Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

БАЛЦ. БÆЛЦЦОН. ФÆНДАГ

Нарт балцы цæуаг уыдысты.

Нарт ыстæры цæуаг уыдысты.

Нарт хæтæны цæуаг уыдысты.

Нарт-иу сæ балц дыццæджы кодтой.

Нартæн сæ балцы цæуæн, сæ хæцæн майрæмбон уыд.

Исчи дæ куы хона, уæд балцы н’ ацæуын худинаг уыд Нарты бæсты.

Лæг балцæн гуырд у.

Тагъд мын, хæрынæн адджын, хæссынæн рог чи уа, ахæм хæринæгтæ ацæттæ кæн мæ цылыхъы дзаг!

Иу боны фæндаггаг фæнды де ’рагъыл уæд, фæнды — дæ гуыбыны.

Æмбойны фæндаггаг — гуыбыны.

Цалынмæ де знагимæ цæхх æмæ кæрдзын бахæрай, уæдмæ йын, кæдæм цæуыс, уый ма зæгъ.

Фæнды дын саргъ ма уæд, фæнды — бæх, уæддæр балцы н’ ацæудзынæ.

Сапонæхсад, айкæвдылд æй ыскодта йæ бæхы; сæргъæнгом æй ныккодта.

Балцы цæугæйæ дæ гæрзтæ хæдзары ма ныууадз.

Бæлццон æнæ цыргъагæй нæ цæуы.

Фæндагыл цæуыс, уæд дæ лæдзæг ма ныууадз.

Фæндаггон лæгæн уис дæр æххуыс у.

Хæрзифтонг фæндагыл æдыхст у.

Фæндаджы хъуыддаг æмæ зæрдæйы фæндон иу не сты.

Хæдзары уынаффæ фæндагмæ нæ бæззы.

Цырдæм — дæ фæндаг, цырдæм — дæ рындз?

Уæлæмæ, лæппу: фæндаг даргъ у, бон — цыбыр.

Фæндаггоны ма уром.

Амондджын фæндаг — цардхæссæг.

Дард фæндагæн ыстыр амонд хъæуы.

Уырызмæджы амондджын хуыдтой балцы, фæндагыл.

Дзырды фæуæд: «Абонæй фæстæмæ нæм Сатана ’мæ Уырызмæджы бæлццоны хуызæнæй æрцæуæд нæ бæлццон!»

Фæндаджы хорзæн мæнг «о» дæр хорз у.

Уæ, Лæгтыдзуар, фæндараст сæ фæкæн нæ фæсивæды!

Хуыцау дæ фæндараст фæкæнæд!

Уастырджи де ’мбал!

Уастырджи дæ рахиз фарс цæуæг фæуæд!

Бæлццоны рæствæндаггæнæг æмбæлæг зоны.

Æмбæлæггаг — хæрзмæгæнæг.

Фыдæмбæлæгæй дæ хуыцау бахизæд!

Мæнгард лæг дыл амбæлд, уæд балцы мауал ацу.

Балцы цæугæйæ Кæрдæджы стъалы æвæндарасты нысан у.

Ихæн, мит æмæ дон Кæрдæдж-ы стъалыйæ цæуынц.

Пирæны дæндæгтыл — дæ фæндаг!

Цардæмвæливæг хæдзар нæ ары.

«Дæ фæндаг раст!» — «Дæ хъуыддаг раст!»

Бæлццон лæшл тых æвзарын худинаг у.

Сослан хæтæг лæг уыд.

Сослан хæтæг лæг уыд. Йæ уд, йæ дзæцц исты хъазуат ракæнын: сырд амарын, искæй фæхынцын, æфхæринаг лæджы бафхæрын; бадын нæ зыдта.

Хæтæны ахуыр лæгæн иу ран бадын зын у.

Хæтæг лæг — мæйдар æхсæв боны хатт чи кæны!

Дæрддзæст лæг — хæтæны раздзæуæг.

Хæтаг — араг.

Æз хæтæг лæг дæн: цæуæнты цæуын, хæтæнты хæтын.

Хæтæг лæг дæн, цæуæг лæг дæн.

Цæуæг лæджы алчидæр зоны.

Уый цъиуæй, бæдулæй чи нæ зоны, ахæм нæй.

Хæтæнты ды хæтыс, цæуæнты ды цæуыс.

Цæуæнты ды цæуыс, хæтæнты ды хæтыс.

Цæуæнты сымах цæут, хæтæнты сымах хæтут, аллон-биллоны тæф та мæнæй цæуы!

Цæуæнты фæцыд, хæтæнты фæхатти.

Æз цы бæсты нæ уыдтæн? Арвы кæрæтты фæхаттæн.

Сау денджызæй Цъæх денджызмæ хатти йæ рæстæджы — лæгæй базæронд.

Хæтæг лæг нæ бын зоны, нæ — ис.

Хæтæг лæг нæ арт зоны, нæ — фæнык.

Дзæгъæл хæтæг лæджы мард дзæгъæл баззайы.

Нарт сæ цуан никуы уагътой.

Цуанон лæг йæ фæнычы къæрмæг йæ фæдджийы хæссы.

Цуанои лæджы мард мæрдтæм нæ хæццæ кæны.

Цуаноны мард бæстæм нæ хæццæ кæны.

Лæг нæхстæры бæрæг у.

Адæймапшæ цалынмæ ныхстуаты фæуай, уалынмæ йын йæ хъарутæ, йæ лæджыхъæд нæ базондзынæ.

Лæджы хорз фæндагыл бæрæг кæны.

Балцы кæимæ н’ ацæуай, уый ыстаугæ дæр ма ракæн, фаугæ дæр ма ракæн.

Фæндагæн йæ дæргъæй, йæ уæрхæй хъауджыдæр нæй.

Дæргъ уæрхмæ гæрста.

Æвæд фæндаг — зындзæуæн.

Фæндагыл лæг ыстонг кæны.

Митвæндаг ыстонггæнаг у.

Залты мит, æнусы цъити уыл ныууарæд, цæрæн æмæ уын хæрæн куыд нæуал уа, уе ’рчъиты хъустæ куыд ныллыг кæнат æмæ сæ уæ фадхос фæсæлттæй артыл куыд ысфыцат! (Нарты таурæгътæй).

Фæндаг иумæйаг у.

Фæидаг куы уа, уæд хох æмæ быдыр сыхæгтæ сты.

Оæндаг кæдæм нæй, ахæм нæй.

Фæрсгæйæ ма лæг æлдары хъæуы ыссары.

Фæндагыл дæ фысымуатмæ чи хона, уымæ-иу бацу.

Кæм дыл баизæр уа, уым — дæ хæдзар.

Кæм дыл бахсæв уа, уым — дæ хæдзар.

Кæм дыл бахсæв уа, уым — дæ фысым.

Æхсæв дам æй кæм æр-ыййæфтаид, уырдыгæй йын ацæуæн нæ уыд, зæгъгæ, ахæм æмбисонд хæссынц Нарты Батырадзæй.

Цæйнæфæлтау дæм сырдтæ ’мæ сынтытæ тигъмæ кæсой, фæлтау дæм фысым тигъмæ кæсæд.

Искæй бæсты тыхджынмæ бафысым кæн, зæгъгæ-иу дзырдтой раджы заман.

Фидар мæсыг — де ’хсæвиуат!

Хур куынæ уа, уæд мæйрухсы дæр ис цæуæн.

Æхсæвы фæндаггон — саузæрдæ.

Бирæ фæцыд, цъус — уый йæхи йедтæмæ чи зоны? (Аргъауы ныхæстæй).

Фæндаггонмæ хъазын нæ цæуы.

Фæндаггон лæг фæлмæцаг у.

Хъæддзау лæг ыстонг кæны.

Хъæддзауы ’нгом бинонтæ дард бæлццон хонынц.

Хорз хабархæссæг дæр æмæ фыдгойгæнæг дæр бæлццон лæг вæййы.

Дардбæстаг бæлццон — ног уацхæссæг.

Дард бæлццон хæдзармæ тырны.

Фæндаггон — хæдзармæ тырнæг.

Æппæтæй хуыздæр — хæдзар ыссарын.

Æгайтма ’гас хæдзар ыссардтай!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.