Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Журнал «Мах дуг»-ы æндæр æмæ æндæр номыртæй

Анекдоттæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ

* * *

Иу æнæбары чиновникæн куыст нæ уыд æмæ йæ цаудгомау къанторы бындзытæ ахста. Уалынджы йæм бындзытæй иу дзуры:

— Ауадз мæ æмæ, дæхи дзыхæй цы æртæ фæндиаджы зæгъай, уыдон дын сæххæст кæндзынæн!

— Хорз, — загъта чиновник. — Мæ фыццаг фæндиаг: Францы хуссары мын виллæ куыд уа, афтæ!

Æмæ лæг æваст фегуырд диссаджы виллæйы балкъоны.

— Дарддæр, — мæллæг хъæлæсæй загъта бындз.

— Дарддæр?.. Конкурс «Мисс Франц»-ы уæлахиздзау мæ цуры куыд феста, афтæ!

Гъемæ дын Францы æппæты рæсугъддæр чызг лæджы уæрджытыл куы фегуырид.

— Де ’ртыккаг фæндон та циу? — фæрсы та бындз.

— Æртыккаг, зæгъыс? — чиновник исдуг ахъуыды кодта, стæй срæцыгъта: — Цалынмæ цæрон, уæдмæ бындзытæ куыд ахсон.

Æмæ дын æваст виллæ дæр, бæстырæсугъд дæр куы ’рбайсæфиккой. Чиновник ма абон дæр йæ ницæйаг къанторы уæнтæхъил-сæргуыбырæй бады.

* * *

Рагон грекъаг тиран Диониси йæ дзаджджын фынгтæм арæх хуыдта философ Аристиппы. Буцдæрæн-иу æй йæ фарсмæ сбадын кодта. Иу ахæм куывды Диониси дзуры:

— Гъей, Аристипп, исты философон дзымандытæ ма нын ракæн!

Философ ницы загъта.

— Аристипп! Къуырма бадæ æви цы! — йæхи фæтызмæг кодта паддзах. — Дзур, зæгъын!

— Диссаг та куыннæ у, æвæдза: куыд дзурын хъæуы, ууыл ды мæныл ахуыр кæныс, афтæмæй та, æз кæд хъуамæ дзурон, уымæн дæхи уынаффæгæнæг скодтай.

Диониси смæсты æмæ философы сбадын кодта æппæты дарддæр ран.

— Уый дын æцæг куырыхон зонд, гъе! — фæхъæр ласта Аристипп. — Нырæй фæстæмæ тæккæ кадджындæр бынæттæ уыдзысты, паддзах кæдæм зына, фæлæ йæ ныхас кæдæм нæ хъуыса, уыдон.

* * *

Лæг йæ усы æндæр лæгимæ баййæфта. Дыууæ нæлгоймаджы схыл сты. Æддагон уæлахиз кæны. Уæд ус йæ лæгмæ фæхъæр ласта:

— Дæ сыкъатæй йæ цæв! Сыкъайæ йæ, зæгъын, цæв, сыкъайæ!

* * *

Иу сылгоймаг пъæлицæмæ йæ хъаст бахаста, дæс нæлгоймаджы, дам, мын тыхми бакодтой.

Комиссар. Ма тыхс, мадам, мах се ’ппæты дæр æрцахсдзыстæм æмæ сын...

Сылгоймаг. Се ’ппæты нæ хъæуы, комиссар. Æрмæст æртыккаг æмæ æвдæмы.

* * *

Фырт фыссы йæ мадмæ: «Дзыцца, цины хабар дын хъусын кæнын! Дæ чындзæн фырыхъулы хуызæн фырт райгуырди. Гъе æрмæст йæ мадмæ æхсыр фаг нæй, æмæ лæппуйæн дзидзи дары, нæ сыхаг палатæйы цы негр-сылгоймаг ис, уый... Фæлæ бæллæх циу: фондз бонмæ лæппу сау-сауидæй агæпп ласта...»

Мады фыстæг йæ фыртмæ: «Мæ хъæбул, ды куы райгуырдтæ, уæд æз дæр æхсырæй бынтон ифтонг нæ уыдтæн æмæ дæ хъуджы æхсырæй хастон. Фæлæ дыл сыкъатæ зайын байдыдта, дæс æмæ ссæдз азмæ æввахс дыл куы цыд, уæд!»

Цыбыр уацты æмбырдгондмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.