Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

РАСЫГ. ÆВРОНГ

Арахъхъ, дам, лæгæн афтæ загъта: «Кæд иу баназай, уæд ды зоныс, кæд дыууæ баназай, уæд та — æз!»

Иу чи нуазы, уый дыууæ дæр аназы.

Нуазæн дыккаг хатт райстай, уæд расыг кæныс.

Æртæ нуазæнæй фылдæр кæй баназай, уый — сæфт.

Кард, топпæй марыны фæтк ис, фæлæ нозтæй марыны фæтк нæй.

«Нал нуазы.» — «О, йæ дзыхæй йæ уæлдæр нал хæссы.»

«Уый ды нæ зарыс, фæлæ арахъхъ зары, арахъхъ». — «Æмæ уæдæ уæртæ дурыны ц’ арахъхъ ис, уый цæуылнæ зары?»

Къуылых расыг у.

Чермены цæссыгæй та фæхъæстæ.

Сыкъадзæф та у.

Дæуæн — æхцон,

Мæнæн — æнцон!

Акъул æй кæн, æмæ дæ акъул кæна!

Баназ! Исты дзы дæ хорз зонд куынæ сафдзынæ.

Расыгæн — расыг йæ хос.

«Бæрцæй дзы нуаз, нана дæ фæхъхъау фæуа, бæрцæй, æмæ дын нозт тых ма кæна». — «Бæрцæй дзы куы банызтон, нана, æцæг расыг уæд фæдæн».

Арахъхъы лалым (фæзæгъынц расыггæнагæй).

Туг мын фестæд (фæзæгъынц хъазгæмхасæн, ома мын хæлар уæд).

Йæ фæздæг йæ фæсхъустæй кæлы (фæзæгъынц, фыднозт чи бакæны, уымæй).

Нуазæг цæхджын уарзы, æвронг та — адджын.

Сау расыг ысси.

Цъæх-цъæхид расыг ысси.

Йæ сæр, йæ фад нал æмбары.

Фæстаг дæ нуазын нал хъуыди (фæзæгъынц, æгæр чи баназы ’мæ йæ къæхтыл чи нæуал фæлæууы, уымæн).

Æвронгæн йæ зæрды цы вæййы, уый расыгæн пе ’взагыл бады.

Æвронджы сусæг фæнд — расыгæй ныхас.

Къуылых нозтджынæй адæймаджы ссар,— уымæй хуыздæр ын йæ зæрдæйыуаг никуы базондзынæ.

Нозт лæджы дзурын кæны.

Арахъхъ лæгæн йæ сусæг ныхæстæ къахы.

Сындзы тæрхъусы зыыг суры, лæджы зæрдæйы цы ис, уый та нозт суры.

Нозт куырмæн цæстытæ садзы, къуылыхæн та — къæхтæ.

Ронгацау зонаг у.

Сæнылахуыр — арахъхъыл къухист.

Хорз куырд йе ’намондæн расыггæнаг вæййы.

Расыг лæджы хуыцау нæ фесафдзæн.

Нозтджын лæджы бæх уайаг у.

Расыг расыгыл худти.

Æвронгæн йæ цæсгом цы нæ бахъæца, уый расыгæи бахъæцдзæн.

Расыг лæг — хылкъахæг.

Сылыйæ расыг — алыбон расыг.

Расыг лæг ыстырзæрдæ у.

Хæйрæджы ’лгъыст ныл æрцыди: æвронгæй фæсмон фæкæнæм, расыгæй та стырзæрдæ стæм.

Расыг лæгæн денджыз — йæ уæлфæдтæм.

Расыг лæгмæ хох дæр гыццыл кæсы.

Расыг уазалæй нæ тæрсы.

Нозт зонд сафы.

Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары.

Нозт йæ лымæны сæфтмæ тæры.

Расыг лæг æвронгæн — хынджылæггаг.

Расыг лæджы дон худгæйæ ласы.

Расыгæн йæ нозт архайгæйæ ссæуы.

Марг куы банызтаид, марг, уый бæсты!

Хæрам дын фод, кæй банызтай, уый. Дæ фарсæй йæ фæкал!

Куыдзы рæйын æмæ расыджы ныхас мацæмæ дар.

Æрра куыдз æмæ расыг лæгæй дæхи хъахъхъæ.

Номдзыд Абаци дам куы фæрасыг, уæд фæдзæхста йæ кæстæртæн: «Расыг худинаг цы бæсты нæу, уырдæм мæ фæласут. Ирон хъæумæ мæ ма баласут — худинаджы зарæг мыл ыскæндзысты».

Нарт нарт уæд уыдысты ’мæ ронгæй сæ бæрц куы зыдтой. (Ронг — рагон ирон нозт. Куыд дзурынц, афтæмæй ронг у мыдæй конд карз бæгæны.)

Сылгоймаг æмæ нозт хæйрæджы хос ысты.

Тамако фылдæр нозтуарзаг дымы.

Лæппулæгæн лулæ дымын худинаг уыди.

Тамакодымæг æнæ тамакойæ мæсты кæны.

Тамако хæйрæджы холлаг у.

Тамакодымæг адæмы не ’ййафы.

Цæхх æмæ хойраг тыхджын ысты.

Арцы фындзæй цæлы фындз тыхджындæр у.

Арцы фындзæй цæлы фындз цыргъдæр у.

Цæлы фындзæй арцы фындз арфдæр хизы.

Хæрд æмæ иозтæй дыууæ туджджыны фидауынц.

Кæрдзын дыууæ туджджыны лымæн кæны.

Фынджы рагъыл — туджы фидыд.

Ирон фидыд цæхх æмæ кæрдзынæй у.

Дæ цæхх, дæ кæрдзынæй дын бахордтон, æмæ дын ныр мæ бон ницыуал у.

Мæ цæхх, мæ кæрдзынæй дын бахæрын кодтон, æмæ дын ныр мæ бон ницыуал у.

Цæхджын хойрагæн ницы аргъ кæныс?

Кæрдзын лымæнгæнаг у.

Цæхх æмæ кæрдзын æрдхæрæн ысты.

Къæппæгæй ахсынæй къæбæрæй ахсын хуыздæр у.

Кæрдзынæй дард — зæрдæйæ дард.

Кæрдзынæввахс — зæрдæввахс.

Кæрдзын-лымæн хæстæг нæу.

Кæрдзын-лымæн рохгæнаг у.

Фæндагыл уай — бынаты, кæрдзын иунæгæй макуы бахæр.

Æнæ ’мбал кæрдзын макуы бахæр.

Æнæ дæу кæй бахæрон, уый мын хæрам фестæд!

Фых хойраг æппæтæн дæр иумæйаг у.

Цæхджын хойраг адæмæн иумæйаг у.

Цæхджын хойраг адæмæн æмхуызон у.

Кæрдзын ма уыдзæн, фæлæ мах нал уыдзыстæм.

Хæрд æмæ нозт нæ разæй дæр уыдысты.

Хæрд æмæ нозт уыдзысты, фæлæ мах нал уыдзыстæм.

Бахордта дæр — сидзæр, бадардта дæр — сидзæр.

Нартæн с’ арм арм уыди, сæ рард та кад уыди.

Цæхх æмæ хорæн гæс нæ хъæуы.

Ирæн цæхх æмæ кæрдзын фыдæй баззадысты.

Ирæн сæ цæхх æмæ кæрдзын æиæуæрстæй баззадысты.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.