Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

«Хæлуарæджы тын йæхи афтæ фæдары, цыма æртæхтæ ахсы, æцæгæй та бындзытæ ахсы». // Тагоры хъуыдытæй

Журнал «Мах дуг», 2011 азы №5

Виссарион Белинский

БАЗЫРДЖЫН НЫХÆСТÆ

  • Цы нæ зоныс, цы не ’мбарыс, уый фау — ахæм у курдиатцух адæймаджы миниуæг.
  • Æлгъаг у æдзæсгом, къæйных хиппæлой адæймаг, фæлæ къаддæр æлгъаг нæу, йæ сæр сæрмæ чи нæ хæссы, йæхицæн кад кæнын чи нæ зоны, уый дæр.
  • Ныллæг, æлгъаг удтæ сæ ницæйагдзинады тыххæй сæ маст фæисынц стыр æмæ сыгъдæг адæймæгтæй æмæ сыл сæ хъуыдыты чъизитæ фæкалынц æнауæрдонæй.
  • Уарзт æмæ æнæуынондзинадæй цух чи у, симпатитæ æмæ антипатитæ кæмæ нæй, уыцы адæймаг æндæрг у, æндæр ницы.
  • Сылгоймаг зæрдæйæ хъуыды кæны, нæлгоймаг та сæрæй уарзы.
  • Цард къæппæг у, мах та — мыстытæ: иуæй-иутæн бантысы сайæнæй хи фæтылиф кæнын æмæ цъысымæй раирвæзын, фæлæ бирæтæ байсæфынц, сайæнмæ æрмæстдæр смудын бафæразынц, афтæмæй. Æнæсæрфат комеди, хæйрæджыты амæддаг фæуа!

  • Рæстæг у æппæты стырдæр, æппæты гениондæр, æппæты æнæаипдæр критик.
  • Рæстдзинад адæмæй уæлдæр у æмæ сæ хъуамæ ма тæрса.
  • Эгоизм йæ хуыз раив-баив кæны — хамелеонау.
  • Æнкъарæн арт у, хъуыды та — сой.
  • Рæстзæрдæ адæймæгтæм иу æвзæр миниуæг ис: æнаккæгты, æдзæсгом цъаммарты цур сæ цæстытæ дæлæмæ æруадзынц къæмдзæстыгæй.
  • Зондджынтæ æдылыты цур цыдæр æнахуыр вæййынц.
  • Грамматикæ курдиатдæттæг нæу, фæлæ курдиатæн стыр тыхдæттæг у.
  • ...адæймаг Мæнгдзинадæн йæхи куы ратты, уæд дзы зонд æмæ курдиат лидзæг фæвæййынц.
  • Размæ чи нæ цæуы, уый фæстæмæ цæуы: иу ран лæууынæн мадзал нæй.
  • Царды куыд у, афтæ литературæйы дæр ис плебейтæ, сау адæм. Сау адæм та æнæфенд, талынг вæййынц, стæй — æдзæсгом, æнæфсарм, къæйных.
  • Æдзухдæр хъæлдзæг чи у, уый амондджын у, амондджын та хæларзæрдæ вæййы.
  • Дзырд хъуыдыйы айдæн у: хъуыды зынæмбарæн куы уа, уæд дзырд дæр зынæмбарæн вæййы.
  • Литературæ хъуамæ æнæмæнг æвдиса адæмы цард, хъуамæ адæмы мидуавæры символ уа.
  • Хъизæмæрттæ чи нæ фены, уый амонд дæр нæ фены.
  • Мады уарзондзинадæй сыгъдæгдæр, æнæазымдæр ницы ис.
  • Адæмы ’взагæн йæ хуыздæр хъахъхъæнæг академи дæр нæ, грамматикæ дæр нæ, фæлæ адæмы удварн у.
  • Гоголь фысгæ нæ кæны, фæлæ нывтæ аразы. Йæ фæлгонцты йын æнкъарæм царды, дунейы удæгас ахорæнты улæфт.
  • Пушкины стих у уырыссаг стихы æнæмæлгæ тип: уымæй хуыздæр нæ уыд æмæ нал уыдзæн.
  • Адæймаг йæхи фæндаг куы ссара, йæ бынат куы базона, уæд ма йæ цы хъæуы? Уæд, зæгъæн ис, йæхи зонынхъом ссис.
  • Ахуырад адæймагæн хæрзæгъдауы миниуджытæ нæ ратты, уый æрмæст ахъаз вæййы сæ райрæзынæн. Хæрзæгъдауы миниуджытæ та йын æрдз ратты.
  • Хорз у ахуыргонд, поэт, хæстон, политикон кусæг уæвын. Фæлæ уыцы иу рæстæг адæймаг куы нæ уай, уæд уый тынг æвзæр у.
  • Патриотизм ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй хъуамæ æвдыстæуа.
  • Æцæг тыхджын курдиаты карз критикæ нæ амардзæни, ницæйаджы критикæйы рæвдауæн ныхæстæ уæлиаумæ куыд нæ сисдзысты, афтæ.
  • Аккаг чи нæу, уымæй куы раппæлай, уæд æй уæлдæр нæ сисдзынæ, уыйхыгъд дæхи фегад кæндзынæ.
  • Цалдæр хатты бауарзын фыдракæнд нæу, иунæг хатт бауарзын сгуыхтдзинад куыд нæу, афтæ.
  • Удæгæсты ’хсæн дæр мæрдтæ вæййы, мæрдты ’хсæн удæгæстæ куыд вæййы, афтæ.
  • Хицæн адæмты æмæ æппæт адæмы царды дæр вæййы æнамонд рæстæджытæ. Уæд æнæхъæн фæлтæртæ нывондæн хаст æрцæуынц фæстæдæры фæлтæртæн. Фыддуг-фыдрæстæг ацæуы, æмæ æвзæрдзинадæй райгуыры хорздзинад.
  • Мæнæй æппæлынæй, мæныл цинтæ кæнынæй мæ худæджы уавæры чи баппары, ахæм æдылыдзæфæн йæ ных бакъуырын кæй фæхъæуы, уый бæргæ æмбарын, фæлæ афтæ бакæнын дæр уæззау хъуыддаг у: суанг мæнг уарзондзинадæн дæр фыдæхæй дзуапп раттын мæм куыддæр аив нæ кæсы.
  • Ме ’фсымæртæ, мæ туг, ме стæг дзæбæх кæй сты, сæ цард нывыл кæй цæуы, уый куы нæ уынон, уæд мæ амонд лæвар дæр нæ хъæуы.
  • Æвæдза, цас ис ахæм мадæлтæ æмæ фыдæлтæ: сæ цоты зæрдиагæй уарзынц, фæлæ сын иудадзыг сæ хъусы цæгъдынц, цард дæр, дам уын мах радтам, дарæс дæр, хъомыл дæр уæ мах кæнæм! Уыцы æнамонд ныййарджытæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, сæ цотæй сæхи æнæхай кæй кæнынц...
  • Философ силлогизмтæй дзуры, поэт та фæлгонцтæ æмæ нывтæй, фæлæ дзургæ уыцы иу хъуыддæгтыл кæнынц... Иу æвдисæнтæ хæссы, иннæ та æвдисгæ кæны, æмæ нæ сæ дыууæ дæр баууæндын кæнынц...
  • Чи нæ цы хъуыддаджы лæуд у, уым цас фæразонæй йæхи равдисы, уымæй аразгæ сты не ’нтыстытæ.
  • Æрмæстдæр, сызгъæрин астæуккæгтæ кæй хонынц, уыдон фæпайда кæнынц уæлæмхасæн бартæй — макæй бахъыгдар, архай, цæмæй дын знæгтæ ма уа, ууыл, æмæ дæ хъул æдзухдæр сах баддзæни.
  • Царды фидар мыггаг цæмæн нæй, уый рæстæджы æвирхъау гуылфæнты байсæфы — цæрыны аккаг нæу æмæ уымæн.
  • Хæрзæгъдауы арф æнкъарæнтæй цух адæймагмæ нæдæр уарзондзинад уыдзæни, нæдæр намыс, цæвиттон, адæймаг адæймаг цæмæй вæййы, уыдæттæй уыдзæни цух.
  • Дæ адæмæн йæ хъæнтæ æмæ сахъæтты тыххæй уайдзæфтæ куы кæнай, уæд уый фыдракæнд нæу, фæлæ сгуыхтдзинад, æцæг патриотизм.
  • Поэт цас тыхджындæр курдиаты хицау уа, уыйбæрц оригиналондæр уыдзæни.
  • ...Зонд æмæ æнкъарæн сты, æнæ кæрæдзи цæрæн кæмæн нæй, ахæм дыууæ тыхы. Иу дзы куы нæ уа, уæд иннæ дæр мард у.
  • Цардæгас бæркадхæссæг куыстæн йæ гуырæн у монц.
  • Цавæрфæнды намыс дæр, цавæрфæнды тых дæр хиуылхæцгæ сты — уымæн æмæ сæ хъомысыл æууæндынц.
  • Зонд адæймаджы удварны хотых у.
  • Мæхи тыххæй мын раст чи зæгъдзæни, мæ хæлар йеддæмæ.
  • Хъомылады хъуыддæгты хъуамæ сæйраг хотых æмæ разæнгардгæнæг тых уа уарзондзинад.
  • Адæймаджы зонды рæбинаг цæджындз у намыс.
  • Æз æппæты ахсджиагдæрыл нымайын зондджын ныхæстæ æмæ тæрхæттæ нæ, зонд дæр нæ, æнкъарæн дæр нæ, гений дæр нæ, фæлæ æргомдзырд æмæ рæстдзинад.
  • Ис ахæм æцæгдзинæдтæ, адæймаг æрвылбон кæй уыны, хорз кæй зоны, зæгъæм, сæрдыгон хъарм кæй вæййы, зымæгон та уазал, къæвдайы кæй ныххуылыдз уыдзынæ, арт та судзгæ кæй кæны. Фæлæ махмæ хатгай афтæ рауайы, æмæ уыцы хуымæтæджы æцæгтæ логикæ æмæ диалектикæйы æппæт тыхты æххуысæй хъахъхъæнын бахъæуы.
  • Алчидæр, цæмæй йæ уды дзæбæхæн, йæ иу къах иннæуыл æппæрстæй парахатæй цæра, уый охыл, æвæдза, иннæтæн цæрыны бар дæр нал дæттид. (...) Махмæ ис ахæм æвирхъау тыхгæнджытæ: сæхи фыстытæй фæстæмæ иннæтæй иуæн дæр рауадзыны бар нал раттиккой... Хъуыддаг ууыл дæр нæ ахицæн уаид. Сæ бон куы уаид, уæд иуæй-иутæ æндæр товартæ уæй кæнын дæр нал уадзиккой. Сæ фыстытæй фæстæмæ суанг дзул æмæ цæхх дæр дуканитæм нал уадзиккой...
  • Адæймагæн йе ’ддаг сыгъдæгдзинад æмæ аивтæ хъуамæ йæ мидæггаг сыгъдæгдзинад æмæ фидауц æвдисæг уой.
  • Мæ цæстысындз сты, фыр цинæй чъыллиппытæ кæнын чи райдайы, уыцы патриоттæ, æвастхъæртæ йæ хуыздæр хотыхтæ кæмæн сты, уыдон. Фæлæ, сæттын ыл, тæригъæддаг мæм кæсынц, æнад мын сты æвæлмас скептиктæ, абстрактон лæггæндтæ, астæуыстæг кæмæн нæй, ахæм дзæгъæл хъеллаугæнджытæ.
  • Суанг хъазгæйæ дæр сайын æмæ цæстмæмитæ кæнын нæ хъæуы. Дæу тыххæй чифæнды цыфæнды дзурæд — ды, цы дæ, уымæй баззай.
  • Æппæты стырдæр хæзна — хорз библиотекæ.
  • Поэт зæды номау сыгъдæг æмæ бæрзонд дзырд у. Уыцы дзырд хæссы, мæлæты хъомыс кæмæн нæй, ахæм кад æмæ намыс.

Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.