Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ПАЙДА ’МÆ ЗИАН

Пайда алчи йæ куыстæй исы.

Уый пайдайыл мард у.

Уый пайдайы дымæгыл хæст у.

Сынты уавæрæн у: холы кæм и, уый уайтагъддæр базоны.

Холы кæм уа, халæттæ дæр уым вæййынц.

Афтид армы хъыргъы нæ бады.

Бæдул кæй у, сæныкк дæр — уый.

Тхелы ’фцгуытæ дæу уæнт, цы фос сыл хизы, уыдон та — мæн.

Пайдаджын лæджы цард бæрæг вæййы.

Алчидæр цы ’фтиаг æркодта, уый — йæхицæн.

Сауджынæн й’аргъауæггаг дæр йæхи вæййы.

Пъæнæз дæр ма йæхирдæм калы.

Пъæнæз — мидæмæ, фæрæт — æддæмæ.

Хор — мидæмæ, зулкъ — æддæмæ.

Иу мыст æддæмæ хаста, сæдæ мысты мидæмæ хастой, æмæ дам сыл иу мыст фæтых и.

Къутуйы бæркад мыст хæссы.

Йæхирдæм алчидæр зоны.

Куыдз дæр æрдузæджы арм ысдæры.

Заддæр кæй хортæ уой, уый цъиу. :

Мæ дзыхæй цы ’рхауа, уый — мæ хъæбысмæ.

Дæ къæбæр хауа — дæ хъæбысмæ.

Дзыхæй — хъæбысмæ.

Мæ уидыгæй цы ’рхауа, уый — мæ къухмæ.

Мæ уидыгæй цы ’рхауа, уый — мæ къусмæ.

Мæ иу дзыппæй — иннæмæ.

Каркæн йæ хъуыдатт — дæу, й’ айк — мæн.

Дæ хæдзармæ ’гас мыст ма ’рхæсс; мард мыст куы ’рхæссай, уæд æй дæ гæды бахæрдзæн.

Мард мыст гæдыйæн — холы.

Бæх кæм ыстулы, уым дæр ма ’рду аззайы.

Мард бæхæй ма дымæг æфтиаг ис.

Зæйæ пайда нæй, донивылд та хъæдтæ фæласы.

Бирæгъ бахæрыны бæсты куыдз бахæрæд.

Бирæгъы бæсты куыдз куы бахæра, уæд хуыздæр у.

Кæйдæр ма йæ цырагъы къодахæй ысхъис фæци.

Кæйдæр ма йæ цырагъæй ысхъис фæци.

Кæйдæр ма йæ кæфтæй къæдзил фæци.

Руды тыххæй мæ гал аргæвстон.

Каркæн йæ фыд циу, йæ бас дæр — уый.

Пайда дзы нæй, йæ фыдæбон та ма — йæ уæлдай.

Цъиу йæ тоныны аргъ нæу, йæ расур-басур та ма — йæ уæлдай.

Цъиу йæ расур-басуры аргъ нæу, йæ тонын та ма — йæ уæлдай.

Гал кæй уыд, уый къæдзил дæр нал фæци.

Гал кæй уыд, уый дзы руды хай дæр нал фæци.

Арц туасæй баивта.

Йæ гæрз мæцъæй баивта.

Йæ уæрцц халонæй баивта.

Цæу мæ дардта ’мæ мын фыр æрласта.

Дыууæ сæгъы — фысмæ.

Хъуг аргæвд, æмæ йын галæй та лæууæг баххуырс.

Дæ царм де ’лдыгъы аргъ нæу.

Æхсыд ыстæгæй ницы ратонæн ис.

Йæ гал цъындыйы чи радта, уый фембылд и.

Цъылын аразæггаг — уисой.

Гал марæггаг — хъуг.

Йелдо хъуг марæггаг род куыд радта, уыйау.

Кæрдо ’рцагътон, æмæ — дæуæн.

Махæй — исты, уыдонæй — ницы.

Чидæр хæрæг уасынæн куы дардта.

Сæракдзабыртæ уæлмæрдты дæр бирæ ис.

Уидыг хæргæйæ хъæуы — куынæ хæрай, уæд дзы цы кæныс?

Айк цы карк не ’фтауа, уымæн мæ йæ хъа-хъа дæр нæ хъæуы.

Айк цы карк не ’фтауа, уымæн кард — йæ хос.

Дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый бындзарæй бахуыскъ уæд!

Æз цы бæласмæ не ’ххæссон, уый йæ быныл бахуыскъ уæд!

Æз цы къалиумæ не ’ххæссын, уый сæтгæ дæр акæнæд, хуыскъ дæр бауæд!

Уад дымдта ’мæ — къуылдымтыл.

Уад дымдта ’мæ— косайы фæнык.

Туйдтæй — Туйдты коммæ, уæйыджы хъæлæсæй — уæйыджы хъæлæсмæ.

Сыджыт сыджыты адавта.

Дæ хæдзары цы уа, уый — дæхи.

Къухы цы уа, уый — дæу, иннæ — сæфт.

Данелы туман — хурида.

Дон хиды бынты (фæзæгъынц, исты дзæгъæлы куы фесæфы, уæд).

Дон — дæлих.

Доны къусы сæфт фæкодта.

Йæ бирæ фæллæйттæ доны къусы сæфт фæкодтой.

Хуыцауы ницæуыл фесæфт.

Сæ фæллой Чехты фæллойау фæци.

Къоблийы сæгъты сæфт фæкодтой.

Галойы къамбецтау раджы фесæфтысты.

Цъиу дæр нал и ’мæ халон дæр.

Дæ фиу дæр — хæрд, дæ гæды дæр — мард.

Æнæ хох-бузныг, æше быдыр, афтæмæй фесæфт мæ фæллой.

Пайда дæр лæгмæ гæсгæ у.

Пайда куы цæуа, уæд зианыл фæхъæцын хъæуы.

Пайда хъуыддагыл бафæлхас кæнынæй фæсмон нæй.

Пайда ’мæ зиан цы сты, уый не ’мбары.

Пайда ’мæ зиан — æфсымæртæ.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.