Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

МÆГУЫР. ХЪÆЗДЫГ

Хурæй хæдон кæны, зæххæй — дзабыр.

Зæххæй бæгъæввад у, арвæй — дзабырджын.

Фыдбон — дзабырджын, хурбон — бæгъæввад.

Йе ’рчъи йæ зæнгоймæ дзыназы.

Зилгæзæнгой, сæмпæрчъи.

Мæгуыры кæрц уалдзæджы сцæттæ вæййы.

Æмæ загъта Нарты Сырдон: «Мæрдтæ ’гæстæй фылдæр ысты. Уымæн æмæ, сæрд нымæт кæмæн нæй, зымæг — кæрц, уыдон дæр мæрдтыл нымад ысты.»

Зымæг кæрц кæмæн нæй, сæрд — нымæт, ахæм лæджы Нарт мардыл нымадтой.

Цъиу цы атона, уый дзы нæй, æмæ йæ адæм минæвар равзæрстой.

Йæ сæдæ зæбулы иу æндахыл хæцынц.

Еууы кæфой йыл куы бакалай, уæд иу нæмыг дæр нал æрхаудзæн йæ бызгъуыртæй.

Мæгуыры кæрц — уæрагмæ.

Кæд не ’ххæссы, уæд ын мæгуыры кæрцы карст ыскæн.

Мæгуырæн — къæрит кæрц.

Мæгуыры цухъхъа хъæздыгæн цыбыр у.

Мæгуырæн сæхъхъис цухъхъа цъæх тыны ад кæны.

Мæгуыр лæджы худ дымгæйæн рог у.

Уыдонæн се ’хсæвхуыссæи сæ бондарæс уыди.

Йæ бондарæн — йе ’хсæвхуыссæн.

Йæ бондарæс æхсæв хæдзар кæмæн уыди!

Мæгуыры къух цыбыр у.

Мæгуыр —æвæрæз.

Хъуын, æрду йыл нæ хæцы.

Абæ йæ цæххы мæрт ыссардта: ныр ын мæгуырæй тас нал у.

Гæвзыкк — нæ цард, гæвзыкк — нæ зонд.

Мæгуыр — æфсæрмдзæстыг.

«Куыд цæрут?» — «Мæрдтæй уæлдай ма ныл хур кæсы.»

Мæгуыры хуртæ уынæм.

Мæгуыры хъиутæ хæры.

Хуыцауы фæздæгæй марæм.

Мæгуыр лæгæн йæ хуым йæ кæрцы бын фæци.

Æнæгал лæг æхсæв кусы, бон бады.

Æнæбæх лæг æхсæв кусы, бон бады.

Æнæбæх лæг æнæбазыртæ маргъæй уæлдай нæу.

Саулохаг бæх мæллæгæй куынæ ссарай, хъыримаг топп — ызгæйæ, уæд мæгуыры къухы кæм æфтынц!

Мæгуыр лæг — уæрдонджын.

Мæгуыры уæрдон — хъинцгæнаг.

Мæгуырæн цы ис? — Сисын сæрвасæн.

Бон æй гал кæны, ’хсæв — хъуг.

Мæгуырæн мæйрухс — йæ цырагъ.

Мæ ныхы сæрæй — гæмæхдæр.

Йæ фæнычы мæ къух не стæфсдзæн.

Йæ хæдзары дымгæ цæуыл бафу кæна, уый куынæ ис!

Мæгуыры арынг — мыстытæн кафæн.

Мæгуыры куыдз мигъмæ рæйы.

Мæгуыры гæды уынгты зилы.

Мæгуыр йæ мæгуырæй мидæгмоймæ бацæуы.

Сæ мæгуыры тæрг калынц сæ кæрæдзиуыл.

Мæгуыры хызын бафтыдта.

Мæгуыр — къулбæрзæй.

Мæгуыр курæг сабатбон зилы.

Мæгуырæн баххуыс — удыбæстæ.

Алы мæгуыр дæр уазæг у.

Мæгуыр лæг æмæ бирæгъ хъæздыг хæссинаг ысты.

Афтид армæй дæ син аных.

Афтид дзыпп къуыпп нæ дары.

Афтид куырой ту нæ кæны.

Мæгуыры гуыбын — цæндыл хост.

Мæгуыры гуыбын ивæзаг у.

Мæгуырæн цъæл дæр дзыкка у.

Хорхъуаг цъæмæлæй не ’взары.

Хосхъуаг лæг цъæхæй не ’взары.

Хорхъуагæй фосхъуагæй уæлдай нæй.

Мæгуыр лæджы дур хæрдмæ суры.

Мæгуырмæ зонд "дæр æмæ ’амонд дæр хæстæг нæ цæуынц.

Нæ мыды чыргъæдтæ безæй — хъæздыг, мыдæй—мæгуыр.

Мæгуыр лæгæн мæтаг нæй, зæгъгæ, уæд йæ теман сафы.

Мæгуырæн хуыссæгæй дæр хай нæй.

Мæгуыр лæгæн куадзæны йæ гуыбын фæриссы.

Мархо дæр мæгуыр лæгыл фидауы. .

Сæгъ æлвыдæй фидауы.

Мæгуырæн дæндагниз — мæлæты фаг.

Мæгуыры далыс — зынхизæн.

Мæгуыры фос зынхизæн у.

Мæгуыры сæгъ — къæртали.

Мæгуыры фос æнцонхизæн у.

Мæллæг далыс дзуджы фæстæ — сидзæр.

Мæгуыры хуртуанмæ сырддонцъиу тæхаг у.

Мæгуыры фæндыр фæллад хъæр кæны.

Мæгуыры топп фæллад хъæр кæны.

Мæгуыр лæгæн й’ аргъаг аргъ нæ кæны.

Мæгуыры фæнык рыг нæ кæны.

Мæгуыры капекк — дзæгъдзæгъгæнаг.

Мæгуыры капекк дæр æхца у.

Мæгуыры къуымæл уынгты хъæргæнгæ цæуы.

Мæгуыр лæгæн йæ фаджысджын дæр чъылыхдон вæййы.

Мæгуыры дзырдæн аргъ нæй.

Мæгуырæн иууылдæр — уынаффæгæнæг.

Мæгуыр куы снард уа, уæддæр æй рæсыд хонынц.

Мæгуыр цæсты н’ ахады.

Мæгуырæн йæ куыст н’ ахады.

Мæгуыр йæ хъаст хæссын нæ фæразы.

Мæгуыр лæджы цæфæн йæ хуыздæр фиддон — фынг.

Зæронд æмæ мæгуыр кæрæдзийы ссардтой.

Фырмæгуырæй сыл гæбæр ысхæцыд.

Афтæ смæгуыр, æмæ йæ мыстытæ дæр фæлыгъдысты.

Мæнæй мæгуырдæр хъæды халæттæм дæр нæй.

Мæгуырдзинад лæджы алцæуыл дæр ардауы.

Мæгуыр лæг йæ хуым ку’ ауæй кæны, уæд æй цæндджын фæхоны.

Мæгуыр лæг сæнæртты аууонæй хæцы.

Сæнайы цард — сæнарæй.

Мæгуыры тæнæй бирæгъ кæсы.

Мæгуыры фарсæй бирæгъ ниуы.

Мæгуырдзинад хæцгæ низ у.

Уыдонæн сæ мæгуыр хæцгæ у.

Мæгуыр лæг æмæ афтид авг фæтæгены тæф кæнынц.

Мæгуырæй алчидæр йæхи дардмæ ласы.

Мæгуыр лæгыл куыдз нæ хæцы.

Адæм арты мæгуырмæ цæуынц, лæджы мæгуырмæ нæ цæуынц.

Мæгуырæй калм иæ хуынкъмæ лидзы.

Мæгуырдзинад бинонтæн фыдæххæлы хос у.

Мæгуырæй тæрсын хъæуы.

Мæлæтæй тæрсын нæ хъæуы, мæгуырæй тæрсын хъæуы.

Мæлæтæй ма тæрс, мæгуырæй тæрс.

Къуымых кардæй
Фæрæт хуыздæр.
Мæгуыр цардæй
Мæлæт хуыздæр.

Уый, йæ гуыбын къæбæрæй чи нæ ’фсæста, йæ цæсгом та йæ фæдджийæ чи сæрфта, ахæм лæг уыд.

Уыдонæн сæ сыст фæрæтдзæгатæй марын куынæ куымдта!

Мæгуыр лæгыл худын нæ хъæуы.

Мæгуырыл чи худы, уый дæр æййафы.

Мæгуыр худинаг нæу, тæрсын дзы нæ хъæуы.

Мæгуырдзинадмæ йæ фæдджи ничи дары.

Арвæй зæххы астæу дзедзыройгæнгæ йæ цард фæци.

Мæгуыры мард даргъдæр у.

Мæгуыры мард егъау у.

Мард мæгуыры хæдзары фидауы.

Мæгуыр.ы мард — фæрæзгæнæг.

Мæгуыры мард — дыууæ марды.

Мæгуыр лæгæн йæ кæртæй фæздæг куынæ цæуа, уæд æй ныгæнæг нæй.

Мæгуыры ’мбæрзæн — сыджыт.

Мæгуыр уæлмæрдты — буц.

Мæгуырæн йæ хист дæр — æнамонд.

Мæгуыры хъарæг — къонайыл фыдохы сагъæс.

Мæгуыры зæрдæ — фынтæй хъæлдзæг.

Мæгуыры зæрдæ — фынтæй хъал.

Мæгуыры зæрдæ — фынтæй буц.

Тæтæйраг иу æхсæв фыны цымпæ федта ’мæ йæм уидыг нæ уыди. Иннæ ’хсæв æд уидыг бафынæй, фæлæ цымгæ нал федта.

Мæгуыры зæрдæ тынтæ нывæнды.

Дзыппæй — мæгуыр, зæрдæйæ — хъæздыг.

Хæдзарæй — мæгуыр, зæрдæйæ — хъæздыг.

Мæгуыры хæдзар — фæндырарм.

Афтид хæдзар — фæндырарм.

Мæгуыр лæг хъазты — симдамонæг.

Сидзæртыл дæр иу хатт хур ракæсы.

Мæгуыры лæппу тагъд лæг кæны.

Мæгуыр лæджы фырт куыд фесгуыха, афтæ хъæздыджы фырт нæ фесгуыхдзæн.

Мæгуыры уæныг тагъд гал кæны.

Мæгуыры карк, дам, дыгæйттæ ’фтауы.

Мæгуыр зондмæ хæстæгдæр у.

Мæгуыр хъуыдыгæнаг у.

Мæгуыр лæг — сæрæмбæр.

Мæгуыр æппæтæй рæвдздæр у.

Мæгуыр тæригъæдгæнаг вæййы.

Мæгуыр рæдау у.

Мæгуыры цæст цы бауарза, уый хъæздыджы цæст нæ бауарздзæн.

Мæгуыр зыдгæнаг нæу.

Мæгуыр мæгуырæй уары, бонджын — бонджынæй.

Мæгуыр лæджы къæбæр адджын у.

Мæгуыры фиййау дзул хæры.

Бонджынæн — йæ фæсдуайраг, мæгуырæн — йæ рæбинаг.

Мæгуыр лæг йæ кæрдзынæй йæхицæи кад кæны.

Хъæздыгдзинад хъиамæтæй у.

Мæгуыр ысхъæздыгмæ фæбæллы.

Дзагарм у!

Хъæздыг дыл ичъийау ныххæцæд!

Мæгуырæн фæрæз куы уа, уæд цард йæхæдæг ыссардзæн.

Мæгуыр цард куы ссара, уæд хъалгæнаг у.

Цард чи ссары, уый йæ хæстæджыты ферох кæны.

Йæ сæхъхъис ысгæлладæй раивта.

Чидæр йæ мæгуырæй дари хæдон дардта.

Чидæр йæ фырмæгуырæй дзыкка хордта.

Мæгуырæй дæр бирæ фæцардыстæм!

Хъугæй найгæнæджы митæ.

Мæгуырыл хъал митæ кæнын нæ фидауы.

Хъалæн — хъал дзаума, мæгуырæн — хъарм дзаума.

Фыдгомæй фыдæмпъызт — хуыздæр.

Мæгуыр уæрццæн зад хуымы хизын нæ фидауы.

Къуылых уæрццæн зад хуымы хизын нæ фидауы.

Мæгуыр лæг куы схъæздыг вæййы, уæддæр ма дзы фынддæс азы мæгуыры тæф фæцæуы.

Мæгуыр хъалы зæрдæмæ нæ цæуы.

Мæгуыры дзæкъул хъæздыгæи уæззау у.

Ирон лæг йæ дзæкъулæн тарст, гуырдзиаг — йæ хæдзарæн.

Мæгуыры фæллой — фæрнджыны.

Сидзæры ис фæрныгыл æфты.

Хъæздыджы мæт — мæгуыры.

Хъалы сагъæс — мæгуыры тары.

Хъæздыг мæгуыры тæнтæм кæсы.

Бирæгъ дæр, йæ тæнтæй рухс кæмæн цæуы, уымæ хъавы.

Мæгуыры бæндæнæй фæрныг афæдз кусы.

Мæгуырæй хъæздыгмæ — хъуынæххуыс.

Мæгуырæй хъæздыгмæ афæдз иу галы йаргъ пайда цæуы.

Мæгуыр хъæздыгæй хъалон дары.

Цæбылдзармæй йын — кæрцы тæрттæ.

Нæл гæдыйы цард кæны.

Хъаны цард кæны.

Цардæй къæртт æппары.

Уацилла гутондар кæмæн у, Фæлвæра — фосдæттæг, Тутыр — фосхизæг, уымæн цæрын цы хъæуы!

Тутыр фосхизæг кæмæн у, уымæн цæрын цы хъæуы!

Дзæнæты цард ын ис.

Хъарм æмæ Хъыбыллæджы цардæй цардысты.

Йæ къух уазал доны дæр нæ тулы.

Царды сой дойныйæн нуазы.

Дзылыйы хуызæн ыснард ис.

Сойрихийæ не ’хсæн бады.

Фурды фæйлауæнтау йæ цард фæйлауы.

Фырхъæздыгæй ракæл-ракæл кæнынц.

Хъæздыг галы цæстæй кæсы.

Хъæздыг лæг йæ фыдыфыдæн дæр дугъ уадзы.

Фæрныг йæ зæронд мæрдтæн дæр дугъ уадзы.

Хъæздыгæн йæ куыдз дæр йæхиуыл нымад у.

Бæхджын бæхджыны фарс у.

Хъæздыг рохгæнаг у.

Хорхъал — хъæлдым мыст.

Бонджыны хъæл дардмæ хауы.

Исты мын Мæцъæлæджы цад куынæ дæ! (Мæцъæлæг — ис-бис бирæ кæм ис, ахæм цад, æнæихсийгæ цад).

Хъæздыг лæгæн йæ кæрдзын кусы.

Æрыгон бонджын — ысхъæлбæрзæй.

Æрæджиауы хъæздыг хъалгæнаг у.

Ирон лæг куы схъæздыг уа, уæд кæнæ лæг мары, кæнæ хуыцаумæ мæсыг амайы.

Хъæздыджы раз тыхджын — æдых.

Æлдар йæ мид-зæрдæйы зарыд æмæ й’ адæмы ныццагъта, цæуылнæ мын хъырнут, зæгъгæ.

Æлдæрттæн сæ цæст не ’фсæды: дзæнæты хуссар дæр сæм уынгæг кæсы.

Бонджын мæгуырæй тона кæны.

Бонджын мæгуырæн — къæмæххуыс.

Æлдар кæд ногæй исты ’рымыса, уæд мæгуыр лæджы фыдæн.

Æлдарæн йæ куыдз дæр æлдар у.

Хъалон сæр гуыбыр кæны.

Бæрзæй уæд, уыййедтæмæ ’фсондз ыссарын æнцон у.

Афтæ фæзæгъынц: хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ ’взары!

Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары!

Фæрныг цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары!

Мæгуыры царм фидар у.

Мæгуыр фæразон у.

Бегарайы бæх.

Æнæбары бæх дыгæйттæ хæссы.

Ахст цъиуæй зарын ферох вæййы.

Ахæстон æмæ ’ргъом лæгæн тæригъæд нæ зонынц.

Цард бархийæ нæу.

Фæндои — хорз, иудадзыг фæндон хорз нæу.

Фæндонæй цард нæй.

Дуне хъал адæмы у, мæгуырæн дзы хай нæй.

Æлдар — æнæфсис.

Асинæн йæ уæллаг къах — бинæгтæи æлдар.

Бæрнаг лæджы цагъар фæхонынц.

Æвæндон хъуыддаг зынæй рæзы.

Æвæндон хъуыддаг тыхми у.

Æвæндон хъуыддаг — фæсмойнаг.

Мæгуыры бафхæрæг æндæр хорз ма ссарæд!

Мæгуыр æмæ хъæздыджы фæндаг иу нæу.

Хъæздыджы дзырд мæгуырæн — тæуддзаг.

Цардæфхæрд лæг мæстыгæр вæййы.

Æлдар æххуырстæн йæ цæстысындз у.

Кæвдæсард къæйных у.

Кæвдæсарды тых дуртæ халы.

Мах нæхиуыл бæхбадт никæй бауадздзыстæм!

Цагъайраджы цардæй мæгуыр цард хуыздæр у.

Цагъайраджы бæсты — мæлæт хуыздæр.

Сæрибар — уæлæуыл дзæнæт.

Кæнæ — сæрибар, кæнæ — мæлæт!

Мæгуыры дзæкъул раджы ахаудта.

Æфсондзæй чи феуæгъд, уый фæстæмæ ’фсондзы бынмæ нæ бакомдзæн.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.