Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Вы можете увидеть в виде таблицы все использовавшиеся для записи осетинских текстов алфавиты, включая систему транскрипции из «Историко-этимологического словаря осетинского языка» Абаева.

Дигорон муггагтæ

Асетæ

Асети муггаг дæр равзурдæй уæздан Гагуй фурт Найфонæй. Найфон берæ рæстæгути фæццардæй Донифарси гъæуи, уæдта æд бийнонтæ æ цæрæн бунат раййевта медхонхи Гулæри гъæумæ.

Нæ республики Сæйраг архиви Гагуай фурт Найфони æма уой фурттæ: Хъасполат, Хамурзæ,Алимæрзæ, Мæхæмæт, æма Хадæхцихъой курдиæдтæдтæмæ æркæсунмæ кæци къамис исаразта, Владикавкази ттугъдон гарнизони къомендант, еци къамис Гагуати Найфони фурттæ дæр банимадта æлдæрттæбæл. Историон наукити доктор Калоти Барис æ сæйрагдæр куст киунугæ «Осетины» 35-аг тъафи финсуй: «Само Донифарское общество, хотя и прредставляло собой сплоченную организацию в социальном отношении не было однородным. Здесь имелись свои феодалы-Гагуата, появление которых предание относит к глубокой древности. Родоначальник Гагуа якобы был первым поселенцем в селении Донифарс. От него, согласно преданию, ведет начало ряд привелегированных фамилий (Кануковы, Кабановы, Кобегкаевы, Найфоновы и др.)».

Идарддæр еци тъафи Барис финсуй: «...позже Донифарское общество пополнили выходцы из других мест Дигории — Камболовы, Елбиевы, Асеевы».

Уæлдæр куд загътан, зæгъгæ, дан, Найфони фурттæ Гулæри гъæуæй нæуæгæй æрлигъдæнцæ Донифарсмæ «Донифарс пополнили выходцы из других мест Дигории: Камболовы, Елбиевы, Асеевы». Ами Калой-фурт зæгъуй Асети муггаги туххай, етæ, дан, æрлигъдæнцæ Донифарси гъæумæ Гулæрæй.

Нæ республики Cæйраг архиви Донифарси гъæуи «Бийнонти спискути «1886-аг анзи: Созо Демиши фурт 86-анздзуд, Хъурман æмæ Куцук — Хадæхцихъой фурттæ, Асланбек, Ибрагим æма Урусбий — Куцуки фурттæ.

Асети муггаги адæмæй аци «Бийнонти спискути» финст ка æрцудæй, уонæй сæ еуетæ финст æнцæ нæ республики центрон архиви Найфонти муггагбæл(Хадæхцихъо æма æ фурттæ Куцук æма Хъурман, Куцуки фурт Асланбек).

Аци финстæмæ гæсгæ гъуди кæнун æнгъезуй, зæгъгæ, аци адæм раздæр адтæнцæ Найфонтæй, уой фæсте ба иссæнцæ Асетæй. Найфонти муггаг Асетæбæл цæмæ гæсгæ конд æрцудæй, уой ба бæлвурдй неке зонуй.

Таурæхъгæнæг Асети Таймураз Батæрбеги фурт уæлдæр финст гъудитæбæл арази æй.

Таймураз ма радзурдта Асети адæни идарддæри цард куд рауадæй, уой туххæй.

Мæхæмæтæн, дан, адтæй æртæ фурти: Алихан, Амурхан æма Турхъан. Мæхæмæт æ фурти хæццæ Донифарси гъæуæй фиццаг ралигъдæй Хæзнидонмæ, уордигæй ба Уорсдонмæ. Уорсдонæй ба Мæхæмæт æ фурттæ Алихан æма Амурхани хæццæ фæллигъдæнцæ Туркмæ. Алиханæн Турки исæнтæстæй фурт-Халис. Халис абони дæр æгас æй, Турки армий хæссуй болкъони чин, куста устур бунæтти, ес ин дууæ фурти, етæ дæр Стамбули горæти кæнунцæ бæрнон куститæ. Алихани æнсувæр Амурханæн дæр кæнунцæ бæрнон куститæ. Алихани æнсувæр Амурханæн дæр Турки исæнтæстæй цæуæт, фал еци цæуæт катæ æнцæ æма сæ нæмттæ куд хуннунцæ, уони ба неке зонуй, Амурхан æхуæдæг ба рамардай Турки басти.

Хадæхцихъойæн Донифарси гъæуи исæнтæстæй дууæ фурти: Куцук æма Хъурман.Куцукæн ба исæнтæстæй фурт Аслæнбек. Асланбек адтæй Октябри революцибæл архæйæг, æма ’й 1918-аг анзи уорситæ ниййахæстонцæ æма ’й ниййауигътонцæ.

Асланбегæн байзадæй дууæ фурти: Тазе æма Хадзисмел, уæдта кизгæ Верæ.

Асланбеги фурт Тазейæн дæр исæнтæстæй фурт-Барис (рамардæй), уæдта цуппар кизги: Катя (лæгмæ æрцудæй Хачиртæмæ), Надя(Бетрозтæмæ), Царицæ(касгонмæ) æма Марицæ (æрцудæй Сæбантæмæ).

Хъурманæн исæнтæстæй дууæ фурти æма еунæг кизгæ. Æ фурттæ адтæнцæ Сосланбек æма Батæрбек. Сосланбек Донифарсæй ралигъдæй Дидийнатæмæ æма уоми рамардæй, тугъди немуцаг фашистити нихмæ тохгæй æ цард равардта нæ Райгурæн бæсти сæрбæл.

Асети иннæ хъауни (аули) нæмттæ нин зæгъæг нæ фæцæй, уомæ гæсгæ ба си сæ еуети кой нæ аци æрмæги нæ кæнæн, нæ сæ зонæн.

Асети муггаги равзурди цубур истори финст æрцудæй Дз æуæгигъæуи горæти цæрæг 65-æндзуд Асети Батæрбеги фурт Таймурази таурæхъмæ гæсгæ. Муггаги равзурди базонуни туххæй ма пайдагонд æрцудæнцæ н æ республики Центрон архиви финститæ.

Сæйраг фарсмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.