Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЦÆЛÆТ ÆМÆ МÆЛÆТ

Цард цалхзилæгау зилы.

Зæхх дæр зилы ’мæ — цард дæр.

Цард бонгай у.

Цалх! — дæндаггай, цард — бонгай.

Цард — бонгай, хæрд — комдзаггай.

Цард — сахатгай, хæрд — комдзаггай.

Цард ивгæ цæуы.

Цард туг у.

Царды бон бирæ у.

Цард.ы дзы ничи ’мбулы.

Царды хæрзтæ бирæ сты.

Цард цæрынæн у.

Цард дарын æмæ хæрынæн у.

Цæрдхуыз хæрдхуыз у.

Уæлæуыл цардæй куы ницы фенай, уæд мæрдты дзæнæтмæ цы ’нхъæлмæ кæсыс?

Цæрынæн бирæ хъæуы.

Цæрынæн бирæ цыдæртæ хъæуы.

Ам цъыкк, уым цъыккæй цард нæй.

Цард агургæйæ у.

Цард ыссаргæйæ у.

Цард лæджы фæдыл цæуы.

Цард тохæй у.

Цард цардæй агурын хъæуы.

Царды хæрæгау тыхыскъæрд хъæуы, кæннод размæ нæ цæуы.

Цардæн й’ ад уарзондзинад у.

Цард куыстæй у.

Цард кусæг лæджы уæхскыл бады.

Царды быдыр дидинæг у — сындз тауæн дзы нæй.

Царды хъусы ныхæстæ хъæуы.

Цардæн лæгъстæ хъæуы.

Цардæн лæгъстæ хъæуы, кæннод тæргай кæны.

Цардбæллиц чи кæны, уымæн хуыцау цард раттæд!

Царды хос дын æй хуыцау фæкæнæд!

Цард фæндыр у ’мæ йын йæ хъистæй цæгъдын зонын хъæуы.

Цард дæ йæхæдæг сахуыр кæндзæн.

Цардуагæн йæ сæр куы зонай, уæд цæрын æнцон у.

Цардмæ фаутæ чи хæссы, уый цæрын нæ зоны.

Йæ цард чи нæ зона, уый йæ цард сафы.

Цæрын куыд у, йæ фехалын дæр афтæ у.

Цард хъалгæнаг у.

Цардæфсæст зæрдæ фынтæ нæ уыны.

Цард чи ссары, уый йæ хæстæджыты ферох кæны.

Цард агургæйæ нæу.

Цард сургæйæ нæу.

Сургæйæ цард нæй.

Цардагур цард нæ ары.

Истæмæй дæр — цард, ницæмæй дæр — цард.

Царддæттæг хуыцау у.

Цард фæлтæргай у.

Цард дуггай у.

Цард рæстæггай у.

Цард бархийæ нæу.

Цард фæндонæй нæу.

Цард дунейæн асин у: чи йыл уæлæмæ хизы, чи — дæлæмæ.

Цардыл æууæнк нæй.

Цард тæбæгъы донау у.

Цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу: куы иуырдæм фæкъул вæййы, куы — иннæрдæм.

Цард гæдыйы уавæрæн у: куы кæй къонайыл абады, куы — кæй.

Цардæн æмгъуыд кæнын нæ хъæуы.

Дингæнæг лæг йæ цардæн мæрдтæм æмгъуыдтæ кæны.

Мæрдтæм æмгъуыд ма кæн.

Лæджы фыд хæрынмæ нæ бæззы, мæрдтæй цæрынмæ нал рацæудзынæ.

Мæрдты хæрæн æмæ нуазæн нал и.

Уд адджын у.

Удæй зынаргъдæр ницы ис.

Зæххыл удæй зынаргъдæр ницы ис.

Алкæмæ дæр йæ уд дарынмæ ис.

Йæ уд уæлдай никæмæн у.

Цард адджын у.

Уæлæуыл цард адджын у.

Цард цæфхадæй сæфтæджы ’хсæн дæр мæлæтæй хуыздæр у.

Мæрдты дзæнæтæй уæлæуыл зындон хуыздæр у.

Фæрныг мардæй мæгуыр хур хуыздæр.

Зæрдæйы фаг ничи фæцарди.

Цардæй ничима схъыг.

Цардæй нырма ничима бафсæст.

Цæрынæй чи бафсæст, ахæм нæй.

Цардæй æфсис нæй.

Цардæй æмæ фосæй æфсис нæй.

Мæлын никæй фæнды.

Мæлын зæронды дæр нæ фæнды.

Бæлас дæр ма цæфæй цæфы ’хсæн улæфы.

Мæрдтæм чъирикуывдæй ничи цæуы.

Мæлынмæ тагъд ничи кæны.

Цæрдудæй ингæн никæй хъæуы.

Мæлæтæй тæрсын хъæуы.

Мæлæтæй алчидæр тæрсæд!

Мæлæтæй тас тыхджын у.

Адæймаджы цард уалдзыгон дидинæгау у.

Адæймаджы цард — быдыры дидинæгау.

Цард — дыууæ боны.

Дунейы цард —дыууæ боны.

Лæджы цард — абонæй соммæ.

Мыггагмæ ничи цæры.

Æнусон дур æмæ хъæд дæр не сты.

Æнусмæ æнæ адзал ницы ис.

Цы зоныс, уый уæлæуыл ныууадз.

Мæрдтæм хæссæн ницы и.

Дæ бон кæй онг у, уыйбæрц цæр, кæннод уымæй уæлæмæ куы цæрай, уæд дæ цард хæлгæ кæны.

Æнахъазæй фæцæрын цæрдудæй амæлынæй уæлдай нæу.

Бирæ халон дæр цæры.

Цæргæ уыры дæр кæны, фæлæ боны рухс нæ уыны.

Фидæнмæ, дам, цæллаг рувас цæры.

Уæзыры хæрæджы зад бакæн!

Дурдуцæн æмæ мыстæлвынынмæ фæцæр!

Цæр, цалынмæ Хъæриуы хох тыччъшы йас бауа!

Ичъынайы калмау уæлæуыл баззад (ома йын мæлын нал æнтысы).

Уæлæуыл хуыргарк зайы.

Адзалы бонмæ ничи фæцард.

Бæстæ ничи батыдта.

Дуне ничи батондзæн.

Цардæй чи бафсæст, мæлæтæй чи нæ фæтарст, ахæм зæххыл нæма райгуырд.

Мæлынмæ тагъд ма кæн — баййафдзынæ йæ.

Æппæтæй сæрæгас хуыздæр.

Сæдæ мардæй иу æгас хуыздæр.

Сæдæ марды иу æгасы йаргъ не сты.

Сæдæ хорз мардæй иу æвзæр æгас хуыздæр.

Лæг иу бон райгуыры, иннæ бон амæлы.

Фæнды абон амæл, фæнды — райсом.

Гуыргæ чи ракæны, мæлгæ дæр уый кæны.

Адæм гуыргæ ’мæ мæлгæ ст.ы.

Æнæмæлгæ дуне нæй.

Мæлгæ цы нæ кæны, ахæм нæй.

Цард æмæ мæлæт æмкад æфсымæртæ сты.

Уæрст æмæ мæлæт æфсымæртæ сты.

Уæрст æмæ мæлæт æппæтмæ дæр æххæссынц.

Мæлæтæн дæр амонд хъæуы ’мæ цæрынæн дæр.

Кæм — чындзæхсæв, кæм та фæкæс æмæ — судзгæ мард.

Æнæ аххосæй лæг нæ мæл.ы.

Адæймаг æнæ аххосæй нæ мæлы.

Æнæ ’фсонæй мæлæт нæй.

Æнæ ’фсон ничи мæлы.

Æнæ адзал мæлæт нæй.

Æнæ адзал мæлыны фæтк нæй1.

Мæлæт афон нæ зоны.

Мæлæт рæстæг нæ зоны. ’

Мæлæт æмгъуыд нæ зоны.

Мæлæт карæй нæ фæрсы.

Æнæ бонæмгъуыд мæлæт нæй.

Адзал æмгъуыдæй раздæр нæ цæуы.

Лæг й’ адзалæй раздæр нæ мæлы.

Лæгæн йæ мæлæт йæ фæсхъус вæййы, фæлæ йæ нæ фæзоны.

Йæ мæлæт ничи зоны.

Адæймаг й’ адзал нæ зоны.

Фыргуыст, фырмаст æмæ фыдниз адзалмæ тæрынц.

Мæлæт зæрондмæ хæстæг у.

Азтæ тæраз ыст.ы — царды барæн.

Мæлæт хистæрæй кæстæры сæрыл нæу.

Адзал хистæрæй кæстæры сæрыл нæу.

Цард хистæрæй кæстæры сæрыл нæу: зæронд бæх байрагдзармы хор бирæ хатт бахæры.

Зæронд бæх байрагдзармы нæмыг бирæ хатт бахæры.

Бæхдзарм байрагдзæрттæ бирæ бастыгъта.

Зæронд бæх байрагдзæрттыл фæкафы.

Бæх байраджы кæрдæджытæ бирæ ахордта.

Сæфынæн бирæ нæ хъæуы.

Зын царды фæндаг у ссарын, сæфты фæндаг æнцон ыссарæн у.

Мæлдзыгыл базыртæ куы базайы, йе сæфт уæд æрцæуы.

Фесæфын бирæ ’мæ чысылы сæрыл нæу.

Лæг йæ сæр куы сафа, уæд цас дарддæр — уыйас хуыздæр.

Царциаты сæфт æмбисондæн у.

Адзал адæймагæн йæ разæй цæуы.

Адзалы фæндагыл мыд конд и.

Адзалæн гæртам нæ лæууы.

Удхæссæг рынчынæй гæртам нæ исы.

Удхæссæджы ничи уарзы.

Мæлæтæй алчидæр тæрсы.

Мæлæты бар алкæуыл дæр цæуы.

Мæрдты дуар алкæмæн дæр гом у.

Мæлæтæй бамбæхсæн нæй.

Мæлæтæй лидзæн нæй, адзалæй та — ’мбæхсæн.

Фыдбылызæй ирвæзæн ис, фæлæ мæлæтæй фервæзæн нæй.

Мæлæтæй æгъатырдæр ницы ис.

Адзал маст нæ зон.ы.

Мард æмæ мæлæтдзаг уд иу уавæрæн ысты.

Мæлæг уд мæгуыр у.

Мæлын зын у.

Мæрдтæмвæндаг уынгæг у.

Удисæг æппæтмæ дæр къæсæрæй кæсы.

Сылгоймаг тæнаæрдæ у ’мæ мæрдтæм цæугæйæ дæс марды кæны.

Мæрдтæмдзæуæг сæнттæ цæгъды.

Мæлæт-удмæ хатгæйæ нæу.

Удисæг йæ уды мæт кæны.

Адзалы бон оффытæй нал у.

Удисæгæн оффытæй нал вæййы.

Искæй къухæй мæлæг зынудисæн кæны.

Мæлынæн дæр æхсар хъæуы.

Уастырджи ’мæ удхæссæг ызнæгтæ сты.

Æнæ иу миниуæг мæрдтæм ничи цæуы.

.Лæг мæрдтæм æнæ исты лæджыхъæд нæ цæуы.

Лæг куы мæлы, дунейыл æй цы кæнын хъæуы, уый уæд базоны.

Изæры бонмæ алцæмæ дæр хъуамæ ’нхъæлмæ кæсай хорзæй дæр æмæ ’взæрæй дæр.

Стъæлды фæуай!

Хъабахъ фæуай, джебогъ фæуæд дæ фæсарм!

Кæддзиты бын баут!

Кæддзиты ’мбисонд уыл æрцæуæд!

Сидзæнты хæдзары сæфт фæкæнут!

Цегонаты усы задæй баззай!

Тибиты рын дæ адавæд!

Арв дæ ’ркъуырæд!

Халæтты холыйаг фæу!

Мæрдты бинаг къæй бавзар!

Есенаты сæныкк сабæттаг æрбауа! (Зарæджы ныхæстæй).

Дæ лыстæг артæнтæ дæ размæ акæлæнт!

Хæсгæ мард фæу!

Дæ цухъхъа дæ мæрддзаг фæуæд!

Д’ ахсджиæгтæ фæмæлæнт радæй радмæ!

Дæ мардмæ дын æрцæуæнт!

Де знагмæ бæллæг дæр афтæ куы байсæфид!

Дæ хæраммæ бæллæг дæр уыйау куы фæуид!

Таппызары хай баци.

Йæ дуне йыл баталынг.

Халбн ын йе стæгдар дæр нал ыссардзæн.

Йæ райгуырдæй й,æ мæлæт фæраздæр.

Дард бæстæй ласгæ мард — æвирхъау хъуыддаг.

Арвæй ме стъалыйы хай рахауд, зæххыл мæ кæрдæджы хал бахус.

Мæ бындур йæ быныл ныззылд.

Авд Гæналы сæфт фæкодтой.

Царциатæ — цæрддзугæнæг, сæ мыггаг — æвæстаг.

Цъыбыртты сыгъд баисты.

Судзгæ мæрдтæ!

Судзгæ фæбада!

Йæ кафæн уæнгтæ уæнджоы сæрæй фæхаудтой.

Уымæн йæ цæв-æг уæлкъæсæр ауыгъдæй куы баззад!

(Хъарæджы ныхæстæй).

Уæ, мæ мыр-мыраг чындз!

Дæ сау хъæды фæндаг сау сындзæй бахгæдта. (Куыцыччы зарæгæй).

Уæ, бæрзонд фæлгæсæнтæ, ныллæг бацæуæнтæ чи скодта ’мæ уыдонæй чи ницы федта! (Хъарæджы ныхæстæй).

О мæнæ хъæу, хъæууатæй дæ иунæг хуыцау баззайын кæнæд: гал галиуæг кæм нал кæны, лæг лæгиуæг кæм нал фæразы!

Цæргæ дæр бирæ фæкодта, хъиамæтæй дæр æй йæ фаг фæци.

Мард кæуын кæны.

Куыд мард æрцæуы, афтæ фæкуыдæуы.

Хорз мардыл сохъхъыр цæстæй дæр цæстысыг цæуы.

Йæ худгæ хур къæсæррæбын тæдзынæгмæ кæугæ лæууы. (Хъарæджы ныхæстæй).

Фыдбон куы ’рцæуа, уæд кæуын — йæ хос.

Фыд куы ’рцæуа, уæд кæуын — йæ хос.

Акæут ыл, акæут! Уый кæуинаг куы у, кæуинаг! Судзгæ фæбадон! (Хъарæджы ныхæстæй).

Дæ мардыл дæхи хуызæн ничи скæудзæн.

Дæ мардыл дæхи хуызæн ничи фæрисдзæн.

Зиан кæуыл æрцæуы, тынгдæр уый фæриссы.

Мæрдджын йæ зæрдæйы судзаг кæуынæй уадзы.

О мæ хо, дæ карз цæстысыгæй мын бахай кæн!

Мæрдджын куы кæуа, сыхаг дæр уæд кæуы.

Мæрдджын куынæ кæуа, уæд сыхаг дæр нæ кæуы.

Искæй мардыл кæуæг йæхи мæрдты мысы.

Цасфæнды кæуай, уæддæр дзы мæсыг нæ самайдзынæ.

Мард цæстысыгæй не ’гас кæны.

Мард æгас нæ кæны.

Маст æмæ кæуынæй мард æгас нæ кæны.

Мардыл йæхи ничи мары.

Марды фæстæ ничима амард.

Уд уды сæрыл ничи баивта.

Æз йæ цинæй кæмæн цардтæн æмæ йæ уындæй кæмæн нæ бафсæстæн!

Ды кæмæн уыдтæ ’мæ ды кæмæн нал дæ! Дæ хæрдджынæй хæрдджын куы уыдтæн, дæ нозтджынæй — нозтджын!

Æз дын уымæй фылдæр куы фæдзурон, уæд мæ дзурæн дзыхæй мæртæ ’мæ дуртæ фæхæрон! (Хъарæджы ныхæстæй).

Æндæр кæуæг ус дæ къæсæры сæрыл мауал бахизæд!

Зианæй, цалынмæ ’рцæуа, уæдмæ тæрс, фæлæ иугæр æрцыди, уæд фидар лæуу!

Стыр фыдæн — ыстыр комдзаг.

Стыр фыдæн ыстыр комдзаг — йæ хос.

Стыр фыдæн — ыстыр хуыпп.

Зиан зианы ’мбæрзы.

Фыд фыдæн рын у.

Фырв-ыд — æвыд.

Адзалæн мадзал нæй.

Адзалæн амал нæй.

Амард æмæ асастæн мадзал нæй.

Амард æмæ асастæн хос нæй.

Мæлæт фæтк у.

.Мæлæт фæтк у ’мæ дзы тæрсын нæ хъæуы.

Хуыцауы зиан хуыцауы сой у.

Мардæй ч.ысыл æмæ стыр нæй.

Рæухъæнджынæй мард дзырддаг у.

Мард буармæ бавналын тæригъæд у.

Марды сæр æнцон дасæн у.

Марды ног дарæсы ныгæнынц.

Марды мæрддзаг йæ чырыны вæййы.

Мардæн йæ мæрддзаг йемæ вæййы.

Дæ мард дын чи банымайдзæн, хъæргæнæг уымæ арвит.

Хъæргæнæг йæ бæхыл нал фæцауæрды.

Хъæргæнæг йæ бæхæй рахизырдæм æрхизы.

Мардæн — мæрддзыгой.

Дæ зыны сахат дæм чи фæкæсдзæн, уый дæ уарзы.

Кæд мын дæ цæст хорз уарзы, уæд — мæ тыхст æмæ мæ саубоны.

Мæлæты бон дæ фыдгулыл æркæнæд!

Мардæн йæ саубоны кад хъæуы.

Лæгæн й’ амонд йæ мæлæты бон ысбæрæг вæййы.

Лæг цалынмæ амæлы, уæдмæ йын аргъгæнæг нæй.

Лæг цалынмæ амæла, уалынмæ йын аргъ дæр нæй æмæ кад дæр.

Удæгасæй йæ бинонты хуыздæры ничима базыдта: ку’ амæлы, уæд æй базонынц.

Чи амæлы, уый ысхорз вæййы.

Чи амæлы, уый æвзæр к’ уа, уæддæр ысхорз вæййы.

Лæг ку’ амæлы, уæд ыскадджын вæййы.

Мардыл ничи фæхуды. ,

Мæрдджын мæгуыр у.

Зианджын мæгуыр у.

Мæрдджыны цæст уынаг у.

^Мæрдджыны цæст дардыл уыны.

Мард фæрæзгæнаг у.

Мæрдджын — фæрæзджын.

Марды хицау—фæрæзджын.

Марды тохси къуыраг у.

Марды тохси — риуыгъаг. >

Мард ракъахаг у. (Ома: лæг ку’ амæлы, уæд бирæ цыдæртæ раргом вæййы).

Мæрдты радыгай ныгæдæуы.

Марды дыууæ ныгæды ничи кæны.

Мæрдтæ уæнгцухоы сæхимæ нæ исынц.

Чи кæм райгуыры, уым æй бавæрынц.

Хъæу кæм и, уæлмæрд дæр уым и.

Æдзæфхад бæх мардæн ничи фæлдисы.

Мады хъæбысау дын адджын фæуæд Иры сыджыт!

Мысыры сыджыт дын басгуыхæд!

Хæрнæггæнæг хорхъуаг нæ вæййы.

Мард хæстæджытæн æмбис у.

Хæрнæг мардæн ном кæны.

Стыр фыдæн — «ыстыр хæрнæг.

Мардæн цалынмæ рухсагзæгъæг ис, уæдмæ мард нæу.

Сæ мæрдтæн рухсагзæгъæг нал и — дзæгъæл баззадысты.

Борæты мардау — æнæ мардыкæнд.

Нал дзы хистаг и, нал хъыллистаг.

Мард рухсагæй не ’фсæды.

Рухсаггаг мардæн намыс у.

Мардæн рухсгæнгæйæ фынджы бын гæды ма уадз.

Фæлдисинаг — мардæн мæрдтæм- фæндаггаг.

Мæнг дунейæ æцæг дунемæ цæуыс.

Дæ мæрдтæм фæндаг рухс уæд!

Мæрдты цы фæтк, цы фæндаг ис, уымæй хорз ракур.

Рухсы бад!

Дзæнæты бад!

Удæнцой ис уæлæуыл, мæрдты та — удыбæстæ.

Хъæддзарв донæн кæм нуазынц, буд цырагъæн кæм судзынц. . ; ’

Д’ арм— æхсад, дæ ком — æнхъæвзт (фæзæгъынц мæрдтæн хæларгæнгæйæ).

Дзæм-дзæмы дон — дæ нуазинаг.

Сæкæр — дæ хæринаг, буд — дæ судзинаг.

Мард æфсис нæ зоны.

Мардæн бафсис нæй.

Марды гуыбын ыстыр у.

Марды гуыбыны бирæ цæуы.

Мард ызнаг у — не ’фсæды.

Зæронд мард дæр хаттæй-хатт бахæры.

Чысыл марды цы хъæуы, стыр марды дæр уый хъæуы.

Стыр хисты адæм ыстырæй-чысылæй иу нымæцы цæуынц.

Хисты хай райсын .ыстырæй-чысылыл нæу.

Мардмæ стонгæй нæ цыдæуы.

Мард æгасæн — хæринаг.

Ахæм мæрдæхсæвæр никуы ’рцыди ’мæ дзы мачи фæхудтаид.

Мард дæр æнæ худгæ нæ цæуы.

Мард дæр æнæ худгæ нæ вæййы.

Мард æнæ худгæйæ нæ цæуы, чындз — æнæ кæугæ:

Хистгæнæг æххормагæй баззад.

Хистгæнæг сыдæй амард.

Ирон хистæн кæрон нæй.

Хист мæгуыргæнæг у.

Адæймагæн йæ буар сыджыт у, йæ уд та — гæлæбу.

Мæрдтыбæстæм мæгуыр æмæ фæрныджы фæндаггаг æмхуызон ысты.

Дæ мад дæ мæрдæй аззайæд!

Дæ мад кæугæ-ниугæйæ баззад дæ мæрдæй.

Йæ сабитæ хурмæ баззадысты.

Уымæн цардæй цы нæ бантыст, уый дæуæн бантысæд!

Мæрдтæм мидæмæ цæуынц, æддæмæ дзы ничи цæуы.

Мæрдтæй цæрынмæ ничи цæуы.

Мæрдтæй нырма ничима раздæхт.

Мæрдтæй рацæуыны фæтк нæй.

Хуыцауы цæхæрадонæй раздæхæн ис, фæлæ мæрдты бæстæй раздæхæн нæй.

Мард лæгæн хæдзармæ цæуæн нæй — ахæм фæтк зыдтой фыдæлтæ.

Мæрдты цы ис, уый ничи зоны.

Мæрдтæм хуынтæ ’рвитæн нæй.

Мæгуыр — амæлæг.

Мæгуыр — амæлæг, æгас та йæхицæн фæрæзтæ кæндзæн.

Мæгуыр — амæлæг, чи цæра, уый та йæхицæн амæлттæ кæндзæн.

Мардæн рохгæнæн нæй.

Зын зынæй рох кæны.

Сыджыт рохгæнаг у.

Сыджыт рохгæнаг у: уадидæгæн дæ байрох уыдзæн.

Мард мæрдтæй ауды.

Мардаудæг дзуары аудæгæй хуыздæр у. ;

Мардæй, дзуарæй хъауджыдæр нæй.

Мæрдтæн .æмæ дзуæрттæн иу кад ис.

Марды арфæ ’мæ хуыцауы арфæ ’мхуызон ысты.

Марды ’лгъыст — зæрдæйæн рæхуыст.

Марды ралгъитын — ыстыр тæригъæд.

Марды фарс ничиуал вæййы.

Мард хъуджы стигъджытæ уыдзæн.

Мард йæ хæс бафыста, фæлæ ма удыгæстæн фидинаг у.

Чи амард, уыдон — æнæтæригъæд, чи цæры, уыдон — тæригъæдджын.

Мæрдтæй сызгъæрин талатæ суадз!

Уый æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæр (фæзæгъынц, чи амард, чи нал и, уый кой куы ’рцæуы ныхасгæнгæйæ, уæд).

Уыдоны ’рцыдмæ дзæбæхæй цæрут!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.