Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХÆРД. ХÆРИНАГ. НУАЗИНАГ

Хæрд куынæ уа, уæд тыхджынæй тыхджын нæй.

Хæрдæн афон нæй.

Фæссихоры хæринаг — æхсæвæрæн нывæрзæн.

Боны ’ххормагæй фыд тайы, ’хсæвы ’ххормагæй та стæг тайы.

Æхсæвы хай нæ уагъдæуы.

Æхсæвæрыл бирæ хæрын нæ фæччы.

Изæры ’фсæстæй райсомы ’фсæст хуыздæр у.

Афоныл бахæр, æмæ дæ фарсыл бахæца.

Хæрын худинаг нæу.

Хæрын дæр куыст у.

Хæрд, куыст æмæ хæстæй хъауджыдæр нæй.

Мах дæр хор æмæ донæй цæрæм.

Рагъæй — гуыбынмæ, гуыбынæй — рагъмæ.

Афтид голлаг хъил нæ лæууы.

Дзаг голлаг нæ тасы.

Комдзаг гуыбынæн цæджындз у.

Комдзаг дæр бирæ у.

Чысыл комдзаг дæр æххормаг лæгæн цæджындз у.

Сæмæн æнæсæрстæй хъинц кæны.

Ахæр, æмæ адынджыр уай (фæзæгъынц хъазгæмхасæн).

Афтид уидыг — былтонæн.

Чъиуæууилæг йæ гуыбын сайы.

Хъарм хойраг Уастырджи дæр хæры.

Лæг афтæ: бирæгъы хæрд! Бирæгъ афтæ: лæджы хæрд!

Хъæддзауы хæрд бакодтон.

Хъæддзауы фынг мын рарвыстой (ома — уазал хæринаг).

Фиййауы рæвдауæг — дзаг къус.

Фиййауæн цы вæййы, уый — йæ гуыбыны.

Фиййауæн цы уа, уый — йæ хызыны.

Фиййауæн йæ къæбиц — йæ хызын.

Иу боны хæринаг фæнды мæ гуыбыны уæд, фæнды — мæ хьгеыны.

Куыры фыд — дыдзы хъармæй.

Нард фыд ызгæ дæр ыссæуын кæны.

Дзидза арсау æмбыдæй ничи хæры.

Æнæстæг фыд нæ тайы.

Фыдджыны къæрис адджын у.

Цæхджын фыд æрæгмæ уазал кæны.

Чидæр фыдызгъæл нæ хордта, фæлæ йын йæ бас цымдта.

Чидæр ком дардта ’мæ бас цымдта, фæлæ фыд нæ хордта.

Сур хуыппæй ахуийæн нæй.

Бас нын, бас— фыд хохы цъуппыл дæр ис!

Басæн мын — йæ сæртæ, хæлтъамæдонæн — йæ бынтæ.

Сæгъы бас сæлаг у.

Мæллæг фыды бас нæй.

Тæрхъусы басы — стæг.

Еуу дæр — хор æмæ мæнæу дæр.

Фарн сасир æмæ арынгæй цæуы.

Хыссæ арынджы фыцын хъæуы.

Хæссынæн — рог, хæрынæн — адджын.

Рагъæн — рæуæг æмæ хъæстæн — дзæбæх.

Мыдамæст хæрынæн адджын у, хæссынæн — рог.

Нæ фыдæлтæ хъæбæрхоры кæрдзынæй хаст уыдысты.

Хъæбæр кæрдзын — нæ хæринаг, цъитидон — нæ нуазинаг.

Цъæмæлтæй кæрдзын нæ цæуы.

Æдзæхх кæрдзын гуыбыны нæ тайы.

Фæнычы фых кæрдзын адджындæр у.

Лæгæн йæ кæрдзынæн дзуапп — ахуийæн.

Кæрдзын номгæнæг у.

Кæрдзын кадæн дæр у ’мæ номæн дæр.

Каердзыны бон бирæ у.

Куырды нуазæн — уазал дон, йæ кæрдих та — æвзалы. (Нарт-иу ацы ныхæстæ фидисгæнæгау дзырдтой Куырдалæгонæн).

Хъарм донгонд дзул æмæ хъæбæр цыхт иумæ фидауынц.

Æнæ ахсæнæй цыхт нæ ахсы.

Сылыдзыхтæй къæдор чындæуы.

Ай дын бæрдын, ай дын хъуылæг, æмæ нын иæ цæгъдинагæй царв ысцæгъд!

Сæрæй — исгæ, бынæй — ахадгæ.

Уæлейæ — исгæ, бынæй — ахадгæ.

Сæрæй-исгæ, бынæй-ахадгæ хæринæгтæ. ’

Нæртон лæгæн йæ гуыл гуыдыны йас.

Нафы гуылау ыспух и.

Хом хал — æнтысаг, фых хал — ахадæн.

Ахадæн бæркадæн æвдисæн лæууы.

Фых хойраг бирæ нæ хæссы.

Фых хойраг мыггагæн нæ бæззы.

Хомæн ысфыцæн и, фæлæ фыхæн ысхомгæнæн нал

Хал-хорæй къæбæр-хор хуыздæр.

Дзулы хом — зæнджы магъз.

Сиры хæрд — къæсæрмæ, дзыккайы хæрд — хохмæ.

Сиры хæрд — къæсæрмæ, цæкуыйы хæрд — хохмæ.

Сир-мир — къæсæрмæ, цæкуы-мæкуы — хохмæ.

Сир — сыффытт, дзыкка — хъуыррытт.

Сирхæрæг — цингæнаг.

Дзыккайы сой — сиры дзыхъхъы.

Хомыс сирæн — ирхæфсæн.

Сир хомысæн — ирхæфсæн.

Æмыс хомысæн — ирхæфсæн.

Хомыс лакъамийæн æххуыс у.

Хомыс задыныл худти.

Мæ задын къухтыл куыд хæцы, фарсыл дæр афтæ хæцы.

Къæлуа фынгмæ хæссынæн нæ бæззы.

Къæлуа дзуары бынмæ нæ хастæуы.

Къæлуайæн дæндæгтæ нæ хъæуы, мылытæ дæр æй баууилдзысты.

Къæлуа чи хæры, уый йæ гуыбын сайы.

Дзæрна мæгуыры мардæн — минас, рухсаггаг.

Касы хæрд — къæсæрмæ, цæкуыйы хæрд — хохмæ.

Касхæрæгæн йæ уидыг йæ сины вæййы.

Каед кас хæрыс, уæд ын уидыг дæр дар.

Кас — мисыны уазæг.

Мисыны номыл йæ ком ысуагъта.

Чидæр мисыны номыл мархо бахордта.

Æхсæвæрæгæй комуадзæгау.

Ком ысуадзынæн хъолоджын дæр бæззы.

Тыппыронæй ком ничи уадзы.

Сæндæгхор фидиссаг у.

Булкъ судзаг у, фæлæ ахсæны хорз тайы.

Булкъ æмæ мыд иумæ фидауынц.

Мыд алы хæринагимæ дæр фидауы.

Мыды къус — цæлы хос.

Хохаг хæринаг хæрзад у.

ÆппæТæй адджындæр хæринаг — царвимæ ’взаг фых.

Ацы хæринагмæ мард дæр рабаддзæн.

Мæ комыдæттæ йæм рауадысты.

Мæмыртт-мыртт æм цæуы.

Мæвæрдæйыл сæмбæлди.

Мыдвей де ’нгуылдз сахуырст, уæд æй æнæ асдæргæ нæ фæуыдзынæ.

Адджинаг зæрдæйæн цæджындз у.

Адджын цард фæкæ (фæзæгъынц, исты адджинаг чи радты, уымæн).

Арс мамыд хæры!

Хойраг хойрагæн рын у.

Маст хæринаг адджынæн нæ бахæрдзынæ.

Ацы хæринаг мæгайы руды ад кæны.

Дæ къуымæл мæсчъы доны ад кæны.

Дæ хæринаг мæсчъы доны ад кæны.

Ад цы хæринаджы нæ уа, уый фарсыл нæ хæцы.

Иугъæдон хæринаг зæрдæ н’ агуры.

Лæг царв æмæ мыдæй дæр хъыг кæны.

Æндæр хор æндæр ад кæны.

Хæрам хойраг нæ тайы.

Булкъ йе смагæй бæрæг у.

Цывзы чи бахæры, уымæн йæ ком басудзы.

Нуры чи бахæры, йæ ком уымæн дуды.

Нуры чи бахæры, уый гуыбын дзы дуды.

Хуырхæг басæн бæззы.

Давоны хæрд сусæг нæ кæны.

Уалдзыгон давон авд низы хæссы, фæззыгон давон авд низы суры.

Пысыра хæрынæн бæззы, фæлæ судзгæ кæны.

Хъоло дуды ’мæ пысыра судзы.

Скъудайæн й’ ад хорз у, фæлæ йæ тæф нæ бæззы.

Адджын мæнæргъыйы судзаг пысыра хъыгдары.

Кæд къæбырттæг нæ бахордтай, уæд дæ дзых сау цæмæн у?

Стонг ысуадзынæн мæцкъуы дæр хорз у.

Хуыскъæл фыхæй хуыздæр у, уизза — хомæй.

Хуыскъæл адджын у, уизза та ноджыдæр адджындæр.

Сæгъ дæр ма кæрдæджыты хæрзад агуры.

Фурд бонджын у — цы нæ хæринаг дзы ис, ахæм нæй.

Сатанайæ фæзæгъынц, нозт кæнын, дам, уымæй баззад.

Æлутоны ронг.

Æлутоны ронг бахсидут!

Сатанайы цонгæй æнтыд фæу! <

Сатанайы къухæй æнтыд фæут!

Се ’нтауæг — Сатана, сæ кувæг — Уырызмæг!

Сæ бæгæны Сатанайы фых.

Донæй дойны мын нæу, бæгæныйæ дойны мын у.

Ирон бæгæны хæрд дæр у ’мæ нозт дæр, кæй загъд^уы.

Бæгæны хæрдæн хæрд у, нозтæн — нозт.

Æндыджы хусгонд задæй дын — бæгæныйаг!

Хуссары хорæй дын — бæгæныйаг! (Зарæджы ныхæстæй).

Ног фæлдæхт бæгæны дæ мад, дæ фыдæн дæр ма ратт.

Æнхъизгæ бæгæны хуылфæн хорз у.

Æнхъизгæ бæгæны хуылфæн хос у.

Бæгæны зæдтæ дæр нуазынц.

Ронг Нарты нозт у.

Ронг нæртон нозт у.

Ронджы нозт бирæ хæссы.

Сæн расыг дæр кæны ’мæ нæрсын дæр.

Арахъхъ хæйрæджыты сфæлдыст у.

Арахъхъ æргом расыг кæны, сæн та — сусæг расыг.

Мыдджын арахъхъ æгæр ма баназ — тых кæны.

Махсымæ хорæй конд у ’мæ хæрдæн дæрæххуыс у.

Суадон йæ сæрæй хæрзаддæр у.

Чъыбылайы дон — адджындæрæн.

Хъарм дон дойны нæ сæтты.

Дон куыд-кæстæрæй нуазынц.

Дон кæстæрæй нозтæуы.

Донарæхæн дæ цард (фæзæгъынц, дон чи радты, уымæн).

Донау бирæ уæд уæ нозт, зæххау бирæ — уæ хойраг!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.