Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 22-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 «Æфсымæртæ æмæ фыдæлтæ, байхъусут, мæхи сраст кæныны тыххæй уын цы зæгъинаг дæн, уымæ».

2 Дзуттагау кæй дзуры, уый куы фехъуыстой, уæд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта:

3 «Æз дæн иудей, райгуырдтæн киликиаг Тарсы. Схъомыл дæн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бæстон сахуыр кодтон нæ фыдæлты Æгъдау. Сымах уеппазт дæр абон Хуыцауыл куыд æнувыд стут, æз дæр Ыл афтæ æнувыд дæн.

4 Æз æфхæрдтон ацы фæндагыл цæуджыты, сæ амарыныл дæр нæ ауæрстон, ахстон нæлгоймæпы дæр æмæ сылгоймæгты дæр, æмæ сæ æппæрстон ахæстонмæ.

5 Уымæн æвдисæн сты алчер æмæ израилаг адæмы хистæртæ иууылдæр. Æз уыдонæй райстон фыстæджытæ не ’фсымæртæм, дамаскаг иудейтæм, æмæ ацыдтæн, цæмæй уым дæр æрцахсон уырнджыты æмæ сæ бафхæрынмæ æркæнон Иерусалиммæ.

6 Фæндагыл ма куы уыдтæн æмæ Дамаскмæ куы баввахс дæн, уæд мыл, æмбисбонмæ хæстæг, æваст æртыхст тæмæнкалгæ рухс уæларвæй.

7 Æз æрхаудтæн зæххыл æмæ фехъуыстон хъæлæс: „Савл, Савл, цæмæн Мæ æфхæрыс?“

8 Æз бафарстон: „Чи дæ, Хицау?“ Уый мын загъта: „Ды Кæй æфхæрыс, уыцы Назаретаг Йесо дæн“.

9 Ме ’мбæлццæттæ федтой рухс [æмæ сæ тас бацыди], фæлæ мемæ Дзурæджы хъæлæс нæ фехъуыстой.

10 Уæд æз бафарстон: „Хицау, цы гæнгæ мын у?“ Хицау мын загъта: „Сыст æмæ цу Дамаскмæ — уым дын загъд уыдзæни, Хуыцау дын цы саразын скарста, æппæт уыдæтты тыххæй“.

11 Æз рухсы тæмæнмæ кæй бакуырм дæн, уымæ гæсгæ мын ме ’мбæлццæттæ ныххæцыдысты мæ къухыл æмæ мæ æркодтой Дамаскмæ.

12 Иу лæг, Анани, — Æгъдауыл æнувыд, æппæт дамаскаг иудейтæм нымад, —

13 Æрбацыди мæнмæ, æрлæууыд мæ фарсмæ æмæ загъта: „Ме ’фсымæр Савл, дæ цæстæй ракæс“. Æз уыйадыл ракастæн мæ цæстæй æмæ йæ федтон.

14 Анани мын загъта: „Нæ фыдæлты Хуыцау дæ сæвзæрста, цæмæй Йын базонай Йæ фæндон, фенай Рæстгæнæджы æмæ Йын фехъусай Йæ хъæлæс.

15 Ды Йын æппæт адæмы раз уыдзынæ æвдисæн æмæ сын дзурдзынæ, цы федтай æмæ цы фехъуыстай, уый тыххæй.

16 Уæдæ ма цы фæстиат кæныс? Сыст, ссар Ын Йæ ном, аргъуыд райс æмæ цæхс дæ тæригъæдтæ“.

17 Иерусалиммæ куы æрбаздæхтæн æмæ Кувæндоны куы куывтон, уæд мын раргом:

18 Федтон Хицауы, æмæ мын загъта: „Рæвдздæр ацу Иерусалимæй, уымæн æмæ Мæн тыххæй ам куы дзурай, уæд дын дæ ныхасыл нæ баууæнддзысты“.

19 Æз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, æз Дæуыл æууæндджыты кæй ахстон æмæ сæ синагогæты кæй надтон, уый.

20 Де ’вдисæн Стефаны куы мардтой, уæд уый дæр æз растыл нымадтон; лæууыдтæн уым æмæ хъахъхъæдтон йæ марджыты пæлæзтæ“.

21 Хицау мын загъта: „Ацу, уымæн æмæ дæ Æз дардмæ, муртаттæм, арвитдзынæн“».

Павел æмæ æфсæддон хицау

22 Хъуыстой йæм, цалынмæ ацы ныхæстæ нæ загъта, уæдмæ. Уый фæстæ систой хъæр: «Зæххыл хъуамæ ма уа! Удæгасæй йын ныууадзæн нæй!»

23 Адæм хъæр кодтой, сæ пæлæзтæ рæдывтой æмæ уæлдæфмæ рыг калдтой.

24 Уæд æфсæддон хицау радта Павелы фидармæ бакæныны æмæ ехсæй нæмыны бардзырд, цæмæй базона, адæм æй хъæры бын цæмæн фæкодтой, уый.

25 Фæлæ йæ нæмыны тыххæй куы сбастой, уæд Павел йæ фарсмæ лæууæг сæдæйыхицауæн загъта: «Ау, сымахмæ ромаг гражданины ехсæй нæмыны бар ис, уыимæ æнæ тæрхонæй?»

26 Сæдæйыхицау уый куы фехъуыста, уæд бацыди æфсæддон хицаумæ æмæ йын загъта: «Уый цы кусыс? Ацы адæймаг ромаг гражданин у».

27 Уæд æфсæддон хицау бацыди Павелмæ æмæ йæ бафарста: «Зæгъма мын, ды ромаг гражданин дæ?» Павел дзуапп радта: «О».

28 Æфсæддон хицау загъта: «Цæмæй ромаг гражданин суон, уый тыххæй æз бирæ æхца бафыстон». Павел ын загъта: «Æз та мæ райгуырынæй фæстæмæ дæн ромаг гражданин».

29 Ехсæй нæмынмæ йæ чи хъавыд, уыдон æй уайтæккæ ныууагътой. Æфсæддон хицау куы базыдта, Павел ромаг гражданин кæй у, уый, уæд дзы тас бацыд, рæхыстæй йæ кæй сбаста, уый тыххæй.

30 Иудейтæ йæ цæмæй зылын кæнынц, уый бæлвырдæй базоныны тыххæй æфсæддон хицау дыккаг бон Павелы суæгъд кодта йæ рæхыстæй, радта алчерты æмæ æппæт синедрион æрæмбырд кæныны бардзырд, æмæ сæм æй ракодта.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.