Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АМОНД. ФЫДБЫЛЫЗ. ХЪЫСМÆТ

Амондджын у, худгæйæ чи райгуырд.

Хуыцауæй йæ амонд фæци.

Уыдонæн сæ рæхыс арвæй æруадзгæ у.

Уый арвы дуар гомæй федта.


Арвы дуар гомæй федтон,
Уæлхур ыстъалы федтон,
Фосы дзуг хуысгæйæ федтон,
Калмы дзыхы хæфс федтон.

Й’ амонд æй хæссы.

Амонд кургæйæ нæу.

Амонд æлхæнгæйæ нæу.

Амонд ыссаргæйæ нæу.

Цард æмæ амонд сургæйæ не сты.

Амонд сургæйæ нæу.

Амондсурæг амонд не’ййафы.

Дæуæн дæ бæх уæд уайаг, мæнæн та — м’ амонд.

Лæгæн й’ амонд кæм уа, уырдæм æй йæ къах хæсдзæн.

Амондджын лæгыл кæм баталынг уа, уым — йæ хæдзар.

Амондджын лæгыл кæм баталынг вæййы, уым ысхуыссы, æнамонд та ’хсæвдзу кæны.

Амондджын фиййауæн йæ сылгоймаг нæлтæ ары, йæ фыстæ та сылтæ арынц.

Нæ сылтæ нæлтæ араг, нæ фос та — сылтæ зайаг. (Ног азы арфæ).

Алкæмæн дæр й’ амонд конд у.

Алчидæр йæхи амондæй цæры.

Адæймагæн й’ амонд йæ разæй цæуы.

Лæгæн й’ амонд цы уа, уый бавзардзæн.

Кæмæ цы амонд кæсы, уый чи зоны?

Уадзут æй, уадзут: уымæ дæр ц’ амонд кæсы — чи зоны!

Амонд хъæздыгдзинадæй нæу.

Зонд — фæндаг, амонд — хæссаг.

Къуылых уæрццæн уад æрсуры.

Къуылых уæрццæн уад æрхæссы.

Фæндагыл цы ссарай, уый хуыцауы лæвæрд у.

Хорз амондæн ахъаз нæу.

Æгуыдзæг цуаноныл сырд æмбæлаг у.

Сырд æгуыдзæгыл цæуы.

Хæддзуйы къахыл — тахынæг баст.

Хæндыджы цыхтау сах абадти.

Йæ хъул сах абадти.

Дзæбидыры хъулы бадт акодта.

Бирæгъæн йæ коммæ ’ртулы.

Хуыцау мын радта.

Саггаты хæйрæгау сыи фæпайда.

Кæмæндæр йæ сины саст рæстмæ куыд фæци, уыйау.

Дзуттаджы дон ласта ’мæ йæ фæндаг дæр уыцырдæм уыд.

Чидæр йæ гадзайы былæй аппæрста ’мæ йын рувас æрцахста.

Рын куыста ’мæ — сауджынæн.

Рын цагъта ’мæ — сауджынæн.

Уый иу сомæй туман æмбулы.

Фæрниатæм фарн касти, сæ калм дæр сæм нал цыди.

Дзуджы амонд — къуыл-ых далысы дымæджы.

Амоид хæрæгмæ дæр кæсы.

Амæн й’ амонд хæрæгыл бады.

Амонд атахти ’мæ фаджысы рагъыл абадт.

Амонд мын ратт æмæ мæ фаджысы рагъыл аппар.

Дур тулæд æмæ дыл ма ’мбæлæд!

Алцыдæр амондæй у.

Фæрныджы хай фæци.

Бирæ кувынæй бирæ амонд хуыздæр у.

Иу рад алкæй дæр фæвæййы.

Мæ рад ралæууыд æмæ ’рбабон.

Фæрнджын хъуыддагæй амонд гуыры.

Амонц аразæг лæг йæхæдæг дæр у.

Амонд цары хуынкъæй никуы никæмæ ’рхауд.

Амонд агургæ нæу, фæлæ ссаргæ.

Йæ куырой та разылди.

Бон цæуы ’мæ фарн хæссы.

Фарн цæуы ’мæ йемæ амонд хæссы.

Фыдбылыз — дард, амонд — хæстæг.

Фæрнджын лæг й’ амонд мæрдтæм нæ хæссы.

Комы фарн бирæ у, хъæуы фарн — къаддæр.

Дунейы фарн æмæ зæххы фарн тыхджын ысты.

Дунейы фарн æмæ зæххы фарн бирæ сты.

Фес, амонд дæ хай фæуæд!

Амонд дыл ичъийау ныххæцæд!

Фæрнджын у Нарты Фæрнæгау!

Бæсты фарн æмæ Нарты ныфс!

Амонд тæбæгъы донау у.

Амæндтæ иу не сты.

Алчеры лæдзæг æмæ хæрæджы къæдзилы бын цы лæдзæг вæййы, уыдонæн дæр с’ амонд иу!

Амонд иу у, фыдбылыз та — иннæ.

Фарн æмæ фыдбылыз кæрæдзийæн ызнаг ысты.

Бæллæхтæ мыггаггай ысты.

Фыдбылыз мæцъис у — къæдзæхтæ фæлдахы.

Фыдбылыз йæхи сыкъаджын хоны.

Фоыдбылызы нæмыг дардмæ хауы.

Фыдбоны маргъ фыдбон тæхы.

Фыдбоны цъиу фыдбон уасы.

Фыдбоны халон нæм æрбауасыд.

Ф-ыдбоны халæттау уасынц.

Фыдбоны халæттæ мыл сагъуыдысты.

Фыдбылызы мигъ ыл ныббадти.

Мæгуыры дзæкъулау ме ’ккойæ нал хизы.

Фыдбылыз рудзынгæй æрбахизы, фæлæ фæстæмæ дуарыл дæр нал фæкомы.

Арв мæ ныццавта!

Арв æй цыма ныццавта, уыйау фæци.

Рахизмæ сын ницуал кæны.

Цард >ыл нæ хæцы.

Уымæй дæр ма нæ уый хъуыди!

Нæ кæрц ма дысхъуаг уыд!

Æз уæлдайæн райгуырдтæн.

Адæймагæн йæ фыдбылыз йемæ райгуыры.

Адæймагæн йæ фыдбылыз йемæ цæуы.

Амæн йæ фыдбылыз йемæ хæдзæй цæуы.

Фыдбылыз хи хæдзæй ласы.

Сæфты къахыл н.ыллæууыд.

Иуæй-иу хатт хуыцау дæр хæйрæджы коммæ бакæсы.

Хуыцау ыл йæ бæллæх сæвæрдта.

Ай-циу, ай-циу кæны.

Уый йæ цард йæ къахæй ассон-ассон кæны.

Йæ цард йæ къахы фындзæй аппæрста.

Йæ зæххон амонд йæ къахы фындзæй аппæрста.

Д’ амонд бахæр!

Д’ амонд басудзæд!

Æнамонд æфсир ысхъæлæй лæууы.

Мæнæн м’ амонд фынæй у.

Дæ мад дæ фæсхæрд ныййардта.

Æнамонд адæймагæн куадзæны йæ гуыбын фæриссы.

Куы кард нæ вæййы, куы — фыд.

Чидæр дыууæ хæриæгæй æнæхай куыд фæци, уыйау,

Д’ амонд нæм хæрæггæс бацыд.

Амæн й’ амонд мæлдзыджы тохсийы йас.

Æнамонд лæг теуайыл куы бада, уæддæр ын йæ къæхтæм куитæ лæбурынц.

Æрсдон хæрдмæ уайы.

Æнамонд лæджы дон хæрдмæ ласы.

Фыдбылызы дур хæрдмæ зилы.

Фыдбылызы дур хæрдмæ тулоы.

Æнамонд лæгыл дур хæрдмæ тулы.

Æнамонд лæджы дур хæрдмæ суры.

Амонд мæм нæй, фæлæ мæм фыдбылыз дæр нæй?

Фадбылызæн бирæ нæ хъæуы.

Фыдбылызæн цы нæ ис!

Фыдбылыз кæцæй февзæрдзæн, уый чи зоны!

Фыдбылыз — хъуынджын уæрццау.

Фыдбылызæн судзииы бырынкъ дæр — æгъгъæд.

Авджы састы фыдбылыз вæййы.

Ие ’намонды къæхтæ йæ ахастой.

Мæ фыдбылызы къæхтæ мæ ахастой.

Къахдзæфæй къахдзæфмæ дæр ис фыдбылыз ыссарæн

Фыдбылыз къæхты бынæй дæр фæзыны.

Фыдбылыз къахы бынæй февзæры.

Фыдбылыз къахы бынæй цæуы.

Фыдбылыз къахы бынæй уайы.

Фъщбылыз лæгæн йæ фæсхъус бады.

Фыдбылыз къæбутыл бады.

Дур тылд æмæ дыл сæмбæлд.

Барæввæндæй фыдбылыз макуы ссар.

Фыдбылыз чи агуры, уый йæ ссары.

ФЫДБЫЛЫЗ ÆМÆ СУГДЗАУ

Иу лæг хъæдмæ суг ласынмæ ацыд. Схызт иу ыстыр бæласы цонгмæ. Сбадти йæ уæлæ ’мæ йæ фæрæтæй лыг кæны йæ рæбыныл. Ныр æм фъщбылыз дæр кæсы ’мæ афтæ зæгъы: «Ныр ацы лæг уырдыгæй куы рахауа ’мæ йæхи куы н.ыццæва, уæд та адæмæн хъаст кæндзæн, фыдбылыз мæм фемхиц и, зæгъгæ».


Хæснаггæнæг й’ амонд æвзары.

Цардмæ цæугæйæ тъыфылы смидæг.

Цардæнхъæл цады бахаудта.

Фæздæгæй лидзæг арты бахауд.

Цард агургæйæ сыгъды стæлфыд.

«Сыгъд, кæдæм цæуыс?» — «Арыдмæ.» ’;

Цард агургæйæ цæхæры басыгъд.

Чидæр тæдзынæгæй цыхцырæгмæ лыгъди.

Тæдзынæгæй — цыхцырæгмæ.

Æрсытæй алыгъд, бирæгътæм бафтыд.

Рæдыдæй — рæдыды хъæлæсмæ.

Фыдбылыз фыдбылыз къахы.

Фыдбылыз фыдбылызы къæдзилыл баст у.

Фыдбылыз фыдбыл-ызæн — фæндагдæттæг.

Маст масты фæдыл, фыдбылыз фыдбылызы фæдыл.

Иу бæллæх — иннæйы фæстæ.

Сынчъы уæлæ — бызычъи.

Сынчъы уæлæ — къуыдилы.

Хæлмаджы уæлæ — цъутхал.

Фыдбоны уæлæфтау.

Фыдбылызгæнæг фыдбылызæй нæ тæрсы.

Уыцы адæймагмæ хæстæг цæуын нæ хъæуы: уый фыдбылызæй йе ’мыдзаг у.

Фыдбылыз хæйрæджы хай у.

Фыдбылыз фады хинау.

Нартæн Сырдон фыдбылызæн райгуырд.

Нартæн Сырдон фыдбылызæн уыд.

Нырты фыдбылыз — гæды Сырдон.

Фыдбылызæй дæхи хъахъхъæ.

Йæхи чи хъахъхъæны, уый хуыцау дæр хъахъхъæны.

Адзалæй лидзгæ нæу, фæлæ фыдбылызæй у лидзгæ.

Фыдбылыз цалынмæ не ’рцыди, уæдмæ дзы тæрс.

Фыдбылыз дзæкъулы хæссинаг у.

Фыдбылызы къæбæр ничи хæры.

Искуы бæндæн куы ссарай, уæд æй калм хон æмæ æнæфыдбылыз уай.

Цыргъагæй нæ хъазтæуы.

Куырд кодта ’мæ — йæхицæн марæн кард.

Æвирхъау уыд æмæ йыл æвирхъау æмбисонд æрцыд.

Сар æмæ кæнды фыд!

Ай дын замаиа ’мæ кæнды фыд!

Додойаг æмæ сайраг фæци йæ сæр.

Хосгæнæг ын хос нал ыскæндзæн.

Æвирхъау уыд æмæ æвирхъау мард акодта.

Цы уинаг уыд, уый баци.

Цы’рцæуа, уымæн хос нал и.

Махæн ацы фыдбылыз чи сарæзта, уый мæрдты дæлдæр ныххауæд!

Фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд дзы мауал тæрс.

Фыдбылызæи йе ’рцæуынæй тæрс, фæлæ куы ’рцæуа, уæд хъæбæр лæуу;

Фыдбылызæй дæхи хъахъхъæн, фæлæ куы ’рцæуа, уæд — дæ хъару ’мæ дæхæдæг.

Рын лæгæн амонд дæр дæтты, сафгæ дæр æй кæны.

Иу хатт нын рæстæг куы ’рцыди, уæд нæм рын фæзынди.

Марæгæн тæрхон ис, фæлæ фыдбылызæн тæрхон нæй.

Æнæфыдбылыз у!

Хуыцау, фыдбылызæй нæ бахиз!

Фæлтæрæй фæлтæрмæ куы фарн хæссы, куы — фыдбылыз.

Чи й’ амондæн цæры, чи — йе ’намондæн.

Дунейыл алчидæр йæхи фарн æмæ амондæй цæры.

Кæуыл цы бон æркæны, уыцы бонæй ф’ архайоы.

Адæймаг цæмæй тæрса, уый й-ыл æрцæуы.

Калм битъынайæ тарст æмæ йæ хуыичъы был æрзад.

Калм битъынайæ тарст æмæ йæ дуармæ ’рзад.

Хæрæг битъынайæ тарст æмæ йæ уæлкъæсæр æрзади.

Хæрæг къуыдилыйæ тарст æмæ йæ былыл æрзад.

Хæрæг къуыдилыйæ тарст æмæ йæ фындзы хъæлыл æрзад.

Æрцæуинаг цы уа, уымæн æнæрцæугæ нæй.

Сырд фæрæты коммæ ’рцыд.

Абон дæ рад у, райсом — мæ рад.

Цы ’рцæуы ’мæ цы нæ ’рцæуы!

Цы ’рцæудзæн, уый хуыцауы йедтæмæ ничи зоны.

Хъуыддæгтæ иууылдæр хуыцауæй аразгæ сты.

Хъуыддæгтæ аразæг иууылдæр хуыцау у.

Кæнæ чызг уыдзæн, кæнæ — лæппу.

Кæнæ уардзæн, кæнæ — нæ: æз хуыцауы ’васт ныхас нæ зæгъын.

Хуыцауы ’васт ницы ис.

Æнæ хуыцау цæрæн нæй.

Нæ цард хуыцауы къухы ис.

Хуыцауы бар нæхи бакодтам.

Мæн мæ хуыцауы хай нæ сафы.

Дæ ныхыфыст хорз куы фæуа, уæд дын тас ницæмæй у.

Уд цæринаг к’ уа, уæд æм бирæгъ дæр не ’вналы.

Хуыцау мæ нæ уыны, хуыздæр истæмæн мæ ку’ агурид, уæд?

Цы уа, уый хорз у.

Кæд хуыцауы фæнда, уæд.

Хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн.

Хуыцау лæгæн цы саккаг кæна, уый хорз у.

Иунæг хуыцауы дзырдыл дыууæ зæгъæн нæй.

Хуыцау цы кæны, уый — хуыздæрмæ.

Хуыцау цы радта, уый хорз у.

Хуыцауы лæварæй бузныг уæвын хъæуы.

Хуыцауæн йæ хорзæй куыд бузныг ыстæм, йæ фыдæй дæр ын афтæ бузныг хъæуы.

Адæймагæн йæ хал цы схауа, уымæй хъуамæ разы уа.

Хуыцауæй бузныг!

Хуыцау кæмæн цы хъæуы, уый кæны.

Хуыцауæн зын ницы и.

Арвы цæф æмæ царды рæдыдæн гæнæн нал и.

Хуыцауы ’фхæрд — хуыцауы сой.

Хуыцауы раконд хуыцауы сой у.

Арвы раконд — арвы сой.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.