Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ХИЦАУ. РАЗДЗÆУÆГ. ФÆТÆГ
Ды — хицау, æз — хицау: кусгæ та ма чи кæндзæн?
Раздзæуæг алы ран дæр хъæуы.
Разамонæг — хъуыддаджы сæйраг.
Цъиутæн дæр ма раздзæуæг вæййы.
Мыдыбындзытæн дæр ма ’лдар ис.
Бындзытæ ’нæлдар чыргъæдыл хæлæф кæнынц.
Æнæлдар хъæуы рувас — æлдар.
Æдзæрæг хъæуы рувас — æлдар.
Адæм Æззайыстæн кодтой, фæлæ Æзза дæр йæхистæн кæнын куы райдыдта, уæд æй адæм ферох кодтой.
Раздзæуæг раст куынæ цæуа, уæд хъодыгонд кæны.
Æгас адæмæн иу лæг фæтк нæу.
Дуне иу лæджы тыххæй конд нæу.
Адæмы ’фсарм бирæ у.
Фæтæджы фæринк æмæ ерæдзыппыл ызгæ нæ хæцы.
Æнæхицау бæстæ ’лдар у.