Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

НЫСÆНТТÆ. БÆРДЖЫТÆ

Мæ галиу æрфыг мæ хæры — цыдæр фыд мæм кæсы.

Мæ масты ’рфыг мæ хæры.

Мæ рахиз æрфыг мæ хæры: исты хорз мыл цæудзæй.

Мæ фындзы рагъ мæ хæры — исты ’хсызгон мыл цæудзæн.

Мæ галиу армыдзыхъхъ мæ хæры—исты ’фтиаг мæм хаудзæн.

Хæкъуырцц куы кæнай, уæд уый зон, æмæ чидæр дæ кой кæны.

Мæ галиу хъус зар>ы: чидæр мæ фыдгой кæны.

Мæ рахиз хъус зары: чидæр мæ хорзы кой кæны.

Кард фынгæй æрхаудта: чидæр нæм тагъд кæны.

Кæй кой кæнай — къæсæрмæ.

Нуазæны бын цы аззайы, уый артыл бапырх кæньнц æмæ уымæй базонынц, фысым лæгмæ цы зæрдæ дары, уый.

Мæ разæй цыдæр хæрдзынæ.

Куырысмæдзæуджытæ кæрæдзийы ногбон æхсæвы базонынц.

Ногбои æхсæв дæм цы зæрдæ уа, уый афæдзмæ хæссы.

Кусарт куы уæй кæнынц, уæд ын йæ фарсæй æрду ратонынц.

Æртыццæг æлгъыстаг бон у.

Майрæмбон æмæ сабаты мæрдты дуар гом вæййы, сабатизæр дæр уымæн фæкæнынц.

Хурныгуылдæй фæстæмæ мæрдты дуарæй бахизæн никæмæн ис.

Мæрдтæйдзæуæг æцæгтæ фæдзуры.

Хуыцаубоны фын — рæфтæм.

Халоны хъуахъхъ æвæндарасты фыдæхгурæггаг у.

Хæйрæг тæрхъусы хуызы цæуы.

Тæрхъус дыл сæумæраджы ку’ амбæла, уæд дын фæндараст фæуæн нæй.

Тæрхъусы сайд.

Хæцæнгарзæй хæйрæг хъамайæ тынгдæр ницæмæй тæрсы, зæгъгæ, ахæм ныхас баззад фыдæлтæй.

Цæстгæнæджы цæст уыйау нытътъæпп ласæд!

Сывæллæттæ мигъбон майрæмыкарк куы ’рцахсынц, уæдкзарæгау афтæ фæдзурынц: «О хур, ракæс, ракæс— майрæмыкаркæн ихæн у!»

Хур, ракæс, ракæс: сауджыны бæхтæ дæумæ кæсынц, дзыккийы муртæ дæумæ хæссæм (фæдзурынц сывæллæттæ, хур мигъы аууон куы фæвæййы, уæд).


Сывæллæттæй искæмæн йе ’взагыл сæтти ку’ абады, уæд дзуры иннæмæ:

«Ме ’взагыл ц’ и?»

«Сæтти!»

«Ме ’взагыл ц’ и?»

«Сæтти!»

«Сæтти-Бæтти былæй ахауди!»


Мæй — ног, бызычъи — фæнык!

Хæлуарæг мыл куы фæхæца, уæд кæмæ бауайдзынæн?

Тулдзбæлас хæдзармæ хæстæг нæ сагъдæуы: æнамонд æй хонынц.

Куыдз ниуынæй нал æицайы: исты фыдбылыз цæудзæн.

Кæрдзæвæг дæ цæстыл: уæ хуымтæ зад уыдзысты.


Хурныгуылды фæстæ зынг дæттын нæ фæччы.

Ног дарæс хурныгуылды нæ чындæуы.

Изæрыгон арфæ нæ кæнынц.

Æхсæвыгон-иу йæ хздзармæ дон ничи хаста.

Æхсæв-ыгон йæ ныхтæ ничи кæны.

Æхсæвы хай нæ уагъдæуы.

Æхсæв чызг раттын фидауы, ’ндæр ницы фидауы.

Майрæмбоны бирæ сылгоймæгтæ нæ хуийынц — нæ, дам, фæччы.

Бæрæгбоны кусын æмæ фæндаг аразын нæ фидауы.

Цæуæджы фæстæ нæ дзырдæуы.

Нæфæтчиагмæ ма бавнал — фæхъуыздзæн дæм.

Хуырхы мигæнæн æнæ цыхтæй ныууадзын нæ фæччы. (Цы цыхт кæнæ цыхты къæртт дзы ныууадзынц, уый хуины хуырхгæс).

Иу нæ фæччы.

Цы фæччы, уый бакæн, цы нæ фæччы, уый ма бакæн.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.