Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЦÆРÆГОЙТÆ

Æмæ араст ысты хуыцаумæ: адæмæй — лæг-минæвар, сырдтæй — рувас-минæвар, мæргътæй — уæрцц-минæвар. (Аргъауы ныхæстæй).

Цæрæгойтæ зымæг зæххыл мæрдфынæй кæнынц, стæй, уалдзæг арв куы ныннæры, уæд райхъал вæййынц.

Цæрæгойтæм дæр ис миниуæг.

Хъæддаг сырд дзуджы астæу нæ лæууы.

Сырд сырды фыдыл н’ ауæрды.

Цæф сырды гæпп бирæгъ дæр не ’ййафы.

Саг йæ оытæй фидауы.

Саг Нартæн — адæг ласынæн.

Хъуаз фыццаг хатт куы ныззайы, уæд йæ родæй фæлидзы: афтæ фенхъæлы ’мæ залиаг калм у.

Сычъийæн къæдзæхтæ ’рнæджытæ сты.

Пыл хъæддаг у, фæлæ ахуыр дæр кæны.

Арс йæ холы ’мбыдæй хæры.

Арс цымы бын базæронд.

Зæронд арсæн бæласмæ схизын амонын нæ хъæуы.

Кæрдо бæлас — арсæн йæ къæбиц.

Арсæн йæ лæппын — лæгæты къæбицы хицау.

Арс йæ фист зымæг нæ калы.

Арс зымæг йæ дзæмбы сдæры.

Арсы ма хъыгдар æмæ дыл богътæ ма кæна. ;

Цæф арс мæстыгæр вæййы.

Сгæрæфцæг арс хæцаг у.

Сгæрæфцæг арс фыдуаг у.

Сырдтæ иууылдæр арсæй тæроынц.

Сырдтæй арсæй зондджындæр ничи у.

Тархъæды балбирæгътæ хицау ысты.

Балон бирæгъ фыдвæндаг нæ кæны.

Балбирæгъ ныфсджын вæйиы.

Бирæгъ бирæгъы йæ ниуынæй зоны.

Бирæгъ бирæгъмæ холыйыл сидæгау фæниуы.

Гæды ’мæ бирæгъы цæст æхсæв уынаг ысты.

Бирæгъы ссыр хæйрæгæн ызныгъ у.

Хъилхъусæгæй хæйрæг тæрсы.

Бирæгъæй хæйрæг дæр тæрсы.

Бирæгъ фæдысмудын куы зонид, уæд фосæй мыггаг нал ныууагътаид.

Бирæгъæн йе сæфт — йæ гуыбыны.

Бирæгъ æфсæстæй нæ лæбуры.

Стонг бирæгъ кæртмæ лæбуры.

Балбирæгъ кæртмæ лæбуры.

Зæронд бирæгъ кæртмæ лæбуры.

Зæронд бирæгъ тæссагдæр у.

Бирæгъ зæрондæй дæр йæ кæнон нæ уадзы.

Бирæгъæн фиййауæй æнæ тæрсгæ нæй.

Бирæгъ куынæ уаид, уæд фиййау дæр нæ хъæуид.

Бирæгъ дæр ма лæгæй тæрсы.

Бирæгъ артæй тæрсы.

Бирæгъ йæ фырзыдæй фос сынæгæй цæгъды.

Бирæгъ, бахæра — нæ бахæра, уæддæр хæрдджын у.

Бирæгъы йæ къæхтæ ’фсадынц.

Бирæгъы йæ къæхтæ дарынц.

Бирæгъ йæ къæхты фæрцы ирвæзы. г

Бирæгъы йедтæмæ йæхи фыд ничи хæры.

Бирæгъ зымæг уазалæй тæрсы, сæрд — æнтæфæй.

Бирæгъ бирæгæйттæ ары, афтæмæй йæ мыггаг цыбыр у.

Бирæгътæ бирæгæйттæ зайыиц, уæддæр бирæ нæ кæнынц, фос та иугæйттæ зайы ’мæ уæддæр бирæ кæны.

Бирæгъ æмæ куыдз ызыагæй цæрынц.

Æрра бирæгъы куитæ хæрынц.

Бирæгъы холы куыдзæн минас у.

Бирæгъы мард хъыг никæмæн вæййы.

Хъæддаг хуыйы сæр — бирæгъы удхæссæг.

Рувасæн й’ амонд хæрæджы сæрæй ыстырдæр у.

Рувас рæстæмбæлæг у.

Цæллаг рувас бирæ цæры.

Рувас къæппæджы тæфæй зоны.

Цæттæ холоы.хæрынмæ рувас дæсны у.

Рувас карчы фыд куы бахæры, уæд йæ къæдзилыл фынæй фæкæны.

Рувас йæ къæдзилæн тæрсы.

Рувасы йедтæмæ лæджы фыд ничи хæр.ы.

Рувасæн йæхицæй йæ царм хуыздæр.

Сæлавырæи йæ номæй йæ царм зынаргъдæр у.

Тæрхъус хæрæджы йæ хистæр æрвад хоны: нæ сæртæ ’мæ, дам, нæ хъустæ ’мхуызон ысты.

Тæрхъусæмбæхсæн — сындзы, йæ фæлладуадзæн — рындзы.

Тæрхъусы хъус хъусаг у.

Тæрхъус æппæтæй хъустæ у, фæлæ уæддæр амæттаг фæвæййы.

Тæрхъусæн йæ къæхтæ — йæ ирвæзынгæнæг.

Тæрхъусы гæпп тæссæй дывæрццыг у.

Тæрхъус бон нæл вæййы, ’хсæв — сыл.

Тæрхъусæн йæ фыдæй йæ царм зынаргъдæр у.

Уырд уæлхох нæ цæры.

Уырд надæй тæрсы.

Уырд куырм у, фæлæ кусгæ кæны.

Мыстытæн сæ паддзах — мыстулæг.

Мыстулæг йе ’фхæрд нæ бары.

Мыстулæгæн — æхсыры сæртæ.

Доны цæлхъ хæфс дзæнгæрæг хоны.

Хæфсæн калмы ком — йæ ингæн.

Мысты хъус хъусаг у.

Цывзыйæдзыд мыст мæйæн зад кæны.

Мыстæн — гæды, кæннод — цъысым.

Фаджыс хъæндилæн — йæ къæбиц.

Мæлдзгуыты обау — хъæндилæн мæсыг.

Сындзы къоппа — мыдыбындзæн йæ бадæн.

Мыдыбындз давджыты йæ фатæй цæвы.

Æхсæнкъ йæ тæлфынæй хъыгдары.

Бындз йæ базыртæй уасы.

Дзынга — рæгъауы фосæн сæ сурæг.

Дзынга ’мæ бирæгъ — рæгъауы сурæг.

Дзынга — бындзытæн се ’лдар.

Тæхгæ маргъы знаджы нæмыг ивгъуийы.

Цъиу æргъæвстæй æнцон ахсæн у.

Цъиу æргъæвстæй ахстæуы.

Хъæддаг цъиу хъæуккаг ахстоны нæ лæууы.

Быдираг маргъæн хæхбæсты зын цæрæн у.

Цæргæсы цæст дардмæ уыны.

Цæргæсы бырынкъ йæ ныхтæй тыхджындæр у.

Цæргæс куынæуал фæтæхы, уæд цады был хизы.

Цæргæсыл уари ’лдариуæг кæны.

Зæрватыкк хæдзары адæмимæ цæры.

Зæрватыкк йæ лæппынтæн й’ ахстоны фарсмæ зарджытæ фæкæны.

Зарватыкк æмæ дзывылдар — хуыцауы уарзон мæргътæ.

Зæрватыкк — адæмæн уарзон.

Адæмлымæн, саджилдымæг зæрватыкк.

Булæмæргъ кадджын маргъ у — авд æвзагæй зары.

Гæркъæраг— мæргътæн сæ уасæг.

Дзыгой мæргъты ’хсæн йæ сыкъатæй бæрæг у.

Бæлоны адæм уарзынц.

Мæсыджы сæр дзæнхъатæ — ’хсинæджы бадæн.

Хæлынбыттыр куы мæргъты сайы, куы — мыстыты.

Уæрцц лæзгъæрыл ахстон нæ кæны.

Уæрцц бæласыл нæ бады.

Къутæр — уæрццæн æмбæхсæн.

Уæрццæн былдыхъ-былдыхъ — йæ фæззыгон зарæг.

Уæрцц — былдыхъ, мыст та — цъыззшт.

Уæрцц — былдыхъ, мыст — мæ мæрт!

Зым йæ хъæбулты хохы цъуппыл дары.

Уыг боны рухсæй хъыг кæны.

Уыгæн йæ сæр — ыстыр, йæ зæрдæ — фæлмæн.

Уыгæн йæ зæрдæ фæлмæн у ’мæ йæ йæ оынтытæ ныттонынц.

Хъилдур — халонбадæн.

Мард бæхы сæр — халоны бадæн.

Кæройнаг бæлас — халонбадæн.

Хæдмæлæй халоны цæстмæ туджы цæджындз арæзт ис.

Халон йе уæны кæсы.

Халон æртæ хохы ’ддемæ холы базоны.

Халон хæдмæлхор у.

Халон халоны дардмæ базоны.

Халон мæ цъиу аскъæфта, уый тыххæй нæ зæгъын, фæлæ мæргътæй се ’ппæтæй дæр гæбæрдæр у.

Сынт хъæрццыгъа нæу, ыскъæргæ нæ кæны.

Сынт дæр бадæн агуры.

Кæсаг сурыл нæ цæры.

Кæсаг алы доны нæ цæры.

Кæсаг донæн й’арф агуры.

Кæсаг хуыдымы бады.

Кæсаджы йæ хъустæй ахстæуы.

Каеф кæсаджы къæдзилмæ бады.

Кæф нæрсы ’мæ — йæ къæдзилæн.

Кæф йæ къудийæ хæцы.

Кæф йæ къæдзилæй цæв»ы.

Калм сыджытæй не ’фсæды.

Калм йе ’хситтæй бæрæг у.

Калмы хæст хъамайы цæфæй риссагдæр у.

Калмы хæст цæфæй риссагдæр у.

Калмæн йæ цæф марг у, йæ хæрв — хос.

Калм лæджы знаг у.

Калмы йæ сæрæй мардæуы.

Калм сусæг ызнаг у ’мæ йæ сæрæй дæр уымæн марУнц.

Калм йæ хæрв уалдзæг æппары.

Калмæн йæ марг ку’ акæлы, уæд йæхæдæг йæхи амары.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.