Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

МАД. ФЫД. ЗÆНÆГ

Мады гуыбынмæ ’нхъæлмæ кастæуы.

Цагъды уæлдай — цотгæнаг.

Цæлæтдзаг лæппу дын райгуырæд!

Хуыцау Уырызмæгæн зæрондæй цы лæвар ракодта, ахæм лæвар дын ракæнæд! (Уырызмæгæн зæрондæй йæ дыккаг ус — Хъырымсолтаны чызгæй — райгуырд лæппу).

Тугсывæр дæ ахæссæд!

Хъулæттæ мады гуыбыны дæр ис.

Иу мадæй куыдзы хъæвдынтæ дæр ысты, фæлæ кæрæдзи фæхæрынц.

Райгуырди йын сызгъæрин коцораджын лæппу ’мæ ’взист бецыкджын чызг. (Аргъауы ныхæстæй).

Ирыстоны лæппуйы райгуырд ыстыр циндзинад уыд, чызджы райгуырд та — стыр маст.

Къæссайы цæгъдæнтæ.

Æппын нæйы бæсты чызг хуыздæр.

Уæ чызг дзыккакъах фæуæд, йæ фæстæ лæппутæ куыд гуыра!

Уæ чызг сойкъах фæуæд! (Ноггуырд чызгæн-иу йæ зæвæт байсæрстой мыд, дзыкка кæнæ сойæ — йæ фæстæ хъуамæ лæппутæ гуыра).

Чызгæй лæппуйæ хъауджыдæр нæй.

Йæ мады цæрмыстыгъд бакодта.

Бакастæй йæ фыдæй зæххы згъæл нæ ныууагъта.

Хуыцау æй амондджын гуырд фæкæнæд!

Сывæллон зæрдæ ’мæ уд у.

Саби фынæйуарзаг у.

Аузын — сывæллонæн хуыссæджы хос.

Алолай, алолай! Сау болат æмæ цъæх болатæй д’ авдæн у, уæйыджы райгъаг гæрзытæй — д’ авдæнбæстæ!

Сывæллонæн авдæн — ахæстон.

Сывæллоны хæцæнгарз кæуын у.

Сывæллон мады риуыл рæзы.

Сывæллон куынæ кæуа, уæд ын йæ мад дзидзи нæ дæтты.

Мады дзидзи хæлар у.

Мады ’хсыр хæлар у.

Хæлар дын уæд дæ мады ’хсырау, зæгъгæ, мæнг нæ бакæнынц.

Уæд мын мæ мады ’хсыр туг фестæд!

Мады хъæбыс адджын у.

Мады рæвдыдæй адджындæр ницы и.

Мады арм мæрдтырдыгæй дæр ауды.

Сывæллон зæрдæ зоны.

Уæрыкк йæ мады йæ хъæлæсæй зоны.

Родджыи хъуг хæдзармæ тындзаг у.

Къуырттон карк дæр ма йæ цъиуты уарзы.

Карк дæр ма цъиуты сæрыл цæрддзу кæны.

Нæл хъазау хъахъхъæны йæ хъæбулты.

Арс дæр ма йæ хъæбулы уарзы.

Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын.

Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын, хъамбул уæраг, хъоппæг цæст.

Хъуджы къах род нæ мары.

Саг йæ роды зæвæтæй нæ цæвы.

Саг йæ роды нæ мары.

Мад зæйцыл мæлæг у.

Майрæмыкуадзæн — зæнæджы кадæн.


Кæхцгæнæнты ноггуырдæн йæ мады ’рвадæлтæ ’рласынц фыр, æртæ чъирийы ’мæ нозт. Сыхы лæппутæ ’ддейы хæдзары къултæ лæдзджытæй фæхойынц æмæ зарынц:

Сой цæуы, сой!

Алы аз дæр — сой, сой!

Сой цæуы, сой!

Лæппу, лæппу!

Цыхт, цыхт!

Сой цæуы, сой!

Фидæнмæ дæр —

Сой цæуы, сой!

Зарæджы фæстæ лæппутæн радтынц цыхт.


Хуыцау æй амондджын лæг ыскæнæд, йæ фыдæлты фарн куыд нæ фесæфа! Сосланимæ ’мхæстæг куыд уа, Уырызмæгимæ ’мбадæг куыд уа! (Кувæджы ныхæстæй).


Гакк-гакк — куыдзы гакк,

Куыдзæн дæр æй нæ дæттæм!

Сывæллон æлдар у.

Сывæллон хæдзары ’лдар у.

Мады зæрдæ сабийæн — хур, фыды зæрдæ — мæй.

Мады зæрдæ — риссаг, фыды зæрдæ — мæтгæнаг.

Дæ мад æмæ дæ фыды фæндиаг бахъомыл у!

Зæнæг мадмæ хæстæгдæр ысты.

Дæ мад дæ хурæй бафсæда!

«Дæ фæхъхъау фæуон» — сабийæн гуыл.

Хурхъæзæй рæвдздæр, фурдæй домбайдæр.

Хæфсæй рæуæгдæр цырд лæппу.

Æхсæвы райгуырд, бонæй Сосланы ’фсæдты фæцыд.

Бæдул дæр ма карк кæны.

Хæдзары гыццыл ыстыр куы нал кæна, уæд уый йе сæфты нысан у.

Сывæллоны хъæргæнæг, дам, дуарæй аздæхт.

Сывæллон дзаумайæ рæзы.

Рæзæны сæрты нæ хызтæуы.

Рæзæн хæраг у.

Лæппу хæраг вæййы.

Лæппуйæн йе ’фцæггот дæр хæргæ кæны.

Чызгджын нæ дары, лæппуджын нæ хæры.

Чызг нæмыг æмæ ’рдæгæй цæры, лæппу — кæрдзын æмæ ’рдæгæй.

Алчидæр йæ хъæбулы хæрд уарзы.

Мады къухæйдзаг лæг адджынæн хæры.

Фырыхъулы хуызæн лæппу.

Фат æмæ ’рдынæй хъазынхъом фæци.

Лæппу — лæджы бындзæфхад.

Гайлаг родæй бæрæг у.

Бæлас талайæ бæрæг у.

Тала бæлас тасаг у.

Бæлас талайæ тасы.

Бæлас талайæ куынæ ’ртасын кæнай, уæд зæрондæй нал тасы.

Бæлас уистагæй тасын кæнын хъæуы.

Бирæгъ дæр йæ лæппыны гыццылæй райдайы ахуыр.

Сывæллон йæ сонтæй рæдийы.

Сывæллон зынг дæр сызгъæрин æнхъæлы.

Сывæллоны мæстæй куы марай, уæд мæстыгæр кæны.

Сывæллон цы уына, уый кæны.

Сывæллон хистæртæй цы хъуса, уый дзуры.

Сывæллон азмæц у.

Уымæн нырма йæ хъуымыз йæ донгæмттæй куы кæлы!

Уымæи йæ мады ’хсыр йæ донгæмттыл куы нæма бахус.

Сывæллон хæссы хæдзары ’гъдау адæмы ’хсæнмæ.

Уарзон хъæбулæн дæр хъулон митæ нæ фидауы.

Фиййауы гуыл буц лæппуйæн — тæргайы хос.

Дæ байзæддаджы буц ахуыр ма скæн: æрæджиау дæм фæсмон æрцæудзæн.

Дæ байзæддаджы буц ахуыр ма скæн: æрæджиау дæ азымы дардзæн.

Буцхаст хъал кæны.

Буцхастæй рæвдыд хуыздæр.

Сывæллонмæ дæ дæндæгтæ зыхъхъыр куы дарай, уæд сæ дзыкки хоны.

Лæппу ’мæ къæбыс иу уавæрæн ысты.

Лæппуйы дзураг æмæ байраджы сираг — æмхуызон.

Байраджы сирд æмæ лæппуйы дзырд нæ бæззынц.

Чызджы дзураг æмæ байраджы сираг иу уавæрæн ысты.

Лæппуйæ дзураг хорз лæг нæ кæны.

Байрагæй дзоргъа хорз бæх нæ кæны.

Лæппуйы дзураг æмæ байраджы сирагæн сæ фæстаг хорз нæ кæнынц.

Лæппуйы дзураг æмæ байраджы сирагыл ма баууæнд.

Кæд къæлæуæй фыркъа рауайдзæн, уæд уымæй дæр лæг рауайдзæн.

Цъæхæй рæгъæд.

Лæппуйæн йæ бар йæхи к’ уадзай, уæд хæрæгæй хуым кæны.

Байраг йæ мады раз куынæ кафа, уæд æй бирæгъ хæссы.

Рог лæппу — фындзæфтыд.

Бæрнаджы хаст ыскодтой сæ сабийы.

Сæ сабийæн митæй æхсыр, ихæй сывæдæг сарæзтой æмæ йæ хохы бæрзондыл ныууагътой.

Нæ фæсивæд хъæмпын уатыл хъомылгонд ысты.

Дæ зæнæджы знаджы хаст ыскæн, æмæ дын лымæны ад радтой.

Дæ зæнæджы куыд сахуыр кæнай, афтæ дын уыдзысты.

Цотгæнæг йе ’ккой уаргъ хæссы.

Мад зæнæгæн — ифтыгъд гал.

Мады бæллиц — цоты хур.

Мады цæф нæ риссы.

Дæ ныййарæг дæ быныл баззайа!

Иу ингæны уæ бавæрон!

Мады ’лгъыстыл дзидзитæ æлло фæкæнынц.

Мады ’лгъыст хъæбулæн цин у, искæй æлгъыст та — рын.

Мадæн йæ сабиты ’взæрдæр — йæ сомыгæнæн.

Мады зæрдæ тæнæг у.

Фырт йæ мады надта ’мæ йын мад афтæ зæгъы: «Уæртæ лæдзæг райс æмæ мæ уымæй цæв, кæннæуæд дæ къух фæрисдзæн».

Мады зæрдæ тæрсаг у.

Фыццаг зæнæг — халоны хæссинаг.

Удхæссæгæн йæ хъæбул амæла!

Йæ бындарæй æнæ бындар аззад.

Мæ дарджытæй æнæ дарæг фæдæн, мæ хъæбултæй — æнæ хъæбул.

Мады зæрдæ дур халы.

Мæ фырты бæсты мæ фырты фырт амæла!

Мæ чызджы бæсты мæ чызджы чызг амæла!.

Мæ лæппуйы бæсты мæ чызджы лæппу амæла!

Йæ цоты чи нæ уарзы, уымæн амæлæнт!

Мады зæрдæ зонаг у.

Мады зæрдæ — хуры фарс.

Зæнæг мады хур ысты.

Дæ хъæбулты хурæй бафсæд!

Зæнæг зæрдæйы цин у.

Зæнæг — чыргъæд, зæнæджы зæнæг — мыд.

Хъæбул дидинæгдон у, хъæбулы хъæбул — дидинæг йæхæдæг.

Цæуæты цæуæт уæраджы магъз у.

Хъæбулы хъæбул — зæнджы магъз.

Зæнæджы зæнæг адджын у.

Иу зæнæг нæ мæрдтæй у, нæ — цæрдтæй.

Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыдысты: цæргæ дæр уымæн кодтой, хæргæ ’мæ нуазгæ дæр.

Цæргæ дæр уымæн кодтой æмæ хæргæ дæр.

Уый иунæг йæ ныййарджытæн у, бирæ та — Нартæн.

Зæрватыкк лæппынтæ схъомыл кæны ’мæ йын фæтæхынц.

Мады ад — ныфсдæттæг, мады уарзт — тыхдæттæг.

Мадæй — хъæбулмæ, хъæбулæй — мадмæ.

Йæ мады хæйрæг ничи хоны.

Йæ мады фыдсыл ничи хоны.

Йæ мады ничи фауы.

Йæ мады фидиссаг ничи кæны.

Йæ фыды ’лгъыстаг ничи кæны.

Мад æмæ фыды хыл зæнæгæн — фыдæхсæв.

Мады уазал æмæ фыды хæрамæй цардысты.

Хорз мад арфæйаг у, ’взæр мад — æлгъыстаг.

Сохъхъыр къæбыла дæр йæ мадырдæм хæцы.

Къæбыла дæр йæ мады цæстмæ рæйы.

Тæхуды, сымах цы мад ныййардта!

Мад æмæ фыдæй зынаргъдæр ницы ис.

Чызгæн ныййарджыты хуызæн адджын ничи у.

Мæ мады кæмæн дæттон, уый — мæ фыд.

Йæ мад, йæ фыды мæнæй фылдæр чи уарзы, уый м’ аккаг нæу.

Æз дæр мад, фыдæй райгуырдтæн!

Мадджын, фыдджыны арфæ цæуаг у.

Фыдымад — хи мадæй зынаргъдæр.

Уæ мады мæрдæй ку’ аззаиккат фæлтау!

Йæ мад кæмæн амæла, дæ мады мард уымæн радзур.

Йæ мад кæмæн амæла, мады рис уый зоны.

Йæ мад кæмæн амард, дæ хъæстытæ уымæн ракæн.

Лæг йæхæдæг цы мадæй нæ райгуыра, уый дзы нæ риссы.

Фыдыус — фыдрын.

Мад кæмæн нæй, уый сидзæр у.

Мады мардæй — сидзæрхуыз, фыды мардæй — мæгуырхуыз.

Мадæй сидзæр — æцæг сидзæр, фыдæй сидзæр — æрдæг сидзæр.

Æвæгæсæг сывæллон сидзæрыл нымад у.

Сидзæрæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы.

Сидзæр æнцондарæн у: хурбон — хуртуангæс, къæвдабон — дондзау.

Цумайæн — раззаг, гъамайæн — фæстаг.

Сидзæрхæссæг — тугдзых.

Сидзæрхæссæг — тугдзых, хъыбылхæссæг — сойдзых.

Хæссæг — фыдæвдæлон.

Сидзæрхæссæг — фæсмонгонд.

Сидзæр уæрыкк дзуджы астæу бæрæг у.

Цъынæр фысы уастмæ сидзæр уæрыкк фæцæйызгъоры.

Сидаæры тæригъæдæй сау хъæды бæлæстæ галау уасынц.

Сидзæр мæгуыр у.

Сидзæр æппæты уазæг у.

Сидзæрхæссæг — æвæсмон.

Зæнæг лæджы амондæй у.

Чи кæмæй райгуыра, уый хуызæн кæны.

Чи цы тугæй равзæра, уый хуызæн у.

Туг хæссы.

Сындзы бынæй сындз цæуы.

Бæлас цавæр уа, дыргъ дæр ахæм хæссы.

Сæгъæй сæныкк гуыры.

Мæнг нæ бакæнынц: «Сæгъ цы уа, сæныкк дæр уый».

Сæгъ кæуылты цæуы, сæныкк дæр ууылты цæуы.

Фыс цы уа, йæ уæрыкк дæр — уый.

Мызыхъхъагæй саулох нæ гуыры.

Сау хохæй урс дур нæ хауы.

Сау хохæй сау дур хауы.

Æвзæр къæдзæхæй æвзæр дур туАы.

Æвзæр комæй æвзæр дур хауы.

Хæлæн хохæй хæлæн дур хауы.

Арвистон тугæй гуырд.

Алчи йæ фыды кæнон кæны.

Йæ мады кæнон райста, фæзæгъынц.

Уый сын фыдæй баззад.

Фыдæй фырт хуыздæр ыстæм кæны.

Хорз лæгæн хорз фырт нæ кæны.

Хорз лæгæн хорз цот иæ кæны.

Зæнæгæн йæ чысыл — удылхæцæг, йе стыр—хурхылхæцæг.

Æвзæр гуырды мад мæгуыр у.

Авд æвзæр лæппуйæ иу — хуыздæр.

Хорз лæппу йæ мад æмæ йæ фыды нæ фелгъитын кæндзæн.

Цæуæты маст сæр хæры.

Зæнæг сæрхор у.

Хъæбулы маст уæззау у.

Хуылфаджы маст хуылфæфтыд кæны.

Хъæбулы маст мад æмæ фыдæн фыдох у.

Зæнæджы мастæй мад æмæ фыд зæрдæхæлд кæнынц.

Зæнæджы маст куыд басæтта ныййарæджы зæрдæ, афтæ — ницы.

Фыдцот — фыдниз.

Фыдцот — фыдниз, адæмæн — фыдбылыз.

Фыдвæд — æвæд.

Фыдвæды бæсты — æвæд!

Куыдз-бындар фæу!

Бæх-бындар æмæ сыл-бындарæй баззад.

Æвæстаг тæхгæ маргъ у.

Галæн йæ фæдыл уæныг куыиæ уа, уæд нæ фæразы.

Æвæды цæст зынæфсис.

Æвæстаг лæг мæрддзæст у.

Æвæстаг — сындзы къутæрыл хæст.

Æвæстаг мæгуыр у.

Æвæстаг худинаг у.

Æвæстаг лæг цытæн дæр нæ бæззы ’мæ хуындæн дæр.

Бæлас дæр ма мыггаг æппары.

Дæ фæстæ гæдыбæлас дæр баззайæд.

Кæлдымыл дæр ма зокъо зайы.

Саст дзоныгъ дæр фæд уадзы.

Æнæдыргъ бæлас йæ бынæй бахуыскъ уæд!

Иу йе ’вæдыл куыдта, иннæ та — йæ фыдвæдыл.

Фыдвæд дæр куыдта ’мæ æвæд дæр куыдта.

Фыдвæд дыууæ куыды кодта, æвæд та — иу куыд.

Фыдвæдæй æвæд хуыздæр у.

Дæ фыдæн цы фæуай, дæ фырттæ дын уый фæуыдзысты.

Дæ фыдæн цы зæгъай, уый дæ фырттæй фехъусдзынæ.

Дæ фыды цы лæдзæгæй нæмай, уый бавæр — дæ фырты дæр бахъæудзæн.

Мады фыдæбон ничима бафыста.

Ныййарæджы дзæбæхтæ ничи бафыста.

Кæй фæрцы слæг дæ, уый дæ рох ма уæд.

Мад æмæ фыды фæллой ничи бафиддзæн.

Йæ мады фæллой чи бафыста, ахæм нæма райгуырд.

Фыдæбойнаг! Йæ мад, йæ фыдæн уызыны хуымы цырты хай агурдзæн, æрхуы тæбæгъты сæ ’вæрдзæн.

Лæджы фырт хæс дары.

Фыды хæс фырт фиды.

Фыды хæзна мæрдтæм нæ цæуы.

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы.

Уый, йæ фыды фарн мæрдтæм чи ахæсса, ахæм гуырд нæу.

Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы.

Йæ фыды кæнон чи нæ кæны, уый йæ фыдæн бæх уæд!

Фыды фарн фыртæн зайы.

Фыдæй фырт хуыздæр — кады хъуыддаг.

Фыды фарн — цотæн хъахъхъæнинаг.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.