Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХОНÆГ. УАЗÆГ. ФЫСЫМ

Иуы куы хонай, уæд къорды фаг ысцæттæ кæн.

Иуæн цас хъæуы, дæсæн дæр уымæй фылдæр нæ хъæуы.

Хонын мæгуыры хъæуы, уыййедтæмæ хъæздыг йæ хæдзары дæр бахæрдзæн.

Дæ хъæумæ ныхъхъæр кæн: «Тулæг кæмæн и — тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæн и, уый бадæнимæ рацæуæд!»

Рацæут, Нарт! Мæнæ уæ Сатана ’мæ Уырызмæг хонынц.

Къахыл цæуынхъом чи у, уый къахæй рацæуæд; авдæны чи ис, уый æд авдæн рахæссут; хуыссæны чи и, уый — æд хуыссæн! (Фидиуæджы ныхæстæ).

Цæуынхъом чи у — цæугæ ракæнæд! Цæуынхъом чи нæ у — хæсгæ йæ ракæнæнт! (Фидиуæджы ныхæстæ).

Фæхъæр кодта фидиуæг: «Къахæй цæуынхъом чи у, уый рацæуæд! Чи нæ у, уыдон хæсгæ ракæнæнт — Уырызмæг уæ хоны!»

Фыдæлты заман-иу хонæгæн «нæ» зæгъæи нæ уыди.

Нарты фæтк нæ фехалдзынæн: чындзхонæгæн «нæ» зæгъæн нæй.

Ацæмæзы ’рхуынд æмæ дæ Агуындæйы лæвар баййафæд!

Хонæджы каст кæныс (фæзæгъынц хъазгæмхасæн).

Хонæг лæг адæмæй арфæйаг у.

Хонынæн истытæ хъæуы.

Маходзайы хуынд нын бакодта.

Балгъодзийы хуындау фæци.

Хонæг — æдзæсгомгæнæг, æдзæуæг — фæсмонгæнæг.

Фыццаг хонæг — кадджын, дыккаг хонæг — æфсарм, æртыккаг хонæг — æгад.

Нæртон лæгау нæ фæхуыдта.

Фысым æмæ уазæг, цæхх æмæ кæрдзын, стæй дзуапп фондз æфсымæры сты.

Мæ уазæджы хай дæр æмæ хуынды хай дæр мæн ысты.

Искæдæм хуынды куы цæуай, уæд дæ хæдзары дæхи бафсад.

Нæртон лæгæн худинаг уыд æнæхонгæйæ ’нæзонгæ хæдзармæ цæуын.

Хонæг дæ куынæ уа, уæд хæдхонæгæй ма цу.

Кæдæм дæ нæ хуындæуа, уырдæм ма цу.

Æнæсаргъы бæхыл дæм арвыстам?

«Гуда, хæдзармæ уадзинаг нæ дæ!» — «Æмæ хæдзары ц’ архайын? Уазæгдон — хуыздæр».

Иу æхсидавыл нæм дыууæ цыды кодта.

Нæ хæдзары цал уидыджы ’мæ цал къоппайы ис, уый дæр ма нын зоны.

Афæдзмæ ’рцу ’мæ — алы бон æгас цу. Алыбон цу ’мæ — дæ фæндаг раст!

Афæдз иу хатт цу ’мæ дын — афæдзы кад, алыбон куы цæуай, уæд та дын — боны кад.

Хæддзу уазæг къæдор куы баййафа, уæддæр хъуамæ бузныг уа.

Къолдох куыдзы хуызæн у.

Хæддзу уазæгæн кад нæй.

Хæххон бæлццон — быдыры уазæг.

Дæ уазæгдоны какон сындз куы сзади. (Куыцыччы зарæгæй).

Чи дæн, уый уал базон, стæй мæ кæрты ’рхиз.

Мæ фындзы рагъ мæ хæры — æхсызгон уазæг нæм цæудзæн.

Гæркъæраг нæм уасы: уазæг нæм цæудзæн.

«Сатана, æддæмæ нæм ракæс!» — «Усы номæй уæм фæдзырдæуæд, уæ хæдзæрттæй лæг рæгъмæ мауал рацæуæд!»

Хæдзармæ лæджы номæй фæдзурынц.

Хæдзармæ кæстæры иомæй фæдзурынц.

Уæ, хæдзар, æддæмæ ракæсут!

Хæдзармæ бахостæуыд: уый æмæ уый ам и? — Нæй, фæлæ хæдзар ам и, фысым нæм бакæ.

«Уæ лæгтæ кæм ысты?» — «Лæгтæ ам не сты, фæлæ лæгты хæдзар ам и.»

«Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ?» — «Мидæмæ! Уазæг — хуыцауы уазæг!»

«Уæ дуармæ уазæг, хæдзаронтæ!» — «Уазæг алы бон æгас цæуæд!»

Мидæмæ, уазæг! Хабæрттæй дæ нæ фæрсын.

Чи дæ, зæгъгæ, уазæджы ма бафæрс. Раздæр уал ын

«æгасцуай» зæгъ.

Мидæмæ нæм рацу. Хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды — фæздæгджын сихорæй, кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй.

Мидæмæ нæм рацу — хæдзар дæ сæрыл нæ рахæсдзынæ!

Цæхх æмæ дын кæрдзынæй фысым ыстæм.

Уазæг, мидæмæ! Нозтæй рæвдз не стæм, фæлæ нæм хæрдмæ фæлæуу!

Мидæмæ: уазæгафон у.

Уазæг фысымы дуар йæ риуæй кæны.

Уазæг фæндонæй нæу.

Уазæг тыххæссæг у.

Æнафоны уазæг фыдбылыз у.

Æнафоны уазæг фыдбылызхæссæг у.

Æнафоны уазæг — хуыссæгсафæн.

Уазæг уæзæгыл баззайæд!

Сæууон уазæг уазæг нæу.

Уазæджы ’рцыдмæ ма бæлл; куы ’рцæуа, уæд та йыл хъыг ма кæн.

Уазæг æрцæуынмæ чи бæллы, уымæн йæ мæрдтæн хæрæг фæлдыст фæуæд. Фæлæ куы ’рцæуа ’мæ йæ хорз чи нæ фена, уый мæрдтæи та дыууæ хæрæджы фæуæд фæлдыст!

Уазæджы дзабыр — фысымæн зынласæн.

Рахиз мидæмæ — къæсæрæй ничи здæхы.

«Саккаг кæн!» — «Разæй ахиз: ды уазæг дæ.»

Цъиутæм ма цъиу куы батæхы, уæд ма уыдон дæр сæ базыртæ бацæгъдынц (фæзæгъынц, къæсæрæй исчи куы ’рбахизы умæ йын куы сыстынц, уæд).

Æрбацæуæг раздæр арфæ ракæны.

«Фарн ам уæд», — фæзæгъы уазæг, хæдзары къæсæрæй куы бахизы, уæд. «Фæрнæйдзаг у», — фæзæгъы фысым.

«Фарн ам уæд!» — «Фæрнæйдзаг у ’мæ дæ хуыцау фарны уазæг фæкæнæд!»

Фарн — уæ хæдзары, буз — мæ дыууæ къахæн.

Кæдæй-уæдæй! Куыд ма нæм фæрæдыдтæ?

Цы хур, цы къæвда дæ ’рхаста?

Нæ уазджытæ лæбурджыты каст кæнынц.

Цъиуæн дæр ма уазæг вæййы.

Уазæг нæртон лæгмæ цæуы.

Æвзæр лæг у: уазæгæй æмбæхсы.

Уазæгæй чи ’мбæхсы, уый æвзæр у, уæдæ циу?

Сæ дуар кæцырдыгæй ис, уый дæр нæ зонын.

Æз уыдонæн сæ дуары къæсæрæй дæр никуы бакастæн.

Уæ къæсæртæ уын фæсастон?

Уыдон дæр дзы хæдзарыл нымад ысты: уазæг сæ дуары къæсæрæй никуы бакаст.

Мæ фыдгулы хæдзармæ ма уазæг ма ’рцæуа!

Уый уазæгыл нæртон у: уый йæ хæдзарæй никæй ма аздæхта.

Нæртон фысым тынгæрфыг вæййы.

Фæрнджын хæдзармæ — фæрнджын уазджытæ.

Фæрныг фысымæн йæ фиййау дæр хъæлдзæг вæййы — сау къæдзæхы сæрыл кафгæ ’мæ заргæ кæны.

Уазæгуарзаг хæдзар амондджын вæййы.

Хорз уазæг фарнхæссæг у.

Хорз уазæг хæдзармæ бæркад хæссы.

Уазæгæн — хистæры кад.

Уазæгæи йæ бынат не ’гъдаумæ гæсгæ алы ран дæр кадджын у.

Дæ уазæджы цур дæ чындзмæ дæр ма феххæл, кæннод æй уазæг йæхимæ бамбардзæн.

Уазæджы цур дæ куыдзы дæр ма ныццæв.

Æвзæр фысымæн уазæг уынаффæ кæны.

Уазæг уазæджы фæдыл нæ цæуы.

Уазæг уазæгыл нæ хизы.

Уазæг уазæджы нæ уарзта, фысым та — сæ дыууæйы дæр.

Уазæг зындарæн у.

Уазæг зындзырд у.

Æрцæуæг адæймаг амад цыртæй уæлдай нæу.

Фысым — бирæгъ, уазæг — фыс.

Уазæг — æрчъирæхсад.

Уазæг сонт у.

Уазæг йæхи дæр нæ уарзы.

Уазæг цæстæнгасмæ кæсы.

Уазæджы цæст ыстыр у.

Уазæг уынаг у.

Уазæг хъæнтæ бæрæг кæны.

Уазæг фыццаг куыд фена, афтæ ’нхъæлы.

Уазæг æддæ ныхæстæ кæны.

Уазæг буц кæнинаг у.

Уазæджы фаг буцдзинад нæй.

Уазæг кадыл даринаг у.

Уазæг буц у.

Буц ныхас — уазæгæн минас.

Уазæджы бафхæрын — худинаджы хъæр.

Уазæджы хатыр дын фæуæд!

Уазæг фысымы бар у.

Ног уазæгæн ног митæ хъæуы.

Хорз уазæджы бæсты ’взæр уазæджы хорз фен.

Рад фысымæй у.

Сур саламæй уазæг æфсæст нæ вæййы.

Кæрдзын-фысым мын фæу!

Уазæг кусартгæнæг нæ вæййы.

Йæ уазæгæн кусарт акæнын кæй фæндыд, уый йын карк аргæвста; кæй нæ фæндыд, уый та — гал.

Уазæгæн аргъæуттæ ма кæ.

Уазæг ныхæстæй не ’фсæды.

Уазæг æфсинмæ кæсы.

Чъынды ’фсин уазæджы мæстæй мары.

Уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ.

Уазæг цæуыл сæмбæла, уый — йæ хай.

Каркæй — айк, айк — уазæгæн.

Нартæм уыдис æгъдау — сæ фысым æмæ уазæг æмвынг уыдысты.

Нæ цæхх, нæ кæрдзынæй нын саход!

Нæ цæхх, нæ кæрдзыныл нын барвæсс.

Уыди ’гъдау: кадджын уазæгæн-иу буц хайæн лæвæрдтой ысгуы.

Ус-уазæгæн — сир.

Йæхи къухтæй хæрын дæр æй нæг уагътой сæ уазæджы.

Хынцæджы зæрдæ буц у.

Уазæгмæ хатынц: «Скув, уазæг!» Уазæг загъта: «Махмæ уазæг нæ ракувы, фысым фæкувы». Нæй, зæгъгæ, загътой. — Кæмдæриддæр хистæр фæкувы. Ды хистæр дæ ’мæ скув.

Уазæг хистæр у.

Уазæг, ницы ахæрай?

Иу лæг йæ уазæгæн цыхт æмæ дзул æрæвæрдта фынгыл.

Цыхт чысыл уыди ’мæ йæ лыстæг кæрстытæ ’ркодта.

Стонг уазæг цыхты кæрстытæ ’ртыгæйттæ, цыппæргæйттæ иста йæ дзыхмæ.

Уæд æй фысым фæрсы:

«Аипп ма уæд, фæлæ уæм иу ингæны цал марды ныгæнынц?»

«Куыд мæрдтæ уой, уымæ гæсгæ,— загъта уазæг,— кæд ыстыртæ уой, уæд — иугай, кæд чысылтæ, уæд та — ’ртыгæйттæ ’мæ цыппæргæйттæ.»

Чъынды ’фсин къæйных уазæгæй тæрсы.

Фысым йæ рæдыдыл куы сæтта,.уæд æй уазæг дæр уромы.

Уазæгæн цыфæнды авæр, уæддæр æфсæрмæй хæрдзæн.

Уазæг цармæ скаст æмæ фæрсы:

«Уыцы хъайвантæ кæм конд ысты?»

«Сыгъды комы, арыды хъæлæсы!»

Уазæгæн «ахæр, ахæр» куы дзурай, уæд æфсæрмы кæны.

Æнахуыр уазæг æфсæрмæй æфсæст у.

Хорз уазæг фæлхас фынгыл дæр къæбæр фæуадзы.

Рагон уазæг айкæй фынгисæггаг ныууагъта.

Уазæджы фæрцы кæд мах дæр нæхи истæмæйты хорз фениккам.

Хор.з уазæджы фæрцы бинонтæ дæр фæминас кæнынц.

Хорз уазæджы руаджы фысым йæхи хорз фены.

Фысым уазæджы фæрцы фæцæл кодта.

Фысым фыд бахордта, уазæг та стæг бахсыдта.

Хорз фысым уазæджы цур йæхи фæцух кæны.


Хохаг ирон лæгмæ гуырдзиаг мæликк уазæджы ’рцыди ’мæ йæ фысым фиуджын задынтæй фæхыгъта. Мæликк бахордта, арфæ ракодта фысымæн æмæ загъта: «Задын иттæг хорз хæринаг у, фæлæ къухтыл хæцы.»

«Къухтыл куыд хæцы, фарсыл дæр афтæ хæцы»,— загъта фысым йæ мидбылты худгæ.


Уазæджы бæхæн йæ къæхтæ доны стул, банызта — нæ, уый дæ хъуыддаг нæу.

Уазæгæн йæхицæй йæ бæхы тынгдæр бафсад.

Уазæг иу боны уазæг вæййы.

Алы боны уазæг уазæг нæу.

Уазæг æдзух уазæг нæ вæййы.

Уазæг иу æхсæв уазæг у.

Уазæг иу æхсæв уазæг у, стæй уый дæр фысым у.

Саби уазæгæн æлдар у.

"Фысымаивæг уазæг — дзæгъæлдзу.

Цом-цомы уазæг — хæдзархор.

Хорз фысымæй къах нæ хæссы.

«Тæхуды, уæртæ цъиу, æртæхын дæр чи зоны, фæтæхын дæр чи зоны»,— загъта, рудзынджы тæрхæгыл цы цъиу абадт, уымæ амонгæйæ фысым.

Уазæгæн йе ’ргомæй йæ чъылдым хуыздæр у.

Уазæгæн йæ хæрд йæхи куы ф.æвæййы, уæд къæсæрмæ кæсы.

Уазæгæн йе ’рбацæуын йæхи бар у, й’ ацæуын та — фысымы бар.

Уе ’рцыд — уæхи бар, у’ ацыд та — мах бар.

Уе ’рцæуын куыд уыди, уæ фæцæуын афтæ нæ уыдзæн.

Æрцæуæн дæр ис, фæцæуæн дæр ис (фæзæгъы фысым, уазæг араст кæнынмæ куы фæхъавы, уæд).

Уазæг æрцæуын куыд зоны, ацæуын дæр афтæ зоны.

Уазæгæн йæ фæцæуыны бон хуыздæртæ хъæуы.

Хорз уынинаг уазæг бæргæ дæ! Хъаст нæ ма ахæсс.

Уазджытæ, хъаст нæ ма ахæссут: куыд æмбæлд, афтæ уæ не сбуц кодтам.

Хъæздыг фæут! Хъæздыг уыл ичъийау ныххæцæд!

Уæ мииас — бирæ! Уæ минас — мин азы!

Уæ бæрæчет — бирæ!

Уæ бæркад бирæ уæд — хорз нæ федтат!

Хорз бонтæ уыл цæуæд!

«Хуыздæрыл амбæл!» — фæзæгъы фысым. Уазæг та фæзæгъы: «Хæрзбон!»

Æвзæр фысым — фæдылдзуаг.

Фысым йæ хæс бафиды, уазæг та хæсджынæй ацæуы.

Хорз уазæг йæ фысымæй хъаст нæ хæссы.

Уазæг дзæгъæлдзых нæ вæййы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.