Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ХÆЛÆГ
Цæст хæлæг у.
Бабызы ленк хъазмæ хъыг кæсы.
Куыдз куыдзы хæлæгмæ рæйы.
Хæлæджы къæбæр армæй хæцаг у.
Хæлæггæнæг хæлæгæй цæры.
Хæлæггæнæг мæллæг кæны.
Хæлæгæй мард.
Хæлæг мæлæт у.
Хæлæг æмæ чъынды ’фсымæртæ сты.
Цы дæм ис, уый хæлæг ма кæн.
Хæлæджы фауд лæджы макуы бакæн.