...
Абони тохмæ и гъæдæй
'Дзинæг и кизгæ фæлгæстæй...
Уæлмард талинги нур кæуй.
Тъинггай цæстисуг рæдæдзуй.
Стæй-астмæ марди æртохгæй,
Цæсгон дауй ин æ къохтæй.
Темур-Алсахъ, Темур-Алсахъ,
Нур дин и кизгæ æнæ хахъ
Уæлмард æргон кæнуй æ уарзт.
Фал цæмæн адтæ ду хеваст?
Ду фудæнæнги Дигизай
Фæсвæд иронхи ниууагътай...
Фал йе не 'сфæлхæттæй уæддæр,
Даруй гъæбеси нур дæу сæр.
Æнцæ зæрдитæ муггаггай, —
Цæй, гъаст ма 'рхæссæ, уо, кизгай...
 

                        XIV

Уый чи у, талынджы хуыснæг,
Æмрастæй мардырдæм хъуызæг?
Йæ къах Алсахъмæ кæй хæссы?
Гъе, уый Сеоты Дигиза...
Уый тар хъæдæй куы федта тох,
Иæ нæрынæй ызмæлыд къох.
Лæууы сæркъулæй марды цур,
Цæссыгкалгæ. Иæ зынгхуыст хур...
Æртыхта хъавгæ марды буар,
Куыдта: «Ныббар мын, ды ныббар...
Темур-Алсахъ, Темур-Алсахъ,
Чызгайы цæсты ды дæ сахъ.
Дæуæн æргом кæны йæ уарзт,
Дæ хивæнд ми дын барст уæд, барст..
Дæ фыдæнæн ми Дигиза
Фæсвæд ран рохы ныууагъта...
Фæлæ йæ чи быхсы уæддæр,
Мæ хъæбысы — дæ мæрдон сæр.
Куы не сты зæрдæтæ æмбар,
Цæй, хъаст мæ ма ракæ, ныббар...
 

                        XV

Сæумæй кетонтæ дзæндæлæй
Цудæнцæ гъæумæ мæтъæлæй...
Фудгол ку рандæ 'й, ку, бæргæ,
Фал куд кæнонцæ ма цæргæ?
Сæ гъæу æд бунтæ ниссугъдæй,
Алсахъ — се 'хсарæ — мард фæцæй...
Лæудтæй æ цори кизги мард, —
Рæсагъд æ реуи фиййаугард.
Йе æй Сеойти Дигиза,
Хуæрзмæ 'й игъосæг имиса...
Лæууй уæлгоммæ йе æнцад,
Цæсгон æнвæйнæ мæрдивад.
Мæрдтæн кетонтæ æмбурдæй
Рохсаг загътонцæ æмцъухæй...
 

                        XV

Сæумæ кетонæгтæ — æмыр,
Æнкъардæй здæхынц хъæумæ ныр.
Фыдгул куы афардæг бæргæ,
Фæлæ куыд кæндзыстæм цæргæ?
Сæ хъæу сын басыгъта æлдар.
Алсахъ — сæ фидар ныфс фæмард.
Йæ фарсмæ ис чызгайы мард,
Йæ риуы сагъд фыййауы кард.
Гъе, уый Сеоты Дигиза,
Хæрзмæ йæ хъусæг фæмыса...
Лæууы уæлгоммæ уый æнцад,
Йæ цæсгом — тар. Уый мард у, мард.
Мæрдтæн кетонтæ æмбырдæй
Рухсаг куы зæгъынц æмдзыхæй...
 

                        XVI

Тундзуй Ирæфмæ Хæзнидон.
Уинуй фалдзоси и бæлццон
Йеу къуар уобайтæ гъенур дæр, —
Сæ йеу иннетæй æй хуæздæр.
Уой медæг арфи дууемæй,
Хæрнæгъ æрцæнцæ, уотемæй
Нур Дигиза æма Алсахъ.
Йеумæ лæуунцæ æнæ халхъ.
Цæруй сæ хæццæ калм-зæрин
Цæрдæг, гъиггаг æма зæрдгин...
Йескæд хебари кæд тæрхъос,
Телгæй фæйнердæмæ æ гъос,
Хæстæг уобаймæ æрцæуй, -
Уæд калм фæдеси скъотт кæнуй.
Æваст нисхъæтæгуй и сирд,
Тæссæй нийдайуй йе лæуирд.

1934, Мостиздæх

 

                        XVI

Тындзы Ирафмæ Хæзнидон.
Уыны, фæлгæсгæ, иу бæлццон —
Лæууынц зæппадзтæ гъеныр дæр,
Сæ иу у иннæтæй хуыздæр.
Йæ мидæг арф дыууæйæ сты,
Ныр нал кæнынц, мæгуыр мæсты...
Лæууынц сабыр. Уæд ныр æнцой
Дигиза 'мæ Алсахъы кой.
Цæры уым семæ калм-зæрин...
Цæрдæг, хъыггаг, зæрдæджын, хин...
Кæд искуы хибарæй тæрхъус,
Фæйнæрдæм даргæ рæвдз йæ хъус,
Фæзыны обаумæ хæстæг,—
Ныссыф-сыф кæны калм цæрдæг.
Фыртæсæй сырд кæны сæлхæр, —
Фæсвæдмæ аппары йæ сæр.

1934, Мустыздæх.

 
ДУУÆ ФИЙЙАУИ

(Дигорон кадæнгæ)

Бæргæ ниццæгъдуй
И Уази фиййау
Æ даргъ хæтæлæй
Сау хонхи фиййаумæ:
— Уой, ку фесафдтæн,
Ку исцæунцæ
И Биаслантæ
Дууадæсемæй!
Дууадæсемæй
Тухæ кæнунмæ,
Тухæ кæнунмæ, —
Мæ фонс йесунмæ!
Бæргæ ниццæгъдуй
Сау хонхи фиййау
Уæд даргъ хæтæлæй
Уази фиййаумæ:
— Уой, ма тæрсæ, ма,
Мæ уарзон лимæн!
Дæ дзоги æхсæн
Йес стур сау сæгъæ,
Дæ иуазгутæн
Ду йеци сæгъæ,
Таведзæгæнгæ,
Ракосарт кæнæ.
Сæ хуæрди усми
Фæффæдес кæнæ —
Дæ фонсмæ цума
Сирд лæборæг йес.
Дæ рауади-йеу
И баси агæ
Ду ракъуæрдзæнæ
Дæ галеу къахæй.
Уæд фесæфдзæнæй
Хуцауи фæндæй,
Хуцауи фæндæй
Дæ тухгин æзнаг!
Уæд ку схъæрттæнцæ
И Биаслантæ
Сæумæрагиау
Уази фиййаумæ.
Ракосарт кæнуй
Æ иуазгутæн
Æ сау нæл сæгъæ
И Уази фиййау.
Сæ хуæрди усми
Фæффæдес кæнуй —
Æ фонсмæ цума
Æрбалæбурдæй.
Æ рауайунбæл
И баси аги
Æ галеу къахæй
Ку рацæйкъуæрдта.
Ку рахæлеутæй
И циуан агæй
И сау зæнхæбæл
И тæвдæ басæ.
Уæд йе 'рбаздахтмæ
Уази фиййауæн
Æ иуазгутæ
Нидцæргъмитæнцæ,
Нидцæргъмитæнцæ
И зæнхи астæу,
Расæбæл калдæй
И тæвдæ басæ.
Бæргæ ниццæгъдуй
Уæд даргъ хæтæлæй
И Уази фиййау
Сау хонхи фиййаумæ:
— Тæрегъæд гъуддаг
Цæмæн бакодтай?
Фæццæгъдунинцæ
Мæ иуазгутæ,
Нæ ниттайдзæнæй
Уони тæрегъæд,
Уони тæрегъæд,
Мæ уарзон лимæн.
И сау зæнхæ дин
Дæ мед бунати
Ку ниттондзæнæй
Хуцауи дзурдæй...
Ку ниццæгъдуй уæд
Сау хонхи фиййау
Æ даргъ хæтæлæй
Уази фиййаумæ:
— Мæгур адæмæн
Тухгæнæг ка уа,
Йе де 'уазгутау
Фудфæндаг фæууа...
Нур йеци исæвд
Фæди-фæдмæ дæр
Нæ тухгæнгутæн
Дæнцæн байзайа!
Нур уоци коймæ
И Биаслантæн
Хауæг бæласау
Сæ нифс басæтта!..

1923

 
 
УÆХАДÆГИ ФУРТ МИНГИЙ ГУЙМАН

(Дигорон кадæнгæ)

            I

Устур Дигори
Устур нихæси
Æримбурд æнцæ
Дигори адæм.
Кæрæдзей фæрсгæ
Ку дес кæнунцæ:
— Ци 'й, цæй гъæртæ 'нцæ
Нæ уæлцъететæ?
Цитгин Хæреси
Уорс хонхи сæри
Цæбæл тохунцæ
 Уорс йелиатæ?
Уорс йелиатæ
Нæ уодзæнæнцæ —
Уæхадæги фурт
Мингий Гуймани
Топпи гæрæхтæ
Ку уодзæнæнцæ.
Ка фæццæудзæнæй
Уорс хонхи сæрмæ?
Ка базондзæнæй, —
Ци гъæртæ цæуй?
Уæд рагæпп кæнуй
И бадæн дорæй
Гуймани æрдхуард
Биати Хъасбол.
— Фæццæудзæнæн æз
Уорс хонхи сæрмæ,
Æрхæсдзæнæн уин
И гъæрти бæрæг.
Ку базондзæнæн
И гъæрти бæрæг,
И гъæрти бæрæг
Æз аци бонæ.

            II

Цæветтонгæ ма
Фæдесон адтæй, —
Уорс хонхи сæрмæ
Ку исхæццæ уй
Уæхадæги фурт
Мингий Гуйманмæ
Биати Хъасбол,
Æ йеунæг æрдхуард.
— Уо, хуарз байрайай,
Ме 'рдхуард æнгарæ!
— Æгас æрцæуай,
Ме стур раст лимæн!
Ци хабар зæгъай,
Атæ рагиау
Фæдесон хузæй
Кæцæй фæцайсæ?
Уæд дзоруй имæ
Биати Хъасбол:
— Мæн рарвистонцæ
Нихæси адæм
Бæрæг кæнунмæ, —
Ци гъæртæ цæуй
Уорс хонхи сæрмæ.
Бæргæ нихходуй
Уæхадæги фурт
И Мингий Гуйман:
— Ци гъæртæ цæуй? —
Ку никкæсисæ
Айнæги бунмæ...

            III

Айнæги бунмæ
Бæргæ никкæсуй
Биати Хъасбол,
Гуймани æрдхуард.
Æддæгуæлетæ
И дзæбодуртæ
Айнæги буни
Бæргæ лæуунцæ.
Басоцъа кæнуй
Гйаури зæрдæ.
Æрлæуун кæнуй
Мингий Гуймани
Айнæги нихмæ.
Айнæги нихæй
Уой ку фенсонуй
Æ йеугур тухæй
И налат æлгъист.
Уæд ку рахауй
Айнæги бунмæ
Уæхадæги фурт
И мингий Гуйман.
И къæбуртæбæл
Ку ниммортæуй,
Ку ниммортæуй,
Тог пурхæнгæнгæ.

            IV

Ку æрхæццæуй
Æ цауæйнон куй,
Селон ка хундтæй,
Уæд хæдзарæмæ.
Бæргæ ниннеуй
Зæрдæунгæгæй
И бийнонтæмæ.
Уæд ку нимбохуй,
Ку нвдздзиназуй
И мади зæронд,
Æ киндзæ 'рдæмæ
Уæд ку февналуй:
— Мæ арти уазал,
Мæ йеунæг фуртбæл
Цидæр ку 'рцудæй!

            V

Фæффæдес унцæ
Уæд гъæууон адæм,
Селони фæдбæл
Исцæй цæунцæ
Айнæги бунмæ.
Айнæги бунæй
Бæргæ райсунцæ
Уæхадæги фурт
Мингий Гуймани.
Ку æрхæссунцæ 'й
Æ хæдзарæмæ, —
Намусти хæццæ 'й
Банигæнунцæ.

            VI

Биайи-фуртбæл,
Гйаур налатбæл,
Уæд райдæдтонцæ
Гурусхæ кæнун.
И хисти бони
Уой ракæнунцæ
Тургъи астæумæ:
— Топп ку фехсдзинан
Мах арвæрдæмæ.
Дæ фидбилизæй
Кæд неци 'рцудæй
Де 'рдхуард Гуйманбæл,
Уæд топпи фат дæр
Нæ багездзæнæй
Дæу йе 'рæздагъди.
Фал де стур лимæн
Дæу лази фæрци
Кæд рацæйхаудтæй
Айнæги сæрæй,
Уæд топпи фат дæр,
Ку æрцæйхауа —
Дæ тæккæ сæри
Ку ниссæдздзæнæй.

            VII

Топп ку фехсунцæ
Арвиæрдæмæ...
Ку нигъгъос унцæ
И хисти адæм.
Йеу усми фæсте
Фат ку 'ртъупп кæнуй,
Хъасболи сæри
Ку ниффедаруй.
Ку базонунцæ
Уæд гъæууон адæм,
Биати Хъасбол,
И гйаур налат,
Ке рацæйгæлста
Лимæн-æууæнкæй
Уæхадæги фурт
Мингий Гуймани.

1923

 
 
ЦАУÆЙНОНТÆ

(Йеу архайди водевиль)

           Игъазгутæ:

Поцо    — 70-анзиккон
Тотай    — 45-анзиккон } цауæйнæнттæ
Салат   — 30-анзиккон
Дудар   — 70-анзиккон, муддар
Фиййау — 35-анзиккон


Гъæдгæрон, зæронд уосонгæ, фæйимæцæунцæ цауæйнæнттæ — Поцо, Тотай, Салат æд хурдзинтæ 'ма æд топпитæ.

Тотай
Цæй, рабадетæ æнцад,
Исуадзетæ уæ фæллад.
Æртæ бони нур дзæгъæли
Мах сирдти фæсте хæтæн.
Æхсæвеуат æркæнæн,
Нæ фалдзоси зад гæнгæли,
Йес кæрдзин æма арахъ,
Цæй, банцайæд уæ булгъахъ.

Салат

Æртæ бони —
Мингий усмæ сæ нæ хони.

Тотай

(Поцомæ)
Гъей, ци кæни, ци, Поцо?
Ку нæ дауи дæ роцъо,
Цæбæл æрдæ мæлдзой уг,
Цæбæл балхийæй де 'рфуг?
Цæй, радтæ мин дæ ниуазæн,
Мах мæтъæлти ку нæ гъазæн.

Салат

Гъа, февналæ 'ймæ, Поцо,
Раситолæ дæ роцъо.

Тотай

Сирд нæ равардта Хуцау,
Æндæр хатмæ æнгъæлдзау, —
Уæд ци 'йбæл кæни гузавæ?
Бунтæй-бунтæмæ ниххафæ
Ду еци синон, Поцо,
'Ма радауæ дæ роцъо.

Поцо

Нæй сирдтæбæл мæ гузавæ,
Йес æндæр мæнмæ унаффæ.

Тотай

Ци унаффæ 'й, цæй, зæгъæ 'й,
Кæд æ кæнгæ мæнæй æй?

Поцо

Йес ами хæстæг муддар, —
Мæ зæронд лимæн Дудар.
Æ еунæг кизгæ æ хæццæ,
Дзанахан-рæсугъд сæддзæццæ.
Æд-æхсæвæ, æд-æ-бонæ
Нæбал кæнун зæрдæнцойнæ,
Нæбал зонун уоди гъар, —
Фæмминцотæ мийнæвар.

Тотай

О, зæронд хæрæг Поцо,
Бæргæ дауи дæ роцъо,
Фал фур зæрæй ниййизгæй,
Уæд ци кæни ма кизгæй?

Поцо

Гъей, дзæгъæл дзорæг Тотай,
Рæстмæ зелæг макæд уай!
Æмбалæн мин ку нæ бæззи,
Мæ зæрондмæ мин ци кæси.
Цæппо-лæппо, фий-лæппо, —
Мæ зæрдæ ма æй лæппо.
Цæй, фæлтауги ду бавзарæ
Дæ лæгдзинадæ, дæ хъаурæ,
Мæ унаффæ уæд хæлар, —
Фæмминцотæ мийнæвар.

Салат

Уæд аци гъудцаг хæлар,
Фæццæудзинан мийнæвæр.

Тотай

Цæй, фæууæд æдта уæ загъд, —
Исарази дæн æз дæр.
Уæ сæрвæлтау уæд мæ сæр,
Фал гъуддаг гъæуй ратагъд.

Поцо

(æд сийнон)
Уæ цæрæнбон берæ уа,
Мæлæт уин æппун ма уа,
Æрцудæнцæ мæ рохс фунтæ.
Нур аци синон æд бунтæ
Ку ниуазун уæ туххæн,
Фал унаффæ бакæнæн,
Æнæ унаффæй гъуддаг —
Кæддæриддæр æскъудздзаг.

Салат

Бахатир кæнтæ, кæстæр
Дæн уæ цори, фал уæдцæр,
Æз корун уи дзурди барæ.
Нæ лæгдзинадæ, нæ хъаурæ
Мах бавзаруйнаг кæд ан,
Уæд гъæуама Дзанахан
Æрцæуа абони скъавд, —
Æнæмæлгæ 'й уæд нæ гъавд.

Тотай

Мæнмæ гæсгæ, нæ гъуддаг
Мах бавзарæн бал фиццаг
Исаразун мийнæварæй, —
Кæд не суа нин, — уæд не 'хсарæй.

Поцо

Æй дæ фæндæ рæвдзæдæр,
Хеваст миуæ нæй хуæздæр,
Æрветун уæ мийнæвари,
Бабæрæг кæнтæ Дудари, -
Агорун æй хæстæгæн
Зæрдиуагæй мæхецæн.
Кæд баагора ми ирæд, —
Мæ къода бæх уой фæууæд.

Тотай

Цæй, гъуддаг мин нур зунд æй,
Дзебæл дæр ма цæмæн æй?
Ду ами лæууæ, Поцо,
'Ма не 'рцудмæ дæ роцъо
Радауисæ æнгъæддзау.
Кæдимайди-ма Хуцау,
Мæ уод ин фæууа нивонд,
Æринтъохидæ амонд.

Поцо

(æд ниуазæн)
Цæй, фæууотæ фæндараст,
Гъей, Уасгерги, — дæ фæдзахст!
Цæй, ниуазæнтæ — æнкъупп!

Тотай йесуй авгæ.

Гъей, Никкола, Тæтæртупп,
Рафæлгæсетæ бæрзондæй,
Ма ниууагътæ æнамондæй
Мах аци бон. Нæ гъуддаг
Фæди-фæдмæ уæд цийнаг.
(Ниуазуй.)

Тотай æма Салат истунцæ.

Тотай
Цæй, Уасгерги фæккæнæд
Мах абони фæндараст.
Гъей, Никкола, дæ фæдзахст, —
Нæ гъуддаг уæ барæ уæд.
(Ниуазуй.)

Салат
Уæ кувдбæл фæууæд мæ кувд,
Уæд нæ тунæ фæрнгун уфт!
(Ниуазуй.)

Тотай

Гъенур ду, Поцо, хуæрзбон,
Мах Дудармæ — фæндараст!

Рацудæнцæ.

Поцо
(ходаистæй)
Уо, ме Скæнæг, дæу фæндон
Уæд аци гъуддаг арæзт.
(Æхемæ æркæститæ кæнуй, æ роцъо дауй.)
Мæтæй дин мæлуй Поцо,
Ку нæ дауй æ роцъо.
Дæ роцъо, дан, ниййизгæй,
Ци ма, дан, кæни кизгæй.
Уæ, фесæфайтæ фæлтау
Уæ гъæлай фæрци бивдзау,
Фæххæсдзæнæй си мæ зæрдæ,
Фæрресдзæнæнцæ ме 'гæртæ.
(Скъотт зарæ кæнуй йеу усмæ.)
Фал, ка 'й зонуй, нæ муддар,
Мæ зæронд лимæн Дудар
Ци зæгъдзæнæй, куд уодзæнæй?
Æнгъæлдзау дæн, исодзæнæй,
Æвæццæгæн, мæ гъуддаг.
Батар кодтон дууæ уоси, —
Дзанахан мин — æртиккаг.
(Скъотт зарæ кæнуй. Йеу усмæ нийгъосуй.)
Зарунгъæр цæуй мæ гъоси.
Кæмидæр заруй фиййау
Уæртæ пихси æндиау.
Кæд сингъеза мæ гъуддаг,
Уæд фиййауæй косæрттаг
Æрилхæндзæнæн изæри,
'Ма ахсæви а къæлдæри
Исирæздзæнæй минасæ, —
Бор фезонæг, бор æлвасæ.
(Скъотт зарæ кæнуй йеу усмæ.)
Хинст хуæдтолгæ бæргæ уидæ,
Муди бæтман æркалидæ
Мæ зæронд кайес Дудар, —
Хумæтæги нæй муддар.
Бор фезонæг муди хæццæ,
Дзанахан-рæсугъд сæддзæццæ...
Мæтæй дин мæлуй Поцо,
Ку нæ дауй æ роцъо.
(Скъотт зарæ кæнуй йеу усмæ.)
Æндæмæ бал ракæсон.
Гæнгæлитæ æрхæссон.
(Рацæуй æндæмæ скъотт заргæй.)

Уосонгæ йеу дзæвгарæ лæууй ревæдæй, уæдта фæззиннуй фиййау заргæ.

Фиййау
Уой, рирæ, рирæ,
Уой, рирæ, рирау!
Æз дин ци уарзун,
Кизгайти-кизгай, —
Дæ ходгæ цæстæ,
Дæ къæлæт æрфуг.
Уой, рирæ, рирæ,
Уой, рирæ, рирау!
(Фенгаст æй авгæ æма сиуæмæ, есуй авгæ. Кæсуй имсг æма дзоруй.)
Мæнæ, мæнæ и цъируйнаг,
Кедæр мæрдтæ имисуйнаг.
(Сиуæ идзаг кæнуй æма ниуазуй.)
Уох, уох, уох! Цæй карз æй, цæй!
Раст зæрдæмæ ниххæццæ 'й!
(Идзаг кæнуй сиуæ æма ниуазуй.)
Æвеллон æма тæмæс, —
Ард хуæрун нуртæккæ æз,
Фудковд уоси уагъд ке нæй!
(Иеума дæр уадзуй æма ниуазуй.)
Уох, ку 'рцардтæн, ку, дæдæй,
Сæр йеу минги бабиндзæ 'й!
(Ивæруй авгæ æма сиуæ. Заруй.)
Æз дин ци уарзун,
Кизгайти рæсугъд, —
Дæ нарæг астæу,
Дæ ходгæ билтæ,
Уой, рирæ, рирæ,
Уой, рирæ, рирау!
Дæ ходгæ билтæ,
Дæ нарæг астæу!
(Заргæ рацæуй уосонгæй.)

Йеу усми фæсте фæззиннуй Поцо.

Поцо
(Дудари рауингæй).
Гъей, бунатмæ, нæ муддар,
Мæ зæронд лимæн, Дудар!

Дудар

Уæ бунат дæр гириззаг,
Дæхуæдæг дæр гириззаг!

Поцо

Уой ци хони, мæ хæлар,
Мæ зæронд лимæн, Дудар?

Дудар

Мæн ма хонæ дæ хæлар,
Нæй æнкъай дæуæн Дудар.

Поцо

Цæбæл мæстгун дæ, ме 'нгарæ,
Цæбæл кæнис дзурдæвзарæ?

Дудар

Кæд н' агори фидбилиз,
Цæмæн кæни уæд гириз?

Поцо

Ци гириз æй, цитæ дзори?
Цæй, æрбадæ ду мæ цори.
Нæ дзубанди уотемæй
Бакæвдзинан дууемæй.

Дудар

(лæдзæг телгæй).
Æвæццæгæн, æнгъæлис,
Дудари сæрбæл гириз
Бафедаудзæнæй де 'рдиги,
Фал, еунæг Хуцау, ме 'рдиги, —
Æнæмæнгæ ку зæгъон, —
Фæккæндзæнæ фуд фæсмон!

Поцо

Æгæр устур æй дæ гъелæ,
Æгæр хъæбæр æй ма телæ,
Ку дин фæссæтта æваст,
'Ма ку сæхседа дæ маст!

Дудар

(æвзедуй гъелæй).
Маст нæ, фал дин дæ сæрбæл
Æрсæттун гъæуй а гъелæ!

Поцо

(дамбаца фелвасуй).
Дæ лæдзæг мæнмæ ма телæ,
Кенæдта дин дæ реубæл
Ниццæвдзæнæн дамбаца!

Фиййау

(фæззиндтæй æваст. Поцомæ).
Гъей, ци кæнтæ, гъей, ниууадзæ !
Цæбæл цæуй уæ хъис-хъис?
Ма бакæнтæ фидбилиз!

Поцо

Бахатир кæнæ, фиййау,
Фал бафæрсæ 'й, сонт сирдау
Сонт лæборæ ци кæнуй?

Фиййау

'Ма фиййау дæр ци зонуй?

Дудар

Гъей, зæронд хæрæг Поцо,
Ниггеруз æй дæ роцъо,
Робасау уæдцæр, æвæдзи,
Дæ думæг телун нæ уадзи.
Нур дæхе фиййауæн раст
Æрбакодтай ду æваст.

Поцо

Дæ хуарзæнхæй, о Дудар,
Мабал дзорæ нур лæвар,
Цо, корæн ди, дæ бунат
Баагорæ æнæ над.

Æваст топпи гъæртæ фæццудæй.

Фиййау
Топпи гъæртæ игъусуй,
Гъей, фæдеси гъæр цæуй!

Рауайунцæ æртемæй дæр. Йеу дзæвгарæ уосонгæ ревæдæй лæууй, уæдта фæззиннунцæ Тотай æма Салат киндзи хæццæ. Сæ фæсте фæззиннуй Поцо дæр æма никъкъех уй.

Тотай
Ку никъкъех дæ, ку, Поцо,
Цæй, радауæ дæ роцъо,
Нæ фæдздзæгъæл æй нæ гъавд,
Дзанахан-рæсугъд — æскъавд!

Салат

Æнамонд нæ дæ, Поцо,
Хæстæгдæр имæ бацо.

Поцо

Мæнæ дес æма тæмæс,
Фун уинун, æнгъæлдæн, æз!

Тотай

Цæй, уадзæн сæ нур, Салат,
Нур ралæудтæй сæ сахат.

Тотай æма Салат рацæунцæ.

Поцо
Нур байзадан еунæгæй,
Дзанахан-рæсугъд, дæ хæццæ,
Уо, мæ уод æма мæ дзæццæ,
Рагæй дæмæ ку бæллун.
Нур ку сесисæ дæ хизæ,
Ходæзмолтæй ку зæгъисæ
Ду еу адгин дзурд мæнæн,
Уæд фур цинæй фур тæмæн
Искæнидæ, ис, мæ зæрдæ.
Уæд зæгъинæ дин цидæртæ.
Уæд фестинæ æз æндæр,
'Ма фæууинæ лæхъуæндæр.
(Дауй æ роцъо еу усмæ.)
Куд неци дзори, мæ цард,
Цæй, ферттевæ-ма, ме стъалу,
Дæн нуртæккæ æз æвзалу,
Фал фестдзæнæн цирен арт.
(Æвналуй хизæ йесунмæ, фал æй киндзæ нæ уадзуй. Æрифтудта ибæл æ цонг 'ма 'й хъуритæ кæнуй. Поцо бабæй ин æ хизæмæ æвналуй.)
Цæй, дæ хизæ нур исесæ,
Дæ ходгæ билтæ равдесæ,
Мæ уоди уод, Дзанахан,
Йесге рази ку нæ ан.
(Хизæ тух рæмодзæ кæнуй йеу усмæ, уæдта фæгъгъæбесæй унцæ. Поцо киндзи бунæй фæцæй.)

Фæззиннунцæ Тотай, Салат æма ходунцæ. Киндзæисуагъта Поцой. Исиста хизæ, 'ма дин йе ба — фиййау. Кæсунцæ кæрæдземæ: фиййау — ходгæй, Поцо — мæстгунæй.

Тотай
Гъей, зæронд хæрæг, Поцо,
Ку ниййизгæ 'й дæ роцъо!

Салат

Цæппо-лæппо, фий-лæппо,
Ку нæ разиндтæ лæппо!

            Æмбæрзæн

1921 анзи, май

 
 
ЦЪÆХЪАЛ

Фæлорс мæйæ — арви кизгæ,
Тунтæ нивæндгæй,
Исцудæй бæрзонд, æрттевгæ,
Хонхмæ баходгæй...
Гъулæг неуй дæлбун коми
Æхсæйвон цæхъал,
Цæвуй æхе æмир къуми
Дорин къæдзæхбæл...
Йе неуй æма зин хъурми
Гъæр кæнуй æнкъард:
«Мах, цæхъалтæ, мæнæ коми
Хæссæн лæги мард...
Тар æфцæгбæл тар изæрæй
Йе, цæугæй бæхбæл,
Мæхъæлони циргъ хъæмайæй
Райста йæ адзал.
Донæй инод уой мард гъостæ,
Инод æ гъæлæс;
Баймирæнцæ уой цæститæ,
Баймирæй йе 'нгæс...»
Пурф кæнунцæ сæ фур мæстæй
Листæг тъинггитæ,
Цума хауй йесге цæстæй
Ирд цæстисугтæ.
Уотæ кудтæй уазал хъурми
Терки зуст цæхъал,
Цæвгæй æхе æмир къуми
Дорин къæдзæхбæл...
Фæлорс мæйæ - æрвти кизгæ
Тунтæ нивæндгæй,
Исцудæй бæрзонд,' æрггевпе
лонхмæ баходгæй.

1907

 
 

ФИЦЦАГ МÆЛГЪÆ

Зæнхкосæг:

Фусун кæнуй цæгати
Мартъий мегъæ нурма:
Æстонг цæргæс мæгати
Нæма стæфуй, нæма...

Зиннунцæ ма уорс меттæ
Æндзæрти тæлмитæй, —
Лæуунцæ ма йех-хедтæ
Уæлдæнттæ рæнгъитæй...

Нурма гъизуй уæл рагътæ
Фуд уадæ æнæвгъау,
Уæд ду, мæлгъæ, ци 'ртахтæ
Нæ хонхмæ рагацау!

Ци 'римистай де 'нкъарди,
Фæсденгизтæ цæргæй?
Не 'ронх кæнуй цæгати
Фидон бæстæ, 'цæгæй...

Алли 'взагæй абони
Уæл назу ду цæгъдис, —
Дæлкъæбурмæ — донгони
Фиййауи исæрхис...

Нæ тæрси ду адзалæй,
Тæрсун дин æз уæддæр:
Æстонг æма уазалæй
Ку фесæфа дæ сæр.

Мæлгъæ:

Уазал æма æстонгæй
Ма тæрсæ, мæ хæлар, —
Рохс уалдзæг хуæрзефтонгæй
Хæссуй дин нур мæ зар...

Кæд ма тъизуй и мартъи,
Кæд ма тъифсуй и бон,
Хæссун уæддæр мæ зарди
Зуймон гъизтæн кæрон!..

1927

 

ФЫЦЦАГ МАРГЪ

Зæхкусæг:

Фысым кæны цæгаты
Мартъийы мигъ нырма:
Æстонг цæргæс мæгаты
Нæма хаты, нæма...

Зынынц ма.урс нымд митæ
Быдырты тæлмытæй, —
Лæууынц ма ихын хидтæ
Уæл-дæттæ рæнхъытæй...

Нырма хъазы уæл-рæгътæ
Фыд уад хæрз æнæвгъау,
Уæд ды, о, маргъ цы 'ртахтæ
Нæ хохмæ рагацау?!

Цы мысыдтæ де 'нкъарды
Фæсденджызтæ цæргæ?
Нæ рох кæкы цæгаты
Фыдыбæстæ, цæгæй...

Алы æвзагæй абон
Назы уæлæ цæгъдыс,—
Дæлкъæмбырмæ — донгæрон
Фиййауы ирхæфсыс...

Нæ тæрсыс ды адзалæй,
Тæрсын дын æз уæддæр:
Æстонг æмæ уазалæй
Куы фесæфа дæ сæр.

Маргъ:

Уазал æмæ æстонгæй
Ма фæтæрс, мæ хæлар, —
Рухс уалдзæг хæрзифтонгæй
Хæссы дын ныр мæ зард...

Кæд-ма нытъизы мартъи,
Кæд-ма ныхъæрзы бон,
Хæссын уæддæр мæ зарды
Хъызт зымæгæн кæрон!..


 

 

ХÆХХОН ЗАРÆГ

Арвыл æрттивынц нæ хæхтæ,
Цъититæй дæттæ кæлынц;
Дардæй нæ урссæр къæдзæхтæ
Махмæ бæрзондæй кæсынц.

Цардмæ бæрзондæй кæсгæйæ,
Се 'знæгтæн федтой фыдбон,
Федтой бæллиццаг сæрибар,
Баст цардæн федтой кæрон.

Нал хъуысы дардмæ сæ хъарæг,
Сау фæнык нал кæнынц ныр.
Атыдтой фидар рæхыстæ, —
Зары фырцинæй быдыр.

Райстой сæ бартæ нæ адæм,
Скодтой сæхицæн фæндаг.
Мауал ку, мауал, нæ бæстæ,
Не знæгтæн фестæм сæ фаг.

Цæй-ма, нæ Иры фæсивæд,
Тохмæ æрбалæуу хъæддых,
Де 'знаг куы фезмæла ноджы,—
Равдис та ноджы дæ тых!..

Арвыл æрттивынц нæ хæхтæ,
Цъититæй дæттæ кæлынц.
Дардæй нæ урссæр къæдзæхтæ
Махмæ бæрзондæй кæсынц,

1919

 

  Æмдзæвгæ автор ныффыста ирон диалектыл.
    
 
 

* Сæргæндты сыфмæ *