Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

Лымæн. Знаг

Хох хохыл нæ сæмбæлдзæн, лæг лæгыл — кæддæриддæр.

Лæг лæджы кæддæриддæр бахъæудзæн.

Алы фос дæр йе ’мдæндаг агуры.

Рæгъауы дæр алчи йе ’мдуггаджимæ хизы.

Иу гутоны галтæ рæгъауы дæр иумæ хизынц.

Иу комæй чи рацæуа, уыдон дæр кæрæдзийы хотæ хонынц.

Лæгæмбал куынæ уа, уæд лæдзæг дæр хорз у.

Æнæ ’мбалæй куывды дæр ма ацу.

Дуаргæс дын лымæн куынæ уа, уæд мидæггæгтæм фæндаг нæй.


Бирæгъ æппæлыд йæ мыггагæй. «Мах,— загъта,— кæмдæриддæр зонынц æмæ нæ тæрсынц кæмдæриддæр — хъæды дæр, хъæуы дæр» .

Ныр æхсæрæг дæр бæласы къалиуыл бады. Хъусы бирæгъы ’ппæлæн ныхæстæм æмæ йæм дзуры: «Зонгæ уæ кæнынц, уый æцæг у. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд уæ ’ппæлæг дæр нæй. Бын бауат — иу хæлар кæмæн нæй».


Хъæубæсты лымæн — зынарæн.

Хъæубæсты лымæн — зынарæн, ыссаргæйæ та — зындарæн.

Фыды лымæн — фыды хæзна.

Хъæуæн галæй хъæуæн лымæн хуыздæр у.

Фондзыссæдз фысæй фондзыссæдз лымæны хуыздæр ысты.

Авд фæндагыл ку’ ацæуай, уæд авд лымæны ссардзынæ.

Ног æмбал ыссарын хорз у, фæлæ зæронды дæр рох кæнын нæ хъæуы.

Бирæ мулкæй бирæ лымæн хуыздæр у.

Алцæмæй æххæст æмгар чи агуры, уый æнæ ’мгар зайы.

Бирæмгарджын — æнæмгар.

Дыууæ халдихы.

Халдихтæ! Кæрæдзийæ нæ фæивддзаг уыдзысты.

Гæдо ’мæ Добрæ.

Тег æмæ Айтег.

Габаты гал æмæ хъуг (фæзæгъынц мæстæймарынæн, æдзух иумæ чи цæуы, ахæмтæй).

Хъуылæг æмæ бæрдын — æмбæлттæ.

Уыдон уæлæуыл кæрæдзийы куынæ ссардтаиккой, уæддæр сын мæрдты æнæ баиу хос нæ уыд.

Мауал фæхицæн ут мыггагæй мыггагмæ!

Писи ’мæ ичъийы ныхæст бакæнут!

Кæрæдзийæ атонын нæ комынц.

Зныгъ æмæ схонау æнгомæй фæцæрут!

Сæхтæг æмæ ’гънæгау æнгомæй фæцæрут!

Иу хæдон дæр сын æгæр уæрæх у.

Се ’хсæн уæрст’ нæй.

Дыууæ хойы цард кодтой.

Дыууæ ’фсымæрау цардысты.

А мæ о-йæ цæрынц.

Иу хæдзары бинонтау кæрæдзиуыл хæцынц.

Уазал æхсæв бирæгътæ ’мæ рувæстæ дæр иумæ фæхуыссынц.

Хæлæртты хъуыддаг афтид армæй дæр нæ вæййы.

Хæлæртты хъуыддаг исбон иæ фæрсы.

Сæ кæрæдзи цæра кодтой.

Кæрæдзийы цæрайæ цæрынц, кæрæдзийы цæрайæ хæрынц.

Саг сагмæ хуын бахаста.

Саг сагмæ кæрдæг бадардта: ды дæр бахæр æмæ æз дæр.

Къух къухæн ызнаг у, къах къахæн — хæлар.

Къах къахимæ ’фсымæрæй цæры, къух та къухимæ — знагæй.

Сæ хæрд дæр иу у ’мæ сæ нозт дæр иу.

Айк дыууæ ’мбисæй хордтой.

Уыдон æмдзæхдон ысты.

Иу къус æмæ иу уидыгæй хæрынц.

Уымæ «дæу у, мæн у» нæй.

Цы — дæ дзыпп, цы — мæ дзыпп.

Æмдуарæй цæрут, иу уидыгæй хæрут!

Лæг йæ лымæнæй бæрæг у.

Мæ лымæн лæггаг — хуымæллæггаг.

Кæрдзын-лымæныл ма баууæнд.

Кæрдзын-лымæн бирæ нæ хæссы.

Кæрдзын-лымæнæй фыдæрвад хуыздæр.

Хорз æмгар зын раны сбæрæг вæййы.

Лæгæн саударæн бонмæ ’рдхæрдтæ бирæ вæййы.

Æрдхорд-зонæн æмæ лымæнбæрæггæнæн рæстæг ралæууыд.

Æмгар æмгары къулы хуынкъæй фелвæста.

Æмгары тыххæй лæг йæхи дæр мары.

Уый æмгары тыххæй йæ къубал лыгмæ ратдзæи.

Уый æмгары тыххæй йæ уд мæлæтмæ ратдзæн.

Хорз лымæн — фиуджын цæхæраджын.

Хорз æмбал æфсымæрæй хъауджыдæр нæу.

Хæлар æрдхорд — æфсымæрæй хуыздæр.

Æрдхорд æмбæдттæ ’фсад ысты.

Иу мад, иу фыды фырттау.

Иу мады фырттау цы ’мбæлттæ уой, уыдонæы хæцын цы хъæуы!

Æрдхорды сæрты маргъ дæр нæ тæхы.

Æрдхæрдтæм паддзах дæр ыæ уæнды.

Уæрцц æмæ кæсаджы лымæнау.

Уæрцц æмæ кæсаджы лымæнтæ стæм мах: ды мæнмæ нæ цæуыс, æз — дæумæ.

Уæрцц, дам, донмæ нæ цыди, кæсаг та — сурмæ.

Кæсаг æмæ уæрцц уыдысты лымæнтæ, фæлæ уæрцц донмæ нæ цыди, кæсаг — хуыскъмæ. С ’астæу хæфс минæвар ныллæууыд æмæ куы донмæ фæцæуы кæсагмæ хонæг: рацу, дæ лымæны дын фенын кæнон, зæгъгæ, куы та хуыскъмæ фæцæуы уæрццы хонынмæ. Фæлæ уæддæр дыууæ лымæны абон дæр ма не ’мбæлынц кæрæдзиуыл. Уый тыххæй дзырдæн баззад уæрцц æмæ кæсаджы лымæнау, зæгъгæ.

Уæрцц æмæ кæсаг лымæнтæ сты, фæлæ уæрцц донмæ нæ цæуы, кæсаг — сурмæ. С астæу хæфс минæвар хæты, æмæ куы доны кæсагмæ фæхъæр кæны, куы сурыл — уæрццмæ. Фæлæ уæддæр дыууæ хæлары кæрæдзиуыл не ’мбæлынц.

Цъиу-цъыбырттæг æмæ кæсаг-хуыдзыхæг цардысты стыр хæлæрттæй.

Арс донмæ нæ цыди, кæсаг та — сурмæ.

Дард лымæнæй æввахс ызнаг хуыздæр.

Æвзæр лымæнæй хорз ызнаг хуыздæр.

Хатт лымæнæй ызнаг хуыздæр вæййы.

Ме знаг-лымæн.

Лæгæн лæг уыди, знагæн та — знаг.

Знаг лæггæнæг у.

Знаг — лæг амайæг.

Лымæны куыд дарай, афтæ у.

Лымæны æууæнк макуы фесаф.

Лымæныл комдзог макуы рацу.

Знаджы цæфæй хæлары цæф тынгдæр риссы.

Иу рæдыдыл дæ хорз æмгары макуы ауæй кæн.

Дæ лымæны макæй цур бафхæр.

Хæлардзинад æнусмæ хæссын хъæуы.

Лымæндзинад дæ дуджы ма хал.

Лымæны хъуыддаг дæ усæн дæр ма зæгъ.

Дæ лымæнимæ цалынмæ цæххы пут нæ бахæрай, уæдмæ йæ нæ базондзынæ.

Иухæдон цард кæм и!

Сæ мыды къæм бахаудта.

Сæ къуымæлы бындз бахаудта.

Абонæй фæстæмæ æз æмæ ды — æвдисæнгонд.

Абонæй фæстæмæ ды — дæхи, æз — мæхи.

Хъарадзауы галтау фæйнæрдæм хæцынц.

Æвзæр галтау фæйнæрдæм хæцынц.

Нæ мын ызнагыл лæууы, нæ — лымæныл.

Знагæй лымæн макуы скæн.

Зна;æй лымæн хорз нæ рауайы.

Знаг дæ хæлардзинадæн ку’ агура, уæддæр дæ хæцæнгарз ма бафснай.

Знаджы ’лдарæн чи кæны!

Лæгæн хæлар цас и, дыууæ ахæмы та йын ызнаг и.

Калм æмæ кæсаг иумæ нæ цæрынц.

Калм æмæ кæсаг иумæ куыд никуы фæцæрдзысты, афтæ — дыууæ знаджы дæр.

Булæмæргъ хъæддаг цъиутæн се знаг у.

Дыууæ арсы иу хуынчъы нæ бафидаудзысты.

Дыууæ знаджы дзуджы дæр иумæ нæ хизынц.

«Нæ фыд иумæ куы сфыца, уæддæр нæ бас нæ сæмхæццæ уыдзæн», — зæгъынц дыууæ знаджы.

Дыууæ знаджы иу фæнд нæ кæнынц.

Дыууæ знаджы иу топпæй не ’хсынц.

Дыууæ знагæй йæ топпæн ысхæцынæнхъæл чи нæ у!

Знаг æмæ сырд хинæй архайынц.

Знаг ызнаг уымæн у ’мæ хинæйдзаг у.

Знаг зонаг у.

Зноны знаг абоны лымæнæн зын ыссарæн у.

Чысыл хæрам дæр кæимæ фæуай, ууыл макуыуал баууæнд.

Де знагмæ дæ чъылдым макуы аздах.

Знагæн йæ номæй йæ тас фылдæр у.

Знаг ызнаг у, ’рвад та ’рвад у.

Фыдгул дæм хъавы, уæд дур дæ фæсчъылдым дар.

Фыдгул лæджы зианыл цин кæны.

Знагæй лымæн хуыздæр у.

Знагæй лымæн ыскæн, фæлæ лымæнæй ызнаг макуы скæн.

Знагæй лымæн куы скæнон, уæд хуыздæр зондзынæн мæхи хъахъхъæнын.

Сæрбахъуыды знагимæ лымæны цард пайда у.

Хæларимæ хæстæг бакæнын хорз у, фæлæ знагимæ лымæн бакæнын — уый диссагдæр у.

Знагимæ лымæн чи кæны, уый фæстагмæ фæсмойнаг кæны.

Лæг хъуамæ йе знаджы дæр æмæ йæ хæлары дæр зона.

Де знаджы хъæу хъæухаст фæуæд!

Де знаджы фæндиаг дæ хуыцау ма фæкæнæд!

Фыдгулы фæндиаг нæ хуыцау ма фæкæнæд!

Знаг мын чи у, уый фæндараст ма фæуæд!

Хур ма фенæд не знаг!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.