Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЦИН ÆМÆ МАСТ

Цы дын радзурои — мастæн мæстæлгъæд ныхас, æви мастæн цины ныхас?

Фыдæлтыккон фæндыры цагъд, дам, афтæ уыди: «Гутты-гутты — гудала, дакки-дакки — гæлæбу».

Фæндыры цагъд кафтæй фидауы, кафт та— ’мдзæгъдæй.

Кафаг æмæ зараг — хъазты фидауц.

Хъазтхалæг — гæбæрдымæг.

Хъазтхалæг — гæбæр байраг.

Хъазтхалæг — гæбæр гацца.

Ирон хъазт симдыл фæвæййы.

Симд æнæ зардæй мæ фидауы.

Фырцинæй хурмæ худти, мæймæ кафыд.

Фондзаздзыд дзæбидырау рьшдзыл кафы.

Зымы къуыззитт кæны.

Фырцинæй кæфойы зæронд фестад.

Фырцинæй зæрдæ уæрыккау кафы.

Зæрин хурау мæ зæрдæ — рухс.

Писыр фырцинæй йе ’фсирджын хуымы ратул-батул куыд кодта, уыйау.

Нæртон лæджы хæдзарæй алыхатт дæр зард хъуысы.

Фырцинæй сæ зæхмæ нал уагъта.

Йæ бон куывдæн æрвыста, йе ’хсæв— ч.ындзæхсæвæн.

Бон сын куывдæн уыди, ’хсæв — чындзæхсæвæн.

Цины бон мастæн нæу.

Адæмы цин — зæрдæйæн нæргæ хох.

Хъæлдзæг бæрæгбонтæ уыл цæуæд!

Зæрдырай у! (Нæлгоймаджы арфæ сылгоймагæн).

Зæрдæрухсæй фæцæр! (Сылгоймаджы арфæ).

Æхсызгон цард фæкæ!

Æхсызгон хорз дыл æрцæуæд!

Кæддæр ма дæ федтон (фæзæгъынц, бирæ рæстæджы фæстæ ’хсызгон искæуыл ку’ амбæлынц, уæд).

Кæдæй-уæдæй! Къулыл — зылын дзуар.

Кæдæй-уæдæй! Къулыл — зылын хахх.

Хур фенæгау!

Дæ уынд фæскъæвда хуры хуызæн у.

Суртæ-уадзгуытæ, цинтæ-мондæгтæ.

Цинтæ, мондæгтæ!

Хæрæджы цин — дæндагæй.

Цинагыл цин æмбæлы.

Цинагыл цин хъæуы.

Дæ хæрзæггурæггаг мæн!

Ног цикы ног фарн ис.

Цинæй зæрдæ басæттын диссаг у.

Зæрдæ гæлæбу фестад.

Мил æмæ хъабахъ чи фæцæф кæны, уый хъæлдзæг вæййы.

Нæ зæхх дæр нæ не ’ндавы, нæ цард дæр нæ не ’ндавы.

Йæ цард йæ удæн ницыуал ад кодта.

Рухсы цъыртт никуыцæй кæсы мæ зæрдæмæ.

Фыдохы зæрдæ — сагъæстæй ифтыгъд.

Æнкъард зæрдæ фосыл дæр зыны.

Къуырттон каркау æнкъярдæй -ысбадти.

Лауызгæнæн æхсæвы дæм фæбадтæуæд!

Лауызгæнæн æхсæвы бадт ыскодта.

Æнæ мардæй мæрдджыны бадт ыскодта.

Цæуыл фенкъард дæ — дæ цæгат дæ зæрдыл æрбалæууыдысты?

Цы кодтай, дæ фындзæй къуымæл куы дуцыс?

Исты доны мыст федтай — цæй æнкъард дæ?

Къулбæрзæйæ сидзæры бадт ма кæн.

Цыма йæ род йæ гуыбыны амард, уый каст кæны.

Мартъийы боны каст кæны.

Зæд ыл атахт.

Цы зæд, цы дуаг дыл атахт?

Къæвдабон зæрдæ ’нкъард кæны.

Цы дыл æрцыд — дæ былтæ куы ’руагътай?

Йæ кæуындзæг йæ былалгъыл дары.

Йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста.

Мæстджын лæг йæхи дæр нæ уарзы.

Хъæддзауæн йæ маст йемæ цæуы.

Мæнæн мæ маст мæ разæй ызгъоры.

Дæуæй мæ гуцъа дзаг у. ,

Лæг йæхионæй маст ыссары.

Йæ маст йæ гуыбыны нал цæуы. ;

Мастæн гæррæтт дæр æгъгъæд.

Мæ мастыл мын цæхх мауал кæн.

Ды, маст цы у, уый нæ бавзæрстай æмæ хъал ныхас уымæн кæныс.

Цæст цы нæ уыны, ууыл фидар у.

Нæуынæджы цæст нæ кæуы.

Мæгуыры маст куынæ вæййы, уæд йæ судзин фесафы.

Фыдæбон фыдæбоны фæстæ, маст масты фæдыл.

Маст масты фæдыл, фыдбылыз фыдбылызы фæдыл.

Йеу сагъæсмæ ’рдиагмæ цыди.

Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та — рæхуыст.

Арвæн æркæлынæй тарстæн, фæлæ мыл ахæм фыд æрцæудзæн, уый æнхъæл та чи уыди?

Арвы цæфау фæци.

Мæгуыры бон ыл акодта.

Сау фыды бон ыл акодта.

Йеу æмæ сар фæци мæ сæр.

Оххай-гъе, цæй сæфт фæкодтай!

Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй ацыд.

Уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй араст.

Сау цъыфы хосты хуызæнæй æрбацыди.

Дзурæгмæ нал дзырдта, худæгмæ нал худти.

Дзурæгмæ нал дзырдта, кæсæгмæ нал касти.

Дзурæгмæ нал дзырдта, хæринаг нал хордта.

Худæгмæ нал худти, дзурæгмæ нал дзырдта, афтæмæй уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй хатти.

Уæ, дзура-мадзура!

Хъыг хъыгагыл чындæуы.

Хъыгджын — кæуаг.

Йæ цæстытæ доны разылдта.

Йæхи къубалбæстытæ кæны.

Хурхбæстытæ кодта.

Дæлгæмттæ кæны.

Йæхиуыл хъуын-æрду нал ныууагъта.

Йæхиуыл царм-буар нал ныууагъта.

Кæуын, æрдиаг систа.

Йæ цæстысыгæй йæхи ’хсы.

Кæуынæй йæхи ’ргæвды.

Кæуынæй йæхи мары.

Куыд æмæ лæдæрст.

Йæ цæстысыг налхъуыт-налмас цæппузыртæй ызгъæлы.

Зæрдиаджы маст зын уромæн у.

Зæрдиаг куыд сохъхъыр цæстæй дæр цæстысыг уадзы.

Цæстысыгæй цæстытæ тагъд куырм кæнынц.

Цæстысыгæй зынаргъдæр ницы ис.

Кæуынæй ницы ис.

Кæугæбылæй худгæбыл хуыздæр у.

Сæдæ хъыгджынæй иу боны хъæлдзæг хуыздæр у.

Маст æмæ фыдбылыз алкæуыл дæр цæуы.

Масты бон хиуыл фæхæцын хъæуы.

Цы ’рцыди, ууыл маст мауал кæн. :

Иеу йеууаг куы фæуа, уæд ыл хъарæг нал хъæуы.

Иу масты йаргъ Калак дæр нæу.

Дзуттадж.ы бæхы дон фæласта ’мæ йын йæ фæстæ сомырдæг аппæрста — уый та, дам, дын цæфхæдты йаргъ.

Кæмæндæр йæ бæх адавдæуыд æмæ, дам, афтæ: «Амæттаг сын фæуæд, уæддæр ыл иу цæфхады йедтæмæ нæ уыд».

Стыр фыдæн — ыстыр комдзаг.

Иеууаг — фыдгулы сæр.

Фыдгул лæджы зианыл цин кæны.

Дæ маст фехæлæд!

Мастæй æнæ маст æнцондæр у.

Æнæмаст лæг маст никæмæн ыскæндзæн.

Мæстджынæй галуанты цæрыны бæсты æнæмастæй кауын къæсы цæрын хуыздæр у.

Æнæмастæй дон баназ æмæ доны сæр ысхуысс.

Æнæмастæй дон баназ æмæ дуры сæр ысхуысс.

Масты бæсты дон баназ æмæ дурыл дæ сæр бавæр.

Дæ маст хъыг кæмæн уыдзæн, уымæн æй радзур.

Йæ хъаст, йæ маст сын ракодта.

Маст кæуыл æрцæуы, дзургæ дæр уый кæны.

Йæ рагон мæстытæ та æрæмысыд.

Рагон маст нæ тайы.

Рагон мастæн барст у.

Рагон мастæн — тад. (Къоста).

Маст лæджы нæ фæрсы.

Куысты фæлладæй масты фæллад зындæр у.

Лæджы масты хуызæн ницы домы.

Мастæй зæрдæ саумылазон кæны.

Маст æмæ ’рхæндæг рæсугъдты рæсугъды дæр фыдуынд кæнынц.

Маст лæджы æнафоны зæронд кæны.

Арт æмæ мастæй чи басыгъд, уый тагъд зæронд кæны.

Маст низ æфтауы.

Арт — судзаг, маст — дудаг.

Сау хъæды бæлæстæ мæ тæригъæдæй галау уасынц.

Йæ тæригъæдæй дур аскъуийдзæн.


Мæт æмæ мастæй дуртæ дæр хæлынц.

Мастæн дур дæр нæ лæууы. ;

Маст йæ зæрдæйы чи хæссы, уымæн зындæр у. .

Сусæг маст хæссынæй æргом маст хуыздæр у.

Фыдæй фыдхъæдгом хуыздæр у.

Мастæн маст куы кæнай, уæд дын бирæ цард нæй.

Æнустæм мастæй æнустæм хæлар цард хуыздæр у. :

Тæхуды, йæ дзыхыдзаг ма чи ныххуды!

Хуыцау дын æнæмаст цард раттæд!

Фыд æмæ мастмæ зæрдæ нæ лæууы.

Маст æмæ цин — иумæ.

Ногбои æрцæуы: иутæн — цины бон, иннæтæн — фыдæбон.

Хъыджы бон хъыг хъæуы, цины бон — цин.

Цины бон цин хорз у, фыдбон та кæуын у хорз.

Худын, кæуын — æфсымæртæ.

Цин æмæ зиан — æфсымæртæ.

Маст æмæ цин æфсымæртæ сты.

Сырдон Нартæн кæм хъазæнхъул уыд, кæм — масты дзæкъул.

Цинæн — зарджытæ, мардæн — хъарджытæ.

Цин чи нæ фена, уый зын дæр нæ зоны.

Æрдæг — заргæ, æрдæг — кæугæ.

Цин æмæ маст фæндагыл иумæ цæуынц.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.