Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХÆДЗАР. ХÆДЗАРЫ ДЗАУМА. ХÆДЗАРЫ ФОС

Хæдзар цы хъæуы нал и, уый хъæууат у.

Зæрватыкк дæр ма йæхицæн хæдзар кæнын зоны.

Хорз цуанон иунæг æхсæвиуаты тыххæй дæр халагъуд аразы.

Мæгуырæй дæр лæгæн хæдзар куы уа, уæд ын ницы у.

Хæдзаргæнæг йæхи дæр нæ уарзы.

Хæдзар тыхæй н’ арæзтæуы, хæдзар зондæй арæзтæуы.

Зæххы гæмæх хæдзарæн нæ бæззы.

Хæдзар кæнын бындурæй райдайынц.

Бындур фидар куы уа, уæд ыл сис æнцон амайæн у.

Æвзæр бындурыл уæладзгуытæ амайæн нæй.

Цæрæн хæдзар сыджытæй у.

Хæдзар цæджындзтыл арæзт у.

Царыхъæдтæ цæджындз уромы.

Хæдзар чи нæ сарæзта, уый афтæ ’нхъæл у ’мæ цæджындзтæ сæхæдæг æвзæрынц.

Дойнаг дурæй хæдзар ма самай.

Æнæтыргъ хæдзар уазал вæййы.

Тыргъ æфснайдæй фидауы.

Фæздæг цы хæдзарæй нæ цæуа, уый — лæгæт.

Хæдзарæй фæздæг куынæ цæуа, уæд æдзарыл нымад у.

Хæрдхуызæй æртхуыз хуыздæр у.

Хъарм арт — сойджын.

Сæнар тæф дæр кæны ’мæ — хъарм дæр.

Сæнар дæр артаг у.

Фæздæг кæцæй кæлы, цард дæр уым ис.

Сойтæдзæн цы хæдзар у, уый хусысмаг фæкæны.

Хæдзар йæхи зынгæй судзы.

Мæ хæдзары бæсты мæ тыргъ ныккæлæд!

Хæдзары бæсты тыргъ басудзæд!

Сæ хæдзар — фиййауы мусонг.

Хæдзар нæ, фæлæ уæтæр!

Уæлейæ ныл уæддæр нæ тæдзы.

Кæлæддзаг хæдзар æдзæрæгыл нымад у.

Кæлæддзаг сисæн фæсагæн хъæуы.

Мæсыгæн йæ сæрæй йæ бындур фидардæр аразын хъæуы.

Мæсыг бындурыл амадæуы.

Чъырындур мæсыгыл хорз фидауы.

Мæсыгамайæгæн хылычъи дæр æххуыс у,

Мæсыг — ирвæзынгæнæг.

Мæсыг хи дурæй хæлы.

Уæрммæ дон куы хъара, уæд фæллой сæфт у.

Къодахы цæф дардмæ нæ хъуысы.

Донгуыроны — куырой аразæн.

Фæлгуыр — куыройæн йæ сæйраг.

Куыройæн й ’ахъаззаг йæ гæркъæраг у.

Ривад куыройы гæркъæраг хæрдмæ хауы.

Куыройæн йæ фыдбылыз — йæ гæркъæраг.

Духъ — куыройæн йæ дзæбуг.

Дзæнгæрæгæн хъуытаз — йæ хъырнæг.

Цæрынæй хæрыимæ хæдзар-хæдзар фæкодта ’мæ æдзарæй баззад.

Арт дæр ын нæй æмæ фæнык дæр.

Нæ йын — хæдзар, кæй загъдæуы, нæ — къона. (Мыст æмæ цъиуы аргъауæй).

Æдзæрæг хæдзар — хæлынбыттыртæн ахстон.

Хæдзаргæнæг — æнæ хæдзар, куырд — æнæ кард.

Хæдзаргæнæг — фæсдуар.

Хæдзаргæнæг хæдзары нæ мæлы.

Хæдзаргæнæджы мард — фæсдуар.

Хæдзары чи цæры, уый у.

Хæдзар кæнын зын у, йæ фехалын — æнцон.

Мидхæдзар дзуар у.

Хæдзар истæмæй дæр цæры ’мæ ницæмæй дæр.

Ацы къæлæтджын фыдæй-фыртмæ цæугæ нæу — у мыггаджы ’мæ цæуы лæгæй-лæгмæ.

Кæфой æмæ сыхырна цæдис ысты.

Тъæпæнæг къуыстилы ивы.

Хъуылæг къуыстилы ’ййафы.

Куысийы хатæнтæ ис.

Тæбæгъ асаст, уæд æй аппар.

Къæссайы хъуын æддæрдæм у.

Къæссайы къуым — мыстытæн ахстон.

Æвзæр голлаг йе ’мпъызтæй бæрæг у.

Æмпъызтмæ цы дзаума ’рцæуа, уый дзаума нал у.

Дзаумайыл ызгæ куы фæхæца, уæд сæфы.

Уисой мæрзынæн у.

Цъылын æмæ уисой мæрзынæн ысты, фæлæ цъылын хæдзары лæууы, уисой та — тыргъы.

Уисой — тасæнгæнаг, цъылын — зивæггæнаг.

Уисой æппæт дæр мæрзы, цъылын та скъæтæй тæрсы.

Халамæрзаен æмæ уисой — цæдис.

Саджил сагой — хъæмпцæгъдæн.

Уæрдон кæдаем нæ тула,’ уыцы хæдзары бæркад нæй.

Дыдзæлхыг уæрдон хорз арæхсы хохы дæр æмæ быдыры дæр.

Хорз уæрдоны хъист — худинаг.

Йæ рæтæнагъд кæмæн аоæтты, уый йæ уæрдæхæй бæтты.

Ирон уæрдон бынатгай у: фыццаг бынат — разæй, дыккаг — астæуæй, æртыккаг — фæстейы.

Куы уæрдон — чема, куы.чема — уæрдон.

Тъепа ласынæн æмæ бырынæн у.

Тъепа дæр бырыди ’мæ дзоныгъ дæр.

Тъепайыл галтæ ничи ифтындзы.

Тъепайы дзоныгъваг суг самадтой æмæ йе ’фсæр ныссаст.

Тъепа сывæллæттæн хъазæн у.

Сæрдзæг галтæн æмхуызон хъæуы.

Æфсондз бæрзæймæ гæсгæ арæзтæуы.

Æфсондзы фидар уæзмæ гæсгæ у.

Æфсондз, дам, галæн афтæ загъта: «Нал фæразын дæ рацу-бацуйæ». Гал та, дам, ын афтæ загъта: «Æз та дæу рахæсс-бахæссæй нал фæразын».

Æфсондз уæз ласы, гал та — сæ дыууæйы дæр.

Ми мигæнæнæй чындæуы.

Пирæн æфсинæн — й’ ахсджиаг æрмадз.

Цъæгъæдз æлхуи æмæ уæдæрттæй фидауы.

Теман кæрцæмпъузæн нæу.

Теман лыстæг нæ хуийы.

Судзин ноггæнæг у.

Фæдзæл судзинæн — уаргъхæссæн.

Къулæг тæдзгæ уатæн — æмпъузæг.

Нæрв мигæнæи у.

Нæрв æрчъиаг нæмынæй не ’фсæды.

Хорз кусæг йæ кусæнгарз рæвдз дары.

Дæ цæвæджы фæхъхъау фæу!

Хадон — дæ цæвæг, ходон — де ссон.

Хъæсдарæг — хосдзауæй хæсдарæг.

Хъæсдарæг — æнæ азым.

Хорз фæрæт — хъæддзауæн æмбал.

Цурк — хъæддзауæн æмбал.

Цурк архæн ызнаг у.

Хæдз дыууæ къалиуæй у.

Бæндæн кæм лыстæгдæр уа, уым ыскъуийы

Суйтæ бæндæн ыскъуийаг у. 7

Зæгæлæн дзæбуг ызнаг у: æдзух ын йæ сæр хойы.

Рæс ардуанæй уæздандæр у.

Пъæнæзы ном тадзинæй уæздандæр у.

Йæ хорз мигæнæн æддæ ничи уадзы.

Æнæ кусæнгарзæй кусæн нæй.

Адæмы дарæг зæхх у.

Зæххисæгæй удисæгæй хъауджыдæр нæй.

Хаддзон хуым — туджджын.

Махæн нæ цард нæ мусæй у.

Дæ хæдзары хор куы уа, уæд дзы мыст дæр уыдзæн.

Фæндаггæрои хосы ’мæ къулы хуымы бæркад нæй.

Фос — бæстæ дарæг.

Цард фосæй у.

Æнæ фосæй цæрæн нæй.

Бæркад фосæй цæуы.

Бæрæчет фосы фæдыл цæуы.

Фос — зæрдæйы фиу.

Фос хæйрæджы нымæт у.

Фос, кæй дуарæй уаса, уый у.

Фиййауы бæллиц — бирæ фос.

Фосы бирæ — царды сой.

Фос бирæ сты — уæд сын хос дæр хъæуы.

Дзуджы бирæ — царды хос.

Иуфысон дæр сæдæфысон у ’мæ сæдæфысон дæр — иуфысон.

Æнæ хъæд фосæн дарæн нæй.

Урс фос — æнæ фос, сау фос — æрдæг фос, халас фос — æххæст фос. (Рагон ирон таурæгъы ныхæстæй).

Сау фыс — æнæ фыс, бурахъус — æххæст фыс.

Урс фос — æнæ фос, сау фос — æрдæг фос, саусæр цъæх фос — æххæст фос.

Фысæн йæ царм кæрцаг у, йæ царв та бæркад у.

Фыс дымæгæй фидауы.

Далыс бонхуыздæр кæны, фыс — бонвыддæр.

Фыстæй зæддаг — хицæн, хуыскъаг — хицæн.

Хуыскъ фыс нæл фысы ’мдых у.

Хуыскъ фыс зæддаг фысæн æлдар у — тых ыл кæны.

Зæддаг фыс фырæй кадджындæр у.

Фыс сæгъы фæдыл цæуы, фæлæ сæгъы хизæнтæм нæ хизы.

Фысы цæф фырæн нæ риссы.

Дзуджы разæй цæу цæуы.

Дзугæн цæу куыннæ уа, уæд дзæгъæл хизынц.

Дзуджы астæу хæццæ фыс бæрæг у.

Дзыгы-дзыгы сæныккыл фидауы, уæрыккыл та — уæрчо-уæрчо.

Сæгъ къæдзæхыл хæрдмæ цæуы.

Æмбаргæ сæгъ ид «дзæгъæс»-æй ыздæхы.

Фыс — комы, сæгъ — хохы.

Лыстæг фосмæ бирæгъ æмхиц у.

Бирæгъы тæссæй йæ фос ничи сафы.

Дзæгъæл фосæн — бирæгъ сæ хицау.

Æнæ фиййау фос — бирæгъты амæттаг.

Дзæгъæл фосы бирæгъ хæры.

Фиййæуттæ сæ фос гаккæй æвзарынц.

Фыс æдылы у: бирæгъ æй куы хæры, уæд иннæтæ та бирæгъмæ смудынц æмæ фæцагъды вæййынц.

Фос загътой: «Мах бирæгъæй хæрзæнхъæл вæййæм æмæ йæм уымæн фæцæуæм. Уый та нæм лæбургæ кæны æмæ мах дæр фæлидзæм.»

Æфсæст бирæгъæй фос æдасдæр ысты.

Æдзæлгъæд фосæй иу дуцгæ хъуг хуыздæр.

Æхсырджын хъуг бинонты мад у.

Ме ’хсыры къæрта мын ахæм хъуг акалæд, æмæ та йæ ног чи байдзаг кæна.

Хъуг йæ сал куы бахæры, уæд йе ’хсыры хъæд хорз нал вæййы.

Хъугæн йе ’хсыры конд йе ’взагæй у.

Мадæл хъуджы рæуæдахуыр нæ хъæуы.

Гуымыдза хъуг цæваг у.

Цæваг хъуг хъæхъхъаг куыдзыл хæцы.

Хуыскъ хъугæй æфтауаг карк хуыздæр у.

Хуыскъ хъуг æмæ хуыскъ адаг иу ысты, сæ дыууæ дæр — æнæпайда.

Куырмæдзæуæг къамбец дардмæ лидзы.

Гал хæдзардарæг у.

Галы куыст лæг хæры.

Хуымгæнæг йæ хуыздæр гал фæстаг ауæдзы ифтындзы.

Къобор галы хуымы хæдæфсондз хонынц.

Хорз галæн цыдæн нымæткъуы уис — йе ’рагъæн.

Хорз гал йæхиуыл цæф нæ уадзы.

Хорз гал ауæдз нæ халы.

Фæллад галыл бындз бадаг у.

Æфхæрд галы хохмæ ку’ аскъæрай, уæд йæ фист калы.

Иу галæй кусæн нæй.

Цæдисы галæн ыстивдз нæ лæууы.

Гал сыкъайæ фидауы.

Зæронд галы сыкъа хъæбæр у.

Зæронд галæн йæ сыкъа хуымы ныссадз.

Зæронд галы сæр хуыммæ хастæуы.

Галдоны гал куынæ уа, уæд уæныг нæ фидауы.

Фос зылдæй у.

Фос æрмыдул уарзы.

Арскъухæй фос дарæн нæй.

Æнæрцæф фосы рагъ —цæфæн æбуалгъ.

Кусæг фосæн йæ дзых йæ бар у.

Кусæг фосæн сæ дзыхтæ нæ бастæуы.

Дзалахосæй æгомыг фос фыд не ’вæрынц, гуыбын нæ кæнынц.

Æгомыг фос тæригъæд у.

Æгомыг фос тæригъæд у: дойны дæр æмæ ’ххормаг дæр æгомыгæй уромы.

Дæ фосы куыд фенай, афтæ дæ фендзæн.

Хорхъуагæй холлагхъуаг зындæр у.

Каевдæсы хъомыл ыстур рæгъауы бæрæг у.

Къæлæт — ыстурæн мæлæт.

Фос йæ хицаумæ гæсгæ у.

Алкæмæн дæр йæ фос йæхимæ гæсгæ у.

Алы фос дæр йе ’мдæндаг агуры.

Хайуаныл æууæнк нæй.

Æвзæр фос зæвæтдзæгъдæн кæны.

Лæгæн йæхи фосы йедтæмæ маст ничи кæны.

Хурмæ уæгъдибар цы фос цæуа, уый æнафоны заинаг кæны.

Сынæр цæгъдын фосы хъуыддаг у.

Ривæддон — фосы бынат.

Наййаг ыстур рæгъаудзыт у.

Бæрнаг фос зындарæн у.

Бæрнаг йæ сæр хæры.

Бæрнаджы сæр хæрынмæ цæуы.

«Бæрнаг, кæдæм цæуыс?» — «Мæ сæр хæрынмæ!»

«Бæрнаг, кæдæм цæуыс?» — «Мæ сæр сафынмæ!»

Далыс бæрнагæй не ’взæрстæуы.

Фос бæрнагæй не ’взарынц.

Бæрнаг фоомæ бирæгъ æмхиц у.

Аманаты фск зындарæн у.

Аманаты фосЧæригъæд у.

Æххуырсты фою — æнæзылд.

Бæхæй уæздандæр фосæй нæй.

Бæхæй уæздандæр фосæй нæй: лæгимæ топпы дзыхмæ уый йедтæмæ ничи цæуы.

Бæхы куы фæнæмай, уæд гæдыхъæд куыд риза, афтæ ризы ’мæ ’рсабыр |вæййы; фæлæ стуры фæнадтай, зæгъгæ, уæд ын бауромæн нал и.

Саргъы бæх саргъЦ бын фидауы.

Мигъæмбал æмæ уадæмдзу бæх.

Мигъæмдзу ’мæ уадæмдых бæх.

Науы хуызæн бæх.

Уадсур бæх.

Цы хуызæн бæхтæ уæ хъæуы, ахæмтæ ’рцахсут: фæнды зæрватыккау рог бæхтæ, фæнды — ’хсинæгау. (Нарты таурæгъты арæх æмбæлы ацы ныхас).

Ныллæджытыдзæуаг æмæ дардмæгæпгæнаг. (Нарты таурæгъты афтæ хонынц Сосланы бæхы).

Бæхы къах тагъд у.

Бæхы къах арт у.

Дугъон бæхæн йæ цæфхæдтæ тагъд ихсийынц.

Уайаг бæхæн йæ къæхтæ йе сæфтæн ысты, тæрхъус та йæ къæхты фæрцы ирвæзы.

Бæхæн йе знаг — йæ къæхтæ.

Бæхæн йæ давæг — йæ къæхтæ.

Бæх ызнаджы фарс у.

Бæх лæгæн ызнаг у: хуыснæджы бын тынгдæр цæуы.

Кæсгон бæх йæ чъылдым нæ хаты.

Саулохаг бæх йе ’мгъуыд нæ сайы.

Хорз бæх йæхи æлгъитын нæ уадзы.

Хорз бæхы ехс нæ хъæуы.

Дугъон бæх йæ тыхыл сираг вæййы, зæрондæй та — сæппой.

Сираг бæх сæппойæн ызнаг у — нæ йæ ’ййафы.

Дугъон бæх фæллайы.

Рæувад бæх фæллайы.

Фæллад бæхыл дардмæ ма ацу.

Бæх лæджы бынатмæ фæхæццæ кæндзæн.

Мыстхъуын бæх фидар у.

Бæхы дзагъыр — лæджы йаргъ.

Бæхы йæ хъустæй ма равзар.

Бæхæн йæ тъыфылхъусмæ ма кæс.

Саулохаг бæх æфсургъы не ’ййафы.

Бæх барæгмæ кæсы.

Хъал бæх й’ аууонæй тæрсы.

Оцани бæхæн хæрды йæ цæстытæ бæттынд.

Оцани бæх нæ саргъæн бæззы, нæ — уаргьæн.

Дæ байрагыл æртыкъахыг сахсæн сæвæр æмæ дын сирын базона.

Æфсургъ æнæ аипп нæй.

Тыхæй тыхджындæртæ бирæ ис, ноджы — лæгæй лæгдæртæ, ноджы — бæхæй бæхдæртæ.

Ефс-бæхы цæф уырсæн нæ риссы. [

Рæгъайуаг бæх ызнæт у.

Сусæны бадт бæх фæгобан вæййы.

Бæх нард куы уа, уæд хæдзар цола вæййы.

Фæлдыст бæх рæгъауы астæу бæрæг у.

Фæлдыст бæхы дугъы нæ уадзынц.

Фæлдыст фос бирæ нæ хæссы. (Йæ хицау æй, дзурынц, йæхирдæм фæкæны— ахæм фæтк баззад фыдæлтæй).

Дæ бæх хорз уа, уый дæ нæд фæнды, уæд æй ехсæй ма нæм, фæлæ хоры нæмыгæй.

Дæ бæхы ехсæй ма скъæр, фæлæ йæ сысджыйæ скъæр.

Хорæн йæ кæрийы фындз сæ саргъы бæхæн дардтой.

Дугъон бæхы ’ууæрстой сысджы ’мæ конд кæрдзынæй.

Мидæгдон æмæ мидæгхорæй хаст бæх.

Хорхора бæх.

Хорхор бæх æмæ хъæмпхор бæх иу не сты.

Бæхæн йæ къæхтæ доны стул, æмæ йæ кæд хъæуы, уæд баназæд.

Бæх хъуамæ мартъийы сыджыт бахæра.

Бæхæн йæ холлагæй йе ’рмзылд хуыздæр æххуыс кæны.

Хорз бæх æртæ туллаччы кæны.

Бæхы рагъмæ кæсын зын у.

Æнæрцæф фосы рагъ — цæфæн зын.

Бæхæн йæ мизг макуы ныццæв.

Дæ бæхты хуыздæрыл манхъа куы фæзына, уæд æй иу бон дæр дæ хæдзары мауал ныууадз — фесаф æй.

Манхъа хæцы ’рмæст бæхтыл, сырх та — хуытыл.

Раууатмæ ’рцыди бæх: йæ царм йе стджытыл бахус, барц ын барцыл нал баззад, дымæг — дымæгыл,

Хорз бæх бирæ нæ цæры.

Бæх хæргæйæ мæлы.

Мæлæг бæх й’ алы фæрстæ ’хсыны.

Хорз бæх йæ мард хъæугæронмæ хæссы.

Хорз бæх йæ мард хъæумæ хæссы.

Хорз бæх лæджы йаргъ у.

Хохы хæрæг чи ^æ дары, уый йæхæдæг хæрæг у.

Хæрæг бæхæн —уаргъхæссæн.

Хæрæджы уаргъ сæрхæссæн у.

Хорз хæрæг æртæугуллаччы кæны.

Хæрæгæн фæнычы стулын — удæнцой.

Хæрæгæн сындзы къоппа минас у.

Хæрæджы хæринаг — хæрæгсындз.

Сындз хæргæйæ хæрæг уасы.

Хæрæджы расур, æмæ зад хуымы смидæг вæййы.

Хæрæг хуым бахордта, йæхæдæг хъæумæ фæтæргай.

Æвзæр хæрæг — йæ хæдзармæ сæп-сæпгæнаг.

Хæрæг сæдæ фæсира, уæддæр йæ фæстаг джырт-джыртмæ цæуы.

Хæрæджы былæй куы ’ппарай, уæд æй уæлбылмæ схой.

Æнæзонд хæрæг былæй хауы.

Хæрæгæн йæ сæр — ыстыр, йæ къæхтæ — гыццыл.

Æнæхицау хæрæджы бирæгътæ хæрынц.

Бирæгъ хæрæджы куы фергæвды, уæд хæрæг йæ цæстытæ бацъынд кæны.

Бирæгъ хæрæджы куы фæхæры, уæд хæрæг йæ сæр кауы бацæвы.

Хады дарæг хæрæг у.

Хадæн хæрæг куынæ уа, уæд сæ артæй фæздæг не ссæудзæн.

Хæрæг бырынкъæй урс кæны.

Хæрæджы зæронд — æгойгæнæг.

Хæрæг зæвæтæй куыд цæвы, дæндагæй дæр афтæ хæцы.

Хæргæфсы тыхмæ бæх хæлæг кæны.

Хæргæфс куы ныззайа, уæд дын мысыйраг бæх басгуыхдзæн.

Хæрæгæй хæргæфс гуыры, хæргæфсæй — æфсургъ.

Къæлæу хæрæджы фæдисон у.

Теуа фосæй се ’ппæтæй дæр тыхджындæр у.

Теуамæ карчы зонд ис.

Теуаиæн йæ саргъ — йæхицæй.

Хуы чъизийæ нæ тæрсы.

Хуыйы хуыздæр бынат — цъыфдзасты.

Хуыйы сыст сæры астæумæ хизы.

Хуы йæ бæрзæй ауæй кодта доны ленкыл.

Хуы æдзух хъæрзы, фæлæ дзы ницы риссь

Хуыйы гуыбыны дуртæ дæр тайынц.

Джиры хæст дзæргъæй нæ риссы.

Хуыйы хъис — дзаумайæн.

Хуыйæн сыкъатæ куы сзаид, уæд бæстяё байсафид.

Хуы нывондæн нæ бæззы.

Дзуары номыл хуы ничи ’ргæвды.

Хуы дзуарæн — æлгъыстаг.

Хуыйæн кад кæнынц цъуй лæдзæгæй.

Хъазы хъазгæ ничи фены.

Хъаз мит куы бахæры, уæд нард кæны.

«Цы хуийыс, хъаз?» — «Дыс, дыс»

Карчы ахсæн — хуырæй дзаг.

Карчы хъуыдаттæн — уасæг æвдисæн.

Карк дæр йæхи фосыл нымайы.

Куыдзы рæйын цы хъæуæй нæ цæуа, уый мæрдтыл нымад у.

Хорз куыдз лæгæн æмбал у.

Лæджы дзагъыр — куыдзы йаргъ, куыдзы дзагъыр — лæджы йаргъ.

Куыдз хæдзарыл иузæрдыг у.

Егар куыдз — бирæгътæн се знаг.

Фиййауæн куыдз куы уа, уæд бирæгъæй æдас у.

Хъæхъхъаг куыдз — дзугæн йæ хъахъхъæнæг.

Фиййауæн й,æ куыдз йæхимæ гæсгæ у.

Куыдз йе ’рхæссæджы хуызæи кæны.

Куыдз йæ хæссæджы хуызæн кæны.

Куыдзæн йæ дарæджы зондæй хай ис.

Куыдз йæ номæвæрæджы хуызæн кæны.

Куыдз йæ хицауы хуызæн кæны.

Куыдз йæ хицауыл нæ хæцы.

Куыдз дæр ма йæ хицауы зоны.

Дæ куыдзмæ дæ хæдзары цы номæй дзурай, æддæ дæр æм уыцы номæй дзурдзысты.

Хæдзары цард йæ куыдз æмæ гæдыйыл зыны.

Куыдз бинонты бирæмæ бæллы — фæйнæ-фæйнæ къæбæры йын ку’ аппарой, уæд бафсæддзæн.

Куыдз бинонты бирæмæ бæллы, гæды та — æфсины куырммæ.

Куыдз къухмæ кæсы.

Куыдзы комæй стæг ничи исы.

Куыдзы хъуынæй нымæт ничи кæны.

Куыдзæн йе сæфт йæ гуыбын у.

Æфсæст куыдз миты рагъыл тулы.

Куыдзы къæдзил нæ раст кæны.

Куыдзимæ лымæи у, фæлæ дæ дæ лæдзæг дæр рох ма уæд!

Куыдзы кой куы кæнай, уæд дæ къухы лæдзæг дар.

Куыдз лæдзæг нæ уарзы.

Куыдз хæргæ-хæрын къæпп кæны.

Æвзæр куыдз холыйыл хъырнгæ кæны.

Æвзæр куыдз сусæгæй хæцы.

Æвзæр куыдз йæ дуармæ хъал у.

Куыдз йæхи дуармæ хъæхъхъаг у.

Баст куыдзы рæйынахуыр нæ хъæуы.

Хорз куыдз æнæхъуаджы нæ рæйы.

Хорз куыдз сылгоймагыл нæ рæйы.

Куыдз куыдзы хæлæгмæ рæйы.

Æхсæврæйаг куыдз къæрныхтæм сиды.

Æдылы куыдз мигъмæ рæйы.

Куыдзæн къæбæр аппар, æмæ дыл ма рæйа.

Куыдз зæрдæ зоны.

Куыдз куыдзы уарзы, хæрæг хæрæджы зæрдæ зоны.

Куыдз йæ маст, йе ’фхæрд æрæгмæ рох кæны.

Куыдз йæ цæф къæсæрмæ нæ хæссы.

Куыдз йæ цæф къæсæрмæ нæ рох кæны.

Куыдзæн йе ’взаг — йæ хъæдгоммæгæсæг.

Зæронд куыдзы фæстæ лæдзæг нæ сæфы.

Куыдзы фæстаг бирæгъмæ цæуы.

Хорз куыдз йæ мард хъæугæронмæ хæссы.

Хорз куыдз йæ мард быдырмæ хæссы.

Хорз куыдз йæ мард дардмæ хæссы.

Гæдыйы хуылфы ихы къæртт ис.

Хъæхъхъаг фиу къæрных гæдыйæн — хуыфæджы хос.

Гæдыйæн — æхсыры сæртæ.

Гæды йæ къæдзилæй хосдзауы фæзмы.

Гæды æвдудон у.

Мыст, гæды ’мæ куыдз цы хæдзары нæй, уый хæдзар дæр нæу.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.