Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

КУЫРЫХОН. МÆЛГЪÆВЗАГ. ÆНÆВЗАГ

Адæмæн дзуапп чи дæтты, уый æппæтæй домбайдæр.

Нæртон лæджы дзырд хуыцаумæ хъуысы.

Чъирикувæгыл æвзæр ныхас нæ фидауы.

Зæндджын ныхас фат у, йæ фехсын та — ’рдын.

Дæргъæлвæст фатау йæ ныхас фехста.

Æвзагджын лæг фæринк у.

Уымæн йæ дзырд, йæ ныхас карды цæфау у.

Æлвæст æхсарау — йе сныхас.

Йæ ныхас — кардæй кæрдагдæр, топпы фатæй — раст дæр.

Йæ ныхас Уастырджийы кардæй кæрдагдæр у.

Джиппы уагъдау — йæ иыхас.

Доны сæрыл сой куыд абада, афтæ — йæ ныхас.

Дон æмæ ныхас аразгæ сты.

Дзырд æмæ дон аразгæ сты.

Алы хъуыддаг æмæ алы ныхасæн дæр хъуамæ сæр уа.

Ныхас йæ сæрæй чындæуы.

Ныхасæн йæ сæр куынæ фехъусай, уæд хæдмæл кæны.

Ныхас сæрæй куынæ ракæнай, уæд къуырма у.

Дзырдæн Додзийы дурау авд æвæрæны ис.

Додзийы дурау ын авд æвæрды кæны. (Додзи уыд дæс ны мæсыгамайæг. Кой дзы баззади: дурæн дам-иу цалынмæ авд фæлдæхты не скодтаид, уæдмæ-иу æй мæсыгыл йæ бынаты не ’вæрдта.)

Ныхас ныхасæн — æмпъузæн.

Ныхас ныхасы фæдыл цыди, таурæгъ — таурæгъы фæстæ.

Ромы сауджынау дзурынмæ дæсны.

Хæдæвзаг у — тæлмац æй нæ хъæуы.

Сырдоны йе ’взаг арæзта, æндæра Нартимæ цы ми кодта?

Арвы ком уидыгæй хæрынæн бæзгæ скæны, ахæм дзырдарæхст у.

Арвы ком — уидыгæй хæргæ.

Уары ком — уидыгæй хæргæ.

Дзыхыуаг æм æруагъта.

Лыстæгæй луарын байдыдта.

Мит-митгæнаг цъиуау йæ ныхас тагъд-тагъды сагайдта.

Нартæй райдыдта ’мæ — Чынтæм.

Чынтæй Кæсæгмæ ’рдзырдта.

Дзырды бын дæ фæкодтон.

Дзыхарæхст йæхиуыл къæм абадын нæ уадзы.

Сæгъы сыкъайы йæ атъыста.

Фарсласæджы ’взаг фæрсыссад у.

Битарты хорз Хъайтыхъо — хуссары мыр-мыраг æмæ цæгаты булæмæргъ.

Булæмæргъ фестад.

Мæлгъау — йе ’взаг.

Мæлгъæвзагæй ауагъта йæ ныхас.

Зæлдагуадзæгау — йæ ныхас.

Дзурын куы сиса, уæд æм адæм комхæлиуæй хъусынц.

Дзурынмæ дын хуыцау ахæм авæра!

Дзых дзурынæн у.

Зонды дуар дзых у.

Дзыхы дуар — чиныг.

Зæрдæйы дуар дзых у.

Зæрдæйы дуар — чиныг.

Зæрдæ гуыдыр у, æвзаг — дæгъæл.

Дзырд дзырды къахы.

Ныхас ныхасы къахы.

Ныхас ныхасы дæгъæл у.

Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы. (Къоста).

Ныхас хъуырмæ куы ссæуа, уæд й’ аныхъуырын тæригъæд у.

Дæ дзырд кæм хъæуа, уым ыл фæстæмæ ма хæц.

Топпæн — сампал, лæгæн — дзых.

Цы ’взаг тулы, уый æмбулы.

Мæ дзыхы хорзæх мæ куы уа, уæд истæмæй цæрдзынæн.

Æвзаг куынæ змæла, уæд къуымых кæны.

Мæрдты мæ дзых къæбутæй баст фæуæд! (Уайсадæг чындз, æнæ дзургæ нал и, зæгъгæ, уæд ацы ныхæсты фæстæ сдзуры).

Дзыхджын — бæхджын, æнæдзых — фистæг.

Дзыхджын — бæхджын, æнæдзых — уæргъджын.

Сæргъджын фæцыд, бæхджын баззад.

Дыккаг дзырдыл худæн нæй. ;

Иу хъæрæй дзуг дæр не здæхы.

Иу «дзæгъæс»-æй сæгъ дæр не здæхы.

Æвзæр йæ иу дзырд сæдæ дзырды кæны.

Иухатты ныхас алывон ма мыс.

Дæс хатты цы ныхас зæгъай, уым кад нал и.

Йæ дзырдтæ — сæнттæ цæгъдæгау.

Арыхъхъы рагъыл кæрдо бæлас, Мæцыхъо куыройы бамбæхст.

Йæ ныхасæн сæр дæр нæй æмæ дымæг дæр.

Æдзæлгъæд ныхас æмæ куыдзы рæйдæй хъауджыдæр нæй.

Æнæмбаргæ дзырд хъæлау у.

Сæртæг ныхас зæрдæйæн рæхуыст у.

Схæц-æрхæцгæнгæ дзурын куы байдайы!

Иу ныхас цалынмæ скæны, уæдмæ афæдз рацæуы.

Æыæвзаг æвзагджынæн æргъомдзау у.

Æнæдзых лæг — æнæдуар мæсыг.

Æгомыг лæг тæрхонæн нæ бæззы.

Æгомыджы ничи фæрсы.

Æнæдзуапп лæгыл адæм худынц.

Къуытты, къæзæнæг!

Исты зиан куы ’рцæуы, уæд гобийы аххос фæвæййы.

Хаттæй-хатт цыргъæвзагæи æгомыг фæхуыздæр вæййы.

Хатт зæндджын ныхасæй æдылы ныхас хуыздæр вæййы.

Хаттæй-хатт цыргъæвзагæй æгомыг фæхуыздæр вæййы.

Тагъд ныхасæй уæзбын ныхас кадджындæр у.

Дзураг лæгыл хуыз нæ хæцы.

Мæнæн мæ зæгъинæгтæ нырма æвæрæны сты.

Мæ дзых донæй йе дзаг у.

Кæсаг афтæ загъта: «Дзурын мæ бæргæ фæнды, фæлæ мæ дзых донæй йе дзаг у.»

Хæфс афтæ загъта: «Мæ дзых донæй йе дзаг у, æндæра мæ бирæ дзуринаг ис»

Нæ дзыхæй куыд дзурæм, афтæ нæ зæрдæ к’ уаид!

Цымæ дзыхæй куыд дзуры, лæгæй дæр ахæм лæг у?

Дзыхæй ахæм кæм и, фæлæ лæгдзинадæй — ницы.

Даргъæхсар æмæ цыбыркъух.

Царциаты ’мæ Хуырымты хæстау ныддаргъ и сæ ныхас.

Даргъ ныхасæй цыбыр бæндæн хуыздæр.

Ныхæстæй цард н’ арæзы.

Ныхас хъуыддагæй аразгæ у.

Зæгъын æнцон у, кæнын — зындæр.

Чи дæ, уый мын ма дзур; цы сарæзтай, уый мын зæгъ.

Дæ комы фарн бадæд!

Уымæн й’ амонд йæ дзыхы ис.

Нарт дзырдамонд уыдысты.

Нартмæ хуыцауы комы тæфæй хай уыди.

Нартæн сæ дзырды курдиат уыди.

Дзыхы хорзæх — хуыцауы хорзæх.

Хуыцауы хорзæхау — дæ дзыхы хорзæх.

Тæхуды ’мæ дæ дзыхы хорзæх!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.