Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ÆЛГЪИН. РÆДАУ. КÆРДЗЫНДÆТТОН

Куыдз хосы сæр хуыссыди ’мæ дзы йæхæдæг дæр нæ хордта, искæй дæр æм нæ уагъта.

Мæрддзæсты хурхыл — хæйрæджы къæлæт.

Фосджыны цæст — мæрддзæст.

М&рддзæст лæджы лæвæрд хъуыры сæдзы.

Исæй хъауын — удæй хъауын.

Ахæм æлгъин у ’мæ судзины бын теман ласы.

Мæрддзæсты къухæй дон дæр нæ тæдзы.

Йæ дыууæ къухæй нæмыг не ’рхаудзæн.

Искæй хæдзары галы цæстæй кæсы, йæхи хæдзары та — цъиуы цæстæй.

Чидæр, дам, хуы аргæвста ’мæ йæ хæдзарæй нал цыди.

Рæмпæгау сусæгхор ма у.

Сусæгхор мыстимæ нымад у.

Цæлæмбыд лæгау.

Фосдзæст лæг нæ дары, цæлæмбыд нæ хæры.

КУыдзæй ыстæг не ’нтысы.

Куыдзы дзыхæй — ыстæг.

Куыдзæй ыстæг ратонæгау.

Куыдзы комæй ыстæг дæр мæнæ нæй.

Чидæр бирæгъы комæй ыстæг иста.

Æлгъин лæг дзуары бын дæр æлгъин вæййы.

Мæлæг удæн дон нæ ратдзæн.

Фæткъуыйыфых дзы иæ рантысдзæн.

Уымæй зымæг мит куынæ рантысдзæн.

Хæйрæгæй цæсты рухс чи куры!

Дæ удхос йæ къухы к’уа, уæддæр дын æй нæ ратдзæн.

Гуыбыны фыдæй цæст — урс.

Марды сызгъæрины хъæстæ куы фæкæнай, уыйау.

Сойдоны — хуыскъ уидыг.

Зады нæмыг не ’ппары, афтæмæй бæгæны ’хсиды.

«Иуæй дæ ном ыскæнын фæнды, аннæмæй та фæлхасæй тæрсыс. Уый гæнæн нæй: хъуамæ кæнæ уæхст басудза, кæнæ — физонæг», — загъта Сатана Уырызмæгæн.

Æлгъин æфсины уазæджы ’рцыд нæ фæнды.

Чъынды ’фсин уазæгæн йæ чъылдыммæ кæсы.

Бур гал — къæлæсы,

Не ’фсин къуыммæ фæлæсы. (Сой-сойы зарæгæй).

Хъæумæ рауай дæр нæ зæгъы.

Усы чъынды йæ къæсæрыл бæрæг у.

Æлгъин лæгмæ уазæг нæ цæуы.

Чъынды дыккаг хатт фиды.

Чъынды лæг тагъддæр хорхъуаг кæны.

Æз мæ къухтæм æмхасæнтæ кæнын, ды та мæм курæг æрбацыдтæ.

«Кæд мын сараздзынæ ме ’хсызгон?» — «Мæрдтæн къуырисæр куы кæной, уæд».

«Нæй-нæй» куы кæнай, уæд бæркад лидзгæ кæны.

«Нæй»-дзурæджы мад мæгуыр у.

«Нæй» дын загътон æмæ ацу.

Æргом «нæ» лæварау у.

«Нæй» дурæй хъæбæрдæр.

«Исты уæм ис?» — «Нæй, ницы!» — «Уæдæ ницы уæ сæр!»

Нæйæ нæймæ фæцу, кæниæуæдæ!

Æлдары къæбиц йæ былтæй куы кæла, уæддæр «нæй» кæны.

Нæртон лæг «нæ» нæ зæгъдзæн.

«Нæй-нæй» бæрц ныхас у, «дзаг» та — бæркадджын.

Æбæркад лæг æмæ æиæбын къæрта иу уавæрæн ысты.

Æлгъинæй хæс макуы райс.

Чъынды ма у ’мæ цæрын фæразай.

Æгасæй та ’лгъинæй æвзæрдæр ничи у.

«Рæдау лæг æй хонынц.» — «О, цы йæ нæ хъæуы, уымæй ахæм рæдау никуы ис».

Гъа, цъиу, мырткæ дын!

Мæнæн дæр ма уæд æмæ уымæн дæр.

Мæгуырæй æлгъин хуыздæр у.

Авæрын цæсты рухс у.

Æгæр »æй ма дзаг кæн: хæсы йæ куынæ дæттыс, миййаг.

Хорз æфсины ном кæрдзындæттонæй айхъуысы.

Кæрдзындæттон æхсар сæтты, дзæбæх ныхас фæндаг дæтты.

Кæрдзындæттон лæг дзæнæтмæ цæуы.

Ахæр, ауæрдгæ йыл кæныс?

Уый мæ мард фенæд, чи нæ ахæра!

Рагъы дзуар дыууæрдæм дæтты.

Кæрдзындæттон лæг æфстау уары.

Кæрдзындæттонæн йæ фæндаггаг йæ разæй цæуы.

Рæдау лæг адæмæн æхсæны у.

Царциаты Суа ’мæ Нарты Уырызмæгау — рæдау.

Радтаджы къух райсаг у.

Дæ иу къухæй ратт æмæ де ’ннæйæ райс.

Дæ дуар гомæй куы дарай, уæд алкæй дуар дæр гомæй æййафдзынæ.

Рæдау лæг фæндаггаг нæ хæссы.

Уый фæндаггаг нæ хъæуы —уымæн йæ фæндаггаг разæй цæуы.

Рæдау адæймаг хъæздыг нæ кæны.

Дзыппæй — мæгуыр, зæрдæйæ — хъæздыг.

Халонæн цы ис, æмæ сынтæн цы радта?

Бахынц æмæ дæ бахынцой.

Бахæрын бафидын хъæуы.

Хæрд зынфидæн у. ’ ,

Райсын куы зонай, уæд радтын дæр зон.

Радтаг æмæ райсагæн иу зæрдæ нæ вæййы.

Радтаг йæ хæсмæ ’нхъæлмæ фæкæсы.

Дæттынв1æнд цы скæнай, уый ратт.

Кæй дæттай, ууыл ма рисс.

Фæнды дæ — уæд æй ратт, кæннод зæрдæ ма ’вæр.

Кæрдзын дæттын дæ куынæ фæнда, уæд æй ма ратт; куы йæ радтай, уæд та йыл фæсмон ма кæн.

Цæстуарзонæй цы хæрзиуæг нæ раттай, уый фарсыл нæ хæцы.

Ирон лæг кураг у.

Ис зæгъынæй æндæр дæ ницы хъæуы.

Де сдзырд — дæ зын.

Де ской — дæ зын.

Ской — æри, æри — тыхми.

Ской æри у, æри — тыхкуырд.

Гъа, дæ мæрдты хъис дзы ссар!

Ратт ын æй — йæ мæрдты хъис дзы ссарæд!

Тыхтонайæ æри-ма нæй.

Æртæмæ курын нæ хъæуы, цыппæрæм хатт —дæ тæригъæд дæхи.

Искæмæй курыны бæсты дæхи мусы чъилтæ ’рсæрф.

Цъиу цъиуафон куырдæуы.

Курæггаг фиу тагъд тайы.

Курæггаг ыссад йæ рыгæй æмвæз у.

Курæггаг дзаума — хылы фидиссаг.

Курæггаг иæ лæвæрдæуы.

Курæггаджы бын — хуынкъ.

Курæгæн-иу нæртон адæм аргъ кодтой.

Сылгоймаг-курæгæн аздахæн нæй.

Зынггур мæгуыр у.

Суггурæн — къæцæлтæ, хоргурæн — цъæмæлтæ.

Хосгурæн — хæмпæлтæ, ссадгурæн — фæрæктæ.

Хæрзиуæг хатгæйæ нæу, фæлæ — цæстуарзгæйæ.

Æз дæуæн кæй нæ радтон, уый мæхицæн баззайæд! ’

Задкурæгæн — барст, <

Цъæлкурæгæн — маст.

Куыдз чи куры, уый куыдз у; чи йæ нæ радта, уый та дыууæ куыдзы.

Дзаг ыстæм (фæзæгъынц, истыгур чи ’рбацæуы сыхæгтæй æмæ цы куры, уый хæдзары куынæ уа, уæд).

Хæрзиуæг курæгæй йæ дæттæг хъæздыгдæр у.

Курæгæй хæрзиуæгдæттæг хъæздыгдæр у.

Курæг — цагъар, дæттæг — æлдар.

Цы дæ нæ куырдæуа, уый макуы ратт.

Хæрзиуæг дæ куынæ куырдæуа, уæд хæрзиуæг ма ратт.

Курын худинаг нæу, худинаг давын у.

Курæгармæй æмæ æримафæдджийæ цард нæй.

Хæрзиуæггæнæг хорз нæ ары.

Ма ратт æмæ дын иу боны зæрдæхудт, куы радтай, уæд та дын алыбоны зæрдæхудт.

Хæрзиуæг никæмæй рох кæны.

Æртæ Нартæн дæууон-мæнон нæ уыди.

Кæрдзындæттон фæстагæттæн Нартæй баззад.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.