Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДУНЕЙЫ ЦАРД ÆМÆ ÆРДЗ

Æрдзы цард хæдæвзæргæ у.

Дуне ницæмæй конд у.

Дуне никæй у, адæм дунейы сты.

Арвæй зæххы ’хсæн цыдæриддæр ис, уыдонæй цы нæ хъæуы, ахæм нæй.

Зæххыл цы нæ ис, ахæм нæй.

Дуне уæнгтæ ’мæ нывыл карст у.

Бæстæ уæлгоммæ у.

Дуне лæджы тыххæй конд у.

Дунейыл хур дæр не ’ххæссы.

Дуне иу лæгæн æгæр у, дыууæйы фаг нæ кæны.

Адæмы дарæг — хур æмæ сыджыт.

Хур адæмæн иумæйаг у.

Хур адæмæн æнæуæрст у.

Хур мигъбон дæр вæййы.

Хурмæ хуссар хæстæгдæр у.

Хур йæхимæ халсар ыздахы.

Æнæ хурыцæст фенгæйæ халсар нæ рæзы.

Хурæй хъæстгæнæн нæй.

Хур дидинæг æмæ фаджысы ’мхуызон тавы.

Хур ингæнмæ дæр æндавы.

Хур дуры гуыбынмæ дæр хъары.

Хуры хъарммæ хъыбылтæ дæр кафгæ фæкæнынц.

Хурæй тыхджындæр ницы ис.

Хур бæсты сæры тых у.

Зæхх цæуын куы зонид, уæд нæ хурмæ фæкæнид.

Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та — йæ ф<ыд.

Сыджыт адæмæн сæ мад у, хуыцау — сæ фыд.

Зæхх цæрынæн у.

Зæхх цæрæджы у.

Зæххыл æнусм,æ бардарæн нæй.

Зæхх уырзгай у.

Зæхх уырзгай у: кæм хъæздыгдæр у, кæм — мæгуырдæр.

Зæххæй æвзæр нæй.

Зæххæн йæ фарн куыд у, йæ бæркад дæр афтæ у.

Зæххы фарн æмæ лæджы фарн иу не сты.

Зæххы фарн адæмы фарн у.

Мысыры сыджыт æвдадзы хос у.

Мысыры зæхх пайдайы хос у.

Сыджыт пайдайы хос у, фæлæ мардæмбæрзæн дæр у.

Сыджыт, зæгъы, афтæ акæны: «Мæнæн чи нæ балæгъстæ кæна, ахæм нæй.

Зæхх йæ уæлæ хæс нæ уадзы.

Зæхх бирæ быхсы.

Æппæт зынтæ зæхх уромы.

Арвæй цы дур æрхауа, уый зæхх уромы.

Зæхх æппæтдæр уромы.

Зæххы уæзæн ничи у.

Зæххы фидыц — хоры ’рзад.

Нæ уынгæг хæхты дур — арæх, зæхх — кадавар.

Хох.ы дзуар баззади, быдыры — лдар.

Хох хæрæгмæлæн у.

Хох хæзна у.

Налхъуыт æмæ налмас — зæринæй зынаргъдæр.

Сигæцдур Цыраугомæй ластой.

Сондоны тæф калмæн марг у.

Лæугæ хохы дымгæ зилы.

Лæугæ хох дуртулæн у.

Лæугæ хохæй зæй цæуы.

Арв хæхбæсты тынг фæнæры.

Бæрзонд хохыл их нæ уары.

Хохы цъуппыл æууæик нæй.

Хæхты — хох-мæйрухс, быдыры — сах-хур.

Сау хох — донджын, урс хох — лæгæтджын.

Хохæн — фæндаг, быдырæн — дон.

Цъити арвы х-æрæфырт у.

Цъити сæрды — сырдтæн ривæддон.

Цъити йæ уæзæй ыскъуийы.

Ихы фæзгъæртæ рухс хурæй тайынц.

Цъити их у, их та — дон.

Цъити æнусты цæры, мит та — дыууæ боны.

Залтоы мит æмæ æнусы цъити.

Дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.

Дон æмæ зæхх адæмæн æхсæны сты.

Дон хъæды райгуыры.

Дон йæ фæлгуырæй фидауы.

Дон сæрæй ивылы.

Дон ивылдæй йæ кæнон кæны.

Дон цæугæ у.

Дон бынат агуры.

Дон йæ зæронд фæд агуры.

Дон иу раныл нæ фæд кæны.

Æхсæрдзæны дон фынчытимæ хъаз-ы.

Дон адæмы сыгъдæг кæны, адæм та йæ чъизи кæиыиц.

Дон йæхимæ чъизи нæ уадзы.

Дон цыфæнды чъизи к’ уа, уæддæр йæ фæстаг сыгъдæгмæ цæуы.

Фос доны сыгъдæг нуазы.

Хæфс цы доны нæ уа, уый нуазынæн нæ бæззы.

Дон цæрæнбонты хъæргæнгæ цæуы, фæлæ йын дзуапп ничи дæтты.

Фæлдыст суадон — фæлладуадзæн.

Цæугæ цы дон нæ кæн.ы, уый рæсуг нæ кæны.

Бадгæ дон хъуына кæны.

Цъымарадон — къогъодон.

Дон æмæ зынгæй нæ хъазтæуы.

Зынджы сафæг дон у.

Зынг æмæ дон кæрæдзийæн ызнаг -ысты.

Арт цы не ’ндавы, дон цы нæ сыгъдæг кæиы, ахæм ницы ис.

Цы буар нæ судзы, уый рухс нæ кæны.

Арт сайаг у.

Арт алцыдæр хаты.

Арт дзуар у.

Хуыцауы дæр ма зынджы ад бахъуыди.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.