Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ФЫНГ. ФЫНГÆВÆРД. ФЫНДЖЫ 'ГЪДАУ
Нæл фыс æмæ куыр — нывондæн барст.
Нæл фыс — нывондæн, мæнæуы зад æмæ хуымæллæг бæгæныйæн.
Карк æмæ галы уæнгтæ нымадæй — æмхуызон.
Хорз аггæлæн й’ аг нæ кæлы.
Уæхстæн æхсæр æмæ бæрз агурынц.
Кмсарты кæразимаг фæрсчытæй дын — физонæг.
Кадазимаг нывондæй дзуарæн барст у.
Фысы дымæг — хуыцауæн кувынæн.
Куывд куывд у, йæ цин та — дыууæ куывды.
Мæцæ дын Нафы куывд!
Нар-й æмхæрд, æмнозт уыдысты дауджытимæ.
Нарт дауджытимæ дæр æмвынг уыдысты.
Тутырæн гал ничи ’ргæвды.
Тутыры хуыздæр кувинаг къуымæл у.
Тутырæн — къуымæл, адæмæн — цæл.
Фынг æртæ къахыл лæууы.
Фынгыл уæлдай хæринаг æрæвæрдзынæ, уымæй йæ къæхтæ нæ фæрисдзысты.
Фынджы бæркадæн ыстæг дæр хорз у.
Фынджы бæркадæн лакъами дæр хорз у.
Лакъами фынджы бæркад сафы.
Лакъами задыныл худти.
Лакъамийæн йе схъæл куыд у, йæ тых афтæ нæу.
Фынджы бæркадæн сысджыйы цымгæ дæр уæлдай нæу.
Фынджы бæркадæн скъудайы къæдзил дæр хорз у.
Скъуда хæрынæн дæр бæззы ’мæ цæхджынæн дæр.
Фынджы бæркадæн булчъы къæдзил дæр хорз у.
Фынджы бæркадæн къахы сæфтæг дæр — æххуыс.
Фынджы бæркадæн — къахы сæфтæг.
Фынгыл нурыдзæхдон фидауы.
Фыды бæркадæн — цæхдон.
Фынгæвæрд цыфæнды дзаджджын к’ уа, уæддæр æдзæххæй нæ бæззы.
Цæхх фынджы ’рдæг у.
Цæхх хæринагæн ад дæтты.
Цæххы ад фос дæр æмбарынц.
Мæллæг фыд — цæххæмхасæн.
Цæхджын хойрагæн бирæ ’нтысы.
Дзаг фынг дæр æдзæххæй нæ фидауы.
Уыналы Нафы цы уыди? — Уазал дзыкка, æдзæхх кас.
Дзаг фынг æдзæххæй æгад у.
Цæххæй хъулон нæ чындæуы.
Цæхх æппæтыл фидауы, йæхæдæг нæ балззы.
Сæр хистæрты раз æвæрдæуы.
Кусарты сæр æнæ хистæр нæ фæхæрынц.
Фыццаг кад сæры кад у, дыккаг — бæрзæйы кад, æртыккаг — уæны кад.
Хистæрæн — бæрзæй, кæстæрæн — ысгуы.
Сæр хистæрты фынгмæ баппæрста, хъус — кæстæрты размæ. (Нарты кадджыты арæх æмбæлы ацы ныхас).
Æфцæджы хай фиййауæн æвæрынц.
Ронг ронгыл уагътой.
Нозт Леуахи донæй — фылдæр, хæрд Хъæдлсæны хуыртæй — арæхдæр.
Ронг ронджы уæлæ, авд уæнджы æддæгуæлæ, куъиаы фыд дыдзы хъармæй.
Нард уарай (фæзæгъынц, арфæйæн куывды хæйттæ чи фæуары, уымæн, æмæ уæд уарæг, арфæ чи ракæны, уымæн кæрдих авæры).
Нард уарай, зæгъгæ, зæгъ куывды æфсинæн, æмæ дын хай авæра — фыдызгъæлы карст.
Уарæг йæхи дæр нæ уарзы.
Хорз уарæг йæхицæн хай нæ уадзы.
«Фаг уын уыдзысты уæ хæринæгтæ?» — «Фаг нæ, фæлæ ма нæ мæрдты фаг дæр ысты.»
Ацы хæринæгтæ нæ мæрдты фаг дæр ысты.
Фаг æмæ уæлдай.
Фагæй фылдæр.
Цъиуы ’хсырæй фæстæмæ дзы цы нæ уыд, ахæм нæй.
Хæрд уыд уæлвонг, нозт — уæлдон.
Сатана — Нарты цæугæ фынг æмæ кæлгæ нуазæн.
Мæ кæлгæ сыкъа — Сатана,
Мæ дзаг фынг — Сатана.
Кæлгæ фынг æмæ дзаг сыкъа.
Каелгæ фынг æмæ кæлгæ нуазæн. ,
Сатана бæрскуывд æмæ кæрзæлгъыст уыди.
Сатанайы бæркад — æвидигæ.
Хорз æфсинæн й’ арахъхъ нæ ихсийы.
Дзаг фынгмæ Нарт дæр нæ кастысты.
Цæттæ фынгмæ Уырызмæг дæр нæ лæууыд.
Дзуары бын бæгъæмсарæй куывтой адæм.
Нартæн дæр нуазæн уыд — Уацамонгæ.
Нарты Уацамонгæ сæрæй исгæ ’мæ бынæй ахадгæ уыди.
Нарты Уацамонгæйæн авд хатæны уыди.
Ацы куыси авдхатæнон у. (Нарты Уацамонгæйæн дæр авд хатæны уыди, зæгъгæ, фæзæгъынц. Æртыккаг хатæнæй дæлдæр æй ничи фæрæзта нуазын. Уый дæр дзурынц Хæмыцæй).
Сырды фыдæй кувинагæй фысы фыдæй кувинаг хуыз
Даер у.
Нартæн се ’гъдау, хъамайы фындзыл кæрдих бакæ, æмæ афтæмæй кувын уыди.
Нарт-иу ысгуы хъамайы фындзыл кодтой æмæ афтæмæй куывтой.
Нарты ’гъдау афтæ уыд: иу кувгæ кодта, иннæтæ — «оммен».
«Оммен» кувæг зæронд лæгæн — æхсызгон.
Уæ, хуыцау! Нæ кæстæртæй цардфæлварæн чи кæны, уымæн цард ратт! Уæ, кæстæртæ! Тыхфæлварæн уыл чи кæны, уымæн йæ тых куыд сæттат, уыйбæрц арфæ уæ уæд! (Уырызмæджы куывд).
Нартæн сæ куывд цæуаг уыд.
Нартæн сæ куывд дæр æмæ се ’лгъыст дæр цæуаг уыдысты.
Ирон фынг æгъдауæн у.
Й’ арм нын фынгæн дардта.
Йæ иу къух нын фынгæн дардта, йе ’ннæ къух — цырагъæн.
Фос дзæбæх фæхиз æмæ дæ стæй куывды цырагъдар фæкæндзынæн. (Хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй-иу куывды уырдыг чи лæууыд, уыдонæй се ’ппæтæй дæр цырагъдармæ хæйттæ фылдæр цыд).
Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй.
Кувæггаг — кæстæрæн.
Нарт хай хистæрæй нæ истой.
Хай кæстæрæй исгæ у.
Гал дон аназы, уæныг их асдæры.
Бадæг æмæ лæууæджы кад иу не сты (ома — лæууæг дæр бадæгæн лæууы).
Бадæгæн — фынг, лæууæгæн — комдзаг.
Бадæгæй лæууæг фылдæр уыны.
Иу сидт фынгыл рæгъ у, дыууæ та — гаджидау.
Уæлæмæ — рæгъ, дæлæмæ — гаджидау.
Дæлæмæ — рæгъ, уæлæмæ гаджидæуттæ уадзы.
Дæлæмæ — рæгъ, уæлæмæ — гаджидау, афтæмæй нуазын райдыдтой.
Æмæ райдыдтой нуазын: ды дæр ма уым куы фæцадаис!
Тыхгаджидау нæу.
Цæл минасимæ ’рдхорд у.
Цыма Нафы куывды бады.
Зиууоны цæл.
Кæд мын зиууоны цæл уыдзæн, уæд цæуын.
Сурдзых уынаффæ нæ бæззы.
Лæг цы бахæра, цы баназа, уый мæрдтæм йемæ хæссы, иниæтæ дунейыл зайынц.
Адæймаг цы бахæра ’мæ цы бадара, уый — йæ хай.
Лæг цы бахæра, уый — йæ хай.
Хæрынæн цы бæззы, уыдон иууылдæр хæрын хъæуы.
Цы бахæрай æмæ цы баназай, уый — дæхи.
Хисты хæрдæй куывды хæрд хæлардæр у.
Хæрæгмæ ’нæхæргæ чи лæууы!
Хорз хæринаг фесæфыны бæсты ’взæры гуыбын аскъуийæд!
Гал хосæй амæлæд!
Дæндагджынæн хæрын амонын нæ хъæуы.
Фынгыл фæрсгæ ничи кæны.
Фынгыл уæрст нæй.
Фынгыл арæн нæй.
Комдзæгтæ нымайын худинаг у.
Схуысты лæвæрд фарсыл нæ хæцы.
Уайдзæфы къæбæр куыдз дæр нæ хæры.
Æрвитæггаг куыдз дæр нæ хæры.
Æрвитæггаг бирæгъ дæр нæ хæры.
Фынгыл хъулон нæ фидауы.
Æппæтæй хъулон фидауы, гуыбынæй хъулон нæ фидауы.
Хъулон хæринаг куыдзы гуыбыны дæр нæ тайы.
Æхсæны куывды хъулон хай ма агур.
Гуыбынæй хъулон никæмæи тайы.
Айчы къæмтæ агуры.
Карчы айчы къæмтæ чи агуырдта, уый цау ыл æрцыд.
Зынæрвæссоны хай адджын у.
Тæргайгæнаджы хай хъæстæн хос у.
Тæргайгæнаджы хай фарсыл хæцы.
Тæргайгæнаджы хай — хæлæйфаг.
Фæстаджы хай — хæлæйфаг.
Фæстаджы хай — æмбис.
Фæстаджы хай — дыууæ ’мбисы.
Фæстаджы хай амондджындæр вæййы.
Фæстаджы хай — амондджын.
Чидæр иу айкæй уæлдай ныууагъта.
Айкæй уæлдай чи уагъта, уыйау.
Айкæй йæ уæлдай ничи уадзы.
Гуыбынтæ ’фсымæртæ сты.
Хæрæг йæхи дæр нæ уыны.
Сæрæхсынæг йæхи дæр нæ уыны.
Сæрхæрæг йæхи дæр нæ уарзы.
Сæрхæрæг йæхи дæр нæ зоиы.
Дæхи хай (фæзæгъынц, хæргæйæ чи ферхæцы, уымæн).
Стæг домбайы хъуыры дæр фæбады.
Фынгæй æрмæст дæхи хай бахæр.
Бирæ бахæр æмæ чысыл бахæрдзынæ.
Дæ хæдзары хорз бахæр, æмæ ныхасы ’ххормаджы бадт ыскæн.
Фынджы уæлхъус хъæлдзæг ныхас бæркад у.
Фынджы фарн бирæ уæд, фынг бахатыр кæнæд (фæзæгъынц, фынджы уæлхъус радзурын цæмæн не ’мбæлы, ахæм исты ныхас куы ’рцæуы, уæд).
Хæргæ кæн æмæ ныхæстæм дæр хъус.
Хæргæйæ дзургæ ма кæн.
Уæздан лæг хæргæ-хæрын нæ дзуры.
Куыдз дæр ма хæргæ-хæрын нæ рæйы.
Амынæт куыдз дæр нæ хæры.
Кувæггаг хыгъды нæу.
Кувæггаг бындзарæй нозтæуы.
Нуазæн раттын фыдæлтæй кадæн баззад.
Ирон нуазæн кадджын у.
Нуазæн йæхицæн æгъдау домы.
Æфсины нуазæнæн аздахæн нæй.
Хæрамæй йæ нуазон æви хæларæй?
Нуæзты кадæн дæ кад!
Дæ нуазæнæй дæ сæр кадджындæр уæд!
Йæ нуазæн чи нæ аназа, уый саг сурæд æмæ йын марын ма бантысæд!
Æфсинмæ дæ нуазæн авæр, æмæ дыккаг авг радава.
Нуазæн дыууæрдæм у.
Нуазæн дугъон бæхæй уæлдай нæу.
Нуазæн дæ къухы дараг ма у.
Чынлзхæсджыты уынд сын фæкодтой.
Расыгæй чи тæрсы, уый чындзхæссæг нæ цæуы.
Уады фæстæ — уарын, нозты фæстæ — зарын.
Зарын хистæрæй цæуы.
Айс æй, аназ æй: хæлары нозт у. (Фынджы уæлхъус зарæгæй).
Айс æй, аназ æй! Фæрныджы мигæнæн равдæлон кæн! (Фынджы уæлхъус зарæгæй).
Дæ низтæ дæр афтæ фесæфæнт!
Лæг дзул æмæ мыдæй дæр хъыг кæны.
Лæг царв æмæ мыдæй дæр хъыг кæньт.
Адæймаг царв æмæ мыдæй дæр фæлмæцы.
Адæймаг цæлы фынгæй дæр фæлмæцы.
Иунæг хуыцау дæ сбуц кæнæд!
Бæрскуывд ут!
Уæ куывд барст фæуæд!
Уæ нозт уын — хæлар!
Хæлар дын уæд дæ мады ’хсырау.
Царв, мыдау дын батайæд! . ’
Мыкалгабыртæ авд авды сты.
Фынгисæггаг — фынгисæгæн.
Ирон фынг зонд амоны.
Лæджы фæндагыл æмæ фынгыл базондзынæ.
Махмæ, Нартæм, ахæм æгъдау ис: цалынмæ цы хъуыддаг аразæм, уымæй нæ ныфс бацæуа, уæдмæ искæй хойрагмæ не ’вналæм.
Нартæм уыди ’гъдау: сæ туджджынимæ дæр хордтой иумæ, фæлæ йæ хъуамæ зыдтаиккой.
Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзын кæимæ хæрай, уый хъуамæ зонай.
Кæд дæ хæрд æмæ нозт хъæуы, уæд дын нанамæ бадзурæм; кæд дæ загъд æмæ маст хъæуы, уæд та дын дадамæ бадзурæм.
Кæрдзынхъус лæг йæ фынджы сбадтыл бæрæг у.
Нард фынгыл сау лæгмæ хорз зæрдæ вæййы.
Фынджы уæлхъус иууылдæр ысуарзон вæййынц.
Сау лæгимæ дæ кæрдзын ма асæтт.
Сау лæгимæ фынгыл ма ’рбад; куы ’рбадай, уæд ын æй йæхи бар ныууадз.
Хистæртимæ йæ сæрыфахс хъæуы, кæстæртимæ — базыг.
Хистæртимæ йæ сæрыфахс фæхъæуы, кæстæртимæ та — къахы сæфтæг.
Хистæртимæ йæ сæрыфахс хъæуы, кæстæртимæ — сгуы.
Хистæртимæ йæ сæрыфахс хъæуы, кæстæртимæ — хъус.
Йæ комдзаг йæ къæбуты сæрты йæ дзыхмæ чи хаста, уыйау.
Уый фынгмæ кæнинаг дæр нæу æмæ хуындмæ цæуинагæн дæр нæ бæззы.
Сау лæджы фæсхæрд ном фæнды.
Фæсхæрд ном кæй нæ фæнды!
Нартæн æрдхæрæны куывд тыхæвзарæн æмæ æууæнкæн уыди.
Нарты Уырызмæг зæгъ — æмæ цард цæуа, Сатана зæгъ — æмæ бæркад цæуа!
Сатанайы бæркад.
Цард бæркадæй æфсир æфтауы.
Фынджы бæркад бирæ у.
Бæркад бæркады хуызæн хъуамæ уа, фынг фынджы хуызæн.
Алы фынг дæр йæ фарн йемæ хæссы; йе ’гъдау ын æххæст хъæуы.