Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗАГЪД ÆМÆ ХЫЛ

Хæцаг галы каст кæны.

Хæцаг фыры каст цы кæныс?

Йæ дæндæгтæ йæм цыргъ кæны.

Йæ дæндæгты къæс-къæс æм цæуы.

Хылмондаг лæг цъæх артуадзы.

Арт, фæздæг уагъта.

Фырмæстæй йæ фындзы базыртæ дымсын райдайынц.

Масты дзæкъул.

Судзгæ пысыра.

Йæ сынкъ ын фæцагайдтой.

Æрфыгæй ма хæц, дæ дзых райхал.

Йе ’фсæртæ йыл ысцагъта.

Йæ маст ыл акалдта.

Й’ арс, йæ кæрдо уый ыскодта.

Дæ мад, дæ фыдыстæн, мæ роны цы бабырыдтæ?

Дæ мад, дæ фыдыстæн, цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай?

Цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай — нал мæ ныууадзай?

Дæ хорзæхæй, цы мыл хъæртæ кæныс — дæ хуымы кæрон мæ ссардтай?

Уæ хуымы, миййаг, æрзадтæн? Цы мыл хъæртæ кæныс?

Цы гуыбынниз дæ тилы?

Ме мыджыр куынæ дæ, миййаг!

Хъалон дæ, миййаг, куынæ дарын!

Цы кæныс, цы хуыцау дæ ныццавта?

Гæррæтт дыууæйæн — хылы хос, хъæубæстæн та — хæсты хос.

Ау, цы кодтат — гæррæтт зæгъæн дæр ын нæй?

Фидис дыууæ хылгæнæгæн — æмбис.

Куыдз æмæ сывæллоны сæрыл хыл тагъд цæуы.

Холы бирæгътæн — хылы хос.

Саст дзæнгæрæджы хъæр кæны.

Цъæлхъæр кæны.

Йæ хъæр — комы дзаг, йæ дзырд — куыройы дзаг.

Фæдисы хъæр кæны.

Бæстæ йæ сæрыл систа.

Йæ хъæрæй бæстæ хæссы.

Хъæр æмæ ахст!

Загъд æмæ замана.

Фыдуаг лæджы хъæр сыхæн — æлгъыстаг.

Загъды бон «гал дæ мæрдтæ» нæ фæдзурынц.

Зæрдæкъахæг — мастгæнæг.

Бæсты змур Цогойтæ.

Куыройдзау куыроймæ нал уагъта, дондзау — донмæ, ахæм фыдуаг уыд.

Хæйрæджыт.ы фæтдзæгъдæн.

Фыдбылыз хæдзæй ласы.

Тæрсын, нæ микъайы бонтæ иу рæстæгмæ куы ’рцæуой, фæлтау ды — дæхи, æз — мæхи.

Нырæй фæстæмæ мах æхсæн ницыуал ис: сымах—уæхи, мах — нæхи.

Богъдаби йæ риуы ’мбæрц цæуы.

Æддæ — фыс, хæдзары — бирæгъ.

Мидæг — бирæгъ, æддæ — фыс.

Мæлæты хъалтахъхъ мын куынæ у—’нцад куы бадид йæхицæн!

Мæлдзыгæн йе сæфт куы ’рцæуы, базыртæ йыл уæд базайы.

Рахæцут, æмæ уæ чи фæтыхджындæр уа, уый мæ богал.

Уый йæхæдæг агъуыд у, ды та ма йæ агъуийын кæныс.

Мæнæ цыма куыдз йæ бæттæнæй феуæгъд.

Йæхи мыл цъиуджын карчы цæф ныккодта.

Йæхи мыл бирæгъы ’ппæрст æрбакодта.

Йæхи мыл бирæгъы цæф ныккодта.

Ар.ыд бирæгъы лæбурд мæм æрбакодта.

Лæбурæг лæг дуры пурти хоны.

Хуыйау сынæгæй хæцы.

Æрра богъ-галау хъæбысæй хæцы.

Æрра куыдзæй уæлдай нæу.

Стонг сысты хæст мыл фæкодта.

Пыоыра ’ууæрдæгау æй аууæрста.

Фыдбоны кæрчытау кæрæдзи тонынц.

Фыдбоны халæттæ кæрæдзи тонынц.

Кæрæдзийы хъуынхъис хæрынц.

Цæвæг дзы марæджы нал зоны.

Цæвæг дзы иргъæвæджы нал зоны.

Джидæ-фæрæтау дыгомыг у.

Ирон лæг хыл куы фæкæны, уæд къулыл йæхи уæлæмæ ласы.

Цæвут, кæуыл дзы цы ауайа, уый ауайæд!

Раззаджы цæф фæстагæй нæ риссы.

Салдаты цæф н,æ риссы.

Фырытæ хылмæ куы фæвæййынц, уæд далыстæ та хизынмæ фæвæййынц.

Фырытæ — хылмæ, далыстæ — хизынмæ.

Фырытæ хæцынц, далыстæ хизынц.

Фырыты гуымсæй ком арауы.

Йæ сæрæй дуæрттæ кæны.

Зæвæтдзæгъдæн кæны.

Арвæн ма баиргъæвæн уыд, уымæн баиргъæвæн нал уыд.

Уромæг æй уромын нал фæрæзта.

Иргъæвæг æй иргъæвын нал фæрæзта.

Цæф — хæрамхæссæн.

Лæджы ’фхæрыс, уæд истæй номыл.

Нартæн се ’гъдау афтæ уыд, æмæ сын хылгæнæн нæ уыд, сæ кæрæдзийæн æвзæр ныхас зæгъæн нæ уыд; сæ маст истой мадзал æмæ зондæй.

Чи цы агура, уый ыссардзæн.

Галæй алæбурдта ’мæ хъугæй æрбаздæхти.

Загъдкъахæгæй алчи йæхи хизы.

Загъдгæнаг йæ бинонтæн дæр маст у.

Загъдгæнаг цæф æййафы.

Загъдкъахæг над æййафы.

Загъдкъахæгæн — над. (Къоста).

Къулæджы хост ын йæ сæр ныккодтой.

Духъхъау æй фырнадæй фæхостой.

Къоболайы цæфæй дæр ын хай ис. <

Фæлдахгæ над ын ыскодтой.

Сауджоыны куы нæмай, уæд нæмæгау.

Сауджыны куы нæмай, уæд истæй номыл — хæсгæ куыд фæуа!

Сауджыны куы нæмай, уæд ахъаззаг над: йæ фиддæн иу у.

Бæтæгаты бæхы над æй фæкодтой.

Уырды над ын фæкодтой.

Уырды над, кæй загъдæуы.

Нартæн æмбисонды над æй фæкодтой.

Бынты быны диссæгтæ йын бакодта.

Уæлæнгæйтты аирвæзт.

Тынд рæдыфстæй баззад.


Фæнæмын дыууæйæн æмбис у.

«Бахæрдзæн дæ». — «Бахæрын дыууæйæн æмбис у».

Дыууæ хылгæнæгæн фыдбылыз — дыууæ ’мбисы.

Амар дыууæйæн æмбис у.

Исты фыд ракæнын дыууæйæн æмбис у.

Чи кæй, уый дыууæйыл у.

Æз ыл æхсæнчъы хæст фæкæнын, уый мын арсы тынд акæны.

Æз дæм мысты ныхылд фæкæнын, ды та мын арсы тынд акæныс.

Æз æм гæдыйы ныхылд фæкæнын, уый мын арсы тынд акæны.

Ды — æвзидгæ, уыдон — хафт!

Мах — æвзыст, уыдон — гуыпп!

Куыдзы куы хъыгдарай, уæд хæцгæ кæны.

Ма мæ къах, æмæ дæ ма къахон.

Къахæн ма згъал æмæ дыл ма ’ркæла.

Мыст къахта ’мæ йæхицæн — гæдыйы сæр.

Карк йæхицæн марг ракъахы.

Карк йæхицæн бырæтты цы ракъахта? — Марæн кард.

Арт куы къахай, уæд зыиг ыстъæлфаг у.

Артдзæсткъахæгæн йæ цæст ысхаудта.

Хыламæттаг фæу!

Æхситтæй дæ фæсырдæуæд!

Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты.

Къамбецимæ цы гал хæца, уымæн йæ сыкъа сæтты.

Чъыллипгæнаг бæхæн йе рагъ хæлы.

Гуымыдза фыр сыкъаджынимæ хæцыди ’мæ йæ йæ хъустæ дæр нал фесты.

Хылгæнæг куыдз æмæ хылгæнæг лæгæй уæлдай нæй.

Хъæхъхъаг куыдзæн рæхыс хъæуы, фыдуаг лæгæн та — ахæстон.

Иу цæфæн — барст, дыккагæн — фиддæн.

Фæстаг цæфæн тæрхоны фиддæн нæй.

Фæстаджы цæфæн фиддæн нæ вæййы.

Кæд ды амбулай, уæд дæ дзых — дæ тæрхон; кæд æз амбулон, уæд та мæ дзых — мæ тæрхон.

Бæс бæсы ацæуæд!

Зондджын йæ хыл раздæр ныууадзы.

Дыууæ загъдгæнæгæй иу — фæсмойнаг.

Хылкъахæг фæсмонгонд кæны.

Сæ хыл — къæсæрæй дуармæ.

Дыууæ хылгæнæгæн æртыккаг иргъæвæг вæййы.

Цæвæгæн йæ иргъæвæг — йæ хуыцауы хай.

Лæбурæгæн иргъæвæг — йæ хуыцауы хай.

Иргъæвæг хуыцауы хæрзиуæг у.

Хатæг хæрзиуæггæнæг у: йæхицæн ницы домы.

Хатæг хæрзгæнæг у: йæхицæн ницы домы.

Адæмæн лæгъстæ чи кæны, уый йæхицæн кæны.

Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæ.

Æз дæ мад, дæ фыды уазæг!

Æз дæ мæрдты уазæг!

Æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр!

Æз дæ мæрдты ’мæ де ’гæсты уазæг!

Мæ сæр де уазæг!

Хуыцауы хатыр бакæн, зæххы хатыр бакæн!

Хуыцауы хатыр бакæн!

Иу рæдыд Уастырджи дæр бары.

Æртæ хатмæ рæдыд хатыр у.

Æртæ хатты хуыцау дæр хатыр кæны.

Лæджы хатыр бакæ!

Цы кæрæдзийы тонут, уæ фыды фос уарут?

Цы уаринаг уын баззад?

Иу фæрныг хæрнæг кодта, мах та кæрæдзийы цæуыл цæгъдæм?

Загъдагæй нæ фыдæлтæм дæр ницы уыди ’мæ нæхимæ дæр.

Къустæ дæр ма бахъæлæба кæнынц.

Сывæллон æвзалытæ хæрынæй фылдæр цы кæны!

Хуыцау ын æгъгъæд фæуæд!

Лæгъстæ зæдтæ дæр кæнынц.

Фъфлæгъстæйæ ме ’взаг ыстæнæг.

Куыдз лæдзæгæн лæгъстæгæнæгау.

Лæгъстæгæнæг мæлæтыл нымад у.

Барын куынæ зонай, уæд мастагур дæ.

Фылдæр бараг фылдæр æмбулы.

Хатыргæнаг — адæмæй арфæйаг.

Барон лæг æвæсмон у, æнæбарон — фæсмойнаг.

Бароны сæр — æвæсмон.

Барын хорз у, фæлæ æгæр бар-ын худинаг у.

Барон-барон — лæджы фырт, æгæр барон — куыдзы фырт.

Хуыцау бирæ бары, фæлæ æгæр бирæ нæ бары.

Хуыдым.ы къæцæл — саст.

Хъаугъайæ зæрдæ цъæх кæны.

Адæмимæ загъдæй дын ницы рауайдзæн.

Загъдæй пайда нæй.

Иу — куыдз, иннæ — куыдз, уымæй цард нæй.

Иу — куыдз, иннæ — куыдз, афтæмæй цæрæн иæй.

Хорз хъаугъайæ ’взæр фидыд хуыздæр.

Хорз хылæй æвзæр фидыд хуыздæр.

Стыр загъдæй ыстыр зард хуыздæр у.

Цæф цæфæй ничи исы, фæлæ фидыдæй.

Сыгъддомд лæгимæ быцæу ма кæн.

Быцæу ма кæн, быцæу ницæуыл æмбæлы.

Хæларæй цæрын мыды кæхц у, хæрамæй цæрын бындзы цæф у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.