Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ТÆРГАЙГÆНАГ. ХÆСТМАСТ
Сдзырд æм нæй: тæргайгæнаг у.
Сдзырд æм нæй: алцыдæр æм тæлммæ кæсы.
Уанцон нæу — хъазæн ныхас дæр не ’мбары!
Къуырмайæн хъæр-ныхас рæхуыст у.
Тызмæг лæгмæ раст ныхас дæр хъыг кæсы.
Нæхстæр лæгмæ «цæр» дæр хъыг кæсы.
Номылусы тæргæйттæ кæны.
Тæргæйттæ кæнынмæ сывæллонæй уæлдай нæу.
Хæстмаст Быцентæ.
Тæргайгæнаджы хай адджын у.
Тæргайгæнаджы хай — хæлæйфаг.
Къах дæ роны!
Хъыгыл дзырд нын ма фæуæд!