Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДЗЫРДМÆ — ДЗЫРД. РИФМÆГОНД НЫХÆСТÆЙ ХЪАЗТ

Ныхасмæ чи фæцарæхса, уый у.

Дзырд ыссарынмæ дын хуыцау ахæм авæра!

«Цы ми кæныс?» — «Мæнæ хохмæ быцæу лæууын, куы мыл рафæлдæха.»

«Сахары цы хабар ис?» — «Цы хабар ис, цы — тамакойыл арт æндзарынц, сæкæр доны калынц».

«Хæрæджы дымæг!» — «У’арынг мæрзæн!»

«Цы дын загътой?» — «Ницы. Къуыри, дам, авд боны.»

«Кæцы дæ хъæуы?» — «Кæцы ныууаса, уый.»

«Куыд дæ?» — «Куыд дæн. Æрдиаг ма мыл хъæуы.»

«Куыд ыстут?» — «Куыд æмæ лæдæрст.»

«Куыд ыстут?» — «Куыдæй фыддæр.»

«Цы ми кæнут?» «Цыми конд фестæм æмæ Бæлтамæ бавнæлдтам.»


«Уары, уары...»

«Цы уары?»

«Хидыхъусы цæхх уары.»


Ацонæга — Гулимæ,

Еууын кæрдзын дзулимæ.


Джитъыри ’мæ дам нас уыди.

Йæ фындзы къоппа басыди.


О, Тепса-Тепсырычъи,

Дæ худ хъæдмæ ныббызычъи.


Ох æмæ ’рдæг,

Дæ быны — кæрдæг,

Дæ уæлæ — хъисын,

Æри мын мисын...


«Чи?» — «Бечи!»

«Табуафси.» — «Дæ былæй мыи æртæ уафсы и.»

«Сасир.» — «Мæрдтæм басир!»

Кæд нæ комы — дур йæ комы.


ТАГЪДДЗУРИНÆГТÆ

Тæрхъусы хъуыст — хъилхъусæй, тæрхъусы хуыст — дæлгоммæ.

Тæвд къæйыл хуылыдз фæрак.

Дзæкъул-мæкъултæй æрбацæуы.

Арв ныр ныннæрыди.

Хъыбыл хъæмп къахы.

Хъыбыл Хъæлты комы хъæмп къахы.

Хъыдырты къæпи — хæдхъуыр къæлæт.

Хъæбæр галæн хъæбæр хъæдæй хъæбæр къæлæт.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.