Ног Фæдзæхст
Апостолты хъуыддæгтæ. 18-æм сæр
Павел Коринфы
1 Уый фæстæ Павел ныууагъта Афинтæ æмæ араст Коринфмæ.
2 Уым сæмбæлди, йæ ном Акилæ кæмæн уыд, ахæм цавæрдæр понтаг иудейыл йæ ус Прискиллæимæ. Уыдон æрæджы æрцыдысты Италийæ, уымæн æмæ кесæр Клавдий æппæт иудейтæн радта Ромæй ацæуыны бардзырд. Павел æрцыд уыдонмæ,
3 Баззад сæм æмæ куыста семæ, уымæн æмæ сæм Павелимæ иу дæсныйад уыди — цатыртæ аразын.
4 Алы сабат та ныхас кодта синагогæйы, йæхи хъардта иудейты æмæ бердзенты баууæндын кæныныл.
5 Силæ æмæ Тимофей Македонийæ куы æрцыдысты, уæд Павел йæхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынæн — иудейты æууæндын кодта, Йесо Чырысти кæй у, ууыл.
6 Фæлæ уыдон йæ ныхмæ кæй уыдысты æмæ йæ кæй фаудтой, уый тыххæй Павел ацагъта йæ дарæсы рыг æмæ сын загъта: «Уæ сæфты тыххæй уæхæдæг стут азымджын, æз сыгъдæг дæн. Нырæй фæстæмæ муртаттæм цæудзынæн».
7 Павел араст уырдыгæй, æмæ æрцыди, Хуыцауы чи нымадта, иу ахæм лæджы хæдзармæ, йæ ном — Иуст; йæ хæдзар уыди синагогæйы фарсмæ.
8 Синагогæйы хицау Крисп йеппæт хæдзаронтимæ баууæндыд Йесойыл. Коринфæгтæй Павелмæ чи байхъуыста, уыдонæй дæр бирæтæ баууæвдыдысты æмæ аргъуыд райстой.
9 Иухатт æхсæвы Павелмæ фæзынд Хицау æмæ йын загъта: «Тæрсгæ ма кæн, фæлæ дзур æнæбанцайгæйæ.
10 Æз демæ дæн, æмæ дæм фыдбылыз саразынмæ никæй къух баххæсдзæн, уымæн æмæ Мын ацы сахары бирæ адæм ис».
11 Æмæ дзы Павел баззад афæдз æмæ æхсæз мæйы, æмæ адæмы ахуыр кодта Хуыцауы ныхасыл.
12 Фæлæ Ахайæн йæ хицау Галлион куы уыди, уæд иудейтæ æмвæндæй балæбурдтой Павелмæ, æмæ йæ æрбакодтой тæрхондонмæ,
13 Зæгъгæ, ацы лæг Хуыцаумæ кувыныл куыд ахуыр кæны, уый Æгъдаумæ гæсгæ нæу.
14 Павел йæ дзых нæма байгом кодта, афтæ Галлион иудейтæн загъта: «Иудейтæ, исты фыдбылыз кæнæ фыдракæнд куы æрцыдаид, уæд мын æфсон уыдаид сымахмæ байхъусынæн.
15 Фæлæ ныхæстыл, нæмттыл æмæ уæ Æгъдауыл кæй у уæ быцæу, уымæ гæсгæ уæ бар уæхи. Нæ мæ фæнды, æмæ уын уыдæтты тæрхонгæнæг æз уон».
16 Уыйадыл сæ фæтардта тæрхондонæй.
17 Уæд иууылдæр сæхи ныццавтой синагогæйы хицау Сосфеныл æмæ йæ надтой тæрхондоны раз. Фæлæ йыл Галлион мисхалы бæрц дæр нæ батыхст.
Павел æрбаздæхт Антиохимæ
18 Павел Коринфы бафæстиат дзæвгар, стæй хæрзбон загъта æфсымæртæн, æмæ Акилæ æмæ Прискиллæимæ науы ацыд Сиримæ. Хуыцауæн дзырд кæй радта, уымæ гæсгæ балцы размæ Кенхрейы алвыдта йæ сæр.
19 Бахæццæ сты Эфесмæ. Уым ныууагъта Акилæйы æмæ Прискиллæйы; йæхæдæг та бацыд синагогæмæ æмæ ныхас кодта иудейтимæ.
20 Уыдон æм æрхатыдысты, цæмæй сæм афæстиат уа иуцасдæр, фæлæ Павел не сразы.
21 Хæрзбонæн сын загъта: «[Цы бæрæгбон æрцæуы, уый æз æнæмæнг Иерусалимы хъуамæ арвитон.] Хуыцауы фæндæй та уæм æрыздæхдзынæн». Æмæ науы ацыд Эфесæй.
22 Кесарийы рахызт науæй æмæ æрцыд Иерусалиммæ. Уым аргъуаны фембæлд уырнджытимæ æмæ араст Антиохимæ.
23 Уым иуцасдæр куы фæци, уæд араст æмæ цыди Галатийы бæстæйыл æмæ Фригийыл, йæ фæндагыл фидар кодта æппæт ахуыргæнинæгты уырнындзинад.
Аполлос амоны Эфесы
24 Ныр цавæрдæр александриаг иудей, йæ ном — Аполлос, æрцыд Эфесмæ. Аполлос уыди дзырдарæхст лæг, хорз зыдта Сыгъдæг Фыст.
25 Хицауы фæндаг цы у, уый йын бацамындæуыд, æмæ Йесойы тыххæй дзырдта æмæ ахуыр кодта зæрдиагæй æмæ раст, кæд æрмæст Иоанны аргъуыд зыдта, уæддæр.
26 Аполлос ныфсджынæй дзурын райдыдта синагогæйы. Акилæ æмæ йæм Прискиллæ куы байхъуыстой, уæд æй ахуыдтой сæхимæ æмæ йын бæлвырддæр бацамыдтой Хуыцауы фæндаг.
27 Ахаймæ цæуыны фæнд æм куы фæзынд, уæд ын æфсымæртæ баххуыс кодтой, стæй ныффыстой ахуыргæнинæгтæм, цæмæй йыл баузæлой. Уырдæм куы æрцыд, уæд тынг ахъаз фæци, Хуыцауы хорзæхы руаджы чи баууæндыд, уыдонæн.
28 Æппæт адæмы раз-иу йæ тыхджын ныхасæй басаста иудейты Сыгъдæг Фысты фæрцы æмбарын кодта, Йесо Чырысти кæй у, уый.