Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

СÆРЫСТЫР. ХЪАЛ. ЗЫНÆРВÆССОН

Хъал лæг йæ худы дардæй бæрæг у.

Æнæфæнык хъал йæ худ зулмæ хæссы.

Уыдон сæракдзабыр мидчъил дарынц.

Захъайы Зохъо хæрнæг ыскодта, Зæрæмæджы Зохъо та йæ сины сæрыл ныххæцыд.

Уæлбикъыл бадæджы каст кæны.

Куыдз хохмæ куы кæса, уый каст кæны.

Нары пъырыстыфы каст кæны.

Сагау бæрзæндты кæсы.

Хор-хор бæхау йæ сæрæй хъазы.

Æз цы обауыл лæууон, уый — бæрзонддæр.

Гуры фидар басастай, миййаг?

Уыры хордоны къуымы куы бада, уый бадт кæны.

Æнæбыд куыфы — хъæлдым мыст.

Ай фыдæлтæй мæхæлы къуымы чи баззад, ахæм у.

Зазхæссæны бандонау йæхицæй ныббуц. (Зазхæссæны бандон æрæвæрынæн йедтæмæ ницы у).

Схъæлтæ-гуыбыртæ кæны фырхъалæй.

Схъæл лæг — ысхъæластæу.

Схъæл хæдзæй фидауы, лæгæй — нæ фидауы.

Фырхъалæй былысчъилтæ кæны.

Хъал лæг йæ цыдæй бæрæг у.

Хохаг быдыры чъыллипп кæны.

Хæрæг быдыры чъыллипп кæны.

Хуыцауы дæ фæстаг къахæй ма цæв.

Хъилдзæуæгыл хъæлдзæуæг сæмбæлы.

Схъæлдзæуæгыл дын хъилдзæуаг амбæла!

Схъал и: йæ цард йæ гуыбыны нал цæуы.

Санглисаг и.

Лæг æм нымады нæу.

Лæджы лæгыл нæ нымайы.

Йæ зæрдæ йæ хæссы.

Мæтæй мæлы!

Дзæгъæл хъалгæнаг у.

Æрыдоныдонæй куы банызта, уæд ысхъал.

Схъал и: дзыкка дæр уазалæй нал хæры.

Сæ фырхъалæй сины фыд нал хордтой.

Пухоны аккаг Калачы хъуымац нал и.

Хъал лæг ивылд донау у — чердæм фессæнды, уыцырдæм атындзы.

Æз уын, уæ пиринæгтыл пирыныл чи ’рбада, уый нæ дæн!

Хъæд ма арæх куы уыди, уæд хъал фæсивæд гуыппы тыххæй бæлас калдтой.

Бæлас гуыппы тыххæй ма кал.

Бæлас гуыппы тыххæй нæ калдæуы.

Дзуарау дын кувын хъæуы, мардау — фæлдисын.

Кæд мæ бадгæйæ нæ уыныс, уæд дын уырдыг ыслæууои!

ТЕУА ’МÆ ХÆРÆГ

Теуа ’мæ хæрæг кусынæн нал уыдысты. Сæ хицау сæ аппæрста. Иумæ ’мбал ыскодтой, фæхызтысты иу сакъадах-аууоны. Хæрæг уайтагъддæр ыснард и ’мæ загъта:

— Теуа, уасын мæм цæуы!

— Дæ хорзæхæй, ма ныууас! Исчи нæ базондзæн æмæ та нæ сау куыстæй бадомдзæн, хурхæй нæ амардзæн.

Хæрæг кæм байхъуыста! Йæ хъæлæсы дзаг ныууасыди: и-о-о! И-о!

Иу лæг фехъуыста уыцы хъæр, рацахста сæ ’мæ сыл кусын байдыдта йæхицæн.

— Нæ дын загътон, нæ, æвзæр, ма ныууас! — загъта хæрæгæн теуа.

— Хуыцау мæ ралгъыста, фæрæдыдтæн!..

Стæй йыл лæг уæргътæ сæвæрдта... Фæндагыл хæрæг бастади. Хицау ын йæ уаргъ теуайыл сæвæрдта. Æфцæджы сæрмæ куы схæццæ сты, уæд теуа загъта:

— Хæрæг, мæнмæ та ныр кафын цæуы!

— Цы кæныс, теуа, дæ хуыцаумæ скæс! Ма скаф. Ацы былæй ку’ атæхон, уæд мын халон ме стæгдар дæр нал ыссардзæн.

Теуа дын ыскафыди ’мæ зæронд хæрæг былæй атахти. Йæ дымгæ дæр нал фæзынд.

Никæй сæр мæ хъæуы зæгъгæ макуы зæгъ.

Уæлæуæз фæтахти, фæлæ бынуæз æрбадти.

Ноджы ма йе стыр дзырд — хæрæг æй уаргъæн нæ хæссы — афтæмæй ма истæмæн к’ уаид!

Йæ ныхас хуыцауы сæр æмбæлы.

Стыр ныхасæй ыстыр комдзаг хуыздæр у.

Стыр ныхас ма зæгъ: хуыцаумæ дын хъыг фæкæсдзæи.

Стыр ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.

Хъал ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.

Схъæлдзырд нæ фидауы.

Схъæлдзырдæй пайда нæй.

Æнæфæнык хъал.

Бацæуæндон ыи никуы ис, афтæмæй йæ хъал—æмбисонд.

Сæууон ирдгæ дын дæ риу куы хойы, изæрон дымгæ — дæ фæсонтæ, уæд цæуыл ысхъал дæ?

Йе ’рбадæн — уазал фæнычы, йæ зæрдæ — хуыцауы сæр.

Бæлæгъы бæттын æз нæ куымдтон, хъулджын авдæн мæнæн нæ уыд.

«Зыгуымдон! Дæ дуар бакæн æмæ дæм зыгуымтæ бакалон», — загъта дымгæ. «Мæхи зыгуымтæ мын куы уадзис», — загъта зыгуымдон.

Мæхи мæгуыр мын æгъгъæд у.

Мæ мæгуырыл мæ ныууадз.

Хъалæй хъарм хуыздæр у.

Уæд сæм хъаны цыд кодтай, ныр сæм хъалы цæсг дарыс.

Бæстыл чи нæй, ахæм агуры.

Айчы дæр къæмтæ агуры.

Цæст æлгъгæнаг у.

Теуайæн йæ иу фарс хордæуыд, иннæ — нæ.

Æнæрвæссон лæг фынджы фидыц халы.

Зынæрвæссоны гуыл хомæй баззад.

Зулкъ æлгъæй мард.

Титыччы фæрдыг куынæ дæ, миййаг!

Зæрин мæлдзыг касаджы бахауд.

Афтæ фæзæгъынц: йæ бон чи зоны!

Уый æнæ базыртæй мæргътимæ тæхы.

Маргъ дæр æнæ базыртæ нæ тæхы.

Æнæбазыр мæргътимæ нæ тæхы.

Халон йæхи хæссын нæ фæрæзта ’мæ хъæрццыгъайы йе

’ккой ыскодта.

Чидæр хъыбылы нæ фæрæзта ’мæ ма дзæргъы дæр йе

’ккой ыскодта.

Ахæм æргъом сæккой кæн, æмæ кæй афæразай.

Къуда гал йæхи бындзытæ асурын нæ фæрæзта ’мæ рæгъауы бындзытæ сырдта.

Æнæдымæг гал — рæгъауæн бындзсур.

Хæрæг фос кæнынмæ фæцыд æмæ йæ дыууæ хъусы дæр нал æрхаста.

Бурдым цæргæсы фарсмæ къуыртт уагъта ’мæ сæ уæлæ ныммард. (Бурдым — чысыл цъиу, æнæхъару, йæ бынат хъарм хæхты, урс хæхты. Цæргæс цæры сау хæхты, сау хох та уазал у.)

КАЛМ ÆМÆ УАЛЛОН

Калм хурмæ хъазыд. Уаллон æй ауыдта ’мæ йын йæ дæргъмæ бабæллыд. Йæхи ивазын байдыдта ’мæ иннæ уаллоны фæрсы: «Æрбакæс-ма мæм, мæ хур, калмы дæргъæн нæма дæн?»

Уый фæхудт æмæ афтæ зæгъы: «Нæ, мæ хур, калмы дæргъмæ ма дæ бирæ хъæуы».

Уаллонмæ хардзау фæкаст уыцы ныхас æмæ загъта, уæдæ ма фæкæс ныртæккæ, зæгъгæ. Æмæ йæхи тынгдæр аивæзта ’мæ дыууæ дихы фæхаудта.

Уый тыххæй æмбисондæн баззад: уаллон, дам, калмыл йæхи барста ’мæ йæ тъанг аскъуыд.


Уаллон калмыл йæхи барста ’мæ дыууæ дихы фæци.

Дæ нæмыг кæцæй æркъахай, дæ топп уырдæм фехс.

Куырм йæхицæй топпæхсæг нæ кæны.

Дæ цæнгтæ кæйонг æххæссой, уыйонг сæ аиваз.

Дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн.

Дæ хуыссæн цас уа, дæ къæхтæ уыйас адаргъ кæн.

Раздæр уал дæ хъару далыстимæ авзар, стæй та — фырытимæ.

Сау хох куы фæлдæха, уæд æм дæ риу ма сараз.

Каркимæ нæмыг ма уидз.

Арсимæ кæрдо ма цæгъд.

Арсимæ хъæбысæй ма хæц.

Алчидæр йæ тых, йæ фадатмæ гæсгæ архайы.

Адæймаг хъуамæ йæ куыдзы бон зона.

Йæ куыдзы бон иæ зоны.

Æз мæ мæгуыры бон зонын, æмæ мæхицæн æнцад дæн.

Бонзонгæйæ цæр.

Дæ бон хорз æмæ дæ бон зон.

Йæ бон зонæг лæг нæ фидауы.

Бон зонын хорз у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.