Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

СЫХАГ

Бæлас ку’ акæлы, уæд йæ сыхагыл банцайы.

Сыхаг фæдисон у.

Хуры разæй дæр сыхаг фæвæййы.

Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.

Хурыскастæй лæг йæ сыхагыл тагъддæр сæмбæлы.

Искæй зæрдæ балхæнын дæ куы фæнда, уæд ын йæ сыхаджы бафау.

Фыдфын сыхаджырдæм арæзтæуы.

Сыхаджы цæст — фыдцæст.

Нæ сыхæгтимæ фыдбон æмæ къуырисæр кæнæм.

Сыхаг — айдæн, хъæубæстæ — чиныг.

Сыхаджы мæрдты дæр фарстæуы.

Каед дæ адæмимæ цæрын фæнды, уæд дæ сыхаджы уарз.

Дæ сыхаджы фыдкой ма ракæ.

Æвзæр æфсымæрæй хорз сыхаг хуыздæр у.

Æвзæр æрвадæй хорз сыхаг — хуыздæр.

Дард æрвадæй хæстæг сыхаг хуыздæр у.

Де ’рвадæй дæ хорз сыхаг — хуыздæр.

Хорз сыхагæй хорз хæстæгæй уæлдай нæй.

МÆХИ. МÆХÆДÆГ. МÆХИОН. ИСЧИ

Йæхи чи нæ уарзы, ахæм нæй.

Йæхи чи нæ уарзы, уый амæлæд!

Йæ уд æнад никæмæн у.

Фæрскæй фæлин хæстæгдæр у.

Фарс куынæ рисса, уæд фæрск дæр нæ риссы.

Хи лæдзæджы цæф нæ риссы.

Хи лæдзæджы цæф нæ мары.

Хуыздæр уисой — хи уисой.

Мæхи къухы ’хсад хуыздæр у.

Алкæмæ дæр йæ сæгуыт саг кæсы.

Искæй бæхæй хи хæрæг хуыздæр.

Алы цуанон дæр йæхи фæндагæн фæкувы.

Алчидæр йæхи гуылы бын æндзары.

Арв куы нæры, уæд алчидæр йæхи гоны фарс хойы.

Арв куы ныннæры, уæд алчи йæхи чъылдым хойы.

Хæдзарæй-хæдзармæ — мæхи хæдзар, удæй-удмæ — мæхи уд.

Уæддæр лæгæн йæхи хæдзар!

Куыдз дæр йæхи дуармæ тыхджын у.

Адæм — фæдисмæ, куыдз та — къæбицмæ.

Адæм — фæдисмæ, куыдз — куыроймæ.

Адæм — фæдисмæ, куыдз та — фæлгуырмæ.

Бæрнаг далысау алкæмæйдæр лидзгæ кæны.

Сæтæлæгау йæ хъузджы цæры.

Хæсгæ мæ, хæсгæ, стæй кæй уон, уый мæхæдæг зондзынæн!

Куыдз куыдзы къæдзил не скъуыны.

Къух къухы ’хсы.

Къух къухы ныхы.

Дæхионæй дæ бон хорз.

Иумæ дзыккайæ хицæн сир — хуыздæр.

Бирæгъæн йæ холы йæхи вæййы.

Алкæмæндæр йæ лауыз — йæхи мæрдтæн.

Æз дæр — мæхирдæм, уый дæр — йæхирдæм.

Дæууон дæу у, мæнон та—мæн: иумæйагæй нæм ницы ис.

Цæдисон галæн — арвистон, хи галæн — цъæх хос.

Алчи йæхи мардыл.фæриссы.

«Исчи» зæгъынæй былтæ кæрæдзимæ ’нгом нæ цæуынц.

«Исчи» зæгъынæй былтæ кæрæдзимæ хæстæг нæ цæуынц, фæлæ «мæхи» зæгъынæй кæрæдзиуыл андæдзынц.

Æз цы бæласмæ не ’ххæссон, уый бахуыскъ уæд!

Алчидæр йæхимæ лæг кæсы.

Æз цы обауыл лæууон, уый — бæрзонддæр.

Æзза дæр йæхистæн кодта ’мæ адæм дæр уыйистæн кодтой.

Лæг йæхицæн куынæ уа, уæд искæмæн дæр — ницы.

Дæхæдæг дæхицæн куынæ уай, уæд дын ничи ницы фæуыдзæн.

Лæгæн йæхи базыртæ куынæ уа, уæд искæй базыртæй базырджын не суыдзæн.

Цуайнагæн йæ къæлæт — йæхицæн.

Искæмæн — исты, йæхицæн — ницы.

Иуæй-иу адæмæн — амонд, йæхицæн — фыдбылыз.

Искæмæн — чъырын агъуыст, йæхицæн та — кауын къæс.

Искæй хуымы — цыргъ æхсырф.

Кæмæндæр йæ цæвæг хъæуы хъугом ныккарста, фæлæ йын йæхи хуым нæ карста.

Сихъойы сæрдасæн адæмы даста, фæлæ йын йæхи нæ даста.

Искæй мардыл — кæуаг, йæхи мард та — æнæвæрд.

Чидæр рæгъауы ’хсæн йæхи хъуджы надта.

Гакк-гуччы лæппыны дзылы хæссы.

Æддагон мыст мидæггагоны атардта.

Искæй бæхæн — искæй саргъ.

Искæй къухы къæбæр ыстыр зыны.

Искæй уæхстыл бур физонæг æрæгмæ цъыс-цъыс кæны.

Искæй къухмæ дур рæуæг у.

Иу иннæйы рис нæ зоны.

Иу иннæйы рис не ’мбары.

Хъуымбылдзыкку цæгæрсæры рис не ’мбары.

Иу иннæйы низæй нæ хъæрзы.

Алчидæр йæхи низæй хъæрзы.

Искæй мастæй ыстæм лæг хъæрзы.

Искæй зын зæрдæмæ нæ цæуы.

Галиу фæрскæй цы риссы, уый рахиз фæрск нæ зоны.

Бæхджын фистæджы рис не ’мбары.

Фæлмæнылбадæг хъæбæрылбадæджы иæ зоны.

Бирæгъæн сæгъы мехъхъ худын у.

Рисг,æ мæнæй кæны, «дæдæй» та ды кæныс.

Хъуг зади ’мæ гал та нæтгæ кодта.

Мысты хъарæг — гæдыйæн зарæг.

Искæй мард æм фынæйау кæсы.

Искæй къух — сындзтонæн.

Искæй къухæй сындз тонын æмæ цæхæр æмбырд кæнын æнцон у.

Искæй бæх — æнауæрдон.

Цæст мидæмæ нæ уыны.

Цæст цæстыл нæ худы.

Хыдыр хыдыры ’взагæй зоны.

И’ аипп йæхæдæг ничи зоны.

Лæг йæ рæдыд раздæр искæй цæстæй фены.

Искæй цæсты ’рду уыны, йæхи цæсты та æдкъала бæлас дæр нæ уыны.

Арс усы хъуынджынæй фаудта.

Арс усы хъуынджынæй фаудта, фæлæ йæхи нæ уыдта.

Цау кæуыл не ’рцæуа, уый зæрдæмæ иннæ нæ цæуы.

Кæд дæхи зоныс, уæд хъуамæ искæй дæр зонай.

Искæй Бето куы хонай, уæд дæ уый та Чето хондзæн.

Искæуыл худыны бæсты дæхимæ ’ркæс.

Искæй бындзытæ ма сур, дæхи бындзытæ асур.

Искæмæ ’нхъæлмæ ма кæс. ;

Иу иннæйы дарæг нæу.

Иу иннæйы хæдзары уазæг у.

Искæй усæй ус нæй. ;

Искæй мадæй мад нæй.

Искæй цотæй цот нæй.

Искæй номыл ард макуы бахæр.

Искæй сомыйæ сомы нæй.

Искæй зондæй зонд нæй.

Искæй къæхты хъæрмæ ма каф.

Искæй дæлбазыр зын цæрæн у.

«Дæу у, мæн у» раджы амард.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.