Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ФÆСТАУÆРЦ
Йæ бынтæ иу бон ничи хæры.
Бирæгъ дæр иу хæрдæй нæ цæры.
Абон дæ цы хъæуы хæрын, уый райсом бахæр.
Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæудзæн.
Æхсæвæрыл æнæхъæн кæрдзын бахæр, кæд ма дын райсоммæ ’рдæг баззайдзæн, уæд.
Ахæрынæй æнхъæлмæ кæсын хуыздæр.
Фæстауæрц чъындыйы нысан нæу.
Дон нуазгæйæ дæр донæн фæуынæй тæрсы.
РУВАС ÆМÆ ФЫРЫ ДЫМÆГ
Рувасæн й’ ахсæн фырыстонгæй бахус и. Уæд дын йæ рæзты иу ыстыр фыр йæ нард дымæг тилгæ-тилгæ ’рцæуы. Рувас йæ фæдыл цæуын байдыдта — афтæ ’нхъæлдта ’мæ ’рхаудзæн уыцы нард дымæг æмæ йæ бахæрдзæн.
Фæцыд, фæцыд йæ фæстæ мæгуыр рувас æмæ куы бафæллад, уæд йæхицæн ныббадти. Æмæ дзуры йæхинымæр: «Мæнг зæгъынц адæм: ахæрынæй дам æнхъæлмæ кæсын хуыздæр у. Уый куыд раст у? Ай сыдæй мæлынмæ куы ’рцыдтæн!..»
Мыстау æвæрæнтæ кæны.
Мыст дæр ма зымæгмæ ’вæрæнтæ кæиы.
Сæрд мæлдзыг дæр æвæрæнтæ кæны.
Капекк куынæ ’рымбырд кæнай, уæд сом никуы ’рымбырд кæндзынæ.
Сомæй капекк куы фæхъæуа, уæд сом нал у.
Иу боны капеккæй алы боны капекк хуыздæр.
Æхсæвæр æрæгмæ куы хæрай, уæд хор фылдæр нæ лæууы.
Цуанон нæмыг æвгъау куы кæна, уæд сырд нæ мары.
Цуанон æхст æмæ нæмыг æвгъау куы кæна, уæд сырд нæ мары.
Нæмыгæвгъау сырд нæ мары.