Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 14-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел æмæ Варнавæ — Иконийы

1 Павел æмæ Варнавæ Иконийы дæр бацыдысты иудейаг синагогæмæ, амыдтой афтæ, æмæ иудейтæй æмæ бердзентæй тынг бирæ баууæндыд Йесойыл.

2 Хуыцауы ныхасæн чи нæ басаст, уыцы иудейтæ та сызмæстой муртатты æмæ сæ сардыдтой æфсымæрты ныхмæ.

3 Павел æмæ Варнавæ уым фесты бирæ рæстæг; ныфсджынæй дзырдтой Хицауы тыххæй, æмæ Йæ хорзæхы тыххæй раст кæй дзырдæуыд, уый апостолты фæрцы Хицау æвдыста æвдисæйнæгтæй æмæ диссæгтæй.

4 Адæм сахары фæдих сты: иутæ иудейты фарс уыдысты, иннæтæ та — апостолты.

5 Муртаттæ æмæ иудейтæ сæ хистæртимæ скодтой апостолты бафхæрыны æмæ сæ дуртæй амарыны фæнд.

6 Павел æмæ Варнавæ уый куы базыдтой, уæд ацыдысты ликаониаг сахартæ Листрæ æмæ Дервимæ, стæй сæ алфамбылайтæм.

7 Ам дæр хъусын кодтой фарны уац.

Листрæ æмæДервийы

8 Листрæйы царди, йæ къæхтæ сахъат кæмæн уыдысты, иу ахæм лæг; æдзух бадти, цæуынхъом никуы уыд, уымæн æмæ мады гуыбынæй афтæ рахаста.

9 Павел куы дзырдта, уæд æм хъуыста. Павел æм æдзынæг ныккаст æмæ федта: уыцы лæгмæ ис, кæй фæрцы сдзæбæх уа, ахæм уырнындзинад.

10 Уæд ын Павел хъæрæй загъта: «Слæуу дæ къæхтыл». Уый уайтæккæ фæгæпп ласта æмæ райдыдта цæуын.

11 Павел цы бакодта, уый адæм куы федтой, уæд ликаониагау райдыдтой хъæр кæнын: «Адæймаджы хуызы нæм хуыцæутгæ æрцыдысты!»

12 Æмæ Варнавæйы хуыдтой Зевс, Павелы та — Гермес1, уымæн æмæ ныхас фылдæр уый кодта.

13 Сахары кулдуары размæ Зевсæн цы кувæндон уыд, уый дзуарылæг та кулдуары цурмæ æрбатардта галтæ, æрхаста дидинæгбыдтæ, æмæ йæ зæрды уыд адæмимæ нывонд æрхæссын.

14 Фæлæ апостолтæ Варнавæ æмæ Павел уый куы фехъуыстой, уæд арæмыгътой сæ пæлæзтæ, сæхи баппæрстой адæммæ æмæ хъæлæсыдзагæй дзырдтой:

15 «Адæм, уый цы ми кæнут? Мах дæр сымах хуызæн адæймæгтæ стæм. Хъусын уын кæнæм фарны уац, цæмæй сымах уæ мæнгхуыцæуттæй раздæхат цардæгас Хуыцаумæ — арв, зæхх, денджыз æмæ сæ цыдæриддæр ис, уыдоны Сфæлдисæгмæ.

16 Хуыцау рагзаманы адæмтæн лæвæрдта, сæхи куыд фæнды, афтæ цæрыны бар.

17 Уæддæр Йæ хорз хъуыддæгтæй иудадзыг æвдыста Йæхи: арвæй уын æрвиты къæвда æмæ йæ афоныл дæтты зæххы бæркад; хæссы уæ хойрагæй æмæ уын уæ зæрдæтæ æфсады цинæй».

18 Уыцы ныхæсты фæрцы дæр зынтæй баурæдтой адæмы уыдонæн нывонд æрхæссынæй.

19 Уæд Антиохи æмæ Иконийæ æрцыдысты иудейтæ æмæ адæмы сардыдтой апостолты ныхмæ. Павелыл ралæууыдысты дурадзагъдæй, æнхъæл уыдысты амарди, зæгъгæ, æмæ йæ сыфцæй ласæгау аластой фæссахармæ.

20 Фæлæ йыл ахуыргæнинæгтæ куы æрæмбырд сты, уæд Павел сыстад æмæ баздæхт сахармæ. Дыккаг бон Варнавæимæ араст Дервимæ.

Æрбаздæхтысты сириаг Антиохимæ

21 Уыцы сахармæ æрхастой фарны уац æмæ бирæты скодтой ахуыргæнинæгтæ. Уый фæстæ æрбаздæхтысты Листрæмæ, уырдыгæй та Иконимæ æмæ Антиохимæ.

22 Алы ран дæр ныфс бауагътой ахуыргæнинæггы, фæдзæхстой сын, цæмæй уырнывдзинадыл фидар хæцой, æмæ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуыны сæраппонд мах бирæ зынтæ бавзарын хъæуы, зæгъгæ.

23 Алы аргъуаны дæр сæвæрдтой хистæртæ, сæ къухтæ сыл æрæвæргæйæ. Ком даргæйæ фæкуывтой æмæ сæ бафæдзæхстой, Кæуыл баууæндыдысты, уыцы Хицауыл.

24 Апостолтæ ахызтысты Писидийыл æмæ æрцыдысты Памфилимæ.

25 Пергийы фæцамыдтой Хуыцауы ныхас, стæй æрцыдысты Атталимæ.

26 Уырдыгæй денджызыл сæ фæндаг адардтой Антиохимæ — ныр цы хъуыддаг ахицæн кодтой, уый аразынмæ сæ Хуыцауы хорзæхыл бафæдзæхсгæйæ кæцæй рарвыстой, уырдæм.

27 Куы бахæццæ сты, уæд æрæмбырд кодтой аргъуаны уæнгты æмæ радзырдтой, Хуыцау сæ фæрцы цыдæриддæр сарæзта, муртаттæн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххæй.

28 Павел æмæ Варнавæ уым дзæвгар рæстæг арвыстой ахуыргæнинæгтимæ.


1 14:12 Зевс æмæ Гермес — рагон бердзенты хуыцæуттæ. Зевс сæм нымад уыд уæлдæр хуыцауыл, Гермес та — хуыцæутты фидиуæгыл.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.