Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Журнал «Мах дуг»-ы æндæр æмæ æндæр номыртæй

Анекдоттæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ

ДЗУТТАГ ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ

Дзуттаг чызг мангойлаг лæгмæ чындзы ацыд æмæ йе ’мбалæн афтæ:

— Ацы хъуыддагæй цы рауайдзæни, мæгъа!

— Куыд дзы цы рауайдзæни? Фырыхъулы хуызæн Чингиз-Хаим уын райгуырдзæн!

* * *

— Папа, Карл Маркс та чи у?

— Карл Маркс экономист уыди.

— Тётя Соняйы хуызæн?

— Нæ. Тётя Соня хистæр экономист у.

* * *

Одессæ. Райсомы æхсæз сахаты. Балкъонмæ рацыди сылгоймаг æмæ уыны: йæ сыхаг ус бады æмæ кæуы.

— Циля, цы ’рцыди?

— Мæ лæг дысон расыгæй æрбацыди, схъæртæ мыл кодта, сывæллæттæн алывыд акалдта, стæй йæ гаццамæ афардæг. Сымахмæ нæй мыййаг?

* * *

— Зæгъ-ма, Хаймович, фæлдурæджджын сылгоймæгтæ дæ зæрдæмæ цæуынц?

— Ай-гъай, нæ цæуынц!

— Хъайла скæнынхъом дæр чи нæу, ахæм цæнкуылтæ та?

— Ахæмтæ дæр нæ. Æмæ мæ цæй тыххæй фæрсыс?

— Базонон æй, зæгъын: мæ усы мын иу ран цæуылнæ ныууадзыс?

* * *

— Соломон! Абон мæ базары гацца рахуыдтой!

— Омæ дын цал загъды кодтон, кæм дæ зонынц, ахæм рæттæм ма цу, зæгъгæ!

* * *

Ус йæ лæгмæ дзуры:

— Куы мæ ракуырдтай, ууыл райсом ссæдз азы сæххæст уыдзæни. Цæй æмæ уый фæдыл нæ дзыгъуыр карчы аргæвдæм.

— Омæ дзы карк та цы аххосджын у?

* * *

Зæронд ус Хая Хуыцаумæ фыстæг арвыста: «Хуыцæутты Хуыцау, мæ Хуыцау! Курын дæ æмæ мын куадзæнмæ дыууæ туманы рарвит». Посты кусджытæ фыстæг СЦКП-йы Генералон Секретарьмæ арвыстой. Уым къæнцылары кусджытæ зæронд усæн фæтæригъæд кодтой, къонверты туман нывæрдтой æмæ йæ рарвыстой.

Уымæн йæ дыккаг аз та Хая ногæй фыстæг ныффыста: «Хуыцæутты Хуыцау, мæ Хуыцау! Бузныг дæ хуынæй. Фæлæ дæ курын, ацы хатт ма мын æххуыс куы кæнай, уæд-иу æхца ЦК-йы уылты мауал рарвит: уыдон цæстфæлдахджытæ сты — се ’мбис сын сæхи бакæнынц».

Цыбыр уацты æмбырдгондмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.