Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДЗЫРД. НЫХАС. АРД

ÆМБИСÆНДТÆ

Æмбисæндтæ фыдæлтæй баззадысты.

Æмбисондæн æмбисонд зайы.

Æмбисæндтæ ’цæг ысты.

Фыдæлты ныхæстæ раст ысты.

Фыдæлты ’мбисæндтæм фау хæссæн нæй.

Æмбисæндтæй бæхфæлдисæджы дзырдтæ хуыздæр ысты.

Адæм рагон æмбисондæй æрыгон æмбисондмæ тынгдæр хъусынц.

Рагон æмбисонд — иыры дуджы таурæгъы.

Æмбисондхæссæг — зондамонæг.

Цæвиттоны ныхас — цæмæйдæриддæрæн æххуыс.

ДИССАГ. ЦÆВИТТОЙНАГ

Мæнæ хуыцауы диссаг!

Мæнæ ирон диссаг!

Нартæн æмбисонды хабар.

Мæнæ Царциаты диссæгтæ!

Царциаты ’мбисæндтæ.

Диссæгтæ ’мæ ’мбисæндтæ.

Дистæ-тæмæстæ.

Нартæй Чынтæм ахæм диссаг никуы ’рцыд.

Иратаманы ахæм диссаг никуы ’рцыд.

Иратаманæй нырмæ ахæм æмбисонд нæма ’рцыд (ома, дуне куы равзæрд, уæдæй нырмæ, Ир куы равзæрд, уæдæй нырмæ).

Уæларвæй дур æрхауæгау (ома, уæларвæй дур куыд ыстæм æрхауы, афтæ).

Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой.

Дисмæ кæсæгау æм кастысты.

Дугъмæ кæсæгау æм кастысты.

Дуне уыдонмæ хъуыста, дуне уыдонмæ касти.

Диссагæй диссагдæртæ вæййы.

Диссæгтæ Гуымы ’фцæгæн æддæ ис.

Хохаг лæг хабарыл тагъд у.

Хохаг лæг хабæрттæй фæрсаг у.

Уæлхурæй дæлхурмæ цы хабæрттæ ис?

Дардæй хабар мæнггæнаг у.

Дисыл дис чындæуы.

Быдыры хъанджын фесæфт, хохы — мæсыгджын.

Хохы — мæсыгджын, быдыры та ’лдарджын фесæфт.

Диссагыл дис ничиуал кæны.

Бæстыл цы нæ ’рцыд, ахæм нæй.

Дис цæуыл кæнай, уый дæхи нæу.

Мæрдты ’взагæй дзуры.

Мæрдты дзыхæй дзуры.

Лæг бонæн диссаг куынæ хъуса, уæд йæ хъустæ хæрæджы хъусты йас кæнынц.

Лæг бонæн ног дзырд куынæ хъуса, уæд къуырма кæны.

Зæхх æмæ йæ арв дисæн хастой.

Æмбисоидæн æй хæссынц.

Æмбисондæн баззад.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.