Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ТЫХСТ ÆМÆ УЫРЫД
Йæ сæр йæ кой ысси.
Йæ сæр йæ фад ысси.
Фыртыхстæй йæ хъуырмæ ’сси.
Мæ сæрæн бынат нал арын.
Мæ сæр ма цы фæкæнон, уый нал зонын.
Мæхи ма цы фæкæнон, уый нал зонын—кæд ма абырæг алидзон!
Фырадæргæй ма ц’ акæна, уый нал зоны.
Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр ысси.
Цъысымы йæ баппæрстой.
Къæппæджы чи бахауы, уый лæгъстæмæ фæвæййы. .
Бирæгъыл мæгуыры бон ку’ акæны, уæд куыдзы бын дæр атулы.
Мæ зæрдæ йæхи къултыл хойы.
Дыууæ арты астæу бафтыд.
Дывыдон арты судзын.
Зындоны арт.ы судзын.
Сæрсудзаджы фæдæн.
Уæу, мæнæ Цырауы фæдæи!
Уынгæджы бон мыл акодта.
Уынгæджы фæдæн.
Раны фæдæн.
Размæ цæуин æмæ сар — мæ хæдзар, фæстæмæ цæуин æмæ йеу — мæ къона.
Тыхст лæгæн алцыдæр — цæлхдур.
Йæ фыртыхстæй арвмæ асинтæ ’вæры.
Уæларвмæ мын лидзай — дæ фæстаг къахæй дæ ахсдзынæн, дæлдзæхмæ мын цæуай—дæ коцорайæ дæ ахсдзынæн.
Уæлæ кæнай, дæлæ кæнай — ирвæзæн дын нал и.
Бæстæ мыл уыры-уыры кæны.
Йæ быны дон бацыд.
Джызæлы хъомгæсы катай кæны.
Тыхст æмæ уырыдæй цæры.
Хъуырмæ ма кæи: хуыздæр бонтæ дæр та дыл ыскæндзæн.
Дæ зындзинад тыхсынæй нæ фæкъаддæр уыдзæн.
Тыхст лæгыл алцыдæр фидауы.
Нывонд дæр ма ’фсондзы бын аифтындзынц.
Хетæг хъæдмæ — нал, фæлæ хъæд — Хетæгмæ!