Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

КУЫСТ ÆМÆ ФÆЛЛОЙ

Хæдзар кусæгæй арæзы.

Æнæ кусгæйæ цард нæй.

Æгуыстæй цæрыны фæтк нæй.

Цард куыстæн у.

Цард куыстæй у.

Лæджы дарæг куыст у.

Дæ гуыбын æмæ де рагъæн æххуырст дæ.

Чи нæ кусы, уый нæ цæры.

Цард кусæг лæджы уæхскыл бады.

Æнæ кусгæйæ хæдзар дарæн нæй.

Кусынæй чи тæрсы, уый бын нæ кæны.

Лæг кусынæн у.

Лæджы фыд хæрынæн нæ бæззы.

Лæгæн кусгæйæ у — лæджы фыд хæрынæн нæ бæззы.

Лæг куыстæй лæг у.

Куыстæй адæймаг нæуæг кæны.

Лæг куыстæй æхсиды.

Куыстæй ничима амард.

Фылдæр кусæг фылдæр цæры.

Куыст мард у, лæг — æгас.

Куыст мард у, уд — æгас.

Куыст мард у, адæймаг та арт у.

Кæнинаг кæнын хъæуы.

Цы куыст кæнай, уый — зæрдæйæ.

Ма кæн; куы кæнай, уæд — хуызæнæн.

Кæй кусай, уый — бæлвырд.

Тæразæй барæгау — й’ алы куыст дæр.

Лæмбынæг куыст хæлар у.

Бæстон куыст фарсыл хæцы.

Бæстон куыст бæркадджын у.

Каркау ныхбынæй фæкуыста, галау — уæзæгæй.

Куыст куыстæн æххуыс у.

Æз-дын-ныммæлонæй цы куыст кæнай, уымæн хорзæй тас нæу.

Куыст куысты хуызæн нæ кæны.

Ам — тъæпп, уым — тъæпп.

Мих садзы, уис нæ бийы.

Мæрддзаджы рæхсад.

Уазæгæи — æрчъирæхсад.

Хæсфидæн куыстытæ. 1

Уæнгуыты дзывырау æй уæлвонг систой.

Уæллаг галау рæувадæй цæуы.

Дыгуыстон æгуыст у.

Кусæг лæг æгъдау нæ зоны.

Нæ йын къаты бон и, нæ — бæрæгбон.

Кусагæн алкæддæр — къаты бон.

Кусагæн кæддæриддæр — кусæн бонтæ.

Кусæг лæгæн къæвдабон бæрæгбон у, хурбон — куысты бон.

Куысты рæстæг лæджы ’рмæст йæ куыст æндавы.

Даргъ æхсæвæн бонæй тарсти, даргъ бонæн — æхсæвæй, ахæм кусаг уыд.

Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти.

Нал æхсæв зыдта, нал — бон.

Кусыныл нал ауæрста: бон дæр нал бадт, æхсæв дæр нал хуыссыд.

Бонæн изæрæй куынæ тæрсай, уæд цард не ссардзынæ.

Сулæфыны бон мæ нæй.

Сæрысхъилы бон дæр мæ нал и.

Мæ сæр аныхыны бон дæр мæ нал и.

Уд сисынмæ дæр никæй æвдæлд.

Мæ уд сисын дæр мæ ма бауадз.

Йæ иу къухæй кæрдгæ кодта, йе ’ннæ къухæй та — хуийгæ.

Нымæт уæрдын сылгоймаджы хъуыддаг у.

Нымæтуæрдджыты нæлгоймаджы зонд нæ хъæуы.

Ацы нымæт дæр уыцы боны фарнæй рауайæд!

Йæ риуæй хуым кæны, йæ дымæггæгтæй — ласгæ, афтæмæй цæры.

Мæлдзыгау — кусаг, мыстау — æфснайаг.

Мæлдзыг бирæ кусы, фæлæ — йæхицæы.

Нардуатæй куыст хæлардæр у.

Фæдджи-фæсронæй кусы.

Куы кусай, уæд — уæхскуæзæй.

Куыстхуыз лæг сойхуыз у, мæстджын та — хæйрæг.

Куыстуарзаг æнцад бадгæйæ хъыг кæны.

Кусæг лæг куы бада, уæд ыл бæстæ гуыр-гуыр кæны.

Фиййау хъæударæг у.

Фиййау адæмæн æхсæны у.

Рагъæй зарæг фиййауæн комы нарæг хъырны.

Фиййауы зарæгæй фæтæн нæры.

Фиййау дардмæ уыны.

Фиййау фæлдурæдджын нæу: къæвдабон дæр хурбоны цыд кæны.

Фиййауы ривæддон — бирæгъты ’рхъавæн.

Фиййауы фадхос хæрæгæн минас у.

Фысфосимæ ’рчъиджын лæг хъæуы.

Бæрзондмæ хизынмæ ’рчъитæ хъæуы.

Хъомгæсæн йе ’мгъуыд Бæлдæрæнæй — Тутырæхсæвмæ.

Фæрæтфæсрон, цæвæгарм.

Хъæддзау лæджы фæрæты хъæр дардмæ хъуысы.

Хъæды куыстæй тынгдæр лæджы хъару ницы сæтты.

Тархъæды бæласкалæг йæхи дæр нæ уыны.

Æнæзивæджы къахыл тахынæг баст.

Йæ февнæлд — бирæгъау, ивылд донау — йæ куыст.

Уымæн йæ февнæлд арт у, арт.

Йæ удæй арт цæгъды.

Йæ уд ыскъуыны.

Йæ уды бицъинæг тоны.

Йæ уд хъары.

Йæ удæй цæуы.

Йæ къухтæм æмхасæнтæ кæны.

Йæ къухтæм æфтуантæ кæны.

Къухтæ лæджы дарынц.

Фæрнæй дар дæ къухтæ!

Æгуыст лæг аслам у, кусæг — зынаргъ.

Кусæг лæг — бонзоигæ.

Иу куырд хъæуæн хъæсдарæг у.

Куынцдымæг рыгæй нæ тæрсы.

Æрхуы тæвдæй доны ног кæны.

Агтæхуийæг уæзхъус у.

Дзæбуджы гуыппæй æндон хъæсдарæг зары.

Дзæбуджы цæф хъæсдарæгæй нæ риссы.

Дзæбугæй хъæсдарæг хистæр у.

Хъæсдарæджы хъæр æмæ дзæбуджы зæлланг æмварс ысты.

Зæрингуырды къухтæ — сызгъæрин.

Хуымгæнæгыл дарихæдон æмæ ’хсад къухтæ нæ фидауынц.

Куыстæн хъуамæ нысан уа.

Куыстæн равг ис.

Хорз кусæг йæ кусæнгарз рæвдз дары.

Кусæнгарз йæ хицаумæ гæсгæ у.

Иу лæджы, дам, бафарстæуыд, дæ хуым цæуыл ратдзынæ, зæгъгæ, ’мæ, дам, уый афтæ: «Уалдзæг — æфсæныл, фæззæг — цæвæгыл».

Зæхх куыстæн у.

Зæхх куыстæй у.

Лæбырд хуымы губакк кæнæн нæй.

Цæгæттæн — сæ хуссæрттæ, хуссæрттæн — сæ цæгæтта

Хуссарæн мын йæ цæгатварс, цæгатæн та йæ хуссарварс раттут хизынæн.

Хорз хуымæн й’ астæу цæнд нæ вæййы.

Дурты цæнд кæм уа, уым нæ хуымгæндæн бæззы, нæ — хосгæрстæн.

Хуым куы ’хсæдай, уæд — уалдзæджы.

Дæ фаджыс мын фенын кæн, æмæ дын дæ хорæрцыд зæгъон.

Фаджысджын хуым — хорæрзад.

Сау фаджысæй — хæмпус дзул.

Сау сыджыт æнæ фаджысæй дæр бæззы.

Далæ быдыры гутонджынтæ, Нарты Уырызмæг — сæ гутондар! (Рагон зарæджы ныхæстæй).

Кæд хуым кæнæм, уæд — къамбецтæй.

Кæд кусæм, уæд — къамбецтæй.

Гутонæн йæ куыст йæ фæдыл бæрæг вæййы.

Æфсондзаразæг галтæй тæригъæд у.

Æфсондз бæрзæйы ’лгъыста, бæрзæй та — æфсондзы.

Хъилдур — хуымы ауæдзамонæг.

Ауæдз ма фехал — йæ быны мæкъуыстæг.

Ауæдз ма раппар — йæ быны сæрыфæхстæ ’мæ рæмбыныкъæдзтæ.

Искæй ауæдзхалæг — тæригъæдджын.

Ауæдзхалæг удисæн кæны.

Л,æппу гутоны галты ’хсæн куынæ схъомыл уа, уæд, дзы гутондзау нæй.

Хуымгæнæджы бон цыбыр у.

Гал — гутонæн, гутон — гал,æн.

Раджы чи тауы, уый тауинаг нæ сæфы.

Хуым фæрсгæйæ ничи тауы.

Зæхх чырын у: цы дзы цæвæрай, уый дзы сисдзынæ.

Хуымы цы байтауай, уый дзы ’взæры.

Хуымы цы мыггаг байтауай, уый дзы ’рхæсдзынæ.

Хуымы уалдзæг куыд байтауай, фæззæг дзы афтæ ’рзайдзæн.

Фæстаг хуымæн й’ адæг йæ цуры зайы.

Раджы бадаг — æвæсмон.

Раджы бадаг — æвæсмон,

Гогызы мард — йæ фæсрон.

Райсомы куыст æнтысаг у.

Сæууон куыст улæфт у.

Уалдзыгон бон афæдз дары.

Æртæхы сисын — хосдзауы риссын.

Цæвæг йæхæдæг нæ кæрды.

Цæвæгыл куынæ хæцай, уæд хос н,æ кæрды.

Æхсæвы куыст æнтысагдæр у.

Бон цы бантыса, уый æхсæв не ’нтысы.

Хуыздæр цæвæг — зиууæтты гуылисæг.

Хосдзауæн зад уыгæрдæн — йæ гуылхæрæн.

Зад хуым, зад уыгæрдæныл нæ ’фтауæнт цæрдтæ ’мæ мæрдтæ!

Æхсырф æмæ дзæбуг цæдисон ысты, царддарæг.

Стыр куырисы мад нæ куыдта.

Тауаг кæрдаг у.

Мæ фыддæр хуымы дыууадæс мæкъуылы!

Уыгæс — дæрæн, хъиу — йеу, мæкъуыл та — къуту.

Мæкъуылы бын мыст нард кæны.

Мусы лæгъзы хуызæн.

Дзаг мус у!

Æртыкъухыг сагой — мусæн йæ найдзæг.

Наййаджы тард æй фæкодтой.

Каеройнаг найдарæджы тард æй фæкодтой — æд цъутта.

Найдзæджы зылд фæкодта къухцæгыл.

Сызгъæрины кæрийæ хоры кæри зынаргъдæр у.

Ацы аз ма зыныс, фæлæ фидæнмæ мауал фæзын кæрийæ!

Бон куыстæн у.

Иу боны куыстæй ничи цæры.

Иу боны куыст æхсæвæрæн дæр нæ фаг кæны.

Дæ бонгуыст къæссайы дзаг уæд!

Бон куырисæй фылдæр ма банай кæн, æмæ дын дзы къæссайы дзаг хор æрцæуæд!

Лæгæн иу боны куыст дæр пайда у.

Боны куыст лæджы ’фсады.

Иу боны куыст афæдзваг кæны.

Д’ афæдзы фæллой — хоры кæфой. *

Д’ афæдзы куыст — мæхæл.

Иу азы фæллойæ нæ цардæуы.

Фæззыгон мыстау йæ фæллæйттæ ’фснайы.

Хордон — бæркады къæбиц.

Быркуыйы цы ныдздзурай, уый дæм ысдзурдзæн.

Гоны куыд ныдздзурай, афтæ дæм ысдзурдзæн.

Гон дзагæй фидауы.

Кæд куыройы исты бавгæдтай, уæд æм къæсса дæр бадар.

Къæссайы цы ныккæнай, уый дзы уыдзæн.

Лалымы цы ныккæнай, уый дзы рацæуы.

Хæндыгмæ цы ныдздзурай, уый дæм ысдзурдзæн.

Дæ рæбыны цы цæвæрай, уый дзы рахæсдзынæ.

Фосджыны дуармæ — маст, хорджыны дуармæ — хъазт.

Уæгъд-зилгæ уæхстау зилы.

Байраджы хъиамæт.

Байраджы фыдæбæттæ.

Æнæ пайдайæ байраджы хъиамæт фæкодта.

Байраджы фæллойау — дæ фæллой.

Байраджы хъиамæтæй фæци йæ хъиамæт.

Мæ ныхбынтæ йыл фæхордтон, фæлæ уæддæр — ницы.

Хъиамæт хъиамæтгæнæгыл фидауы.

Дзæгъæл фæллойæн аргъ нæй.

Куыст кæмæн нæ уыд, уый сугты цагъд иннæрдæм ракалдта.

Дзæгъæл бадтæй дзæгъæл куыстæй уæлдай нæй.

Дзæгъæл бадтæй дзæгъæл куыст хуыздæр.

Дзæгъæл бадтæй ыстæг æхсынын хуыздæр.

Æнцад бадынæй ыстæг æхсынын хуыздæр.

Фырхуыстæй фыргуыст хуыздæр.

Бирæ дзурынæй бирæ куыст хуыздæр.

Æгънæггæнæгыл сæхтæг бафтыд.

Цыма авд азы цæхх фæхастай, уый гуыбыр куы ныддæ!

Бирæ хæрæг дæр кусы.

Хæрæг кæй кусы, уый иуыл йæхæдæг куы хæрид, уæд хæрæг нæ уаид.

Хæрæг куыста ’мæ — бæхæн.

Хæрæг бакусы, гал æй бахæры.

Хæрæг бакусы, бæх æй бахæры.

Хæрæгæй фылдæр ничи кусы, фæлæ уæддæр хæрæг у.

Хæрæг фыдгуыстæй зæронд кæны.

Бæх бакусы — хæрæг æй бахæры.

Гал бакусы — гал æй бахæры.

Гал бакусы — лæг æй бахæры.

Гал ма у ’мæ дæ ма сифтындзой.

Г^л ма фæцадаис — кæннæ уæдæ — лас!

Цы гал цæуа, цæвгæ дæр уый кæнынц.

Цы гал цæуа, нæмгæ дæр — уый.

Гал уæд, уыййедтæмæ гъæйгæнджытæ уыдзæн.

Дæллаг галæй фæцыд.

Галты хуыздæр дæллаг галæй базæронд.

Уыргæфтыд фæци.

Куыст баййафдзынæ.

Бирæ чи фæкуыста, уый дæр амард.

Иу ус дыууадæс тыппыроны хордта, иннæ ус та дыууадæс æрмæлхуийы ’лвыста, æмæ дыууадæс тыппыроны чи хордта, уымæй æвзæрдæр цард.

Уидыггæнæджы бинонтæ фæмардысты, фæидырдзæгъдæгæн — аирвæзтысты.

Куыстытæ иууылдæр баззайдзысты, мах нал уыдзыстæм.

Æдылы дæр ма бæрæгбон зоны.

Хæрæгæн дæр ма хуыцаубон вæййы.

Бонгæн хуымæй бонæнцой хуыздæр у.

Схъæластæу куыстмæ нæ тасы.

Схъæластæу — æввонгхор.

Йæ къухтæ йæ сины сæртыл сæвæрдта — йæ куыст фæци!

Цыма йæ куыстытæ конд фесты, уый бадт ыскодта.

Уазæджы бадт ыскодта.

Йæ хæйттæ уæрст фæци!

Фегæр и: галау дурæй рахызти.

Æгæр бирæ ма кус: æнахуырæй фæгобан уыдзынæ.

Уæныг, дам, хуыммæ галты разæй лыгъд, хуымæй та — галты фæстæ.

«Уæныг, кæдæм цæуыс?»

«Хуыммæ! Хуыммæ!»

«Уæныг, кæцæй цæуыс?»

«Хуы-мæ-æй, хуы-мæ-æй...»

«Куыд бакуыстай?» — «Исты — къаддæр, ницы — фылдæр.»

Фæныкгуызæн фæнычы зæй — йæ лæсæн.

Фæныкгуызы бæллиц — æввонг цард.

Фæныкгуызы ничи нымайы.

Фæнычы хъал лæгыл нымад нæу. ¦

Фæрсылæй — бардзырдгæнæг.

Дзурынмæ — къæркъæраг, кусынмæ — тæитъихæг.

Афтæ уæдæ — хурмæ хъæмп цæгъды.

Бирæдзураг, чысылкусаг.

Кусæг кусгæ кæны, магуса та — дзургæ.

Цъырцъырагау магуса ’мæ кафаг.

Къуыззиттæй заргæйæ цард нæй.

Лæг хъуамæ æмырæй куса.

Зивæггæнаджы къах сындзы къутæрыл баст у.

Нæ йын размæ ’нтысы, нæ — фæстæмæ.

Цыма йыл пъæззы ныббадти.

Зивæг ыл бахæцыд: йæ бынатæй никæдæмуал æнкъуысы.

Лæг арты фарсмæ бадти, йæ усмæ та зынгмæ дзырдта.

Фезмæлыны бæсты йæ амар.

Мард йæ лыстæнимæ куыд архайа, уый архайд кæны.

Уыдон куысты бæсты æнæ куыст хуыздæр — куысты ’фсон марды хъеллæуттæ кæнынц.

Зивæггæнаг — къæдзнизæй хъæрзаг.

Магуса — рынчынгæнаг.

Йæхи æдзæлæг, æмæлæг акæны.

Йæ зины хай йын йæ къахыл фæлæууыд.

Фынтæ магуса фылдæр уыны.

Йæ зивæджы — йæ мæлæт.

Лæджы сæфт — магусайæ.

Магусайы къух нæ риссы.

Нæзоныны къух нæ риссы.

Райсомæй сын æртæх уыди, сихорыл сын æнтæф уыди, изæр та сын — уаджы ’зæр.

Хæрдмæ цæуынæй н’ астæу риссы, уырдыгмæ цæуынæй — нæ уæрджытæ.

Магуса изæрырдæм кусы.

Зивæггæнаг изæрырдæм кусы.

Куыстыл — уæнгмард, хæрдыл та — бирæгъ.

Куыстыл хъеллау æмæ ’рдæгмард, хæрдыл та — бирæгъау æнæфсис.

Магусайæ — цæлуарзаг.

Ницы фыдæбон бакодта бахæрын æмæ бануазынæй дарддæр.

Магусайы йæ гуыбыны йедтæмæ ницы ’ндавы.

Кусой — кусгæ, Петт — хæргæ.

Адæм хуым кодтой, Нарт та куывд кодтой.

Адæм хуым кодтой, уыдон та куывд кодтой.

Магусайæ цæлуарзаг чи у, уымæй дард лидз.

Иу симæгæн — фараст æмдзæгъдгæнæджы.

Иу фысæн — авд фиййауы.

Цæттæ хуымы къæпыдзæфтæ кæнын æнцон у.

Магуса йæхи фаг дæр нæ бакусдзæи.

Магуса ’ууылдæй уарзы.

Цæттæтыл дын хуыцау ахæм авæра!

Уымæн фæрсылæй дæр ис.

Магуса æппæт дæр æввонгæй домы.

Хъиамæт кæуыл нæ бакодтай, уымæй дæ хай хъæуы.

Магуса лæг кæсаджы фæдыл цæуы.

Магусайæ цард дардмæ лидзы.

Хæдзары фæллой магуса сафы.

Магуса адæм цæгатварс цæрынц.

Магуса — артмæбадæг.

Арс афтæ фæзæгъы: «Цымæ ныр æз, арты фарсмæ æд нымæт чи фæбады, уымæй æвзæрдæр дæн?»

Аккоса ’мæ Баккоса.

Магуса йæ дарæс кæнынмæ дæр зивæг кæны.

Магусайæ мацы дом.

Зивæггæнаг иууыл тæхуды кæны.

Зивæггæнагæн алы бон дæр — бæрæгбон.

ЗИВÆГГÆНАГ УС

Къуырисæры кусын нæ фæччы.

Дыццæджы мардмæ уыдтæн.

Æртыццæджы мæ пец æрцахста.

Цыппæрæмы мæ сæр фастон.

Майрæмбоны сабатизæры уыдтæн.

Сабаты мæ хæстæджытыл зылдтæн,

Хуыцаубон та æнцойбон у.

Зивæггæнаджы хал хауаг у.

Зивæг зивæгыл худти.

Дунейыл зивæгæй иунæгдæр ницы ис.

Зивæпæй цард нæй.

Бадæг гал хиз не ссардзæн.

Бадæг гал кæрдæг не ссардзæн.

Бадæг гал кæрдæг нæ хæры.

Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы.

Бадæг æмæ кусæг æфсымæртæ не сты.

Бадæг æмæ кусæг кæрæдзийæн ницы бавæййынц.

Зивæг мæгуыры мад у.

Зивæджы мад мæгуыр у. )

Фезмæлыны тыххæй дын хъуамæ мацы баззайа.

Дæ бон цы хъуыддагыл цæуа, уымæ искæмæ ’нхъæлмæ ма кæс.

Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы.

Зивæггæиаг дардмæ цæуы.

Зивæггæнаг фиййау йæ фос дардæй ыздахы.

Бирæхуыссаг лæг хæдзар нæ кæны.

Хур хуыссæгмæ нæ кæсы.

Хур хуыссæджы нæ фæрсы.

Бирæ хуыстæй бирæ куыст хуыздæр.

Хурмæбадæн ма кæ.

Сæрд дæхицæй хид рауадз æмæ зымæгон ма басийай.

Сæрды аууæтты чи бады, уый зымæг йæ гуыбынмæ хъусы.

Ма бакус: кæмæн фыддæр — хъæбæрдæр!

Аууоны бадæг хурмæ бадæджы рис нæ зоны.

Магуса лæгмæ — æиæсой бас.

Магусайы уайдзæф æййафаг у.

Æнæхъуыддаг куыдз йæ къах ысдæры.

Беркъайау хæдзари-хæдзар зилы.

Сырдоны гадзайы зылд кæны сыхбæстыл.

Сырдоны гадзайы хатт кæны.

Сырдоны гадзайы хуызæн кæй дуарæй нæ ракæсы!

Æгуыстæй рабыр-бабыр кæны, хуыцауы дæр æмæ зæххы дæр хъизæмарæй мары.

Каед хъæувæдисы нæ дæ, уæддæр дын уыигты хæтын худинаг у!

Кафаг лæппу хæдзар нæ кæны.

Кафаг лæппу хæдзар нæ дары.

Буцхаст уæздан кæны, уæздан та — магуса.

Йæ къух уазал доны н’атулдзæн.

Сау лæппу — саджы хуызæн, урс лæппу — хъазы хуызæн.

Урскъухæн йæ дзыппы — иицы.

Фæллой куынæ кæнай, уæд худинаг хæдзæй раласдзынæ.

Кусын худинаг нæу, худинаг курын у.

Йæ къух уæзæг цы лæгæн нæу, уый кæйдæр куыстæй цæры.

Æгуыстæй пайда куы кæнай, уæд уый зон, æмæ искæй фæллой хæрыс.

Цæл кæнын куы уарзай, уæд кусын дæр уарз.

Хæрын æмæ дарын куы уарзай, уæд кусын дæр уарз.

Æнæ фиййау фæхæтгæ бæзджын мисын нæй.

Æнæ фиййау бæзджын мисын нæй.

Дæ къухтæ цъыфы куынæ атъыссай, уæд дæ былтæ сой нæ уыдзысты.

Лæг хид цы куысты нæ ракæна, уым сой нæй.

Дæ фындзы хъæлæй дæ хид куынæ ’ртæдза, уæд æхсæвæр адджынæн нæ бахæрдзынæ.

Кæд куыстыл дæ хид рацыд, уæд дæ къæбæр адджынæн бахæрдзынæ.

Кæсаг ку’ ахсай, уæд хуылыдзæй ма тæрс.

Зæххыл æввонгæй ницы ис.

Æнæ фыдæбонæй ницы ис.

Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын — сой.

Дымгæйы ’рхаст дымгæ хæссы.

Дымгæйы ’рхæссæггаг дымгæ фæхæссы.

Æрхæссæггаг — дымгæйы фыццаг.

Уæззау дурыл рог дзырдæй ысхæцæн нæй.

Мыд хæрын æнцон у, йе ссарын — зын.

Дзыкка куынæ стауай, уæд сой нæ кæны.

Чи кусы, уымæн ис.

Кус æмæ дын уа.

Хъусынæй кусын хуыздæр у.

Кус æмæ ма бафæлмæц — лæджы фыд хæрынæн нæ бæззы.

Кусæгæн мæгуырæй тас нæу.

Кусæг кæм уа, уым исты вæййы.

Кусгæ чи кæны, уый хæдзар сойджын у.

Кусгæ куы кæнай, уæд хъуамæ хæргæ дæр кæнай.

Фæхты хосты хуызæн дæн.

Куыдзы фæллад бакодтон.

Фæллад лæг уæнгмард у.

Стад лæджы йæ фæллад риссын кæны.

Фæллад лæгæй хъазын ма агур.

Йæ куыст чи фæци, уый йæ фæллад ысуадзы.

Нæртон лæг фæллад нæ зоны.

Куыстуарзон лæгмæ — сойджын бас.

Уастырджи, кусгæ чи кæны, уымæн æххуыс кæны.

Куыст чи уарзы, уый цард аразы.

Куыст зæрдæрухс у.

Куыстæй зæрдæ куы райа, уæд лæг нæ фæллайы.

Куыст зæрдæмæ куынæ цæуа, уæд дзы адæймаг хъыг кæны.

Куыстмæ дæхи куынæ багуыбыр кæнай, уæд æнтысаг нæу.

Адæймаг куы сдызæрдыг уа, уæд ын куыст æнтысаг нал у.

Лæг цæуыл куса, уый йæ къухы ’фты.

Цы куыст кæнай, уый бантысы.

Æвæндонæй цы куыст бакæнай, уым хайыр нæй,

Æмзæрдæйы куыст — æнтысаг.

Куыст æмармæй æнтысы.

Куыст æмармæй фидауы.

Куыст æмармæй хъæуы.

Зиууон куыст хæдзарыл бæркад æфтауы.

Зиууон куыст хæлар у.

Зиудых дур халы.

Кæд кусæм, уæд — æмармæй.

Фæллой кæм уа, фарн дæр уым и.

Куыст — цардæн фæрæз. (Къоста).

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.