Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 23-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел синедрионы раз

1 Павел афæлгæсыд синедрионыл æмæ загъта: «Ме ’фсымæртæ, абоны онг цы ацардтæн, уымæй Хуыцауы раз мæ цæсгом сыгъдæгу».

2 Уæд алчер Анани Павелы фарсмæ лæуджытæн бардзырд радта, цæмæй йын цæвой йæ былтæ.

3 Павел ын загъта: «Хуыцау дæ ныццæвдзæн, чъырæйцагъд къул! Мæнæн Æгъдаумæ гæсгæ тæрхон кæныны тыххæй ам бадыс; ды та дазттыс мæ нæмыны бардзырд, æмæ уымæй халыс Æгъдау».

4 Павелы фарсмæ чи лæууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры æфхæрыс?»

5 Павел дзуапп радта: «Æфсымæртæ, алчер кæй у, уый нæ зыдтон. Уымæн æмæ фыст у: „Дæ адæмы хицауæй æвзæр ма зæгъ“».

6 Сæ иутæ саддукейтæ, иннæтæ та фарисейтæ кæй сты, Павел уый куы базыдта, уæд синедрионæн хъæлæсыдзагæй загъта: «Ме ’фсымæртæ, æз фарисей дæн, фарисейы фырт. Æмæ мын тæрхон кæнынц, мæрдты райгасыл мæ зæрдæ кæй дарын, уый тыххæй».

7 Павел афтæ куы загъта, уæд фарисейтæ æмæ саддукейтæ фæбыцæу сты, æмæ æмбырд фæдих.

8 (Саддукейтæ дзурынц, мæрдтæ, дам, нæ райгас уыдзысты; нæй, дам, зæдтæ æмæ удтæ. Фарисейтæ та æппæт уыдæттыл æууæндынц.)

9 Рауади стыр хъæлæба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытæй сыстади цалдæр, æмæ загъд самадтой: «Ацы адæймагмæ мах æвзæрæй ницы уынæм. Кæд ын уыдæттæ уд кæнæ зæд загъта, уæд та?»1

10 Фæлæ быцæу куы стынг, уæд æфсæддон хицау фæтарст, Павелы фæйнæрдæм уæнггай куы фæхæссой, уымæй. Æмæ æфсæддонтæн бардзырд радта, цæмæй æрхизой, Павелы адæмæй байсой æмæ йæ фидармæ акæной.

11 Уыцы æхсæв Павелмæ фæзынди Хицау æмæ йын загъта: «Фидар лæуу, Павел, уымæн æмæ Мæн тыххæй Иерусалимы куыд дзырдтай, афтæ хъуамæ дзурай Ромы дæр».

Сусæгъæнд Павелы ныхмæ

12 Куы сбон, уæд иудейтæй иуæйиугæ сусæгæй баныхас кодтой æмæ ард бахордтой, цалынмæ Павелы амарой, уæдмæ нæдæр хæрыны, нæдæр нуазыны тыххæй.

13 Сусæгъæнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссæдз адæймагæй фылдæр.

14 Уыдон бацыдысты алчертæм, адæмы хистæртæм æмæ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмæ Павелы амарæм, уæдмæ ком бадарыны тыххæй.

15 Уæдæ ныр сымах æмæ синедрион арвитут æфсæддон хицаумæ Павелы райсом сымахмæ æрхоныны тыххæй, цыма йын йæ хъуыддагмæ бæлвырддæр æркæсынмæ хъавут. Мах та цæттæ стæм, цалынмæ сымахмæ не ’рбахæццæ уа, уæдмæ йæ амарынмæ».

16 Уыцы сусæгъæнды тыххæй базыдта Павелы хойы лæппу. Бацыди фидармæ æмæ йæ радзырдта Павелæн.

17 Павел фæдзырдта сæдæйыхицæуттæй иумæ æмæ йын загъта: «Ацы лæппуйы ахон æфсæддон хицаумæ, цыдæр зæгъынмæ йын хъавы».

18 Уый лæппуйы бакодта æфсæддон хицаумæ æмæ йын загъта: «Ахст Павел мæм фæдзырдта æмæ куырдта, цæмæй дæм ацы лæппуйы æрбахонон; цыдæр зæгъинаг дын у».

19 Æфсæддон хицау ныххæцыд лæппуйы къухыл, фæхибар æй кодта æмæ йæ бафарста: «Цы мын зæгъинаг дæ?»

20 Лæппу дзуапп радта: «Иудейтæ баныхас кодтой дæумæ æрхатын, цæмæй райсом Павелы æркæнай синедрионмæ, цыма сæ йæ хъуыддагмæ бæлвырддæр æркæсын фæнды.

21 Фæлæ ды ма бакæс сæ коммæ, уымæн æмæ дыууиссæдз адæймагæй фылдæр йæ размæ бадынц. Ард бахордтой, цалынмæ йæ амарой, уæдмæ нæ бахæрын æмæ нæ баназыныл. Нырвдæгæн цæттæ сты, сæ каст ма дæ бардзырдмæ у».

22 Æфсæддон хицау лæппуйæн бафæдзæхста: «Мæнæн æй кæй загътай, уый макæмæн радзур», æмæ йæ ауагъта.

Павелы арвыстой Кесаримæ

23 Æфсæддон хицау басидти сæдæйыхицæуттæй дыууæмæ æмæ сын загъта: «Срæвдз кæнут дыууæсæдæ æфсæддоны, дæс æмæ æртиссæдз барæджы æмæ дыууæсæдæ арцхæссæджы. Æхсæвы æртæ сахатыл хъуамæ араст уой Кесаримæ.

24 Павелæн æрцæтгæ кæнут бæхтæ, æфсæддонтæ йæ бæстæйы хицау Феликсмæ сæрæгасæй куыд бахæццæ кæной, афтæ».

25 Ныффыстаахæмфыстæгдæр:

26 «Клавдий Лисийæ — бæстæйы хицаумæ, кадджын Феликсмæ. Фæрнджын у.

27 Ацы адæймаджы æрцахстой иудейтæ æмæ йæ хъавыдысты амарынмæ. Фæлæ æз æрцыдтæн æфсæддонтимæ, æмæ ромаг гражданин кæй у, уый куы базыдтон, уæд æй байстон.

28 Цæмæй йæ азымджын кæнынц, уый базоныны тыххæй йæ æркодтон сæ синедрионмæ.

29 Æмæ базыдтон: азымджын æй кæнынц, сæ Æгъдаумæ чи хауы, ахæм быцæйуаг фарстыты, фæлæ мæлæты кæнæ ахæстоны аккаг цы уа, ахæм азым æм нæ хæссынц.

30 Йæ ныхмæ сусæгъæнд кæй скодтой, уый мын куы загътой, уæд æй æвæстиатæй арвыстон дæумæ. Йæ зылынгæнджытæн дæр бафæдзæхстон сæ хъаст дæумæ бахæссын».

31 Æфсæддонтæ цы бардзырд райстой, уымæ гæсгæ Павелы æхсæвы бахæццæ кодтой Антипатридæмæ.

32 Дыккаг бон Павелимæ дарддæр цæуын бакодтой барджыты бар, сæхæдæг та æрбаздæхтысты фидармæ.

33 Барджытæ Кесаримæ куы æрцыдысты, уæд бæстæйы хицаумæ радтой фыстæг æмæ йæм Павелы бакодтой.

34 Бæстæйы хицау бакасти фыстæг æмæ бафарста Павелы, кæцон у, уымæй. Киликийæ кæй у, уый куы базыдта, уæд загъта:

35 «Дæ зылынгæнджытæ дæр куы æрцæуой, уæд дын æркæсдзынæн дæ хъуыддагмæ». Æмæ радта Ироды галуаны йæ ахстæй дарыны бардзырд.


1 23:9 Фæстæдæры къухфыстыты ацы бынаты кæрон у афтæ: Кæд ын уыдæттæ уд кæнæ зæд загъта, уæд Хуыцауы ныхмæ ма лæууæм.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.