Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

НЫФСХАСТ. ÆНÆНЫФС. ТÆППУД

Дзыллæйы тых лæджыхъæдæй цæуы.

Лæджыхъæд зæххы ис, фæлæ йæ сисын зонын хъæуы.

Æнæ лæджыхъæд мæрдтæм цæуыны фæтк нæй.

Иу хъару кæмæдæриддæр вæййы.

Лæгдзинад дзыхы ныхæстæй нæу.

Хъуыддагæн лæг хъæуы.

Лæг хъуамæ лæгдзинадæй лæг уа, æндæра рихитæ гæдыйыл дæр ис.

Лæджы цы бафæнда, уый сæххæст кæндзæн.

Гæнæн цæмæн нæй, зæххыл ахæм хъуыддаг нæй.

Уый ахæм гуырд нæу, æмæ йæ хъуыддаг æрдæгыл чи ныууадза.

Фæндагыл де ’ргом чердæм радтай, уыцырдæм фæхæццæ уыдзынæ.

Бахъуаджы сахат дæ удыл ма сауæрд.

Йæ уд ысуæлдай кодта.

Фадат ран-иу дæ хъару равдис.

Дæ лæджыхъæд æмæ дæхæдæг!

Дæ хъару ’мæ дæхæдæг!

Дæ хъаруйæ дæ ныфс фылдæр уæд!

Ныфсы къæртт.

Нæртон туг зилы йæ тугдадзинты.

Лæгæй — хæдæхсар, йæ худ — пæлæхсар.

Худтæ чи хæссы, уыдон сегас лæгтæ не сты.

Лæджы худ куы хæссай, уæд дзы ’фсарм ис.

Куыдзы дзагъыр — бæхы йаргъ, бæхы дзагъыр—лæджы йаргъ, лæджы дзагъыр — бæсты йаргъ.

Дзæбидыры каст кæны.

Арт лæджы рихийыл судзы.

Комы хæс йæхимæ райста.

Йæ риуы ’мбæрц цæуы.

Йæ риуы ’мбæрц лæгæрды.

Мæйдар æхсæв боны цыд кæны.

Дæу д’ амонд не ’рхаста ардæм, фæлæ дæ лæджыхъæд.

Уыдонæй уари стæг куынæ хæссы.

Халон сæ стæгдар н’ ахæсдзæн.

Уымæй халон ыстæг куынæ фæхæсдзæн.

Сосланæй æхсарджындæр æмæ хъаруджындæр нæ уыди Нартæм нæ, фæлæ Чынтæм дæр.

Арв дзы нæрын нæ уæнды.

Йæ сæрты цъиу атæхоын нæ уæндыд, йæ бынты — мæлдзыт абырын.

Йæ тасæй ам халон-хауæг, цъиу-тæхæг куынæ ис!

Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг.

Мæ ныфсмæ мын ныфс æфтыдта, мæ тыхмæ—тых.

М’ арвы цыппар къабазы дæуыл æнцайынц.

М’ арвы къабæзтæ дæуыл æнцайынц.

Ныфсæвæрæг — цæдисæмбал.

Ныфсдæттæг — тыхсæттæг.

Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы.

Зынг зæгъынæй ком нæ судзы.

Дунейы сæфт не ’рцыд, миййаг!

Мах уый куьгд ыссардзыстæм, Абæ дæр йæ цæххы пут афтæ куы ссарид!

Æз уын куынæ уаин, уæд уæ рувас йæ къудийыл аласид æмæ уæ хохæй фæкалид.

Симды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы.

Мæ сæры уæле цы и, уый мын адав!

Сыгъд арыдæй нæ тæрсы.

Донласт хуылыдзæй нæ тæрсы.

Цы абада, уый абадæд!

Рæдыды комы — æхсырфæмбал.

Рæдыды комы — æхсæмбал.

Цы фæдæн, уый фæдæн!

Сæфт — иу сæфт!

Сæфт — дыууæ сæфты!

Уæддæр сæфт æмæ сæфт!

Метъа мæ син!

Уарæд æмæ уарæд: уый — æддейы, мах — мидæгæй.

Цы уа, уый уæд — дæлæ-уæлæ мауал кæн!

Лæгæн дæлæ-уæлæ кæнын не ’мбæлы.

Дæлæ-уæлæ чи кæны, уый йæхицæй хынджылæг кæны.

Хæрæг ихы сæрыл баззад — нал размæ уæнды, нал фæстæмæ.

Хæрæг ихыл куыд ныллæууа, уый лæуд ныккодта.

Хæрæг ихы сæрыл куы баззайа, уый зад бакодта.

Нæ — размæ, нæ — фæстæмæ.

Оцани бæхæй уæлдай нæу.

Саджилзæрдæ лæгæн бирæ не ’нтысы.

Æгæр рахъуыды-бахъуыды тæсзæрдæйы нысан у.

Дæ мадимæ хъæбысæй ма рахæц, фæлæ иугæр рахæцыдтæ, зæгъгæ, уæд ма фæбынæй у.

Бæх чи тæры, уый йе ’мбалы нæ фæрсы.

Уый бирæ ракæ-бакæ нæ кæны.

Дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, уæддæр дын ацы хæрды æнæ суайгæ нæй.

Дæлæ кæнай, уæлæ кæнай — ирвæзæн дзы нал и.

Уæларвмæ цæуай — æмæ дæ дæ фæстаг къахæй ахсдзынæн, дæлдзæхмæ цæуай — æмæ дæ дæ коцорайæ ахсдзынæн.

«Куыд уыдзынæи, цы уыдзынæн?» фжндагыл баззад. «Цы фæдæн, уый фæдæн» йæ бынатмæ фæхæццæ.

Цух-мухты цуанон рæстмæ кæны.

Цух-мух арæхдæр фæндараст кæны.

Ирон зæрдæ ныфсхаст у.

Ирон лæгæн сæфæн нæй.

Емынæйæн йауыры зæгъдзæн.

Емынæйæн — йауыры!

Лæджы хъæрæй бирæгъ лидзы.

Гъæйтт æмæ уыйтт!

Йæ хъæлæсы сæ ахаста.

Уарийы ахст æмæ сыл цæргæсы хъæр фæкодта.

Чи куыдз, чи хæрæг!

«Чи куыдз, чи хæрæг! Мæ зæхмæ мын йæ ныфс чи ’рбахаста?» — «Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр!»

Гъæ, куыдзæй цы куыдз райгуырди!

Куыд мæм уæндыс, зæронд къæссахæссæн?

Æтт, мæ хæсгæ мæрдтæ, гъе!

Уый уымæ нымады дæр нæу.

Æрдумæ дæр æй нæ дары.

Хъуыды дæр дæ нæ кæнын: дæ фыдæх мæ уæд!

Нæ тæрсын: ницы хъом мын дæ!

Дæ фыдæх мæ уæд: дæ бæхджынтæ — дæлейы, дæ фистæджытæ — уæлейы!

Дæлейы — дæ бæхджынтæ, уæлейы—дæ фистæджытæ!

Дæлих — уæ гуыр-гуыр, уæлих — уæ сыф-сыф.

Мæгуыр — дæ бон, мæгуыр — де ’хсæв!

Ахсæв — де ’хсæв, сом мæ бон дæр фендзынæ!

Ныронг дæ бон уыд, абон та мæ бон у!

Фæлæуу, æз уæ мæсыджы цъуппæй акæсдзынæн!

Ды мæм хъул куы ’рбауилай, уæд дæм æз та тохси бауилдзынæн.

Де ’рцыд куыд уа, дæ фæцыд афтæ нæ уыдзæн.

Сар мын дæ сæр кæны!

Уый фенд зоны!

Къобы фæз — дугъæттæн æвзарæн.

Уый Къобы хæрды фендзыстæм!

Лæг цы у, уый сын фенын кодта.

Дæ ныфс бахæр!

Лæгмæ дæ ныфс макуы бахæсс.

Уымæн дæр йæ нымæт хъуынтæй конд у.

«Мах ларсаг ыстæм, ларсаг!» — «Мах та ларсаджы ласаг ыстæм, ласаг!» (Йеналды ’мæ Хъуыдайнаты зарæгæй).

Чи дæ тæрса, уымæй дæхæдæг дæр тæрс.

Ныфс кæмæ уа, уый йæ науы хай тæрын бафæраздзæн цыфæнды зынвадаты дæр.

Мæгуыр — æнæныфс, æнæхъару, æндæра ныфс æмæ хъару кæй уа, уый цæй мæгуыр у!

Хохыл сæрыстыр макуы ’су, денджызы дæ ныфс макуы фесаф.

Фæдæгъды хъæр тæппудæн — арвы дæнг.

Йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта.

Йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад.

Йæ удæй йæ хуылфы ницыуал аззад.

Йæ уд ысуæлæнгай.

Йæ уд йæ къæхты бынæй ауад.

Йæ туг фæтарст.

Зæрдæтахт фæдæн.

Хуызы цъыртт дзы нал аззад, хуызы ’ртау, кæй загъдæуы.

Цикъæйау афæлурс.

Кæрдæйнаджы хуызæн аци.

Ныффæлурс — туджы цъыртт дзы нал аззад.

Мæ сæрыхъуынтæ арц ысбадтысты.

Фыртæссæй йыл ихæн-риз бахæцыд.

Арвæй йæм хъугдзармы йас нал зыны.

Чъырттым авд æвзаджы зыдта, фæлæ йæ уари куы

’рсырдта, уæд дзы йæхи ’взаг дæр байрох.

Фыртæссæй йæ зæрдæ бахъарм.

Уæлладжыры комы топпы хъæр куы фæцæуы, уæд дзы Цогойтæй иу амæлы.

Уаридзавд кæрчыты ’лхъывд ныккодтой сæхи зæхмæ.

Уаридзавд кæрчытау фесты иууылдæр.

Йæ гæрзтæ ’рывæрдта.

Йæ къамтæ ’рывæрдта.

Мæ зæнгты зыр-зыр ныр дæр нæма ссыд.

Мæ уд мæ мидæг нæма ’рцыд.

Пыхс йæ сæрыл ахаста.

Арвы талынгты дзы лидзы.

Тæрсаг лæг доны ’ртахæй дæр лидзы.

Хъуджы лыгъд кæны мæ разæй.

Мысты хуынкъ æртæ чъирийæ агуры.

Мысты хуынкъ туманæй агуры.

Уæрццау къутæры ма бамбæхс.

Тарст сæгъы каст кæны.

Йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд.

Дæ уд ма æгас кæй баззад!

Æгас ма кæй баззадтæ!

Æвзæр йæ удæн тæрсы.

Хæппæй дæр тæрсгæ кæны.

Уый й’ аууонæй дæр тæрсгæ кæны.

Сæ доны бын нал хъæр кæны.

Хурбон хурæй тарстысты, æхсæв — талынгæй.

Хурбон хурæй тарстысты, къæвдабон—уарынæй, асæстбон — мигъæй, æхсæв — талынгæй.

Лæгдоны лæг нал и. (Лæгдон — цуаны уæвгæйæ-иу цуанæттæ сырд кæм бакой кодтой æмæ-иу æхсæвиуат кæм æркодтой, ахæм бынат. Ацы ныхас сæрæмбæрзтæй дæр фæзæгъынц).

Тæппуд лæг æмæ тæрхъусæй уæлдай нæй.


Тæрхъус йæхицæн маст кодта: «Циу ай мæ цард? Куынæуал фæразын — маргъæй тæрс, сырдæй тæрс, лæгæй тæрс!.. Сыфтæры сыбар-сыбурæй дæр мæ уд ысцæйхауы... Мæ бон нал у...»

Арасти йæхи доны ’ппарынмæ ’мæ донбылмæ куы бахæццæ, уæд дзы хæфсытæ фæтарстысты ’мæ донмæ сæхи бакалдтой.

Тæрхъус уый куы федта, уæд æрсагъæс кодта:

«Агъæц, а! Цæмæй сафын мæхи? Зæххыл ма мæнæй æнæбондæртæ бирæ куы ис!»

Æмæ фæстæмæ раздæхти.


Тæрсаг куыдзæн йæ къуди йæ быны вæййы.

САГ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН

Саджы лæппын дзуры йæ мадмæ: «Диссаг мæм кæсы, нана, ды куыдзæй бирæ стырдæр æмæ цæрдæгдæр дæ, стæй ма дыл ыстыр сыкъатæ дæр ис дæхи бахъахъхъæнынæн, афтæмæи уæддæр æгæр тæрсыс куйтæй».

Саг бахудти ’мæ загъта йæ рæуæдæн: «Æцæг зæгъыс, мæ хур, æцæг, фæлæ мæм иу æнамонддзинад ис. Æвæдза, куйты хъæр фехъуыстон, афтæ мæ цæстытæ атартæ вæййынц, æмæ æмбаргæ дæр ницыуал бакæнын, афтæмæй мæ къæхтæ сæхæдæг ызгъорынмæ фæвæййынц».


Тæсзæрдæйæн сæдæ цæсты ис, æмæ сæ иуæй дæр раст нæ уыны.

Къамбец зæххæн йæ быны ныххауынæй куы тæрсид, уæд æй топпы нæмыг нæ баййафид.

Арсæй куы тæрсай, уæд хъæдмæ ма цу.

Фæлдысты фæу, тæрсгæ ма кæн!

Тæссаг хъуыддаг фæсмойнаг у.

ДОМБАЙ ÆМÆ РУВАС

Рувас никуы федта домбайы æмæ йыл фыццаг хатт куы сæмбæлд, уæд дзы фыртæссæй, цы фæцадаид, уымæн ницыуал зыдта. Дыккаг хатт ыл куы сæмбæлд, уæд дзы афтæ тынг нал тарст. Æртыккаг хатт ыл куы сæмбæлд, уæд та дзы тæрсгæ нæ, фæлæ ма йемæ ныхæстæ дæр кодта.


Хæфсытæ хъæдын лæгæй фыццаг фæтæрсынц, уыйфæстæ йæ уæлæ сбырынц.

Зын дæ баууæндын, æндæра истытæ саразис!

Æнæкуыдз хъæу ыссардта ’мæ æнæлæдзæгæй рахæтбахæт кæны.

Хæдмæл хъуджы стигъджытæй фылдæр цы вæййы!

Мард хъуджы стигъджытæ бирæ ис.

Цъиуы мардмæ ’хсаргард ысласта.

Лæгæй бацыд æмæ усæй раздæхт.

Лæджы хуызæнæй ацыдтæ, сылы хуызæнæй раздæхтæ.

Галæй ацыд æмæ хъугæй æрцыд.

Тас лæггæнæг у.

Лæг тасы куы бахауы, уæд æхсарджындæр кæны.

Тæрхъусы тас куы бацæуы, лидзын уæд байдайы.

Куыдзæн йæ быны дон куы бацæуы, ленк кæнын уæд базоны.

Тæрсын дæр лæджыхъæд у.

Ницы дæр — ницы, ныфссаст лæг дæр — ницы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.