Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ХИВÆНД. ÆГОММÆГÆС
Æвзæр галау тæссармæ хæцы.
Йæхи иуырдæм куы ныттигъ кæна, уæд æй Тутыры ифтыгъд уæнгуытæй дæр иннæрдæм нал раздахдзынæ.
Иуырдæм куы ныццæхгæрмæ уа, уæд æй иннæрдæм æфсæн мæцъисæй дæр нал рафæлдахдзынæ.
Ныффæрск и.
Хæрæгау хивæнд.
Хæрæгау æгоммæгæс.
Хæрæгау фæстæмæ ’фсæры.
Йæ къæхтæ ныссагъта 'мæ размæ нал ;цæуы.
Хивæнд лæг оцани бæхæй фыддæр у.
Иæхи фæнд тæры.
Æгоммæгæсæй магусайæ уæлдай нæй.
Æгоммæгæс йæ удæн ызнаг у.
Ирон лæгæн афтæ куы зæгъай: хидыл ауай, уæд доныл фæраст вæййы.
Хидыл ауай кæмæн зæгъай, уый дæр доны фæраст вæййы.
Ма кæ сын кæмæй зæгъай, уый сын ракæна у.
Хивæнд гал былыл цæуы.
Арсы мыдмæ ластæуыд æмæ йын йæ хъустæ атыдтой, фæстæмæ йæ куы ластой, уæд та йын йæ къæдзил атыдтой.
Уысси зæгъай æмæ нын тæхгæ нæ кæны, дзибæ-дзибæ ’мæ нын нæмыгмæ нæ цæуы.
Гуырмыхъхъ лæг æмæ арс иухуызон ысты.
Гуырмыхъхъ лæг иудзырдон у.
Рагон лæг хомæй хæдон нæ куымдта ’мæ къутуйы аууон бадти.
Чидæр Калакæй æнæ хæдойнаг куы нал цыди, уыйау.
Чидæр Арвыкомæй æнæ хæдойнаг куыд нал цыд.
Чидæр Арвыкомæй æнæ дари къаба нал цыд.
Иу сен ын сен нæу.
Йæ кæнон нæ уадзы.
Къæрттæй цъула нæ кæны.
Ныхас дзы нæ ныгъуылы.
Хивæндмæ уайдзæф нæ хъары.
Хивæндмæ дæ уайдзæф """’""
Худæгау кæсдзæн. (Къоста).
Уæйыджы хъусы уад уайы.
Дзæбидыры хъусы — уад.
Иу сæйæн ын сæйæн нæу.
Æгоммæгæс фыс бирæгъы фæндиаг кæны.
Мæ коммæ чи нæ кæса, уый мæ дзырдмæ ’рцæуа!
Коммæгæс сывæллон — бинонтæн зæд.
Къухыл тухгæ.
Пысыра — æгоммæгæсы нæмынæн.
Хæрæджы бынмæ куы ’ппарай, уæд æй уæлбылмæ схой
Иудадзыг хивæндæй дæр цард нæй.
Хивæндæй цард æмбулæн нæй.