Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ÆРДЗЫ ИВÆНТÆ

Иу бон хур вæййы, иннæ бон — къæвда.

Абон уаргæ кæны, сом та хур уыдзæн.

Арвы цъæх — хуры уагæн æвдисæн.

Арвыл æууæнк нæй.

Райсомы мигъ уазæг у.

Изæры мигъ уазæг у.

Изæры мигъ хурмæ хæссы.

Сæууон мигъ уазæг у, изæры мигъ — фысым.

Мæйнæуæджы къæвдагæнаг у.

Хуыцау, уаръшдзæг ракæ!

Мæй йæ тæссондыл у ’мæ уары.

Къæвдайы тас — хурбон.

Фæлмæн къæвда — боны хорз.

Къуырисæры къæвда къуыри хæссы.

Сабаты къæвда — сихормæ.

Сабаты къæвда — рæфтæм.

Фæлмæн къæвда — боны хорз.

Хъæд æмæ уароын æфсымæртæ сты.

Арв фемæхсти.

Къæртайæ калæгау калы.

Арв йæхи зæххыл хоста.

Ахæм къæвда рацыд, æмæ арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой.

Халæттæ уасынц: фыдрæстæг кæндзæн.

Арв йæ тугтæ калы.

Арвæй цы ’руары, уый зæххы баззайы.

Ирд æхсæв — раст сæгъы цæстау.

’Хсæвы цæст куыдз у.

Цæсты къух куы ф^æтъыссай, уæддæр æй нæ фендзынæ, ахæм мæйдар у.

Мæйдар æхсæв с* астæу бацыд.

Æхсæв бонæй фæрнджындæр у.

Æхсæвы куыст æнтысагдæр у.

Боны мæгуырдзинадæн бафæраздзынæн, æхсæвы мæгуырдзинадæн ницы бакæндзынæн.

Æхсæв æмæ бон кæрæдзиуыл хæцынц.

Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн кæнынц.

Бонвæрнон æмæ Галæгон — стъалыты хистæр.

Боны рухс хъыг никæмæн у.

Уæлæ бонвæрнон «бон-бон» кæны.

Æхсæвæй бон фæрнджындæр у.

Æхсæвæй бон — хуыздæр.

Бонæй боны астæу дæр уад уайы.

Бонæй боны ’хсæн уад уайы.

Уадæй уады ’хсæн уад уайы.

Зилгæдымгæ, тухгæуад.

Дымгæ хæхтæ халы.

Мæйзæроиды цы хуым ныссадзай, цы хуым байтуай, уый хорз зайы.

Мæйзæронды хургæнаг у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.