Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ИУ. ИУМÆЙАГ. ÆМДЫХ

Иунæг мæгуыр у.

Иунæг алцæмæйдæр иунæг у.

Иунæг мæгуыр у хъæды дæр æмæ хъæуы дæр.

Иунæджы зæрдæ тæнæг у.

Дурæй дæр — иунæг, хъæдæй дæр — иунæг.

Хъæдæй дæр, дурæй дæр иунæг мæгуыр у.

"Дурæй дæр иунæг, хъæдæй дæр иунæг.

Иунæг хæдзары уа ’мæ — æддæ кæуинаг, æддæ уа ’мæ — хæдзары кæуинаг.

Хъæды халонау — иунæг.

Иунæгæй мæгуырдæр хъæды халæттæм дæр нæй.

Иунæг чындзæй дæр мæгуыр у.

Быдыры астæу иунæг бæлас — уый дæр мæгуыр у.

Мæргъты ’хсæн дæр иунæг мæгуыр у.

Сырдты ’хсæн дæр иунæг мæгуыр у.

Иунæг чындзæхсæвы дæр мæгуыр у.

Иунæгæй ницы фидауы.

Бæлас дæр иунæгæй хъæдбыны нæ фидауы.

Иу саджилæг бæласыл нæ фидауы.

Иунæг бæлас — халæтты бадæн.

Иунæг мæкъуыл — цæргæсы бадæн.

Фæндаггæрон бæласæн фæйнæ цæфы чындæуы.

Иу бæласæй цæхæрадон нæй.

Иу дурæй мæсыг амайæн нæй.

Иу цæфæй бæлас ничи фæлдахы.

Иу лæгæй æфсад нæй.

Иуæн дыууæ ’фсад ысты.

Иу лæг хæстон у, дыууæ — ’фсад.

Авд æфсад ысты.

Иу цæфæй дыккаг тынгдæр фæриссы.

Иу цæфæй — хъæрзгæ, дыккаг та — мæлæт.

Иу арс рыг нæ кæны.

Иу арс кæрдо нæ цæгъды.

Иунæгæй куывды дæр ма ацу.

Иунæгæй лæджы хуыцау куывды дæр ма фæбадын кæнæд.

Иунæгæй куывды бадын дæр зын у.

Иу чъирийæ куывды нæ бадтæуы.

Иу галæй кусæн нæй.

Иу галæй хуымгæнæн нæй.

Иу мыдыбындзæй чыргъæд нæй.

Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны.

Иу къухæй йæхи ничи ’хсы.

Иу къухæй æмдзæгъд нæй.

Иу къухæй бирæ бакусæн нæй.

Иу къухæй гутон н’ адардзынæ.

Иу лæджы куысты бæркад нæй.

Иунæгæн й’ арт дæр æрæгмæ судзы.

Иу æхсидавæй арт нæй.

Иу фæрæт æгæндæг хъæд нæ фæцæгъддзæн.

Иу сырд цуанонæн — зынхъавæн, дыууæ — ’нцондæр.

Иу лæджы ныхасæй дыууæйы ныхас уырнинагдæр у.

Иу хъомгæс — дыууæ хъæуæн хылы хос.

Иунæг лæг усвæнд у.

Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры.

Иунæгæй хох дæр нæ цæры — къуырма, мадзура у ’мæ фæстагмæ нызгъæлæн вæййы.

Иунæг сæгъ — къæртали.

Иу хуынчъы дыууæ арсы нæ фидауынц.

Иу къæбиц — дыууæ ’фсинæн хылы хос.

Сæдфысон дæр æнæнцой у ’мæ иуфысон дæр — æнæнцой.

Иу фысæн бæндæн хъæуы, дыууæйæн та — фиййау.

Иуæн — бæндæн, дыууæйæн — гæс.

Иуæй иумæ фæцæут мæ тæригъæдæй!

Иунæгмæ чи бæллы, уый цард не ссардзæн.

Иу йæ койы аккаг дæр нæу.

Иу айк карчы бын лæхъуг дæр разыны.

Иу цæу — дзугæн сæ фæтæг.

Иу дзæнгæрæджы хъæр фæдисы бон дардмæ хъуысы.

Иу хус къæцæл — артæн æндзарæн.

Иу цыкурайы фæрдыгыл кæлмытæ кæрæдзи тонынц.

Иу лæджы бон дæр бирæ у.

Уый йæхæдæг иунæгæй дæр зиу у.

Иу хур дæр у, фæлæ алкæй дæр тавы.

Æхоæны хуымы хæрæг хизы.

Æхсæны хуым — хæрæгхизæн.

Хæрæг, дам, йæ къæлæуæн афтæ загъта: «Куы хизай, уæд æхсæны хуымы — тас дын нæу. Цалынмæ адæм кæрæдзимæ дзурой «ды ауай, ды ауай», уалынмæ дæ гуыбын бафсаддзынæ. Искæй хуымы хизынæй дæ хуыцау бахизæд — йæ хицау дын де рагъ ныххойдзæн».

Æхсæны хуым — дурæппарæн.

Æхсæны хуым — дурджын.

Æхсæны хуым — хæрхæраг.

Иумæйаг хуым — хæрхæраг.

Зæрæстои хуым кæрдæгджын кæны.

Æхсæны сæрвæт тагъд лæбыры.

Æхсæны хуым — хæлæйфаг.

Æхсæны хуым — хъазæндон.

Æхсæны лæзгъæртыл дур тулæгау.

Æхсæны уазæг ныхасы зайы.

Æхсæны уазæг хурмæ баззад.

Æхсæны мард — æнæныгæд.

Æхсæны мард, дам, уæлæуыл баззад.

Хъæувæдисæй рувас дæр нæ тæрсы.

Æхсæны хуым кувæндон у.

Иумæйаг хуым кувæндон у.

Æхсæнвæндаг — уæрæхдæр.

Æхсæны мæсыгæн йæ бындур фидар у.

Иуы цæстæй сæдæйы цæст уынагдæр у.

Иу зондæй сæдæ зонды — хуыздæр.

Иу лæджы зондæй бирæйы зонд фылдæр у.

Иу зонд иу у, бирæйы зонд — бирæ.

Косайæн адæм сæ зачъетæй фæйнæ ’рдуйы куы радтой, уæд зачъеджын кæны.

Адæмæй фæйнæ халы — мæгуырæн хæдонваг.

Хал халыл куы ’вæрай, уæд сæ цагъд рауайы.

Æрдуйыл æрду куы ’вæрай, уæд дын зæнгойваг æрæмбырд уыдзæн.

Хъæмпыхал фуйæ аскъуийы, фæлæ хъæмпыхæлттæй быд ыставд бæндæн къамбецы цæд дæр н’ аскъуындзæн.

Фосы дзуг бæласыл куы суаса, уæд бахуыскъ уыдзæн.

Къæвда ’ртахгай у, фæлæ дзы ивылд дон рацæуы.

Денджыз дæр æртахгай у.

Хæст иугай гæрæхтæй ыстынг вæййы.

Хох хохы хынцмæ хæлы.

Зæй зæйы хъæрмæ змæлы.

Зæй зæйы хъæрмæ цæуы.

Зæй зæйы хынцмæ уайы.

Зæй зæйы хъæрмæ скъуийы.

Зæй зæйы хынцмæ скъуийы.

Цъити цъитийы хъæрмæ скъуийы.

Цъити цъитийы хынцмæ скъуийы.

Цъити цъитийы хынцмæ хæлы.

Мæсыг — дургай, цъына — халгай, цард та — мургай

Зиудыхæн бирæ ’нтысы.

Зиуæн цы бантыса, уый иуæн нæ бантысдзæн.

Зиу кæуылты у ’мæ иу цас у!

Æрми-æрми йæ айстой.

Зиу æмæ иу æмхуызон не сты.

Зиууæттимæ ничи быцæу кæны.

Зиууон адæм æфсад ысты.

Хъæуы ’хсар бирæ у.

Хъæугæндхалæг — адæмæй æлгъыст.

Хъæуæмвыд нæ кæуы. >

Æмбырдмæ фарн кæсы.

Æмцард, æмхæрд, æмнозт!

Æмдых æмæ æмзонд адæм хох дæр фæлдахынц.

Нарт дæр æмдыхæй архайдтой.

Нартау æмвæнд — уæларвмæ фæд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.