Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

КОНД ÆМÆ УЫНД. ХЪАРУ

Конд у уæнгтæй; хуыз, фидыц та —дарæсæй.

Дæ лæджыхъæды разæй мын дæ уынд равдис.

Арвы Уациллайы хуызæн лæппу.

Арвы Уациллайы хуызæн цæхæртæ калдта.

Саджы фисынтыл амад.

Сагартæн.

Сагау — ысхъæлзæнг, фырау — къæбутджын.

«Куыд фидауын?»—«Раст бонвæрнонау сæумæрайсом.»

«Куыд фидауын?» — «Сæууон æртæх бæхы лæхыл куыд фидауы, афтæ (зæгъгæ-иу загъта мад, йæ фырт балцы ку’ ацæуа ’мæ куы байсæфа, уымæй тæрсгæйæ).

Нарты Уырызмæг, дам, уыди дзагцæсгом æмæ сырхбæрзæй, Сослан та къæсхуыр æмæ къуырфдзæст.

Лæг йæ бакастæй дæр бæрæг у.

Йæ иу бакаст дæр лæджы йаргъ у.

Ацырухсæн йæ конд æмæ йæ уыидæн æмбал нæ уыд.

Йæ конд, йæ уындæн æмбал нæй.

Адæймаг æм кæсынæй не ’фсæды.

Сызгъæринхил, сауæрфыг.

Сынты базырау йæ сау æрфгуытæ.

Сатæгдзыкку, хъамбулуæраг.

Нарæгастæу, дæргъæлвæс.

Нарæгастæу, гуырвидауц.

Айчы буары хуызæн — йæ буар.

Денджызы хъазау — йæ урс дæллахъхъуыр.

Хуртæ ’мæ дзы мæйтæ кæсы.

Хурау худгæ кодта, бонвæрнонау — тыбар-тыбур.

Галæгон ыстъалыйау æрттывтытæ калы.

Сау ыстъалыйау.

Йæ фыррæсугъдæй цæхæртæ калы.

Ахæм рæсугъд уыд, æмæ йæ адæймаг дойныйæн банызтаид.

Удыгагайы хуызæн.

Лрвы рæсугъд æмæ зæххы фидауц.

Арвы рухс, зæххы фидыц.

Хъазты фидауц.

Никуы йæ конд, йæ уындæн ис, никуы — йæ бакастæн.

Дардæй бакæсгæйæ лæджы хуызæн у.

Йае бакаст лæджы хуызæн бæргæ у!

Йæ сæр куырдадзы къодахы йас.

Даргъ Ардзынты Тебо дæр уыди, фæлæ ’нæ усæй базæронд.

Цæгæр хехына!

|Йæ цæстытæ курæггаг цæхдоны цъыртты хуызæн.

Бакæсут-ма йæм: йæ цæст сардзаны цæппæры хуызæн.

Йæ фындз Хохойы дзæкъулы йас.

Лакъамидзых.

Мард бæхау йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта.

Йæ иу ыссыр — уæларвмæ,

Иннæ соыр та — дæларвмæ. (Аргъауы ныхæстæй).

Йæ былтæ роды былты хуызæн.

Сæгъ дæр боцъоджын æмæ — лæг дæр.

Уымæ дæр ма бакæс: цæукъайы хуызæн.

Йæ хъуыр авджы хъуырæй иарæгдæр.

Йæ къах Челойы къах>ы йас.

Цæй лæг дзы ис? Уый лæджы къæрис дæр нæу, лæджы!

Тъепа-кæсаджы хуызæн.

Арыд гæдыйы хуызæн.

Бакæс-ма уымæ: даст мысты хуызæн.

Йæ дæргъæй, йæ уæрхæй хъауджыдæр нæй — æмдымбыл у.

Дæумæ та чи кæсы? Хаст хъыбылы хуызæн, хыссæйы тула!

Тъæпæнæгæн йæ бын ку’ ахауа, уыйхуызæн.

Йæ синтæ æрдæгкъахт арынджы хуызæн.

Боцкъайы къæбæлы хуызæн.

Зыгуымы голладжы хуызæн.

Хъазы цыд кæны: ауыз-ауызгæнгæ.

Æрнæм-æрнæмгæнгæ цæуы (фæзæгъынц къуылых лæгæй).

Бирæгъау сыллоынк-сыллынк кæны.

Хылычъийы хуызæн — бакæс-ма уымæ!

Къуызыппа.

Зæххæй уæлæмæ дæр нæ зыны.

Дон дæр дыл нæ кодтой, æхсыр дæр дын нæ лæвæрдтой? (Фæзæгъынц хъазгæмхасæн асæй чысыл адæймагæн).

Йæ уынд — раст Хаситы марг.

Удхæссæджы къалиу.

Удхæссæг дæ адава — уæртæ цыхуызæн у, уæртæ!

Йæ цæсгом равдисынæн дæр нæ бæззы.

Адæймаг дзы цæмæ бакæса, уый нæй.

Бакаст дзы нæй, бакаст!

Нарæг, мыстулæджы хуызæн. ,

Губаччы мæлдзоыгау — нарæгастæу. ’

Туасæджы хуызæи мын уымæ нæ кæсут!

Уырыйы къæдзилы хуызæн — йæ дзыкку.

Хæрæг афтæ загъта: «Мæнæн бæхы йас хъустæ к’ уаид æмæ бæхы йас дымæг, уæд мæ бæх хониккой.»

Къуда рувас загъта иннæ рувæстæн: «Уæ дымджытæ алыг кæнут, æмæ уæд рæсугъддæр уыдзыстут».

Зæронд зæппадз — чъырæй цагъд.

Хæрæгæн — хахидон.

Хæрæджы бæркъа — фиуы тыхт.

Фаджысы къуыбар — фиуы тыхт.

Хæрæджы чъиппатимæ — хæрдгæхуыдтæ.

Хæрæджы чъиппатимæ — думæдантæ.

Хъисын хызыны — дзулы гуыдын.

Æвзæр кардæн — тиласæр.

Йæ бæх уасæджы йас, йæхæдæг ласæдж-ы йас.

Хорз бæхыл æвзæр барæг нæ фидауы.

Нард фосыл фидауы, лæгыл нæ фидауы.

Астымгæрдæг — къуылдымхал.

Чъирийы уæлæ — цъупп.

Кæрцыл сæхъхъисæй æмпъузæн нæ фидауы.

Кæрцыл цухъхъайæ ’мпъузæн нæ фидауы.

Кæрцыл дæр йæхицæй æмпъузæн фидауы.

Кæрцæн йе ’мпъузæн — йæхицæй.

Кæрц уæлбæрæй æмпъузынц.

Иу мады хъæбулты хуызæн.

Хуызæнæй хуызæнмæ чидæр лæг амардта.

Схъæл кардæн — ысхъæл кæрддзæм.

Саргъы бæх саргъы бын фидауы.

Кæсгон бæхыл дамгъæ хорз фидауы.

Бæх барæгæй фидауы.

Барæг бæхæй фидауы, бæх та — барæгæй.

Карст-барст.

Мидхъæуы — дæ хæдзар, искæй хъæуы — дæ дзаума.

Мидхъæуы — дæ хæдзар, искæй хъæуы — дæ дарæс.

Искæй хъæуы — дæ дарæс, дæхи хъæуы — дæ хъару.

Бæгънæг адæймаг цæсты н’ ахады.

Хъулон-мулон дзæгъындзæг.


Кæркæ-мæркæ хъулон карк.

Кæркæ-мæркæ, зæбул-мæбул, алдымбыдтæй.

Арвы ронау — дæргъытæ.

Хæрæгыл саргъ куыд фидауы, афтæ.

Мыст мæхæлы бахаудта.

Голладжы къуымы — абази.

Тынд уæрццы хуызæн.

Тынд мæгашы хуызæн.

Цыма йæ цъиутæ ныттыдтой.

Фыдгомæй фыдæмпъызт хуыздæр.

Къахæй къухмæ йæхи сфæлыста.

Калмау йæ хæрв акалдта.

Уалдзыгон фыс йæ фист ку’ акала, уыйхуызæн.

Дæ ног æгас дар!

Амондджын дзаума дын фæуæд, ногæй ногмæ сæ батон!

Дзаума куыд бадарай, афтæ дæ бадардзæн.

Лæг лæгыл нымад уымæн у ’мæ худ дары.

Худ дарынæн лæг хъæуы.

Фиййауы худы конд — дæлæмæ.

Бирæгъ дæр фиййауæн йæ худы кондмæ кæсы.

Йæ сау нымæт — хурхбаст, йæ урс куырæт — хæстæгънæг.

Нымæт фæззæг цæугæ хæдзар у.

Фнййауæн нымæт — бон уæлæфтау, æхсæв — хъæццул.

Пæлæз нымæтæй уæздандæр у.

Цы мæм ныккастæ, мæ хуызæн дæ фесæфт?

Конд æмæ уынд цæстыты сайынц.

Ас æмæ конд лæджыхъæд сайынц.

Рæсугъд сылгоймаг æмæ рæсугъд бæх цæстыты сайынц.

Рæсугъддзинад цæстыты сайы.

Рæсугъд мит дæр у, фæлæ дзы къæхтæ сииынц.

Урс мит дæр у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц.

Урс сæгъы нард æнхъæлдтой.

Уымæи йæ хъуынджын мидæгæй ис.

Æддейы — дуду, мидæгæй — гыхха.

Хал сис, æмæ йæ быны — фаджоыс.

Хæрæгыл саргъ сæвæр, æмæ уæддæр — хæрæг.

Кæй куыдæй уындæуы, афтæ йæ хонынц.

Кæй куыдæй фенай, афтæ йæ ма хон.

Адæймагæн йæ хуыз йæ зæрдæйы ’вдисæн нæу.

Даргъ лæгæн йæ хъаруйæн æвдисæн нæу.

Уæнгты конд сæр.ы зондæн æвдисæн нæу.

Цæст — хуылфы айдæн.

Цæст зæрдæйы гагуы у.

Иъæх цæстыл дæр ма фæхуд.

Лæгæн йæ цинтæм ма кæс.

Худ лæггæнæг нæу.

Дарæс лæггæнæг нæу.

Пæлæзджынмæ дæ нымæт ма феппар.

Хъисынджынмæ дæ нымæт ма феппарай!

Хъене-боцъойæ хъуыддаг нæ рæзы.

Бæхæн йæ тъыфылхъусмæ ма кæс.

«Разæй кæй бæх æрцыди дугъы?» — «Акъоты къуылых аласа».

Йæ хъуыдатт — ницы, й’ айк та хъазы айк.

Еууæн кас æнхъæл ничи вæййы.

Конд æмæ ас хъаруйæн æвдисæн не сты.

Конд хъаруйæн æххуыс нæу.

Уынд хъаруйæн æххуыс нæу.

Уындмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ хъарумæ. чъизи.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.