Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

«Хæлуарæджы тын йæхи афтæ фæдары, цыма æртæхтæ ахсы, æцæгæй та бындзытæ ахсы». // Тагоры хъуыдытæй

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 29 июнь

Хъæбатыртыл зарджытæ

Берозты Тотрадзы зарæджы тыххæй

Ирон зарæджы фарн фæлурс кæны. Уæлдайдæр та хъæбатырты зарджыты фарн. Адæм сæ арæх нал зарынц, радио æмæ телеуынынад сæм се ’ргом фаг нал здахынц. Æмæ цуды ирон аивады иу къабаз. Адæм ыл кæй тыхсынц, уый зыны, газет «Рæстдзинад»-ы ацы фарстайыл цы æрмæджытæ рацæуы, уыдоны. Æмæ æрмæст мыхуыргонд æрмæджыты нæ, фæлæ газеткæсджытæн телефонæй сæ ныхæсты дæр. Æрæджы нæм Комгæронæй ацы фарстайы фæдыл æрбадзырдта Тотраты-Берозты Симæ. Уый хъынцъым кæны, Берозты Тотрадзы зарæг рох кæнын кæй райдыдта, ууыл.

Уый размæ нæм уый фæдыл цалдæр хатты ныхас уыд йæ хо Кочысаты-Берозты Зинæимæ. Уыцы зæрдæйы уаг ис сæ иннæ хо Цгъойты-Берозты Риммæмæ дæр. Берозты Тотрадзы зарæгæн ис цалдæр варианты, æмæ дзы æппæты фылдæр сæ зæрдæмæ цæуы, зындгонд оперон зарæггæнæг Бæцæзаты Юри кæй зары, уый. Уый тыххæй дзы сты стыр бузныг. Æмæ сæ бафæндыд йæ зарæджы ныхæстæ газеты ныммыхуыр кæнын.

Мах Бæцæзаты Юрийæ ракуырдтам, цæмæй нын Берозты Тотрадзы зарæджы ныхæстæ радта. Уый нын сæххæст кодта нæ курдиат уæлдайджынтæй. Дæлдæр мыхуыр кæнæм, Юрæ нæм цы æрмæг æрбарвыста, уый.

***

Ирон адæм кæддæриддæр зарджытæ кодтой сæ хъæбатыртыл, лæгдзинад-иу чи равдыста тыхгæнджытимæ тохы, уыдоныл. Раджы заман ма уыдис ахæм æвирхъау хъуыддæгтæ дæр, мæгуыр лæг-иу фæцæйцыд бæхуæрдонæй кæнæ галуæрдонæй, йæ размæ-иу рагæппытæ кодтой абырджытæ æмæ-иу ын йæ гал кæнæ йæ бæх байстой. Йæхи-иу ын маргæ акодтой. Афтæ дæр ма-иу уыдис, æмæ хъомгæс кæнæ фыййау йæ фос хизы, æмæ йын-иу йæ фос байстой, йæхи та йын-иу маргæ акодтой. Уыцы хабæрттæ ирон адæм иууылдæр зонынц.

Берозы-фырт Тотрадз — хæххон мæгуыр лæг, цардис йæ бинонтимæ. Йæ сывæллæттимæ тыхтухитæ кодта хæххон зын уавæрты, уæлдайдæр сын хор нæ фаг кодта. Иуахæмы Тотрадз сфæнд кодта быдырмæ фæцæуын хорагурæг, рараст æмæ ныххæццæ Заманхъулмæ.

Фæцæуы уынгты; æмæ ныхасы лæгтæ бадынц, салам сын радта æмæ сæ бафарста, ам Хъуысаты Хъасай кæм цæры, зæгъгæ. Ныхасы лæгтæ йын бацамыдтой Хъасайы хæдзар.

Уый уыдис цæрæг лæг, фос — бирæ, стæй хор дæр — афтæ.

Тотрадз Хъасайы дуар бахоста, æмæ йæм Хъасай рацыдис. Хæххон лæг æм бадзырдта: мæ сывæллæттæ — де уазæг, мæ сæр — дæ нывонд.

Цыбыр рæстæгмæ Тотрадз райдыдта хъомгæсæй кусын Хъасаймæ, цæмæй йæ сывæллæттæн иу чысыл бакуса хор. Цас акуыста, чи зоны, фæлæ иуахæмы Тотрадз йæ фос хызта Заманхъулы хуссарварс Кæрдойы комы. Æрбамбæлдысты йыл абырджытæ, схæцыдысты йемæ æмæ йæ амардтой, йæ фос та йын тæргæ акодтой. Иуцасдæры фæстæ мæ фыды фыд Хъази сцæйцыд фæндагыл æмæ диссаг: фæндаджы фале Кæрдойы комы лæджы мард. Хæстæгдæр æм бацыд æмæ уыны: æнаккæгтæ амардтой мæгуыр хæххон лæг Тотрадзы.

Фæфæдис ис хъæумæ, Хъасаймæ. Фос ма фæдисæттæ байстой, фæлæ абырджытæ алыгъдысты Цæлыччы быдырты скæсæны ’рдæм. Мæ фыды фыд Хъази уæд йæ кæстæр æфсымæрæн афтæ зæгъы: «Дæ зарын кæцæй нæ райхъуысы, ахæм куы нæ ис, кæд ахæм дæсны дæ, уæд ма уыцы мæгуыр лæгыл скæн зарæг».

Цалдæр боны фæстæ райгуырдис Берозты Тотрадзы зарæг. Ныхæстæ æмæ мелоди дæр скодта мæ фыды фыды æфсымæр Бæцæзаты Габли.

Берозты Тотрадзы зарæг

mp3

Ой, тох, æмæ хæхбæстæй быдырмæ куы рараст вæййы,

Ой, ой Берозы-фырт Тотрадз, загъта, ой,

Цæуон быдырмæ мæ сабитæн хор агурæг, загъта, ой.

Ой, ой æмæ мæгуыр хæххон лæг далæ Заманхъулмæ куы ’рхæццæ вæййы.

Ой, ой, ныхасы зæрæдты куы бафæрсы, зæгъы,

Ой, ам Хъуысаты Хъасай кæцы ран цæры, загъта, ой.

Ой, тох æмæ Берозы-фырт Хъасаймæ куы бадзуры, уæдæ

Ой, ой, мæ сабитæ де уазæг, загъта, ой, мæ сабитæ

Де уазæг мæ сæр дæ нывонд, хорз Хъасай, ой.

Ой тох, æмæ дæлæ нын, зæгъы, Кæрдойы комы хæст ыстынг ис, лæппутæ.

Ой, ой æмæ зæгъы цы уыдзæнис, ой, Кæрдойы комы хæст ыстынг ис, лæппутæ.

Ой, ой, æмæ уæртæ нын, зæгъы, чындзхæсджытæ æрбацæуынц, ой, Тотрадз!

Ой, ой, уыдон, зæгъы, чындзхæсджытæ куы не сты, уæдæ.

Ой, уыдон, зæгъы, мæ удхæсджытæ куы сты, ой, ой, тох!..


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.