Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

фæлладуадзæн бон — выходной/нерабочий день (употребимо в современной осетинской прессе);
æнцойбон — выходной/нерабочий день (из осетинско-русского словаря 1952 года издания);
куадзæн — Пасха;
цыппурс — Рождество;
хуцаубон — воскресенье (букв. Божий день);
бæрæгбон — праздник.

"Рæстдзинад"-имæ ахуд

* * *

Драматург йæ драмæйæ премьерæйы фæстæ æппæлы:
— Куыддæр æмбæрзæн ахгæдтой, афтæ залы ныннæрыд тыхджын къухæмдзæгъд.
— Æмæ цæй тыххæй æмзæгъд кодтой, уый нæ зоныс?
— Цæй тыххæй?
— Спектакль кæй фæцис, уый тыххæй...

* * *

— Дæ тути уæй кæныс?
— О.
— Æмæ йæ аргъ цас у?
— 500 сомы.
— Уанцон нæу! Дзурын дæр дын куынæ зоны.
— Дзурын нæ зоны... Уымæн æмæ нырма хъуыды кæны.

* * *

Ус загъд кæны йæ лæгмæ:
— Цал хатты дын зæгъын хъæуы: кæнæ æз, кæнæ бæгæны!
— Омæ, бæгæны рахæсс...

* * *

— Иунæгæй мæ бон цæрын нал у, — хъаст кæны иу ус иннæмæн. Ничи мын ис ацы куыдз йеддæмæ.
— Æмæ ма иу куыдз балхæн...

* * *

Æрыгон æфсин йæ лæгæн дзуры:
— Æнхъæл дæн, мæ конд хæринаг дæ зæрдæмæ нæ цæуы?
— Цытæ дзурыс, мæ зынаргъ, æгæр хорз дæр ма дын рауад… Гъе 'рмæст æй зæрдæ тынг нæ исы…

Цалдæр анекдоты ма акæс!

Фæстæмæ, цыбыр уацты æмбырдгондмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.