Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗЫД ÆМÆ КÆРÆФ

Лæджы цæст фосæй не ’фсæды.

Зыд лæгæн фосæй æфсис нæй.

Мæлынæнхъæл чи нæ у, уый фосыл зыд кæны.

Цæст æнæфсис у.

Лæджы цæстæн бафсис нæй.

Адæймаджы фаг зæххыл ницы ис.

Бирæйæ цæст дæр не ’фсæды.

Бирæ фосæй бирæгъ дæр не ’фсæды.

Бирæйæ бирæгъ дæр не ’фсæды.

Бирæ фосæй хæйрæг дæр не ’фсæды.

Дунейы исбонæй хæйрæг дæр нæ бафсæст.

Бирæджын ноджы бирæ ф’агуры.

Цæнды мондагæн цæндыл бадти.

Лæгæн цас фылдæр уа, уыйас зыддæр кæны.

Æрмахуыр зæд гал агуры.

Æлдары цæст — зынæфсис.

Æлдары цæст — æнæфсис.

Фыддзæст — зынæфсадæн.

Лæскъдæттæг фосыл хæлæф кæны.

Бирæгъы комæй ыстæг чи скъæфы!

Уарийы дзыхæй ыстæг чи скъæфы!

Холыйыл куыдз дæр къæйных у.

Зыд лæгæй зыд куыдз хуыздæр у.

Зыд лæг, хъæды сырд æмæ дзедырæг сындз ысты.

Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй.

Лæг — сынт, бæстæ — холы.

Лæг — бирæгъ, бæстæ — холы.

Бæстæ — холы, адæм — сынт.

Бæстæ фæхсын у, лæг — бирæгъ,

Зыд æмæ кæрæф.

Сырды ном кæрæф лæг хæссы.

Зыды цъиу.

Зыдыка!

Хæлæф кæыут, Джимара!

Хæлæф, Дзагуырты мæрдтæ!

Хæлæфæй дæ хай нæ фæци.

Фагыл дзырд дын нæ уыдтæн.

Цæрддзу кæны.

Р1æ мæрдты хъис дзы ссарæд!

Зыд лæг алцæуыл дæр зыд кæны.

Хуымон æфсирджын куы кæрды, уæд нæмы йæхи йæхæдæг.

Едысы къæвда куынæ вæййы, уæд адæм Царциаты мæрдты къахыныл бафтынц.

Иу сауджын, дам, абазийыл аргъуыдта, иннæ — сомыл.

Æмæ, дам, абазийыл чи аргъуыдта, уый тынг ысхъæздыг. Сомыл чи аргъуыдта, уый та сыдæй амард.

Мæнæ Къорамæ иу марды номыл цы сауджын нæ цыд, уый хуызæн.

Куыройы къутуйыл гæды бæттынц, ахæм зыд ысты.

Куыройы къутуйыл гæды бæттынц, афтæ зыд æмæ кæрæф ысты.

Ахæм зыд у ’мæ æргъæцчъы къоппа ахæрдзæн.

Гæды йæ фаджыс хос æнхъæлы ’мæ йæ арф уымæн ныгæны.

Марды роны кæрдзынтæ агуры.

Уый марды хурхмæ дæр нæ фæлæудзæн.

Марды хурх бахсындзæн.

Мард хæрæгæн йæ цæфхæдтæ рафтаудзæн.

Мæрдты бирæгъау лæбуры.

Гъæ, мæрдты сæлавыр!

Зыд лæгæн нæ къаты бон ис, нæ — бæрæгбон.

Уый дур басдæрдзæн, дур, пайдайы тыххæй.

Дур дуцгæйæ къухтæм хи туг тæдзы.

Цъиудуц!

Арвæй иу фæдæг куы уаид æмæ йæ уый куы дуцид!

Пъæнæзау йæхимæ хафы, пъæнæзау йæхирдæм амайы.

Æддæмæ ’хсныфы мур нæ уадзы, иуыл йæхирдæм амайы.

Зыд лæгæн зыд лæвæрд ис.

Кæмæй-цы-ратонайæ цæры.

Æз дæр — уыйырдæм, уый дæр — йæхирдæм.

Адæм — дердæм, ды дæр — дæхирдæм.

Халамæрзæнау йæхимæ ссивы.

Кæмæй — къах, кæмæй — къух.

Уæлвæзаг фысау дыууæрдæм хизы.

Иу рувасæй дыууæ цармы ничи стигъы.

Иу сырдæй дыууæ цармы стигъæн нæй.

Иу галæй дыууæ цармы ничи стигъы.

Иу хъугæй дыууæ цармы ма стигъ.

Хырхæй дыууæрдæм чи лыг кæны, адæм ахæм лæджы уарзынц, фæлæ пъæнæзау йæхирдæм чи амайы, уый нæ уарзынц.

Кæхцгурæгау зыд ма кæн.

Дыууæмæ хъавæджы иу дæр нæ кæны.

Иу къухы дыууæ харбызы нæ цæуы.

Чидæр дыууæ хæрнæгæй æнæхай куыд фæци, уыйау.

Æртæ тæрхъусы ахсæг иу дæр нал æрцахста.

Балмæ хъавæджы иу дæр нæ кæны.

Æппæтмæ хъавæджы иу дæр нæ кæны.

Бирæмæ хъавæг æппыи нæй кæны.

Хæрæг фос кæнынмæ фæцыди ’мæ йæ хъустæ дæр нал æрхаста.

Сæгъ хъæдмæ хъуын ыскæнынмæ фæцыд æмæ йæхи хъуын дæр ма уым баззад.

Халон хъæдмæ фæтахт æмæ ма йæхи хъуын дæр хъæды хихтыл баззад.

Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у.

Пайданхъæл йæ бæрзæй асаст.

Цæф сырды фæдыл цуанон фесæфы.

Цæст сыджыт йедтæмæ ницæмæй æфсæды.

Адæймаджы цæст æрмæст саумæр сыджытæй æфсæды.

Бæстæппæт мæн нæ хъæуы.

Лæгмæ зæххæй ингæны фаг хауы.

Лæджы зæххæй ингæны фаг хъæуы, уæддæр ыл зыд кæны.

Цæсты фæндиаг дæхи ма фæкæн.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.